Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы-иу зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлай, уӕд

Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы-иу зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлай, уӕд

«Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны» (ПС. 34:19).

44 ЗАРӔГ Ныфссаст адӕймаджы куывд

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ уӕвгӕйӕ цы зонӕм?

 МАХ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, зонӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нын йӕ зӕрдӕ ӕппӕты хуыздӕр цард кӕй зӕгъы (Ром. 8:35–39). Стӕй ма йӕ зонӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын алкӕддӕр стыр ӕххуыс кӕй фӕвӕййынц (Ис. 48:17, 18). Фӕлӕ, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм, ӕнхъӕл кӕмӕн не стӕм, ахӕм зындзинӕдтыл. Ӕмӕ-иу уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм?

2. Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм ӕмӕ ахӕм уавӕрты, гӕнӕн ис, цӕуыл хъуыды кӕнӕм?

2 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Кӕмӕндӕр йӕ бинонтӕй чидӕр смаст кодта. Кӕмӕндӕр йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта кӕнӕ уӕззау низӕй фӕрынчын, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон нӕу Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ аразын. Кӕмӕндӕрты ӕрдзон бӕллӕх зиан ӕрхаста. Чидӕртӕ та сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Ӕмӕ ахӕм уавӕрты, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм: «Ахӕм хабар мӕныл цӕмӕн ӕрцыд? Мыййаг, истӕмӕй фӕрӕдыдтӕн? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мын Йегъовӕ нӕ арфӕ кӕны?» Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Ахӕм хъуыдытӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕм уыди ӕмӕ вӕййы (Пс. 22:1, 2; Ав. 1:2, 3).

3. Псалом 34:19 стихӕй нӕ бон цы у базонын?

3 Бакӕс Псалом 34:19. Ацы псаломы ис дыууӕ ахсджиаг хъуыдыйы: 1) рӕстгӕнджытӕ дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц; 2) Йегъовӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕны. Куыд нӕ фервӕзын кӕны? Иу уый, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, куы йын лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый циндзинад кӕй хӕсдзӕн. Фӕлӕ афтӕ никуы загъта, ӕмӕ нын ныртӕккӕ, ацы дунейы, ӕнӕмӕт цард уыдзӕн (Ис. 66:14). Уый фӕнды, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм нӕ фидӕныл, цы ӕнусон цард нын ӕрцӕттӕ кодта, ууыл (2 Кор. 4:16–18). Уӕдмӕ та нын алы бон дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ къахыл лӕууӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнынхъом уӕм (Йер. хъ. 3:22–24).

4. Ацы статьяйы цӕуыл ныхас кӕндзыстӕм?

4 Аныхас кӕндзыстӕм, раджы заманты ӕмӕ нӕ рӕстӕджы цӕрӕг иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл. Уыцы хабӕрттӕй базондзыстӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22). Уыцы цӕвиттонтыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ӕз та йӕ бынаты куыд бакодтаин? Ацы хабар мын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарон? Мӕхицӕн дзы мӕ бон зондӕн райсын цы у?»

РАДЖЫ ЗАМАНТЫ

Йегъовӕ арфӕ кодта Иаковӕн, 20 азы йӕ мӕнгард мадыфсымӕр Лаванӕн ӕххуырсты куыст куы кодта, уӕд (кӕс 5 абзац)

5. Иаков Лаваны тыххӕй цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

5 Раджы заманты дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмбӕлдысты, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдысты, ахӕм зындзинӕдтыл. Райсӕм Иаковы. Йӕ фыд ын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ракуырдтаид йӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй иуы. Лаван дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнӕг уыд. Стӕй ма йын йӕ фыд загъта, Йегъовӕ йын тынг кӕй раарфӕ кӕндзӕн (Райд. 28:1–4). Ӕмӕ Иаков дӕр йӕ фыды ныхасмӕ байхъуыста. Ханаанӕй араст ӕмӕ ӕрцыд Лаваны хӕдзармӕ. Лаванӕн уыд дыууӕ чызджы – Лийӕ ӕмӕ Рахил. Иаков бауарзта кӕстӕр чызджы, Рахилы, ӕмӕ сразы Лаванӕн авд азы бакусыныл, цӕмӕй йын ӕй радтаид (Райд. 29:18). Фӕлӕ хабар, Иаков куыд ӕнхъӕл уыди, афтӕ нӕ рауад. Лаван Иаковыл сайдӕй рацыд – Рахилы ӕфсон ӕм бакодта йӕ хистӕр чызджы, Лийӕйы. Иу къуырийы фӕстӕ йын Рахилы ракурыны бар дӕр радта, фӕлӕ ма йын Иаков хъуамӕ ноджыдӕр авд азы бакуыстаид (Райд. 29:25–27). Стӕй йӕ Лаван йӕ мыздимӕ дӕр фӕрасай-басай кодта. Йӕхицӕн ӕй ӕххуырстау фӕкусын кодта 20 азы! (Райд. 31:41, 42).

6. Иаков ма ноджыдӕр цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

6 Иаков ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлд. Бирӕ сывӕллӕттӕ йын уыди, фӕлӕ йӕ фырттӕ алы хатт кӕрӕдзиимӕ нӕ фидыдтой. Зӕгъӕм, се ’фсымӕр Иосифы цагъарӕй ауӕй кодтой. Симеон ӕмӕ Леви сӕ митӕй сӕ бинонты фӕхудинаг кодтой ӕмӕ Йегъовӕйы номыл цъыф бакалдтой. Уый фӕстӕ та Иаковӕн йӕ зынаргъ бинойнаг Рахил аргӕ-арын амард. Ӕппынфӕстаг, тынг ӕххормаг заман кӕй скодта, уый тыххӕй Иаковы зӕрондӕй бахъуыд, кӕм цард, уырдыгӕй сыстын ӕмӕ Египетмӕ ацӕуын (Райд. 34:30; 35:16–19; 37:28; 45:9–11, 28).

7. Йегъовӕ куыд равдыста, Иаковӕй райгонд кӕй уыди, уый?

7 Кӕд Иаков уыйбӕрц фыдӕбӕттӕ федта, уӕддӕр алкӕддӕр ӕууӕндыд Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр равдыста, райгонд дзы кӕй уыд. Кӕд ӕй Лаван сайдта, уӕддӕр Йегъовӕ Иаковӕн бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ радта. Ӕмӕ дзы Иаков куыд бузныг уыдаид, ногӕй та йӕ хъӕбул Иосифы куы федта, уӕд! Бирӕ азты дӕргъы йын мардӕнхъӕл уыди. Иаковӕн Йегъовӕ йе ’ввахс Хӕлар кӕй уыд, уый фӕрцы сфӕрӕзта ӕппӕт уыцы фӕлварӕнтӕ (Райд. 30:43; 32:9, 10; 46:28–30). Ӕмӕ махӕн дӕр Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон сфӕразын.

8. Паддзах Давидӕн йӕ зӕрды цы уыд?

8 Паддзах Давидмӕ цы хорз фӕндтӕ уыд, уыдонӕй алкӕцы йӕ къухы нӕ бафтыд. Зӕгъӕм, тынг ӕй фӕндыд йӕ Хуыцауӕн кувӕндон саразын. Ӕмӕ уый тыххӕй загъта пехуымпар Нафанӕн. Нафан та йын загъта: «Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау демӕ ис» (1 Аз. 17:1, 2). Уыцы ныхӕстӕ Давиды ныфс куыннӕ бауагътаиккой. Ӕмӕ, чи зоны, уайтагъд райдыдта йӕхи уыцы стыр арӕзтадмӕ цӕттӕ кӕнын.

9. Давид куы базыдта, кувӕндон уый кӕй нӕ сараздзӕн, уӕд куыд бакодта?

9 Фӕлӕ «уыцы ӕхсӕв» Йегъовӕ Нафанӕн загъта, кувӕндон Давид кӕй нӕ сараздзӕн, фӕлӕ йӕ фырттӕй иу. Нафан ногӕй Давидмӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын уыцы ныхӕстӕ загъта (1 Аз. 17:3, 4, 11, 12). Цымӕ уӕд Давид куыд бакодта? Йӕ нысан гыццыл фӕивта. Йӕ фырт Соломоны кувӕндон саразынӕн цы ’хцатӕ ӕмӕ ӕрмӕджытӕ бахъуыдаид, уыдон ӕмбырд кӕнынмӕ бавнӕлдта (1 Аз. 29:1–5).

10. Йегъовӕ Давиды цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта?

10 Йегъовӕ Давидӕн куы загъта, кувӕндон уый кӕй нӕ сараздзӕн, уӕд йемӕ скодта бадзырд. Зӕрдӕ йын бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕй иу ӕнустӕм паддзах кӕй уыдзӕн (2 Сам. 7:16). Ӕмӕ Давид ног дунейы Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕг куы базона, Паддзах Йесо Чырысти йӕ байзӕддаг кӕй у, уӕд куыд цин кӕндзӕн! Давиды хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕм цы фӕндтӕ ис, уыдонӕй алкӕцы, чи зоны, нӕ къухы ма бафта. Фӕлӕ нын, гӕнӕн ис, нӕ Хуыцау ӕрцӕттӕ кодта ӕндӕр арфӕдзинӕдтӕ, мах ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн не стӕм, ахӕмтӕ.

11. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдысты хайджын, кӕд Хуыцауы Паддзахад, уыдон кӕд ӕнхъӕл уыдысты, уӕд не ’рцыд, уӕддӕр? (Хъуыддӕгтӕ 6:7).

11 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдмӕ, фӕлӕ, кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зыдтой. Фӕлӕ уый тыххӕй сӕ ныфс нӕ асаст (Хъуыд. 1:6, 7). Уыдон хорз хабар хъусын кодтой, ӕмӕ уыдтой, Йегъовӕ сын куыд арфӕ кӕны, уый. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 6:7.)

12. 1 ӕнусы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд чырыстӕттӕ куыд архайдтой?

12 Иуафон «ӕгас зӕххыл дӕр» скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг (Хъуыд. 11:28). Ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр уый сӕхиуыл бавзӕрстой. Сӕ цард тынг фӕзын уыдаид. Бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыдон мӕт кодтаиккой, сӕ бинонты куыд фӕдарой, ууыл. Фылдӕр хъусын кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы ӕрыгон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты та, чи зоны, бахъуыд сӕ пълӕнттӕ фӕстӕдӕрмӕ аиргъӕвын. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ архайдтой уавӕртӕм гӕсгӕ. Уыдон дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтой, сӕ бон куыд уыд, афтӕ, стӕй Иудейӕйы цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой (Хъуыд. 11:29, 30).

13. Ӕххормаг заман куы скодта, уыцы рӕстӕг Йегъовӕ чырыстӕттӕн куыд арфӕ кодта?

13 Ӕххормаг заман куы скодта, уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты? Кӕмӕн баххуыс кодтой, уыдон федтой, Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кӕны (Матф. 6:31–33). Ӕмӕ сын ӕххуыс чи арвыста, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы ӕнгомдӕр систы. Мысайнӕгтӕ чи радта кӕнӕ ма ӕндӕр цӕмӕйдӕр чи баххуыс кодта, уыдон та банкъардтой, раттын амондджын хъуыддаг кӕй у (Хъуыд. 20:35). Йегъовӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр раарфӕ кодта, уымӕн ӕмӕ, сӕ уавӕртӕ куы фӕивтой, уӕд дӕр, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой.

14. Варнавӕйыл ӕмӕ апостол Павелыл цы ’рцыд, фӕлӕ сын уӕддӕр цы бантыст? (Хъуыддӕгтӕ 14:21, 22).

14 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ арӕх ӕфхӕрд дӕр ӕййӕфтой, иуӕй-иу хатт, уый ӕнхъӕл куы нӕ уыдысты, уӕд. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Варнавӕ ӕмӕ апостол Павел Листрӕйы куы хъусын кодтой, уӕд сыл цы ’рцыд, ууыл. Фыццаг сӕм адӕм хорз цӕстӕй ракастысты, цин сыл кодтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр се знӕгтӕ «адӕмы сӕ ныхмӕ скодтой». Ӕмӕ уӕд уыцы адӕмӕй чидӕртӕ Павелы дуртӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ горӕтӕй ӕддӕмӕ раластой, ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ амард (Хъуыд. 14:19). Фӕлӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уырдыгӕй ацыдысты ӕмӕ ӕндӕр ран хъусын кодтой. Уым «бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ» бацӕттӕ кодтой. Уымӕй уӕлдай ма хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кодтой ӕмӕ сын уыдысты фӕзминаг. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 14:21, 22.) Варнавӕ ӕмӕ Павел ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уый бирӕтӕн стыр ӕххуыс фӕци. Махӕн дӕр Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн, цы хъуыддаг нын бахӕс кодта, уый дарддӕр куы аразӕм, уӕд.

НӔ РӔСТӔДЖЫ

15. Дӕ бон цӕмӕй у ӕфсымӕр Макмилланы бафӕзмын?

15 1914 азы размӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ахсджиаг хабӕрттӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты. Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Александр Макмилланы хабармӕ. Бирӕтау уый дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ тагъд йӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсдзӕн. 1914 азы сентябры йӕ раныхасы загъта: «Чи зоны, ай у мӕ фӕстаг ӕргом раныхас». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый йӕ фӕстаг раныхас нӕ уыд. Фӕстӕдӕр ӕфсымӕр Макмиллан ныффыста: «Махӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уайтагъд уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзыстӕм. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕтагъд кодтам». Стӕй ма ныффыста: «Мах хъӕуы Хицауы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кӕнын». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ кодта. Хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта. Ӕфсадмӕ чи нӕ цыд ӕмӕ уый тыххӕй ахӕстоны чи бадт, уыцы ӕфсымӕрты фидар кодта. Ӕмӕ йыл азтӕ сӕ уӕз куы ӕруагътой, уӕд дӕр ӕмбырдтӕ нӕ цух кодта. Ӕфсымӕр Макмиллан йӕ хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ йӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ кӕй пайда кодта, уый йын куыд баххуыс кодта? Макмиллан амард 1966 азы, ӕмӕ уый размӕ афтӕ ныффыста: «Мӕ уырнындзинад абон дӕр у раздӕрау фидар». Не ’ппӕтӕн дӕр фӕзминаг куыннӕ у, уӕлдайдӕр та кӕд зындзинӕдтӕ, ӕнхъӕл цас уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр ахастой, уӕд (Дзут. 13:7).

16. Херберт Дженнингс ӕмӕ йӕ бинойнаг ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты? (Иаковы 4:14).

16 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты ӕнӕнхъӕлӕджы бахъуыд цавӕрдӕр низтимӕ тох кӕнын. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Херберт Дженнингс йӕ биографийы радзырдта, йӕ бинойнагимӕ Ганӕйы миссионертӕй куыд лӕггад кодтой, уый тыххӕй b. Уый сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Фӕлӕ йын цасдӕры фӕстӕ дохтыртӕ загътой, кӕй йӕм ис психикӕимӕ баст низ. Ӕфсымӕр Дженнингс ӕрхаста Иаковы 4:14 стихы ныхӕстӕ ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, дам, уый уыди, «райсом цы ’рцӕудзӕн, уый... нӕ зонут» кӕмӕй ис зӕгъӕн, ахӕм хабар. (Бакӕс ӕй.) Уый ныффыста: «Ӕмбӕрстам ӕй, цыдӕр нӕ фӕивын кӕй хъӕуы. Бахъуыди нӕ Ганӕйӕ ацӕуын, цы бирӕ ӕмбӕлттӕ нын дзы фӕзынд, уыдоны ныууадзын ӕмӕ фӕстӕмӕ Канадӕмӕ [хос кӕнынмӕ] ӕрыздӕхын». Йегъовӕ ӕфсымӕр Дженнингсӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн уыцы зын уавӕры ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой.

17. Ӕфсымӕр Дженнингсы биографи кӕмӕндӕрты куыд баххуыс кодта?

17 Ӕфсымӕр Дженнингс йӕ биографийы йӕхи тыххӕй ӕргом кӕй радзырдта, уый бирӕтӕн стыр ӕххуыс фӕци. Иу хо ныффыста: «Ацы биографийы хуызӕн мын мӕ зӕрдӕ афтӕ тынг никуы ницы бацагайдта. [...] Ӕфсымӕр Дженнингсы хъуыди йӕхи дзӕбӕх кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон нал уыд миссионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мын йӕ хабар баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракастаин». Иу ӕфсымӕр дӕр ныффыста: «Дӕс азы ӕмбырды лӕггад кодтон хистӕр нӕлгоймагӕй. Фӕлӕ мӕ стӕй психикӕимӕ баст низы тыххӕй бахъуыд мӕ хӕстӕ ныууадзын. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ ницыуал пайда ис. Ӕмӕ-иу мын арӕх уый тыххӕй зын уыди кӕйдӕрты биографитӕ кӕсын... Фӕлӕ ӕфсымӕр Дженнингс афтӕ фидар кӕй уыд, уый мӕ ныфс бауагъта». Ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, кӕмӕндӕр ныфсы хос суӕм. Нӕ царды цыдӕр, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ куы нӕ рауайа, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ нӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ нӕ фидардзинадӕй фӕзминаг уӕм (1 Пет. 5:9).

Ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу ӕм уыцы зындзинӕдты фӕрцы баввахсдӕр уыдзыстӕм (кӕс 18 абзац)

18. Ӕркӕс нывтӕм. Цӕуыл ахуыр кӕныс иу нигериаг идӕдз хойӕ? (Къамты ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ.)

18 Коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Нигерийы иу идӕдз хомӕ хӕринаг ӕмӕ ӕхца иу гыццыл йеддӕмӕ нал баззад. Иу райсом ӕй йӕ чызг бафарста, цы пырындз ма нӕм баззад, уый куы сфыцӕм, уӕд уый фӕстӕ цы хӕрдзыстӕм, зӕгъгӕ. Хо йӕ чызгӕн загъта, ӕхца дӕр ӕмӕ сӕм хӕринаг дӕр кӕй нал баззад, фӕлӕ сарептӕйаг идӕдз усы кӕй бафӕзмдзысты – цы ма сӕм баззад, уымӕй хӕринаг скӕндзысты ӕмӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардзысты (1 Пад. 17:8–16). Ӕмӕ, сихорӕй цы бахӕрдзысты, ууыл нырма хъуыды кӕнын дӕр нӕ райдыдтой, афтӕ се ’мчырыстӕттӕй райстой гуманитарон ӕххуыс. Уыцы хӕринӕгтӕ сын дыууӕ къуырийӕ фылдӕры фаг систы. Уыцы хо загъта, зӕгъгӕ, дам, мӕ чызгӕн уыдӕттӕ куы дзырдтон, уӕд, дам, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ мӕм Йегъовӕ афтӕ лӕмбынӕг хъусы. Уӕдӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд ӕм уыцы зындзинӕдты фӕрцы баввахсдӕр уыдзыстӕм (1 Пет. 5:6, 7).

19. Алексей Ершов йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфта?

19 Фӕстаг азты нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафынц, ӕнхъӕл куыд нӕ уыдысты, афтӕ. Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Алексей Ершовы хабармӕ. Уый цӕры Уӕрӕсейы. Алексей донаргъуыд райста 1994 азы, ӕмӕ дзы уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон уыд сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ фӕстаг азты Уӕрӕсейы уавӕр фӕивта. 2020 азы Алексеймӕ хӕдзармӕ бабырстой ӕмӕ дзы баджигул кодтой. Йӕ дзауматӕй йын бирӕ цыдӕртӕ байстой. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ йӕ фӕаххосджын кодтой фыдракӕнды. Йӕ бӕллӕх ма уый мидӕг ис, ӕмӕ йӕ фӕаххосджын кодтой, иу ӕнаккаг адӕймаг цы видеозаписьтӕ скодта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Уыцы адӕймаг афӕдзӕй фылдӕр йӕхи афтӕ ӕвдыста, цыма йӕ тынг фӕнды, Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ базонын. Ахӕм уӕйгӕнӕг разын!

20. Алексей Йегъовӕмӕ тынгдӕр цӕй фӕрцы баввахс?

20 Алексей ахӕм фӕлварӕнтыл кӕй сӕмбӕлд, уым хорзӕй дӕр цыдӕр уыд – Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс. Уый радзырдта: «Мӕ бинойнагимӕ иумӕ арӕхдӕр райдыдтам кувын. Ӕз ӕй ӕмбарын: Йегъовӕ мын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд мӕ бон нӕ уаид ацы фӕлварӕн сфӕразын». Ӕмӕ ма загъта: «Библи кӕй фӕкӕсын ӕмӕ йӕ кӕй фӕиртасын, уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕхимӕ ма ныхъхъусон. Фӕхъуыды кӕнын, раджы заман чи цард, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хабӕрттыл. Уыцы хабӕрттӕй бирӕтӕй у бӕрӕг, куыд ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй-иу ма тыхсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм».

21. Ацы статьяйӕ цы базыдтам?

21 Ацы статьяйӕ цы базыдтам? Цард ацы дунейы тӕбӕгъы донӕй уӕлдай нӕу. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр баххуыс кӕны, сӕ зӕрдӕ йыл куы фӕдарынц, уӕд. Ацы статьяйы сӕйраг стихы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны» (Пс. 34:19). Цӕй уӕдӕ фылдӕр хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕмӕ цы тых ис ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, ууыл, нӕ зындзинӕдтыл нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн апостол Павелау зӕгъын: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13).

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

a Цард ацы дунейы тӕбӕгъы донӕй уӕлдай нӕу. Хатт, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ вӕййӕм, ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта? Ӕмӕ сын нӕ рӕстӕджы та куыд ӕххуыс кӕны? Ахӕм цӕвиттонтӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд уый фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, махӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл.