Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

2023 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Дӕ бон бауыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?

Ацы ныхӕстӕн, «уӕ зонд ног кӕнут», зӕгъгӕ, сӕ хъуыды цы у? (Ром. 12:2).

Цӕмӕй-иу нӕ зонд сног кӕнӕм, уый тыххӕй фаг нӕ уыдзӕн хорз хъуыддӕгтӕ аразын. Хъуамӕ-иу арф нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм ӕмӕ нӕ фӕивын цы хъӕуы, уый-иу фӕивӕм, цӕмӕй, куыд цӕрӕм, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа (w23.01, 8, 9 фф.).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?

Мах фӕнды, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый зонын. Фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ууыл куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ афтӕ ма дзурӕм, зӕгъгӕ, хъуамӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ сӕххӕст уой. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕсты тыххӕй ӕмбырд ныддихтӕ уа. Пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, ууыл ныхас кӕнгӕйӕ хъуамӕ дзурӕм, Йегъовӕйы организацийы уагъд публикациты цы фыст ис, уый (1 Кор. 1:10) (w23.02, 16 ф.).

Йесойы донаргъуыд ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты донаргъуыд цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Йесойы нӕ хъуыди йӕхи Йегъовӕйӕн нывонд кӕнын, мах куыд фӕхъӕуы, афтӕ, уымӕн ӕмӕ райгуырд, Йегъовӕйӕн нывонд чи уыд, уыцы адӕмы ’хсӕн. Йесо уыди ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг, ӕмӕ йӕ нӕ хъуыди йӕ тӕригъӕдтыл фӕсмон кӕнын (w23.03, 5 ф.).

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу иннӕтӕ дӕр ӕмбырды дзуапп раттой?

Нӕ бон у цыбыр дзуаппытӕ дӕттын. Афтӕмӕй-иу иннӕтӕн дӕр рӕстӕг баззайдзӕн. Стӕй-иу хъуамӕ ӕгӕр бирӕ хъуыдытӕ ма радзурӕм. Уӕд-иу иннӕтӕн дӕр, цы зӕгъой, уый уыдзӕн (w23.04, 23 ф.).

Исайы 35:8 стихы цы «Сыгъдӕг фӕндаджы» кой ис, уый цӕмӕ амоны?

Раздӕр уый амыдта, дзуттӕгтӕ Вавилонӕй Израилмӕ ахӕсгӕ хуызы цы фӕндагыл цыдаиккой, уымӕ. Цы зӕгъӕн ис нырыккон «Сыгъдӕг фӕндаджы» тыххӕй та? 1919 азы размӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы Йегъовӕ уыцы фӕндаг цӕттӕ кодта. Зӕгъӕм, чи йӕ нымадта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ Библи тӕлмац кодтой ӕмӕ йӕ мыхуыр кодтой. Хуыцауы адӕм ахӕсгӕ хуызы сты дзӕнӕты ӕмӕ цӕуынц «Сыгъдӕг фӕндагыл». Ӕмӕ фидӕны, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕргӕйӕ, схайджын уыдзысты дуне арфӕдзинӕдтӕй (w23.05, 15–19 фф.).

Ӕмбисӕндты 9-ӕм сӕры цавӕр дыууӕ сылгоймаджы кой ис?

Ис дзы «ӕнӕзонд сылгоймаджы» кой. Уый адӕмы хоны «ингӕнмӕ». Стӕй дзы ис «ӕцӕг зонды» кой. Уый та адӕмы хоны, цӕмӕй цӕуой «ӕмбарындзинады фӕндагыл» ӕмӕ цӕрой (Ӕмб. 9:1, 6, 13, 18) (w23.06, 22–24 фф.).

Лоты лидзын куы хъуыд, уӕд Хуыцау сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста?

Йегъовӕ Лотӕн загъта, цӕмӕй Содомӕй хӕхтӕм алыгъдаид. Фӕлӕ Лот Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ нын бар ратт, цӕмӕй Сигормӕ алидзӕм. Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ байхъуыста (w23.07, 21 ф.).

Усӕн куыд кӕнгӕ у, йӕ лӕг порнографимӕ куы кӕса, уӕд?

Хъуамӕ йӕхи аххосджыныл ма нымайа, фӕлӕ фылдӕр хъуыды кӕна, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, ууыл. Библийы дӕр ис, зын уавӕры чи уыд ӕмӕ-иу Йегъовӕ удӕнцой кӕмӕн радта, ахӕм сылгоймӕгты кой. Ӕмӕ-иу сын сӕ хабӕрттыл куы ахъуыды кӕна, уӕд ын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн. Йӕ бон у йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕнын, цӕй тыххӕй фӕрӕдидзӕн, уыдӕттӕй йӕхи хизынӕн (w23.08, 14–17 фф.).

Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ исчи куы фӕрса, уӕд нын ӕмбаргӕдзинад куыд баххуыс кӕндзӕн фӕлмӕнӕй дзуапп дӕттынӕн?

Ис ахъуыды кӕнӕн, уыцы фарстайы фӕрцы нӕ бон цы у уыцы адӕймаджы тыххӕй базонын. Ӕмӕ нын уӕд ӕнцондӕр уыдзӕн фӕлмӕнӕй йын дзуапп раттын (w23.09, 17 ф.).

Марийӕйы иннӕтӕ куыд бафидар кодтой, уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?

Марийӕ куы базыдта, Мессийӕйы мад кӕй суыдзӕн, уӕд иннӕтӕй ӕххуыс ракуырдта. Зӕд Гавриил ӕмӕ йӕ йӕ хӕстӕг Елизаветӕ Фыстады фӕрцы бафидар кодтой. Махӕн дӕр нӕ бон у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс курын (w23.10, 15 ф.).

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, нӕ куывдтытӕм нын кӕй хъусдзӕн. Куы сӕм фӕхъусы, уӕд йӕ зӕрдыл фӕдары, цы фӕнд ӕм ис, уый (Йер. 29:12). Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ ӕмхуызон куывдтытӕн алыхуызон дзуапп ратты, фӕлӕ нын алкӕддӕр баххуыс кӕны (w23.11, 21, 22 фф.).

Кӕд Ромӕгтӕм 5:2 стихы фыст ис, чырыстӕттӕн «ныфс» кӕй ис, уӕд ма 4-ӕм стихы афтӕ цӕмӕн ис фыст, адӕймагӕн «фӕзыны ныфс», зӕгъгӕ?

Адӕймаг хорз хабар куы фехъусы, уӕд ын фӕзыны ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс. Фӕлӕ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлы, фидар куы фӕлӕууы ӕмӕ куы бамбары, Йегъовӕ дзы райгонд кӕй у, уӕд йӕ ныфс фидардӕр свӕййы ӕмӕ йын ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайы (w23.12, 12, 13 фф.).