Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй нӕ бон цы у базонын?

Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй нӕ бон цы у базонын?

«Йесо зылди ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл... ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыди, уыдоны» (МАТФ. 9:35).

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Радзур, Йесо йӕ фыццаг диссаг кӕм ӕмӕ цавӕр уавӕры сарӕзта.

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма ныр у н. э. 29 аз, фӕззӕг. Йесойӕн йӕ лӕггад райдыдта. Йесойы, йӕ мад Марийӕйы ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕйдӕрты фӕхуыдтой Канӕмӕ, чындзӕхсӕвмӕ. Канӕ ис, Йесо кӕм схъомыл, уыцы горӕтӕн, Назаретӕн, цӕгатырдыгӕй. Марийӕ фысымтимӕ лымӕнӕй цӕры, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр уазджытӕн лӕггад кӕны. Фӕлӕ дын уалынмӕ фысымтӕн сӕ сӕн куы фӕуид. Уый тыххӕй гӕнӕн ис, усгур ӕмӕ чындз хуынд адӕмы раз фӕхудинаг уой b. Сӕ сӕн, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн фӕци, ӕмӕ уазджытӕ фылдӕр ӕрбацыд. Марийӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Сӕн сӕм нал ис» (Иоан. 2:1–3). Ӕмӕ Йесо куыд бакодта? Уый сарӕзта диссаг – дон «хорз сӕн» фестын кодта (Иоан. 2:9, 10).

2, 3. а) Йесо цавӕр диссӕгтӕ сарӕзта? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд сарӕзта бирӕ ӕндӕр диссӕгтӕ дӕр c. Хуыцауӕй йын цы тых уыд лӕвӕрд, уый фӕрцы-иу мингай адӕмӕн баххуыс кодта. Иу хатт бафсӕста 5 мин лӕджы, иннӕ хатт та – 4 мин лӕджы. Сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр куы банымайӕм, уӕд ӕдӕппӕтӕй бафсӕстаид 27 мин адӕймагӕй фылдӕр (Матф. 14:15–21; 15:32–38). Стӕй ма фыццаг хатт дӕр ӕмӕ дыккаг хатт дӕр бирӕ рынчынты сдзӕбӕх кодта (Матф. 14:14; 15:30, 31). Ахъуыды-ма кӕн, Йесо адӕмы куы сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сӕ куы бафсӕста, уӕд куыд дис кодтаиккой!

3 Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад дӕр бафидар уыдзӕн. Ӕмӕ ацы статьяйы уыдӕттыл аныхас кӕндзыстӕм. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, куыд сӕрныллӕгӕй архайдта ӕмӕ адӕмӕн куыд тӕригъӕд кодта, уымӕй йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын.

НӔ БОН ЦЫ У ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМӔ ЙЕСОЙЫ ТЫХХӔЙ БАЗОНЫН?

4. Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй нӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын?

4 Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй нӕ бон у ахсджиаг хъуыдытӕ базонын ӕрмӕст Йесойы тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ Фыды тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн диссӕгтӕ аразыны тых Йегъовӕ лӕвӕрдта. Хъуыддӕгты 10:38 стихы фыст ис: «Хуыцау... [Йесойы] байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ уый зылди ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмӕн хорздзинӕдтӕ арӕзта, Хӕйрӕг тухӕнӕй кӕй мардта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта. Уыдӕттӕ аразын йӕ бон уымӕн уыд, ӕмӕ Хуыцау уыди йемӕ». Уымӕй уӕлдай, Йесо цыфӕнды ма дзырдтаид ӕмӕ ма арӕзтаид,– алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ Фыды, ӕмӕ уый хауы, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонмӕ дӕр. Ӕмӕ уый фӕрцы базонӕн уыд, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ йӕм цы ӕнкъарӕнтӕ ис, уый (Иоан. 14:9). Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй нӕ бон базонын цы у, уымӕ. Аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыдыйыл.

5. Йесо диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта? (Матфейы 20:30–34).

5 Фыццаг: Йесо ӕмӕ нӕ йӕ Фыд тынг уарзынц. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд арӕзта диссӕгтӕ, цӕмӕй-иу адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кодтаид. Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, тынг сӕ кӕй уарзы. Иухатт ын дыууӕ куырм лӕджы лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. (Бакӕс Матфейы 20:30–34.) Йесо сын кӕй «фӕтӕригъӕд кодта», уымӕ гӕсгӕ сӕ сдзӕбӕх кодта. «Фӕтӕригъӕд кодта»-йӕ цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый баст у, «хуылфыдзаумӕттӕ»-й кӕй ис ратӕлмац кӕнӕн, уыцы дзырдимӕ. Ӕмӕ амоны, Йесойӕн сӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ кӕй фӕрыст, уымӕ, раст цыма йӕ хуылфыдзаумӕттӕ фӕцӕйрӕдывтой, афтӕ. Йесо адӕмы уарзгӕ кӕй кодта, тӕригъӕд дӕр сын уымӕн кодта. Ӕмӕ йӕ ӕххормаг адӕмы бафсадын ӕмӕ, хъотырӕй рынчын чи уыд, уыцы нӕлгоймаджы сдзӕбӕх кӕнын дӕр бафӕндыд, кӕй сын фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй (Матф. 15:32; Мар. 1:41). Мах фидарӕй уырны: Йегъовӕ, «тынг тӕригъӕдгӕнаг» Хуыцау, ӕмӕ йӕ Фырт мах тынг уарзынц, ӕмӕ, кӕй хъизӕмар кӕнӕм, уый сын зын у (Лук. 1:78; 1 Пет. 5:7). Уыдоны тынг фӕнды адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕнын!

6. Хуыцау йӕ Фыртӕн цавӕр тых радта?

6 Дыккаг: Хуыцау Йесойӕн радта тых, цӕмӕй адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕна. Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уымӕй равдыста, ахӕм тых ӕм кӕй ис, цӕмӕй адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕна. Нӕхи бон никуы уыдаид уыцы зындзинӕдтӕй фервӕзын. Зӕгъӕм, ис ӕм ахӕм тых, цӕмӕй нӕ ссӕрибар кӕна, зындзинӕдтӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй ӕвзарӕм, уымӕй – нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы тӕригъӕдӕй. Стӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн, тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕй дӕр – низтӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй (Матф. 9:1–6; Ром. 5:12, 18, 19). Цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй ма бӕрӕг у, йӕ бон кӕй у «алыхуызон» низтӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ суанг мӕрдты дӕр ӕгас кӕнын (Матф. 4:23; Иоан. 11:43, 44). Стӕй ма йӕ бон у тыхдымгӕтӕ сабыр кӕнын ӕмӕ адӕмӕй дӕлимонты сурын (Мар. 4:37–39; Лук. 8:2). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн ахӕм тых кӕй радта, уый нын у стыр ныфсы хос!

7, 8. а) Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый нӕ ныфс куыд уадзы? б) Ӕппӕты тынгдӕр кӕцы диссагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

7 Ӕртыккаг: нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрӕм, уӕд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты. Йесо зӕххыл цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй равдыста, Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах куы уа, уӕд ноджы стырдӕр диссӕгтӕ кӕй сараздзӕн. Тагъд Чырысти зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн? Уыдзыстӕм ӕнӕниз, уымӕн ӕмӕ Йесо фесафдзӕн, адӕмы удхарӕй чи мары, уыцы низтӕ иууылдӕр (Ис. 33:24; 35:5, 6; Рарг. 21:3, 4). Хӕринагхъуаг ничиуал ӕййафдзӕн ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал цӕудзӕн (Ис. 25:6; Мар. 4:41). Бирӕ кӕй уарзтам, уыдон куы райгас уой, уӕд фырцинӕй зӕххыл дӕр нал хӕцдзыстӕм (Иоан. 5:28, 29). Ды та ӕппӕты тынгдӕр кӕцы диссагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

8 Йесо диссӕгтӕ куы арӕзта, уӕд равдыста, тынг сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй дыууӕйыл. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм, Канӕйы чындзӕхсӕвы цы сарӕзта, ууыл.

ЙЕСОЙАУ СӔРНЫЛЛӔГ УӔМ

9. Йесо чындзӕхсӕвы цы сарӕзта? (Иоанны 2:6–10).

9 Бакӕс Иоанны 2:6–10. Чындзӕхсӕвы сӕн куы фӕци, уӕд Йесо хӕсджын уыд исты саразын? Нӕ уыд. Библийы иу ахӕм пехуымпарад дӕр нӕй, зӕгъгӕ, Мессийӕ диссаджы хуызы сӕн сараздзӕн. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, дӕ чындзӕхсӕв куы уыдаид, уӕд ды ахӕм уавӕры куыд кодтаис? Йесо, ӕвӕццӕгӕн, уыцы бинонтӕн, уӕлдайдӕр усгур ӕмӕ чындзӕн, фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ уазджытӕй фефсӕрмы уыдаиккой. Ӕмӕ уый тыххӕй сарӕзта диссаг, статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕ. 390 литры бӕрц дон фестын кодта сӕн – уый уыди ӕппӕты хуыздӕр сӕн. Уыйбӕрц сӕн, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй сарӕзта, цӕмӕй дзы чындзӕхсӕвы фӕстӕ дӕр баззадаид. Ӕмӕ уыцы сӕн уыди ауӕй кӕнӕн дӕр, ӕмӕ уый дӕр ног къайӕн исты ӕххуыс фӕуыдаид. Ӕвӕццӕгӕн, Йесойӕ тынг фӕбузныг сты!

Йесойы фӕзм – цы дын бантысы, уымӕй-иу ма ӕппӕл (кӕс 10, 11 абзацтӕ) e

10. Иоанны 2-аг сӕры цавӕр ахсджиаг лыстӕг хабӕрттӕ ис? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Ӕркӕсӕм, Иоанны 2-аг сӕры цы ахсджиаг лыстӕг хабӕрттӕ ис, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Бафиппайдтай йӕ, дурынтӕ донӕй Йесо кӕй нӕ байдзаг кодта? Адӕмы ӕргом йӕхимӕ нӕ раздӕхта, фӕлӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй дурынтӕ байдзаг кодтаиккой (6, 7 стихтӕ). Ӕмӕ дон сӕн куы фестын кодта, уӕд дӕр сӕн къӕбицы хицаумӕ йӕхӕдӕг нӕ ахаста. Уый дӕр бахӕс кодта лӕггадгӕнджытӕн (8 стих). Йесо уазджыты размӕ сӕны къусимӕ нӕ рацыд ӕмӕ йӕхицӕй не ’ппӕлыд, зӕгъгӕ, фенут-ма, цы сӕн скодтон, уымӕй.

11. Йесо чындзӕхсӕвы цы диссаг сарӕзта, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

11 Йесо чындзӕхсӕвы цы диссаг сарӕзта, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ Йесойау сӕрныллӕг уӕм. Йесо йӕхицӕй не ’ппӕлыд. Уӕвгӕ, цыфӕнды ма сарӕзтаид, йӕхицӕй никуы ӕппӕлыд. Уый уыд сӕрныллӕг ӕмӕ алкӕддӕр кадджын кодта йӕ Фыды (Иоан. 5:19, 30; 8:28). Мах дӕр Йесойы куы фӕзмӕм ӕмӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд, цы нын бантыст, уымӕй никуы ӕппӕлдзыстӕм. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цыфӕнды хӕстӕ ма ӕххӕст кӕнӕм,– хъуамӕ нӕхицӕй макуы ӕппӕлӕм, фӕлӕ сӕрыстыр уӕм, ахӕм диссаджы Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй (Йер. 9:23, 24). Хъуамӕ уый кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ницы бантыстаид (1 Кор. 1:26–31).

12. Нӕ бон ма кӕд вӕййы Йесойау сӕрныллӕгдзинад равдисын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Нӕ бон ма кӕд вӕййы сӕрныллӕгдзинад равдисын? Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ. Иу хистӕр нӕлгоймаг ӕрыгон кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн ӕххуыс кӕны йӕ фыццаг ӕргом раныхас бацӕттӕ кӕнынӕн, ӕмӕ йын ууыл бирӕ рӕстӕг ацӕуы. Гъемӕ уыцы ӕрыгон ӕфсымӕрӕн замманай раныхас рауад, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Ӕмбырды фӕстӕ чидӕр уыцы хистӕр нӕлгоймагмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Уыцы ’фсымӕрӕн цы дзӕбӕх раныхас уыд, нӕ?» Уӕд уыцы хистӕр нӕлгоймаг афтӕ зӕгъдзӕн: «О. Фӕлӕ мын цас рӕстӕг ацыд, цӕмӕй йын баххуыс кодтаин, уый зоныс?» Ӕви сӕрныллӕгдзинад равдисдзӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъдзӕн: «О, тынг хорз ын рауад. Тынг ӕхсызгон мын у»? Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, цӕмӕй, цы сарӕзтам, уый тыххӕй нӕ иннӕтӕ ӕппӕлой. Цы аразӕм, уый Йегъовӕ уыны ӕмӕ йын аргъ кӕны, ӕмӕ хъуамӕ ууыл цин кӕнӕм. (Абар Матфейы 6:2–4; Дзут. 13:16.) Йесойау сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн (1 Пет. 5:6).

ЙЕСОЙАУ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ УӔМ

13. Йесо горӕт Наинмӕ куы бахӕццӕ, уӕд цы федта, ӕмӕ стӕй цы сарӕзта? (Лукайы 7:11–15).

13 Бакӕс Лукайы 7:11–15. Ацы хабар ӕрцыд н. э. 31 азы. Йесо араст галилейаг горӕт Наинмӕ. Наин уыд Сунеммӕ хӕстӕг. Ацы хабарӕй иу-900 азы раздӕр пехуымпар Елисей Сунемы райгас кодта иу сылгоймаджы лӕппуйы (2 Пад. 4:32–37). Йесо горӕты кулдуармӕ куы бахӕццӕ, уӕд федта, мард кӕй рахӕссынц. Иу идӕдз сылгоймагӕн амард йӕ иунӕг хъӕбул! Зӕрдӕрыст мадимӕ горӕтӕй рацӕйцыд бирӕ мӕрддзыгой адӕм. Уӕд сӕм Йесо бацыд ӕмӕ сарӕзта, сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр цы нӕ уыд, уый – идӕдз усӕн йӕ фырты райгас кодта! Евангелиты фыст ис, Йесо ӕртӕ адӕймаджы кӕй райгас кодта, ӕмӕ уыцы лӕппу уыд уыдонӕй фыццаг.

Йесойы фӕзм – равдис-иу, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн сӕ зын кӕй ӕмбарыс (кӕс 14–16 абзацтӕ)

14. Лукайы 7-ӕм сӕры цавӕр ахсджиаг лыстӕг хабӕрттӕ ис? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Ӕркӕсӕм, Лукайы 7-ӕм сӕры цы ахсджиаг лыстӕг хабӕрттӕ ис, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Йесо уыцы мӕгуыр мады «куы федта», уӕд «йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (13 стих). Чи зоны, сылгоймаг цыди, йӕ фырты мард ын цы сынтыл хастой, уый разӕй, ӕмӕ тынг куыдта. Уый фенгӕйӕ Йесо зӕрдӕрыст мадӕн тынг фӕтӕригъӕд кодта. Ӕмӕ йын йӕ зын йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста, уый бӕрӕг уыд, дарддӕр цы сарӕзта, уымӕй. Фӕлмӕнӕй йын загъта: «Ма ку». Стӕй йын йӕ лӕппуйы цардмӕ раздӕхта ӕмӕ йын загъта, «мӕнӕ дӕ фырт», зӕгъгӕ (14, 15 стихтӕ).

15. Йесо Наины раз цы диссаг сарӕзта, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

15 Ацы диссаг та нын цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ уӕм тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ-иу, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны зын нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойау нӕ бон нӕу мӕрдты ӕгас кӕнын. Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ уыйау тӕригъӕдгӕнаг уӕм ӕмӕ-иу зианджын адӕймагмӕ нӕ хъус дарӕм. Ныхасӕй-иу ӕй куы бафидар кӕнӕм, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй-иу ын куы баххуыс кӕнӕм ӕмӕ-иу ын ныфсытӕ куы бавӕрӕм, уӕд равдисдзыстӕм, йӕ зын ын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстам (Ӕмб. 17:17; 2 Кор. 1:3, 4; 1 Пет. 3:8) d. Адӕймагӕн цалдӕр ныхасы куы зӕгъай кӕнӕ гыццыл истӕмӕй дӕр куы равдисай, йӕ зын ын кӕй ӕмбарыс, уӕд ын уый дӕр, гӕнӕн ис, стыр ныфсы хос фӕуа.

16. Ӕркӕс нывмӕ. Йӕ гыццыл чызг кӕмӕн амард, уыцы хойы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ.)

16 Иухатт иу ӕмбырды зарӕджы рӕстӕг иу хо федта, иннӕ хо куыд кӕуы, уый. Зарӕджы уыди, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кой. Ӕмӕ, кӕугӕ чи кодта, уыцы хойӕн та ӕрӕджы йӕ гыццыл чызг амард. Иннӕ хо уый зыдта, ӕмӕ йӕм уайтагъд бацыд ӕмӕ йын ахъӕбыс кодта. Ӕмӕ зарӕг кӕронмӕ иумӕ азарыдысты. Кӕугӕ чи кодта, уыцы хо фӕстӕдӕр загъта: «Уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын, хоты ӕмӕ ’фсымӕрты куыд тынг уарзын». Ӕмӕ уыцы бон ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбацыд, ууыл цин кодта. Уый ма загъта: «Ардӕм, Паддзахады залмӕ, фӕхъӕуы ӕрбацӕуын, цӕмӕй нын исчи баххуыс кӕна». Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдон вӕййынц «ныфссаст» (Пс. 34:18). Ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм ӕмӕ-иу гыццыл истӕмӕй дӕр куы равдисӕм, сӕ зын сын кӕй ӕмбарӕм, уӕд-иу Йегъовӕ уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн.

ФЫЛДӔР БАЗОН, ЙЕСО ЦЫ ДИССӔГТӔ САРӔЗТА, УЫДОНЫ ТЫХХӔЙ

17. Ацы статьяйӕ цы базыдтам?

17 Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн. Уыцы диссӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты? Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо тынг уарзынц, Йесомӕ ахӕм тых ис, цӕмӕй адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕна ӕмӕ, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты. Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй-иу куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Мӕ бон куыд у Йесойы миниуджытӕ бафӕзмын?» Бинонты ахуыры рӕстӕг кӕнӕ, дӕхӕдӕг Библи куы иртасай, уӕд дӕ бон у, Йесо ма ноджыдӕр цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонын. Ӕмӕ, цы «хӕзнатӕ» ссарай, уыдонӕй-иу иннӕтӕн дӕр фӕхай кӕн. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ахӕм цӕуылдӕрты куы ныхас кӕнат, уӕд-иу бафидар уыдзыстут (Ром. 1:11, 12).

18. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

18 Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй Библийы фыст ис, Йесо ӕртӕ адӕймаджы кӕй райгас кодта. Ӕмӕ уыдонӕй ӕртыккаджы райгас кодта йӕ лӕггады кӕрон. Фӕлӕ ацы хабар хицӕн кӕны иннӕ дыууӕ хабарӕй. Уыцы адӕймаг уыд Йесойы ӕввахс ӕмбал, ӕмӕ цыппар боны уыд мард. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл тынгдӕр ӕууӕндӕм? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

20 ЗАРӔГ Ды радтай дӕ уарзон Фырты

a Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ дисы бафтауынц. Уый ӕрсабыр кодта тыхдымгӕ, рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ мӕрдты ӕгас кодта. Уыцы хабӕрттӕ Библийы мах аирхӕфсынӕн фыст не ’рцыдысты, фӕлӕ цӕмӕй цыдӕртӕ базонӕм. Уыцы диссӕгтыл куы аныхас кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, нӕ уырнындзинад нын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм ахсджиаг хъуыдытӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй, стӕй, нӕ удыхъӕды цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ фидар кӕнӕм, уый.

b Иу библииртасӕг ӕмбарын кӕны: «Скӕсӕны чи цард, уыцы адӕммӕ уазӕг тынг кадджын уыд. Уазджыты раз-иу хӕрд ӕмӕ нозт ӕрӕвӕрдтой, цас хъуыд, уымӕй фылдӕр. Хорз фысым-иу дзаджджын фынгтӕ ныккалдта, уӕлдайдӕр та чындзӕхсӕвы».

c Евангелиты бӕлвырдӕй ис, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй 30 диссагӕй фылдӕры кой. Фӕлӕ ма уыдонӕй уӕлдай сарӕзта бирӕ ӕндӕр диссӕгтӕ дӕр, ӕмӕ Библийы алкӕцыйы тыххӕй хицӕнӕй дзырд нӕ цӕуы. Иухатт Йесомӕ ӕрбацыд «ӕнӕхъӕн горӕт», ӕмӕ «сдзӕбӕх кодта бирӕ адӕмы» (Мар. 1:32–34).

d Дӕ бон куыд у зианджын адӕймаджы бафидар кӕнын, уый тыххӕй хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис статьяйы «Удӕнцойы хос у, хъыг чи кӕны, уыдонӕн» 2016 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», № 3.

e НЫВ. Усгур, чындз ӕмӕ сӕ уазджытӕ цин кӕнынц, сӕ разы сын цы хорз сӕн ӕрӕвӕрдтой, ууыл, Йесо та фӕстейӕ лӕууы.