Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн»!

«Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн»!

«Йесо... [Марфӕйӕн] загъта: „Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн“» (ИОАН. 11:23).

151 ЗАРӔГ Уый фӕдзурдзӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Иу лӕппу куыд равдыста, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый йӕ фидарӕй кӕй уырны?

 ИУ ЛӔППУ, Мэтью, у уӕззау низӕй рынчын, ӕмӕ йын бирӕ операцитӕ скӕнын бахъуыд. 7 азы йыл куы цыди, уӕд йӕ бинонтимӕ каст JW Broadcasting-ы® ӕрвылмӕйон программӕмӕ. Программӕйы кӕрон уыд музыкалон видеоролик. Ӕвдыст дзы уыд, ног дунейы чидӕр куыд райгас ӕмӕ йыл куыд цин кӕнынц, уый b. Программӕйы фӕстӕ Мэтью йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдмӕ бацыд, сӕ къухтыл сын ныххӕцыд ӕмӕ сын загъта: «Ма, па, федтат? Куы амӕлон, уӕддӕр райгас уыдзынӕн. Сымах та мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстут. Алцыдӕр хорз уыдзӕн». Ахъуыды-ма кӕн, уыцы ныййарджытӕ куыд цин кодтаиккой, сӕ лӕппуйы фидар уырнындзинад уынгӕйӕ.

2, 3. Цӕмӕн фӕхъӕуы, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл хъуыды кӕнын?

2 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ махӕй алкӕй дӕр фӕхъӕуы, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ахъуыды кӕнын (Иоан. 5:28, 29). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонӕм, райсом цы уыдзӕн, уый. Гӕнӕн ис, уӕззау низӕй фӕрынчын уӕм кӕнӕ та нын зынаргъ чи у, уыдонӕй исчи ӕнӕнхъӕлӕджы амӕла (Еккл. 9:11; Иак. 4:13, 14). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ кӕй уырны, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы ахӕм зындзинӕдтӕ сфӕразын (1 Фес. 4:13). Библийы фыст ис, нӕ уӕларвон Фыд нӕ хорз кӕй зоны ӕмӕ нӕ тынг кӕй уарзы (Лук. 12:7). Уый нӕ афтӕ хорз зоны, ӕмӕ нӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн, цавӕр адӕймӕгтӕ уыдыстӕм, ахӕмтӕй, ӕмӕ алцыдӕр хъуыды кӕндзыстӕм. Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ нын ӕнусон цард балӕвар кӕндзӕн. Ӕмӕ исты куы кӕнӕм, уӕддӕр нӕ райгас кӕндзӕн.

3 Ацы статьяйы фыццаг аныхас кӕндзыстӕм, цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Уый фӕстӕ аныхас кӕндзыстӕм, нӕ уырнындзинад нын чи бафидар кӕндзӕн, Библийӕ иу ахӕм хабарыл. Уыцы хабар куы ’рцыд, уӕд уыдысты загъд ацы статьяйы сӕйраг стихы ныхӕстӕ: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн» (Иоан. 11:23). Фӕстагмӕ та базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ноджы тынгдӕр бауырна, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый.

ЦӔМӔН НӔ ХЪУАМӔ УЫРНА, МӔРДТӔ КӔЙ РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ, УЫЙ?

4. Исчи нын истӕмӕй зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд цы хъуамӕ зонӕм, цӕмӕй йыл баууӕндӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Исчи нын истӕмӕй зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд ыл баууӕнддзыстӕм? Куы йӕ зонӕм, цы нын загъта, уый саразын ӕй кӕй фӕнды ӕмӕ уый бакӕнын йӕ бон дӕр кӕй у, уӕд ыл баууӕнддзыстӕм. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Тыхдымгӕйы рӕстӕг дӕ хӕдзар тынг бахъыгдард, ӕмӕ дзы ныр хъӕуы бирӕ цыдӕртӕ саразын. Де ’мбал дӕм ӕрбацыд ӕмӕ дын зӕрдӕ бавӕрдта, ӕз дӕм фӕкӕсдзынӕн, зӕгъгӕ. Ды йӕ зоныс, зӕрдиагӕй дын кӕй зӕгъы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды баххуыс кӕнын. Кӕд дӕсны аразӕг у ӕмӕ йӕм ис хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕ, уӕд ӕй зоныс, уый йӕ бон дӕр кӕй у. Гъемӕ йыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды дӕр баууӕндыдтӕ. Ныр та ахъуыды кӕн Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл. Цымӕ йӕ ӕцӕгдӕр фӕнды мӕрдты райгас кӕнын ӕмӕ уый йӕ бон у, ахӕм тых ӕм ис?

5, 6. Йегъовӕйы мӕрдты райгас кӕнын кӕй фӕнды, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

5 Цымӕ Йегъовӕйы фӕнды мӕрдты райгас кӕнын? Ууыл дзырд дӕр нӕй. Библи чи фыста, уыдонӕй цалдӕрӕн ныффыссын кодта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй (Ис. 26:19; Оси 13:14; Рарг. 20:11–13). Ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый та алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Йес. Н. 23:14). Ӕмӕ йӕ мӕрдты райгас кӕнын ӕнӕуи фӕндгӕ нӕ кӕны – уымӕ бӕлгӕ кӕны. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн?

6 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Иов цы загъта, ууыл. Уый фидарӕй уырныдта, куы амӕла, уӕд Йегъовӕ кӕй бӕлдзӕн, цӕмӕй йӕ ногӕй фена (Иов 14:14, 15). Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдонӕй алкӕй фенынмӕ дӕр афтӕ бӕллы. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха, ӕмӕ ӕнӕниз ӕмӕ амондджын уой. Ӕмӕ Йегъовӕйы базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй чи амард, ӕппӕт уыцы адӕмы та райгас кӕндзӕн? Нӕ уарзӕгой Хуыцауы тынг фӕнды уыдоны дӕр райгас кӕнын (Хъуыд. 24:15). Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 3:16). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, чи амард, уыдоны райгас кӕнын.

7, 8. Йегъовӕмӕ мӕрдты райгас кӕныны тых кӕй ис, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

7 Цымӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у мӕрдты фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын, ахӕм тых ӕм ис? Бӕгуыдӕр! Уый у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» (Рарг. 1:8). Ӕмӕ цыфӕнды тыхджын знагыл дӕр фӕуӕлахиз уыдзӕн, суанг мӕлӕтыл дӕр (1 Кор. 15:26). Уыцы ныфс нӕ хъарутӕ уадзы ӕмӕ нын у удӕнцойы хос. Ӕркӕсӕм хо Эммӕ Арнольды хабармӕ. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг сӕ бинонтӕ стыр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты. Йӕ чызг тынг кӕй уарзта, уыдонӕй чидӕртӕ концлагерты амардысты. Ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтаид, уый тыххӕй йын загъта: «Мӕлӕт адӕмы йӕ уацары ӕнустӕм куы дарид, уӕд Хуыцауӕй тыхджындӕр уаид. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй!» Уый афтӕ у, Йегъовӕйӕ тыхджындӕр ничи ӕмӕ ницы у! Адӕймагӕн цард чи радта, уыцы ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ бон у фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын дӕр.

8 Йегъовӕйӕн йӕ бон мӕрдты райгас кӕнын кӕй у, уый ма нӕ ноджыдӕр уымӕн уырны, ӕмӕ Йегъовӕ алцыдӕр йӕ зӕрдыл дары, рох дзы ницы у. Уый алы стъалы дӕр хоны йӕ номӕй (Ис. 40:26). Ӕмӕ, чи амард, уыдоны дӕр хъуыды кӕны (Иов 14:13; Лук. 20:37, 38). Кӕй райгас кӕндзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ бон у алы лыстӕг хабар дӕр ӕрхъуыды кӕнын, зӕгъӕм, бакастӕй цыхуызӕн уыдысты, цавӕр миниуджытӕ сӕм уыд, царды сыл хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ’рцыд ӕмӕ сӕ зӕрдыл цыдӕриддӕр дардтой, уыдӕттӕ.

9. Йегъовӕ фидӕны мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый дӕ цӕмӕн уырны?

9 Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ фидӕны мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл, уымӕн ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны ӕмӕ йӕм ахӕм тых дӕр ис. Фӕлӕ ма нӕ уый ноджыдӕр уымӕн уырны, ӕмӕ Йегъовӕ раджы заман дӕр кӕйдӕрты райгас кодта. Цалдӕр иузӕрдион нӕлгоймагӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ сӕ бон уыд мӕрдты райгас кӕнын. Ахӕм тых радта Йесойӕн дӕр. Ӕмӕ ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Иоанны 11-ӕм сӕры цы хабары кой ис, ууыл.

ЙЕСОЙӔН ЙӔ ЗЫНАРГЪ ӔМБАЛ АМАРД

10. Йесо Иорданы иннӕ фарс куы хъусын кодта, уӕд Вифанийы цы ’рцыд ӕмӕ Йесо куыд бакодта? (Иоанны 11:1–3).

10 Бакӕс Иоанны 11:1–3. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, н. э. 32 азы кӕрон Вифанийы цы хабар ӕрцыд, уый. Уыцы хъӕуы цардысты Йесойы ӕввахс ӕмбӕлттӕ: Лазӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ хойы, Марийӕ ӕмӕ Марфӕ (Лук. 10:38–42). Фӕлӕ Лазӕр фӕрынчын, ӕмӕ йыл йӕ хотӕ тынг мӕт кодтой. Уыдон Йесомӕ кӕйдӕр арвыстой, цӕмӕй йын уый тыххӕй фӕхабар кодтаиккой. Йесо та уыцы рӕстӕг уыди Иорданы иннӕ фарс, уырдыгӕй Вифанимӕ уыд дыууӕ боны цыд (Иоан. 10:40). Фӕлӕ йӕм уыцы хабар куы фӕхӕццӕ, раст гъеуӕд Лазӕр амард. Ӕмӕ кӕд Йесо зыдта, йе ’мбал кӕй амард, уый, уӕддӕр ма, кӕм уыд, уым дыууӕ боны баззад, ӕмӕ уый фӕстӕ Вифанимӕ ацыд. Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕдмӕ Лазӕры мӕлӕтыл рацыд цыппар боны. Фӕлӕ Йесо цы саразынмӕ хъавыд, уый фӕрцы йӕ фӕндыд йе ’мбӕлттӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ Хуыцауы скадджын кӕнын (Иоан. 11:4, 6, 11, 17).

11. Ацы хабарӕй нӕ бон цы у базонын, ӕцӕг ӕмбал цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй?

11 Ацы хабарӕй базонӕн ис, ӕмбал цавӕр хъуамӕ уа, уый. Марийӕ ӕмӕ Марфӕ Лазӕры тыххӕй Йесойӕн куы фӕхабар кодтой, уӕд ын афтӕ нӕ загътой, Вифанимӕ-ма ӕрцу, зӕгъгӕ. Уыдон ын ӕнӕуи загътой, де ’мбал, дам, фӕрынчын (Иоан. 11:3). Ӕмӕ Лазӕр куы амард, уӕд ӕй Йесо, кӕм уыд, уырдыгӕй дӕр райгас кодтаид. Фӕлӕ уый ацыд Вифанимӕ, цӕмӕй йе ’мбӕлтты фарсмӕ, Марийӕ ӕмӕ Марфӕйы фарсмӕ, балӕууыдаид. Дӕуӕн та ахӕм ӕмбал ис, ӕмӕ йын дзурын дӕр нӕ фӕхъӕуы, афтӕмӕй дӕм ӕххуысмӕ чи фӕзыны? Уӕд ӕй зоныс, дӕ бон ыл кӕй у «зын сахат» дӕ зӕрдӕ дарын (Ӕмб. 17:17). Мах дӕр иннӕтӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм Йесойы хуызӕн. Фенӕм-ма, Вифанийы дарддӕр цы ’рцыд.

12. Йесо Марфӕйӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ цӕуылнӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ уыдон афтид ныхӕстӕ уыдысты? (Иоанны 11:23–26).

12 Бакӕс Иоанны 11:23–26. Марфӕ базыдта, Йесо Вифанимӕ кӕй ӕрбацӕуы. Гъемӕ уайтагъд йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид» (Иоан. 11:21). Йесойӕн ӕцӕгдӕр йӕ бон уыд Лазӕры сдзӕбӕх кӕнын. Фӕлӕ уый фӕнд кӕны ноджы диссагдӕр хъуыддаг саразын. Йесо Марфӕйӕн загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн». Ӕмӕ йӕ цӕмӕй уый ноджы тынгдӕр бауырныдтаид, уый тыххӕй ма йын загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард». Хуыцау Йесойӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ йӕ бар цӕуы мӕлӕтыл дӕр. Йӕ бон у, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын. Уый размӕ райгас кодта гыццыл чызджы, куы амард, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Стӕй ма райгас кодта ӕрыгон лӕппуйы, ӕвӕццӕгӕн, куы амард, уыцы бон (Лук. 7:11–15; 8:49–55). Фӕлӕ цымӕ йӕ бон бауыдзӕн, цыппар боны мард чи уыд ӕмӕ йӕ буар ӕмбийын кӕмӕн райдыдта, уый райгас кӕнын?

«ЛАЗӔР, ӔДДӔМӔ РАЦУ!»

Йесо йе ’мбӕлтты хъыгыл хъыг кӕны (кӕс 13, 14 абзацтӕ)

13. Иоанны 11:32–35 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо Марийӕйы ӕмӕ иннӕты кӕугӕ куы федта, уӕд цы банкъардта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Бакӕс Иоанны 11:32–35. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, дарддӕр цы ’рцыд, уый. Лазӕры иннӕ хо дӕр, Марийӕ, Йесойы размӕ рацыд. Ӕмӕ йын уый дӕр загъта, йӕ хо куыд загъта, афтӕ: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Марийӕ ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдон тынг маст кодтой. Йесо сӕ кӕугӕ куы федта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр нынкъард. Йе ’мбӕлттӕн афтӕ тынг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ скуыдта. Йесо ӕмбӕрста, адӕймагӕн куыд зын вӕййы, зынаргъ ын чи у, уый куы амӕлы, уӕд. Ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд цыдӕр саразын, цӕмӕй сӕ цӕссыг цинмӕ раивтаид.

14. Йесо Марийӕйы кӕугӕ куы федта, уӕд цы банкъардта, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

14 Йесо Марийӕйы кӕугӕ куы федта, уӕд цы банкъардта, уымӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй у тынг тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Айразмӕйы статьяйы куыд загъд уыд, афтӕмӕй Йесо алцӕмӕй дӕр у йӕ Фыды хуызӕн: зӕрдӕйӕ дӕр ӕмӕ, куыд хъуыды кӕны, уымӕй дӕр (Иоан. 12:45). Уӕдӕ Йесо йе ’мбӕлттӕн афтӕ тынг кӕй фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ ма кӕугӕ дӕр кӕй скодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр тынг зын вӕййы, нӕ маст ӕмӕ нӕ цӕссыгтӕ уынгӕйӕ (Пс. 56:8). Ӕмӕ нӕ куыннӕ фӕнды ахӕм тӕригъӕдгӕнаг Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын!

Йесо равдыста, мӕлӕтыл йӕ бар кӕй цӕуы (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15. Иоанны 11:41–44 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй, Лазӕр ӕвӕрд кӕм уыд, уыцы зӕппадзы раз цы ’рцыд? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Бакӕс Иоанны 11:41–44. Йесо, Лазӕр ӕвӕрд кӕм уыд, уыцы зӕппадзмӕ куы ’рбахӕццӕ, уӕд загъта, цӕмӕй бахизӕнӕй дур афӕлдӕхтаиккой. Фӕлӕ йын Марфӕ афтӕ бакодта, афонмӕ, дам, стӕф кодта. Йесо Марфӕйӕн загъта: «Нӕ дын загътон, кӕд дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ?» (Иоан. 11:39, 40). Уый фӕстӕ арвмӕ скаст ӕмӕ хъӕрӕй скуывта. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй, цы саразинаг уыд, уый тыххӕй адӕм Йегъовӕйы скадджын кодтаиккой. Уый фӕстӕ хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ дын Лазӕр зӕппадзӕй куы рацӕуид! Йесо сарӕзта стыр диссаг. Чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй c.

16. Иоанны 11-ӕм сӕры цы хабар фыст ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндынӕн?

16 Иоанны 11-ӕм сӕры цы хабар фыст ис, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл тынгдӕр ӕууӕндӕм. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо Марфӕйӕн цы загъта, уый: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн» (Иоан. 11:23). Йегъовӕйау Йесойы дӕр фӕнды мӕрдты райгас кӕнын, ӕмӕ йӕм ахӕм тых дӕр ис. Кӕй скуыдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тынг бӕллы мӕлӕт фесафынмӕ ӕмӕ, мӕлӕт цы маст ӕмӕ рыст бавзарын кӕны, уымӕн кӕрон скӕнынмӕ. Лазӕр зӕппадзӕй куы рацыд, уӕд та уымӕй Йесо ногӕй равдыста, йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын. Стӕй ма иу хатт ахъуыды кӕнӕм, Марфӕйӕн цы загъта, ууыл: «Нӕ дын загътон, кӕд дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ?» (Иоан. 11:40). Махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн – мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ уый ноджы тынгдӕр уырна?

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НӔ НОДЖЫ ТЫНГДӔР БАУЫРНА, МӔРДТӔ КӔЙ РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ, УЫЙ?

17. Чи райгас, уыдоны тыххӕй Библийы куы кӕсӕм, уӕд-иу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

17 Раджы заман чи райгас, уыдоны тыххӕй-иу бакӕс ӕмӕ-иу уыцы хабӕрттыл ахъуыды кӕн. Библийы фыст ис, кӕй райгас 9 адӕймаджы. Уыдонӕй аст сӕ райгасдзинады фӕстӕ цардысты зӕххыл d. Хорз уаид, уыцы хабӕрттӕй алкӕцы дӕр лӕмбынӕг куы раиртасиккам. Дӕ зӕрдыл-иу дар, уыцы адӕм ӕцӕгдӕр кӕй цардысты. Чи дзы нӕлгоймаг уыд, чи – сылгоймаг, чи – сывӕллон. Ахъуыды-иу кӕн, уыцы хабӕрттӕй дӕ бон базонын цы у. Зӕгъӕм, алы хабарӕй дӕр куыд у бӕрӕг, Хуыцауы кӕй фӕнды, чи амард, уыдоны цардмӕ раздахын ӕмӕ йӕм ахӕм тых кӕй ис? Уӕлдайдӕр та-иу ахъуыды кӕн, Чырысти кӕй райгас, ууыл. Уый уыд ӕппӕты ахсджиагдӕр. Йесо куы райгас, уӕд ӕй уый фӕстӕ федтой цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы, ӕмӕ нын уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн (1 Кор. 15:3–6, 20–22).

18. Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын, райгасдзинады кой кӕм ис, уыцы зарджыты фӕрцы? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

18 Дӕ уырнындзинад фидар кӕн, райгасдзинады кой кӕм ис, уыцы «дины зарджыты» фӕрцы (Еф. 5:19) e. Уыцы зарджыты фӕрцы нӕ ноджы тынгдӕр бауырны, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Уыцы зарджытӕм хъус, зар сӕ. Бинонты ахуыры рӕстӕг-иу сын сӕ ныхӕстыл аныхас кӕнут. Сӕ ныхӕстӕ сын сахуыр кӕн ӕмӕ-иу сыл хъуыды кӕн. Афтӕмӕй-иу дын дӕ зӕрдӕ бацагайдзысты. Ӕмӕ дӕ цардӕн тӕссаг куы уа кӕнӕ дын исчи куы амӕла, уӕд дын Хуыцауы сыгъдӕг тых уыцы зарджытӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, ӕмӕ-иу дӕ ныфсыл ныфс, дӕ хъарутыл хъарутӕ бафтдзӕн.

19. Райгасдзинадыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон цы вӕййы нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? (Кӕс рамкӕ « Цӕмӕй сӕ бафӕрсис?».)

19 Ног дунейы мӕрдтӕ куыд ӕгас кӕндзысты, уый-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Йегъовӕ нын ахӕм курдиат радта, ӕмӕ нӕ бон вӕййы ног дуне нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Иу хо загъта: «Тынг арӕх мӕ цӕстытыл фӕуайын кӕнын, цыма ног дунейы дӕн. Хатт мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма, дзӕнӕты цы уардитӕ зайы, уыдоны тӕф мӕ фындзыл ауад». Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, Библийы цы иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты кой ис, уыдонимӕ куыд фембӕлдтӕ. Кӕй дӕ фӕндид фенын? Цӕмӕй йӕ бафӕрсис? Стӕй ма-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чи нал ис, уыдон куыд райгас сты, уый – кӕрӕдзийӕн куыд хъӕбыстӕ кӕнут, уӕ цӕссыгтӕ куыд гӕр-гӕр кӕнынц! Ахъуыды-иу кӕн, фыццаг сын цы зӕгъдзынӕ, ууыл.

 

20. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

20 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый тыххӕй! Уый йӕ ныхас ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын, ӕмӕ йӕм ахӕм тых дӕр ис. Уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, цӕмӕй, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл макуы фӕдызӕрдыг уӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уый та махӕй алкӕмӕн дӕр зӕрдӕ ӕвӕры: «Зынаргъ дын чи у, уыдон райгас уыдзысты

147 ЗАРӔГ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – ӕнусон цард

a Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн. Кӕд дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй исчи амард, уӕд дын уыцы зӕрдӕвӕрд стыр ныфсы хос куыннӕ у. Иннӕтӕн куыд бамбарын кӕнис, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дӕ цӕмӕн уырны, уый? Ӕмӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ уый ноджы тынгдӕр бауырна? Ацы статья не ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, Хуыцау мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл тынгдӕр баууӕндынӕн.

b Уыцы музыкалон видеоролик хуыйны «Дзӕнӕт къӕсӕрыл ис» ӕмӕ уыди 2016 азы ноябры программӕйы.

c Кӕс статья «Йесо Лазӕры зӕппадзмӕ цыппар боны фӕстӕ цӕмӕн ӕрцыд?» 2008 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 31 фарс.

d Кӕс рамкӕ «Библийы фыст ис, чи райгас, аст ахӕм адӕймаджы тыххӕй» 2015 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 4 фарс.

e Чиныджы «Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!» ссар зарджытӕ: «Кӕс-ма, ног дуне!» (139 зарӕг), «Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!» (144 зарӕг) ӕмӕ «Уый фӕдзурдзӕн» (151 зарӕг). Стӕй ма сайты jw.org ссар зарджытӕ «Дзӕнӕт къӕсӕрыл ис» ӕмӕ «Хонын дӕ дзӕнӕтмӕ».