Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ног дуне кӕй уыдзӕн, ууыл тынгдӕр цӕй фӕрцы ӕууӕнддзыстӕм?

Ног дуне кӕй уыдзӕн, ууыл тынгдӕр цӕй фӕрцы ӕууӕнддзыстӕм?

«[Йегъовӕ] зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн?» (НЫМ. 23:19).

142 ЗАРӔГ Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Ног дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ цы хъӕуы аразын?

 ЙЕГЪОВӔ нын зӕрдӕ бавӕрдта, ацы дуне кӕй баивдзӕн, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дунейӕ (2 Пет. 3:13). Ӕмӕ дзы мах уый тыххӕй тынг бузныг стӕм. Мах ӕй нӕ зонӕм, ног дуне кӕцы бон ралӕудзӕн, уый. Фӕлӕ, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы (Матф. 24:32–34, 36; Хъуыд. 1:7).

2 Кӕд рӕстдзинад рагӕй зонӕм, уӕддӕр нӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй уыцы зӕрдӕвӕрдыл тынгдӕр ӕууӕндӕм. Фидар уырнындзинад дӕр, гӕнӕн ис, ӕрлӕмӕгъ уа. Апостол Павел загъта, адӕймагмӕ фаг уырнындзинад куы нӕ уа, уӕд уый кӕй у, «ӕнцонӕй [нӕ] чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд» (Дзут. 12:1). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа, уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, ног дуне тагъд кӕй ралӕудзӕн, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоныл (Дзут. 11:1).

3. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, ног дуне кӕй ралӕудзӕн, ууыл тынгдӕр ӕууӕндынӕн. Хъӕуы нӕ 1) Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнын, 2) Йегъовӕмӕ цы тых ис, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ 3) Йегъовӕмӕ кӕй фӕрцы баввахсдӕр уыдзыстӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ аразын. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ Аввакумӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын абон нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕнынц. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, абон нӕ цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы фидарӕй ӕууӕндын, ног дуне тагъд кӕй ралӕудзӕн, ууыл.

ФИДАР УЫРНЫНДЗИНАД НӔ ЦАВӔР УАВӔРТЫ ФӔХЪӔУЫ?

4. Фидар уырнындзинад нӕ цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы?

4 Алы бон дӕр фӕхӕссӕм цавӕрдӕр уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, ӕмбӕлттимӕ, ирхӕфсӕнтимӕ, уӕлдӕр ахуыримӕ, куыстимӕ, бинонты цардимӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ баст уынаффӕтӕ. Ӕмӕ нӕ уымӕн фӕхъӕуы фидар уырнындзинад. Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Мӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг у, фидарӕй мӕ кӕй уырны, ацы дуне рӕстӕгмӕ кӕй у ӕмӕ йӕ тагъд Хуыцау ног дунейӕ кӕй баивдзӕн? Ӕви ӕз дӕр ацы дунейы адӕмы хуызӕн хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, адӕймаг иу хатт цӕры, ӕмӕ йын хъуамӕ алцыдӕр бантыса?» (Матф. 6:19, 20; Лук. 12:16–21). Ног дуне къӕсӕрыл кӕй ис, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд-иу рахӕсдзыстӕм ӕппӕты растдӕр уынаффӕтӕ.

5, 6. Фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ фидар уырнындзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Фидар уырнындзинад ма нӕ фӕхъӕуы, фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр. Чи зоны, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафӕм, уӕззау низ нӕм ссардтой кӕнӕ сӕмбӕлдыстӕм, адӕймагӕн йӕ ныфс кӕй тыххӕй асӕтты, ӕндӕр ахӕм фӕлварӕныл. Фыццаг, гӕнӕн ис, фидар фӕлӕууӕм. Фӕлӕ уыцы фӕлварӕн бирӕ рӕстӕг куы ахӕсса – афтӕ та арӕх рауайы – уӕд нӕ хъӕудзӕн фидар уырнындзинад, цӕмӕй йӕ сфӕразӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Ром. 12:12; 1 Пет. 1:6, 7).

6 Фӕлварӕны рӕстӕг нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ ног дуне тагъд нӕ ралӕудзӕн. Уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Уазал, хъызт зымӕг куы скӕны, уӕд адӕймагмӕ хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ зымӕг никуыуал фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕрд никуыуал ралӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ куыннӕ фӕзоны, сӕрд алкӕддӕр кӕй ралӕууы. Раст афтӕ, тынг ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нӕм, чи зоны, хатт афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ ног дуне тагъд нӕ ралӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ фидар уырнындзинады фӕрцы фӕзонӕм, уый ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уымӕй Йегъовӕ бавӕрдта зӕрдӕ (Пс. 94:3, 14, 15; Дзут. 6:17–19). Ӕмӕ уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй нын нӕ лӕггад дарддӕр дӕр царды фыццаг бынаты уа.

7. Нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм?

7 Фидар уырнындзинад ма нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм. Тагъд ног дуне кӕй ралӕудзӕн, уый тыххӕй «хорз хабар» кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, уый, дам, рӕсугъд аргъау у (Матф. 24:14; Йез. 33:32). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ зондӕй фӕхъӕстӕ уӕм. Ӕмӕ цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты ӕртӕ хъуыддаджы, ӕмӕ сыл ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм.

ХЪУЫДЫ КӔН ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫЛ

8, 9. Чырыстийы нывондыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад куыд сфидар вӕййы?

8 Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн иу мадзал у Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнын. Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн. Фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, уыцы нывонд хаст цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ Йегъовӕйы цы стыр аргъ бахъуыд бафидын, ууыл. Уӕд-иу нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын йӕ диссаджы ног дунейы ӕнӕкӕрон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

9 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ цы стыр аргъ бафыста, ууыл. Йӕ уарзон фыццаггуырд Фырты, ӕппӕты ӕввахсдӕр хӕлары, уӕлӕрвтӕй рарвыста, цӕмӕй зӕххыл райгуырдаид. Зӕххыл Йесо алыхуызон зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уый фӕстӕ тухитӕгӕнгӕ амард. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр тынг стыр аргъ бафыста. Цымӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау йӕ Фырты хъизӕмайраг мардӕй амӕлын бауагътаид, адӕмӕн хуыздӕр цард ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ балӕвар кӕнынмӕ куы хъавыдаид, уӕд? (Иоан. 3:16; 1 Пет. 1:18, 19). Фӕлӕ иугӕр ахӕм аргъ бафыста, уӕд ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн афтӕ, цӕмӕй адӕм ног дунейы ӕнустӕм цӕрой.

ХЪУЫДЫ КӔН, ЙЕГЪОВӔМӔ ЦЫ ТЫХ ИС, УУЫЛ

10. Ефесӕгтӕм 3:20 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйӕн йӕ бон цы у саразын?

10 Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн дыккаг мадзал у, Йегъовӕмӕ цы тых ис, ууыл хъуыды кӕнын. Ахӕм тых ӕм ис, ӕмӕ йӕ бон у, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнын. Куыд загътам, афтӕмӕй бирӕты нӕ уырны, ног дуне кӕй уыдзӕн ӕмӕ адӕм ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Фӕлӕ Йегъовӕ арӕх бавӕры зӕрдӕ, адӕмӕн сӕ бон цы нӕу саразын, ахӕм цӕмӕйдӕрты. Исты Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нӕу?! (Иов 42:2; Мар. 10:27). Ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр хуымӕтӕг куыд хъуамӕ уой? (Бакӕс Ефесӕгтӕм 3:20.)

11. Радзур Йегъовӕйы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕй иуы тыххӕй. (Кӕс рамкӕ « Йегъовӕйы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕй чи сӕххӕст, уыдонӕй иуӕй-иутӕ».)

11 Фенӕм-ма, Йегъовӕ-иу раджы заман йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу куыд сӕххӕст кодта, кӕд адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, уӕддӕр. Ацӕргӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн загъта, лӕппу сын кӕй райгуырдзӕн (Райд. 17:15–17). Стӕй ма Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй ратдзӕн Ханааны зӕхх. Авраамы байзӕддӕгтӕ – израилӕгтӕ – бирӕ азты дӕргъы Египеты уыдысты цагъартӕ. Ӕмӕ, чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ кастаид, ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд никуы сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ сӕххӕст. Йегъовӕ ацӕргӕ Елизаветӕйӕн дӕр загъта, сывӕллон ын кӕй райгуырдзӕн. Ӕнӕцыд ӕрыгон чызг Марийӕйӕн та загъта, кӕй йын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ уый кӕй уыдзӕн Хуыцауы Фырт. Афтӕмӕй сӕххӕст уыдаид, Йегъовӕ цалдӕр мин азы размӕ Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый (Райд. 3:15).

12. Йесо Навин 23:14 стихӕй ӕмӕ Исай 55:10, 11 стихтӕй цы ис базонӕн, Йегъовӕмӕ цы тых ис, уый тыххӕй?

12 Йегъовӕ-иу зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ-иу йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕм, стыр тыхы хицау кӕй у. (Бакӕс Йесо Навины 23:14; Исайы 55:10, 11.) Ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бауырны, ног дунейы тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы адӕмӕн дӕр ӕмбарын кӕнын, ног дуне аргъау кӕй нӕу ӕмӕ ӕцӕгдӕр кӕй уыдзӕн. Йегъовӕ йӕхӕдӕг ног арв ӕмӕ ног зӕххы тыххӕй афтӕ загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг» (Рарг. 21:1, 5).

ЙЕГЪОВӔМӔ КӔЙ ФӔРЦЫ ӔВВАХСДӔР КӔНДЗЫНӔ, УЫЦЫ ХЪУЫДДӔГТӔ ЗӔРДИАГӔЙ АРАЗ

ӔМБЫРДТӔМ ЦӔУЫН

Ацы хъуыддаг дын куыд баххуыс кӕндзӕн дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн? (кӕс 13 абзац)

13. Ӕмбырдтӕ нын нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕнынц? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

13 Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕртыккаг мадзал у, Йегъовӕмӕ кӕй фӕрцы баввахсдӕр уыдзыстӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ аразын. Зӕгъӕм, ӕмбырдтӕ нын цы пайда хӕссынц? Хо Аннӕ бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодта ӕххӕстрӕстӕг алы хуызты b. Уый загъта: «Ӕмбырдтӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур фидар уа. Ӕфсымӕр афтӕ дзырдарӕхст куы нӕ вӕййы кӕнӕ ногӕй куы ницы фӕзӕгъы, уӕд дӕр арӕх фехъусын, Библи мын хуыздӕр бамбарынӕн чи баххуыс кӕны, ахӕм хъуыдытӕ. Ӕмӕ мӕ уырнындзинад бафидар вӕййы». Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы дзуаппытӕ раттынц, уыдон дӕр нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынц (Ром. 1:11, 12; 10:17).

ХОРЗ ХАБАР ХЪУСЫН КӔНЫН

Ацы хъуыддаг дын куыд баххуыс кӕндзӕн дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн? (кӕс 14 абзац)

14. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад куыд бафидар вӕййы?

14 Нӕ уырнындзинад ма бафидар вӕййы, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд (Дзут. 10:23). Хо Барбарӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны 70 азӕй фылдӕр. Уый загъта: «Афтӕ никуы уыд, ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ мӕхи уырнындзинад дӕр ма бафидар уа. Йегъовӕйы диссаджы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй иннӕтӕн цас фылдӕр фӕдзурын, уыйас мӕ уырнындзинад тынгдӕр сфидар вӕййы».

БИБЛИ ИРТАСЫН

Ацы хъуыддаг дын куыд баххуыс кӕндзӕн дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн? (кӕс 15 абзац)

15. Нӕхӕдӕг Библи кӕй фӕиртасӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад куыд бафидар вӕййы? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

15 Нӕ уырнындзинад ма бафидар вӕййы, нӕхӕдӕг Библи кӕй фӕиртасӕм, уый фӕрцы дӕр. Сьюзанӕн ӕххуыс кӕны, йӕхицӕн график кӕй скӕны, уый. Уый загъта: «Хуыцаубоны фӕцӕттӕ кӕнын иннӕ къуырийы статья „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй. Къуырисӕры ӕмӕ дыццӕджы мӕхи фӕцӕттӕ кӕнын, „Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад“ чи хуыйны, уыцы фембӕлдмӕ. Иннӕ бонты та фӕиртасын, мӕхӕдӕг кӕй равзарын, уыцы темӕтӕ». Сьюзан алкӕддӕр ахӕм графикмӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайы, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны. Хо Айрин бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕны сӕйраг хайады. Йӕ уырнындзинад тынг бафидар вӕййы, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй фӕиртасы, уый фӕрцы. Уый загъта: «Диссаг мӕм кӕсы, Йегъовӕйы пехуымпарӕдтӕ лыстӕг хабӕртты онг куыд сӕххӕст вӕййынц, уый» c.

«ӔНӔМӔНГ СӔХХӔСТ УЫДЗӔН»

16. Йегъовӕ Аввакумӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон махмӕ дӕр цӕмӕн хауынц? (Дзуттӕгтӕм 10:36, 37).

16 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ ацы дунейы кӕронмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Кӕмӕдӕрты, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл фӕстиат кӕны. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хорз ӕмбары. Уый бӕрӕг у, пехуымпар Аввакумӕн цы ныффыссын кодта, уымӕй: «Ныффысс ӕй, уымӕн ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн нырма хъуамӕ йӕ рӕстӕджы сӕххӕст уа. Тагъд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ нӕ фӕсайдзӕн. Кӕд бафӕстиат уа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Ав. 2:3). Ацы ныхӕстӕ ӕрмӕстдӕр Аввакуммӕ хаудтой? Ӕви махӕн дӕр цӕуылдӕр дзурӕг сты? Фӕстӕдӕр Хуыцауы разамындӕй апостол Павел уыцы ныхӕстӕ ӕрхаста ӕмӕ сӕ загъта, ног дунемӕ тынг чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы чырыстӕттӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:36, 37.) Уӕдӕ нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинадмӕ ӕгӕр бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕддӕр нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. «Нӕ байрӕджы кӕндзӕн»!

17. Иу хо куыд архайы, Йегъовӕ Аввакумӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ?

17 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ йӕ уынаффӕмӕ хъусынц ӕмӕ ног дунемӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсынц». Чидӕртӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕсгай азты дӕргъы. Зӕгъӕм, хо Луизӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдта 1939 азы. Уый загъта: «Уӕд афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ Армагеддон райдайдзӕн, скъола дӕр нӕма фӕуыдзынӕн, афтӕ. Ӕмӕ мын ныры онг тынг ӕххуыс кӕны, Библийы Нойы, Авраамы, Иосифы ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕ кӕй фӕкӕсын, уый. Ӕз сӕ хонын „ӕнхъӕлмӕ кӕсыны хабӕрттӕ“. Уыдоны бахъуыд бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ, Йегъовӕ сын зӕрдӕ цы хӕрзиуӕгӕй бавӕрдта, уый райстой, уӕдмӕ. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ дарддӕр дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ӕмӕ мын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕ фидарӕй уырна, ног дуне къӕсӕрыл кӕй ис. Ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр уый афтӕ ӕххуыс кӕны». Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ йемӕ сразы уыдзысты.

18. Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, ног дуне кӕй уыдзӕн, ууыл тынгдӕр баууӕндынӕн?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ног дуне нӕма ралӕууыд. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, зӕгъӕм, стъалытыл, бӕлӕстыл, цӕрӕгойтыл кӕнӕ адӕмыл. Кӕддӕр уыдон дӕр нӕ уыдысты. Фӕлӕ ныр афтӕ ничи зӕгъдзӕн, ӕцӕг не сты, зӕгъгӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн сты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ сфӕлдыста (Райд. 1:1, 26, 27). Уӕдӕ кӕд Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, ног дуне кӕй уыдзӕн, уӕд уыцы зӕрдӕвӕрд дӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Уым адӕм уыдзысты ӕнӕниз ӕмӕ цӕрдзысты ӕнустӕм. Ног дуне ралӕудзӕн, Хуыцау цы бон снысан кодта, уыцы бон. Ӕмӕ нӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон куыд ӕцӕг сты, афтӕ ӕцӕг уыдзӕн ног дуне дӕр (Ис. 65:17; Рарг. 21:3, 4).

19. Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

19 Уӕдмӕ та уал алы фадатӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕнай. Йегъовӕйӕ алкӕддӕр бузныг у Чырыстийы нывонды тыххӕй. Йегъовӕмӕ цы тых ис, ууыл хъуыды кӕн. Ӕмӕ йӕм кӕй фӕрцы баввахсдӕр уыдзынӕ, уыцы хъуыддӕгтӕ араз. Афтӕ куы кӕнай, уӕд уыдзынӕ, «Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта», уыдоны ’хсӕн! (Дзут. 6:11, 12; Ром. 5:5).

139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!

a Абон бирӕты нӕ уырны, ног дуне кӕй уыдзӕн, уый. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ уый аргъау у ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Фӕлӕ цӕмӕй ууыл дарддӕр дӕр ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон куыд у аразын, ууыл.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c Библийы пехуымпарӕдты тыххӕй бирӕ статьятӕ ссарӕн ис «Индексы» («Индекс публикаций Сторожевой башни»), дӕлсӕргонды «Пророчества». Иу ахӕм статья у «Йегъовӕ цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый сӕххӕст вӕййы». Ссарӕн ӕй ис 2008 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».