18 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ӕмбырдты кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут
«Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм... кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм» (ДЗУТ. 10:24, 25).
88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Ӕмбырдты дзуапп цӕмӕн фӕдӕттӕм?
ӔМБЫРДТӔМ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕцӕуӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм (Пс. 26:12; 111:1). Ӕмбырдтӕм ма фӕцӕуӕм, цӕмӕй ацы зын рӕстӕджыты кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (1 Фес. 5:11). Ӕмӕ нӕ къухыл куы схӕцӕм ӕмӕ дзуапп куы раттӕм, уӕд ацы дыууӕ хъуыддаджы нӕ къухы бафтынц.
2. Ӕмбырдты нӕ бон кӕд вӕййы дзуапп дӕттын?
2 Алы къуыри дӕр нын ӕмбырдты вӕййы фадат дзуапп раттынӕн. Улӕфӕн бонты нын цы ӕмбырд вӕййы, уым нӕ бон вӕййы дзуапп раттын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыры рӕстӕг. «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды дӕр нӕ бон вӕййы дзуапп дӕттын, зӕгъӕм, Хуыцауы Ныхасы хӕзнатыл куы фӕныхас кӕнӕм, Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ куы вӕййы ӕмӕ ма ноджыдӕр фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ ӕндӕр темӕтӕ куы февзарӕм, уӕд.
3. Дзуапп раттын нӕ цы фӕхъыгдары ӕмӕ нын Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?
3 Не ’ппӕты дӕр фӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фидар кӕнын. Фӕлӕ нӕ, гӕнӕн ис, цыдӕр хъыгдара дзуапп раттын. Чи зоны, уымӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, дзуапп дӕттын уарзӕм, фӕлӕ нӕ афтӕ арӕх нӕ бафӕрсынц. Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн? Дзуапп ссардзыстӕм апостол Павелы фыстӕджы Дзуттӕгтӕм. Ӕмбырдтӕм цӕуын куыд ахсджиаг у, уый кой кӕнгӕйӕ Павел загъта, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй хъуамӕ ӕфтауӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.) Хуымӕтӕг дзуаппӕй дӕр нӕ бон у нӕ уырнындзинад равдисын ӕмӕ иннӕты бафидар кӕнын. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕ къухыл схӕцын ӕмӕ-иу афтӕ тынг нӕ тыхсдзыстӕм. Ӕмӕ нӕ арӕх куы нӕ фӕрсой, уӕддӕр-иу нын ӕхсызгон уыдзӕн, иннӕтӕн сӕ бон кӕй у дзуапп раттын, уый (1 Пет. 3:8).
4. Ацы статьяйы цавӕр ӕртӕ хъуыдыйыл аныхас кӕндзыстӕм?
4 Ацы статьяйы фыццаг аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у кӕрӕдзийы гыццыл ӕмбырды фидар кӕнын. Ахӕм ӕмбырды, гӕнӕн ис, дзуапп чи фӕдӕтты, ахӕмтӕ бирӕ ма уа. Стӕй та аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у стыр ӕмбырды кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын. Ахӕм ӕмбырды сӕ къухтыл бирӕтӕ схӕцынц. Ӕмӕ фӕстагмӕ аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон цавӕр дзуаппытӕ у дӕттын, цӕмӕй-иу иннӕтӕн ӕцӕгдӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм.
КӔРӔДЗИЙЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУТ ГЫЦЦЫЛ ӔМБЫРДЫ
5. Ӕмбырды бирӕ адӕм куы нӕ уа, уӕд нӕ бон куыд у кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын?
5 Гыццыл ӕмбырды кӕнӕ къорды, дзуапп чи фӕдӕтты, ахӕмтӕ бирӕ нӕ вӕййы. Ӕмӕ хатт ӕфсымӕры фӕхъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ исчи йӕ къухыл схӕца, уӕдмӕ. Уый тыххӕй нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ рӕстӕг ныддаргъ, уымӕй та никӕй ныфсыл ныфс бафты. Дӕ бон цы уаид саразын? Дӕ къухыл-иу арӕх схӕц. Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, иннӕты дӕр бафӕнда дзуапп арӕхдӕр дӕттын.
6, 7. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дзуапп дӕттын ма тӕрсай?
6 Фӕлӕ, зӕгъӕм, дзуапп раттын дӕ кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр дӕ хид акӕлы. Ӕмӕ дӕ бирӕтӕ бамбардзысты. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй къаддӕр тыхсай ӕмӕ дӕ дзуаппытӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауай?
7 Хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» b. Зӕгъӕм, ахӕм: дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн (Ӕмб. 21:5). Ӕрмӕг хорз куы зонай, уӕд-иу дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ къухыл схӕцын. Ӕндӕр уынаффӕ: бацӕттӕ кӕн цыбыр дзуаппытӕ (Ӕмб. 15:23; 17:27). Цыбыр дзуапп дӕтгӕйӕ адӕймаг афтӕ тынг нӕ фӕтыхсы. Стӕй дӕ дзуаппы иу кӕнӕ дыууӕ хъуыдыйады куы уа, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ хъуыды бамбарын. Бирӕ хъуыдытӕ кӕм вӕййы, ахӕм даргъ дзуапп та арӕх зын вӕййы бамбарын. Дӕхи ныхӕстӕй цыбыр дзуапп куы раттай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодтай ӕмӕ ӕрмӕг хорз кӕй ӕмбарыс.
8. Нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразӕм, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?
8 Чи зоны, ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ бацархайдтай, фӕлӕ уӕддӕр дӕ ныфс хӕссыс ӕрмӕстдӕр иу кӕнӕ дыууӕ дзуаппы раттынмӕ. Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ аргъ кӕны, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс, уымӕн (Лук. 21:1–4). Дӕ бон цы нӕу, уый дӕ никуы домдзӕн (Фил. 4:5). Ахъуыды кӕн, дӕ бон цавӕр нысан у дӕ разы сӕвӕрын, стӕй архай, цӕмӕй уыцы нысан дӕ къухы бафта, ӕмӕ кув, цӕмӕй-иу ма тыхсай. Фыццаг уал, чи зоны, дӕ разы сӕвӕрай нысан, иу цыбыр дзуапп кӕй ратдзынӕ.
КӔРӔДЗИЙЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУТ СТЫР ӔМБЫРДЫ
9. Стыр ӕмбырды дӕ, гӕнӕн ис, цы хъыгдара дзуапп дӕттын?
9 Кӕд уе ’мбырды бирӕ хъусынгӕнджытӕ ис, уӕд дын, чи зоны, ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй у зын дзуапп дӕттын. Чи зоны, сӕ къухтыл бирӕтӕ схӕцынц, ӕмӕ дын ӕфсымӕр арӕх дӕ къух нӕ фены. Хо Даниеллӕйӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы дзуаппытӕ дӕттын c. Дзуапп дӕттын дӕр нымайы йӕ лӕггадыл. Уый ма йын у фадат, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕна, стӕй уый фӕрцы, Библийы цы фыст ис, уыдӕттыл йӕхӕдӕг дӕр ноджы тынгдӕр баууӕнды. Фӕлӕ стырдӕр ӕмбырдмӕ куы рахызт, уӕд ӕй афтӕ арӕх нал фарстой. Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу ӕй иу хатт дӕр нӕ бафарстой. Уый загъта: «Тынг хъыг мын уыд. Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ уыцы кадджын хӕсӕй ӕнӕхай фӕкодтой. Иу фембӕлды дӕ нӕ бафарстой, иннӕ фембӕлды дӕ нӕ бафарстой, ӕмӕ адӕймаг афтӕ хъуыды кӕнын райдайы, зӕгъгӕ мӕ барӕй нӕ фӕрсынц».
10. Нӕ бон цы вӕййы саразын, цӕмӕй-иу нын фылдӕр фадӕттӕ уа дзуапп раттынӕн?
10 Дӕумӕ дӕр искуы фӕзыны Даниеллӕйы хуызӕн хъуыдытӕ? Кӕд о, уӕд, чи зоны, фӕхъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, гъемӕ ӕппындӕр ницыуал дзурдзынӕн, хъусӕй баддзынӕн. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дарддӕр дӕр архай. Алы ӕмбырдмӕ дӕр-иу цалдӕр дзуаппы бацӕттӕ кӕн. Ӕмӕ дӕ райдианы куы нӕ бафӕрсой, уӕд дӕр ма дын фӕстӕдӕр уыдзӕн фадат дзуапп раттынӕн. Дӕхи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, алы абзац дӕр статьяйы темӕимӕ куыд баст у, ууыл. Афтӕмӕй дӕ бон уыдзӕн хорз дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнын. Дӕ бон ма у дзуапп бацӕттӕ кӕнын, арфдӕр хъуыдыты кой кӕм цӕуы, уыцы абзацтӕм (1 Кор. 2:10). Ахӕм хъуыдытӕ зындӕр вӕййы бамбарын кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй, йӕ къухыл чи схӕцы, уыдон афтӕ бирӕ нӕ вӕййынц. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ бацархайдтай, фӕлӕ дӕ уӕддӕр фӕд-фӕдыл цалдӕр ӕмбырды нӕ бафарстой. Уӕд дӕ бон у ӕмбырды размӕ ӕфсымӕрӕн зӕгъын, кӕцы фарстайӕн дӕ фӕнды дзуапп раттын.
11. Филиппӕгтӕм 2:4 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм?
11 Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:4. Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй хъуыды кӕной, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Нӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фембӕлды рӕстӕг архайын? Нӕ зӕрдыл-иу дарӕм, иннӕты дӕр махау кӕй фӕфӕнды дзуапп раттын.
12. Ӕмбырдты ма нӕ бон куыд у хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
12 Ахӕм цӕвиттоныл ахъуыды кӕнӕм. Де ’мбӕлттимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд ӕрмӕстдӕр дӕхӕдӕг фӕдзурыс, ӕви уыдонӕн дӕр раттыс дзырды бар? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕфӕнды дӕ, цӕмӕй уыдон дӕр истытӕ дзурой. Раст афтӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу ӕмбырды фылдӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дзуапп раттой. Фадат-иу сын куы раттӕм, цӕмӕй сӕ дзуаппытӕй сӕ уырнындзинад равдисой, уӕд-иу афтӕмӕй дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн (1 Кор. 10:24). Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, уый нӕ бон куыд у аразын, уымӕ.
13. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу фылдӕр адӕмы дзуапп дӕттын бауадзӕм?
13 Иу уынаффӕ у ахӕм: цыбыр дзуаппытӕ дӕтт. Афтӕмӕй-иу иннӕтӕн дӕр рӕстӕг баззайдзӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ уыцы хъуыддаджы хъуамӕ уой фӕзминаг. Цыбыр дзуапп куы дӕттай, уӕддӕр-иу ӕгӕр бирӕ хъуыдытӕ ма радзур. Абзацы цы хъуыдытӕ ис, уыдон иууылдӕр куы радзурай, уӕд иннӕтӕн, цы зӕгъой, уый нал уыдзӕн. Зӕгъӕм, ацы абзацы ис дыууӕ уынаффӕйы: цыбыр дзуаппытӕ дӕтт ӕмӕ ӕгӕр бирӕ хъуыдытӕ ма радзур. Ӕмӕ ацы абзац ӕвзаргӕйӕ фыццаг дӕу куы бафӕрсой, уӕд-иу дзы ӕрмӕстдӕр иу хъуыды зӕгъ.
14. Дӕ къухыл схӕцай ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
14 Ахъуыды-иу кӕн, дӕ къухыл цал хатты схӕцдзынӕ. Ӕмбаргӕдзинад-иу равдис. Дӕ къухыл-иу ӕгӕр арӕх куы схӕцай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕфсымӕрмӕ афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ дӕ къух цал хатты систай, уал хатты дӕ хъуамӕ бафӕрса, кӕд иннӕтӕ дзуапп нӕма радтой, уӕддӕр. Ӕмӕ-иу уӕд, гӕнӕн ис, иннӕты дӕр мауал бафӕнда сӕ къухыл схӕцын (Еккл. 3:7).
15. а) Ӕмбырды нӕ куы нӕ бафӕрсой, уӕд-иу уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм? б) Ӕфсымӕр ӕрмӕг фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ куы ’взара, уӕд куыд равдисдзӕн, алкӕуыл дӕр кӕй хъуыды кӕны? (Кӕс рамкӕ « Ӕрмӕг фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ куы ’взарай, уӕд дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай?».)
15 Ӕмбырды сӕ къухтыл бирӕтӕ куы схӕцынц, уӕд дӕу, чи зоны, афтӕ арӕх нӕ бафӕрсынц йе та дӕ ӕппындӕр нӕ бафӕрсынц. Уый тыххӕй, гӕнӕн ис, дӕ ныфс асӕтта. Фӕлӕ-иу ма фӕтӕргай у ӕмӕ-иу афтӕ ма хъуыды кӕн, барӕй мӕ нӕ фӕрсынц, зӕгъгӕ (Еккл. 7:9).
16. Иннӕтӕ-иу дзуапп куы раттой, уӕд-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕн куыд уыдзӕн?
16 Цал хатты дӕ фӕнды дзуапп раттын, уал хатты дӕ куы нӕ бафӕрсой, уӕд та? Иннӕты дзуаппытӕм лӕмбынӕг хъус ӕмӕ-иу сӕ стӕй ӕмбырды фӕстӕ раппӕл. Цы дзуапп раттаис, уымӕй куыд бафидар кодтаис хоты ӕмӕ ’фсымӕрты, афтӕ сӕ бафидар кӕндзынӕ, куы сӕ раппӕлай, уӕд дӕр (Ӕмб. 10:21). Иннӕтӕй куы ’ппӕлӕм, уӕд-иу сын афтӕмӕй дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтаудзыстӕм.
НОДЖЫДӔР МА НӔ БОН КУЫД У КӔРӔДЗИЙЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУЫН?
17. а) Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттимӕ, сӕ кармӕ гӕсгӕ чи ’мбӕлы, ахӕм дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнын? б) Цавӕр цыппар къахдзӕфы уын баххуыс кӕндзысты дзуапп бацӕттӕ кӕнынӕн? (Кӕс фиппаинаг.)
17 Ноджыдӕр ма нӕ бон куыд у ӕмбырдты кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын? Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд-иу сын баххуыс кӕн, сӕ кармӕ гӕсгӕ чи ’мбӕлы, ахӕм дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнынӕн (Матф. 21:16). Хатт статьяйы дзырд фӕцӕуы, лӕг ӕмӕ ус цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл кӕнӕ хӕрзӕгъдаудзинадимӕ баст фарстатыл. Фӕлӕ ахӕм статьяты дӕр иу кӕнӕ дыууӕ абзацы, гӕнӕн ис, ахӕм уой, ӕмӕ сывӕллонӕн йӕ бон уа дзуапп раттын. Дӕ сывӕллӕттӕн ма бамбарын кӕн, сӕ къухыл-иу куы схӕцой, уӕд-иу сӕ алы хатт цӕуылнӕ бафӕрсдзысты. Ӕмӕ-иу ӕфсымӕр ӕндӕр искӕй куы бафӕрса, уӕд-иу нӕ фӕтӕргай уыдзысты (1 Тим. 6:18) d.
18. Нӕ бон цавӕр дзуаппытӕ у дӕттын, цӕмӕй иннӕты ӕргом нӕхимӕ ӕгӕр ма здахӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 27:2).
18 Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у нӕ дзуаппытӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауын (Ӕмб. 25:11). Иуӕй-иу хатт нӕ бон вӕййы нӕхи тыххӕй исты цыбыртӕй радзурын, фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕхи кой ӕгӕр бирӕ ма кӕнӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:2; 2 Кор. 10:18.) Иннӕты ӕргом хъуамӕ здахӕм Йегъовӕмӕ, йӕ Ныхасмӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ (Рарг. 4:11). Иуӕй-иу абзацтӕм ахӕм фарста вӕййы, ӕмӕ фӕхъӕуы, нӕхӕдӕг цы хъуыды кӕнӕм кӕнӕ цы ӕнкъарӕм, уый радзурын. Ӕмӕ уӕд ӕмбӕлы нӕхи тыххӕй исты зӕгъын. Зӕгъӕм, ахӕм фарста ис иннӕ абзацмӕ.
19. а) Ӕмбырды чи вӕййы, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ къухы цы бафтдзӕн? (Ромӕгтӕм 1:11, 12). б) Ӕмбырдты дзуапп дӕттын цӕмӕн уарзыс?
19 Дзуапп дӕттын куыд хъӕуы, уый фӕдыл закъӕттӕ нӕй. Фӕлӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у нӕ дзуаппытӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын. Кӕйдӕрты, гӕнӕн ис, бахъӕуа дзуапп арӕхдӕр дӕттын. Чидӕр та хъуамӕ райгонд уа, цал хатты йын бантысы дзуапп раттын, уымӕй ӕмӕ цин кӕна, иннӕтӕн дӕр уый фадат кӕй вӕййы, ууыл. Ӕмбырдты-иу, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уыдзыстӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12.)
93 ЗАРӔГ Не ’мбырдтӕн нын арфӕ кӕн
a Ӕмбырдты дзуапп куы фӕдӕттӕм, уӕд кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауӕм. Чидӕртӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц дзуапп раттынмӕ. Иннӕтӕ та уарзынц дзуапп дӕттын, фӕлӕ сӕ афтӕ арӕх нӕ бафӕрсынц. Нӕ бон куыд вӕййы равдисын, кӕрӕдзийыл кӕй хъуыды кӕнӕм? Ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕ дзуаппытӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнын? Ацы статьяйы ацы фарстатӕн дзуапп ссардзыстӕм.
b Ноджыдӕр ма уынаффӕтӕ ссарӕн ис 2019 азы январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 8–13 фӕрстӕ, ӕмӕ 2003 азы 1 сентябры «Сторожевая башня»-йы, 19–22 фӕрстӕ.
c Ном ивд у.
d Сайты jw.org бакӕс мультфильммӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су. Дӕ дзуапп бацӕттӕ кӕн».
f НЫВ. Ӕфсымӕр лӕггад кӕны стыр ӕмбырды. Уый дзуапп радта ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уымӕн фадат дӕтты.