Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?
Индексы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» Библийы стихтӕ бамбарынӕн цы ӕрмӕг ис, уымӕй фӕпайда кӕныс?
Уыцы ӕрмӕг дын баххуыс кӕндзӕн Библи арфдӕр иртасынӕн. Зӕгъӕм, базонӕн дзы ис, стихы цӕй кой ис, уый куы ’рцыд, уӕд ма ноджыдӕр цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд, стих цӕмӕн ӕрцыд фыст, кӕй кой дзы ис науӕд кӕцыдӕр дзырдтӕн сӕ хъуыды цы у.
«Онлайн-библиотекӕ»-йы ӕмӕ приложенийы JW Library® Библи куы бакӕнай ӕмӕ стихыл куы ныххӕцай, уӕд байгом уыдзысты, «Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс»-ы цы ссылкӕтӕ ис, уыдон (рахизырдыгӕй цы рудзынг байгом вӕййы, уым). Байгом кӕнӕн сӕ ис Библийы тӕлмацтӕй алкӕцыйы дӕр.
Уыцы ӕрмӕгмӕ куы кӕсай, уӕд-иу дӕ хъус дар, статьятӕ фӕд-фӕдыл куыд цӕуынц, уымӕ. Ӕппӕты ногдӕр статьятӕ уӕлейӕ вӕййынц. Номхыгъды дӕлдӕр ис раздӕры статьятӕ, ӕмӕ уыдоны цавӕрдӕр фарстатӕ куыд ӕмбарын кодтам, уый, гӕнӕн ис, фӕивта.
«Онлайн-библиотекӕ»-йы «Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» рафыссын нӕ фӕхъӕуы, ссылкӕтӕ сӕхӕдӕг разынынц.
Цӕмӕй приложенийы JW Library стихтӕм ссылкӕтӕ фӕзыной, уый тыххӕй фӕхъӕуы «Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» рафыссын ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ сног кӕнын. Уый тыххӕй ныххӕц, Библийы сӕртӕй кӕцыфӕндыйы фарсмӕ дӕр цы рудзынг байгом вӕййы, уым уӕлейӕ «Скачать» фыст кӕм ис, ууыл.