51 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Дӕ ныфсӕй фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзынӕ!
«[Адӕймаг] уыцы ныфсӕй... фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн» (РОМ. 5:5).
142 ЗАРӔГ Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Авраамы ныфс цӕмӕн уыд, фырт ын кӕй райгуырдзӕн, уымӕй?
ЙЕГЪОВӔ йӕ хӕлар Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты (Райд. 15:5; Райд. 22:18). Авраам Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй уырныдта, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ йыл 100 азы куы цыд, йӕ усыл та – 90 азы, уӕд сын фырт нӕма уыд (Райд. 21:1–7). Ӕмӕ уӕддӕр Авраам ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йын цы загъта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ. Библийы фыст ис: «Авраамы ныфс уыд ӕмӕ йӕ уырныдта, бирӕ адӕмты фыд кӕй суыдзӕн... Уырнгӕ та йӕ кодта, загъд ын цы уыд, уымӕ гӕсгӕ» (Ром. 4:18). Мах ӕй зонӕм, Авраам кӕй нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Райгуырди йын, афтӕ бирӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы фырт – Исахъ. Цымӕ Авраамы афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырныдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй нӕ фӕсайдзӕн, уый?
2. Авраамы фидарӕй цӕмӕн уырныдта, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый?
2 Авраам Йегъовӕйы хорз зыдта, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ «фидарӕй уырныдта, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта», уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Ром. 4:21). Йегъовӕ дзы райгонд уыд ӕмӕ йӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл (Иак. 2:23). Ромӕгтӕм 4:18 стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй Авраамӕн йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ ныфс уыдысты ӕнгом баст. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм Ромӕгтӕм 5-ӕм сӕрмӕ ӕмӕ базонӕм, апостол Павел ныфсы тыххӕй цы дзуры, уый.
3. Цы ныфс нын ис, уый тыххӕй Павел цы загъта?
3 Павел ӕмбарын кӕны, фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, нӕ «ныфсӕй... фыдӕнхъӕл» кӕй нӕ фӕуыдзыстӕм (Ром. ). Стӕй ма ӕмбарын кӕны, цы ныфс нын ис, уый фидардӕр куыд свӕййы. Уый кой ис 5:5Ромӕгтӕм 5:1–5 стихты. Куы сыл ныхас кӕнӕм, уӕд-иу дӕхиуыл ахъуыды кӕн. Ӕвӕццӕгӕн, фендзынӕ, чырыстон куы сдӕ, уӕдӕй нырмӕ дӕ ныфс фидардӕр кӕй сси. Статьяйӕ ма базондзыстӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ дӕ ныфс, ныр цы у, уымӕй ноджы фидардӕр суа. Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, цы диссаджы ныфс нын ис, ууыл. Павел зӕгъы, уыцы ныфсӕй фыдӕнхъӕл кӕй нӕ фӕуыдзыстӕм.
ИС НЫН ДИССАДЖЫ НЫФС
4. Ромӕгтӕм 5:1, 2 стихты дзырд цӕуыл цӕуы?
4 Бакӕс Ромӕгтӕм 5:1, 2. Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста Ромы ӕмбырдмӕ. Уыцы ӕмбырды чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕддӕр Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй базыдтой, баууӕндыдысты сыл ӕмӕ систы чырыстӕттӕ. Йегъовӕ сӕ сӕ «уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнджытыл» банымадта ӕмӕ сӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста. Афтӕмӕй сын фӕзынд диссаджы ныфс, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кодтаиккой, сӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзысты, ууыл.
5. Сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр ныфс ис?
5 Фӕстӕдӕр Павел ныффыста Ефесы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕм, Хуыцау сын цы ныфс радта, уый тыххӕй. Хъуамӕ райстаиккой, Хуыцау «сыгъдӕджытӕн бынӕн цы диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта», уыдон (Еф. 1:18). Колоссаг чырыстӕттӕм та ныффыста, сӕ хӕрзиуӕг кӕм райсдзысты, уый тыххӕй. Ныффыста сӕм афтӕ: «Ныфс [уӕ] ис, Хуыцау уын уӕлӕрвты цы ӕрцӕттӕ кодта, уый кӕй райсдзыстут» (Кол. 1:4, 5). Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕн ис ныфс, уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты, ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты ӕмӕ уым Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (1 Фес. 4:13–17; Рарг. 20:6).
6. Иу сӕрст ӕфсымӕр цы загъта, цы ныфс ын уыд, уый тыххӕй?
6 Сӕрст чырыстӕттӕ уыцы ныфсӕн тынг аргъ кӕнынц. Уыдонӕй сӕ иу, ӕфсымӕр Фредерик Френц, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Ныфс нӕ цӕмӕй ис, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Гыццыл дзугӕй – 144 минӕй – алчидӕр райсдзӕн уыцы хӕрзиуӕг, иу дӕр ӕнӕ уымӕй нӕ баззайдзӕн. Уый у, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн не стӕм, ахӕм хӕрзиуӕг!» Ӕфсымӕр Френц Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта, ӕмӕ 1991 азы загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Мах ныр дӕр уыцы ныфсӕн тынг аргъ кӕнӕм. [...] Нӕ хӕрзиуӕгмӕ цас фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыйас ын тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Милуан азы куы бахъуыдаид ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕддӕр уый аргъ у. Цы ныфс нын ис, уымӕн ӕз ныр ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын».
7, 8. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрӕн цавӕр ныфс ис? (Ромӕгтӕм 8:20, 21).
7 Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрӕн ӕндӕр ныфс ис. Уыдонӕн Авраамау ныфс ис, ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар (Дзут. 11:8–10, 13). Павел ныффыста, цы диссаджы цард сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:20, 21.) Фыццаг хатт куы базыдтай, Библи нын зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, уӕд дзы дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр цы фӕцыд? Чи зоны, ӕххӕст кӕй суыдзынӕ ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй нал уыдзынӕ, уый. Кӕнӕ куы базыдтай, чи дын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Ӕмӕ дын «ахӕм ныфс» кӕй фӕзынд, уый фӕрцы ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, Хуыцау дын цы хорздзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдонмӕ.
8 Уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс,– уый у диссаджы ныфс ӕмӕ нын хӕссы стыр циндзинад. Ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй уыцы ныфс ноджы фидардӕр кӕна. Уый кой Павел кӕны дарддӕр. Ныртӕккӕ уыцы ныхӕстӕм дӕр ӕркӕсдзыстӕм. Уый фӕрцы нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, ныфс нӕ цӕмӕй ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн.
НӔ НЫФС ФИДАРДӔР ЦӔЙ ФӔРЦЫ СВӔЙЙЫ?
9, 10. Павелы хабар чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у? (Ромӕгтӕм 5:3). (Кӕс нывтӕм дӕр.)
9 Бакӕс Ромӕгтӕм 5:3. Павел куыд загъта, афтӕмӕй, фыдӕвзарӕнтыл кӕнӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд уый фӕрцы дӕр нӕ ныфс фидардӕр свӕййы. Чи зоны нӕм уыцы хъуыды ӕнахуыр фӕкӕса. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр ӕмбӕлдзысты фыдӕвзарӕнтыл. Ӕркӕсӕм Павелы цӕвиттонмӕ. Фессалоникӕгтӕн загъта: «Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, зындзинӕдтӕ нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый дӕр зонут» (1 Фес. 3:4). Коринфӕгтӕм та ныффыста: «Не ’фсымӕртӕ, фӕнды нӕ, цӕмӕй зонат... цы бӕллӕхы бахаудыстӕм, уый тыххӕй. ...Удӕгасӕй баззайын ӕнхъӕл дӕр нал уыдыстӕм» (2 Кор. 1:8; 11:23–27).
10 Ӕмӕ абон дӕр чырыстӕттӕ ӕмбӕлынц зындзинӕдтыл (2 Тим. 3:12). Чи зоны ды дӕр ӕфхӕрд ӕййафыс, Йесойыл кӕй баууӕндыдтӕ ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуӕг кӕй сдӕ, уый тыххӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дыл де ’мбӕлттӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕ худынц кӕнӕ дӕ суанг тынг ӕфхӕрынц. Кӕнӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг уай ӕмӕ ма сайай, уый тыххӕй дӕм, чи зоны, куысты ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц (Дзут. 13:18). Йе та, гӕнӕн ис, хицауад дӕ ныхмӕ цӕуы, цы ныфс дын ис, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр кӕй дзурыс, уый тыххӕй. Фӕлӕ Павел зӕгъы, цыфӕнды фыдӕвзарӕнты ма бахауӕм, уӕддӕр цин кӕй хъуамӕ кӕнӕм. Цымӕ цӕмӕн?
11. Цыфӕнды фӕлварӕны дӕр нӕ фидар фӕлӕууын цӕмӕн хъӕуы?
11 Фыдӕвзарӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕ бон цин кӕнын уымӕн вӕййы, ӕмӕ нӕм уый фӕрцы фӕзыны хъӕугӕ миниуӕг. Ромӕгтӕм 5:3 стихы фыст ис: «Фыдӕвзарӕнты адӕймаг сфидар вӕййы». Чырыстӕттӕ иууылдӕр зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕудзӕн фидар фӕлӕууын, цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй фендзыстӕм, ныфс нӕ цӕмӕй ис, уый куыд сӕххӕст, уый. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм, дурджын ран чи ’рхауд, уыцы нӕмгуытимӕ абарӕн кӕй ис, ахӕм адӕймӕгты хуызӕн. Йесо сӕ кой ракодта йӕ фӕсномыг ныхасы. Уыдон хорз хабар уайтагъд сӕ зӕрдӕмӕ цингӕнгӕ айсынц. Фӕлӕ «фыдӕвзарӕнты куы бахауынц ӕмӕ... [сӕ] ӕфхӕрын куы райдайынц», уӕд фӕцудынц (Матф. 13:5, 6, 20, 21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц кӕнӕ ӕндӕр фӕлварӕныл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын уый ӕхсызгон нӕ вӕййы. Фӕлӕ ӕппӕт дӕр куы сфӕразӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы пайда.
12. Фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы?
12 Иаков бамбарын кодта, фидар куы фӕлӕууӕм ӕмӕ фӕлварӕнтӕ куы сфӕразӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы. Уый ныффыста: «Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕфау, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа» (Иак. 1:2–4). Иаков ам афтӕ дзуры, цыма фидардзинады хъӕуы цавӕрдӕр куыст бакӕнын, ис ыл цавӕрдӕр хӕс. Цымӕ цы у йӕ хӕс? Уыцы миниуӕг адӕймагӕн баххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм фӕзына фылдӕр фӕразондзинад, фылдӕр уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарын райдайа. Фӕлӕ ма ӕндӕр хъуыддаджы дӕр ӕрхӕссы пайда.
13, 14. Нӕ фидардзинад цӕмӕ ӕркӕны ӕмӕ уый фӕрцы нӕ ныфс ноджы фидардӕр куыд свӕййы? (Ромӕгтӕм 5:4).
13 Бакӕс Ромӕгтӕм 5:4. Павел зӕгъы, зӕгъгӕ, фидардзинад ӕркӕны уымӕ, ӕмӕ «адӕймаг ссары Хуыцауы хорзӕх». Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у, зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлыс, уый. Уӕдӕ йын ӕхсызгон цы вӕййы? Фидар кӕй фӕлӕууыс ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайыс, уый. Уый фӕрцы ссарыс Хуыцауы хорзӕх. Ӕмӕ уымӕй хуыздӕр та цы хъуамӕ уа! (Пс. 5:12).
14 Хъуыды йӕ кӕнӕм, Авраам дӕр фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлд, фӕлӕ сӕ сфӕрӕзта ӕмӕ иузӕрдионӕй баззад. Уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ банымадта йӕ хӕларыл ӕмӕ рӕстгӕнӕгыл (Райд. 15:6; Ром. 4:13, 22). Ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй мах дӕр йӕ хӕлӕрттыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл банымайа. Йӕ хорзӕх ын ссардзыстӕм ӕви нӕ, уый, кӕм ын лӕггад кӕнӕм, цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм кӕнӕ цас аразӕм, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Йегъовӕ нӕ райгонд уыдзӕн, фӕлварӕнты йыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд. Ӕмӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у фидар фӕлӕууын – уый нӕ карӕй, нӕ уавӕртӕй кӕнӕ нӕ курдиӕттӕй кӕнгӕ нӕу. Мыййаг, ныртӕккӕ цавӕрдӕр фӕлварӕныл ӕмбӕлыс, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныс? Кӕд о, уӕд ӕй зон, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у. Уый куы фӕзонӕм, уӕд нӕ ныфс ноджы фидардӕр свӕййы, ома нӕ тынгдӕр бауырны, ныфс нын цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн.
НЫРТӔККӔ НӔ НЫФС У НОДЖЫ ФИДАРДӔР
15. Павел ма ныфсы тыххӕй цы загъта ӕмӕ уый кӕмӕдӕр зын бамбарӕн цӕмӕн фӕкӕсдзӕн?
15 Павел куыд загъта, афтӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссарӕм, фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууӕм ӕмӕ йын дарддӕр иузӕрдионӕй куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ уый фӕстӕ та загъта: «Адӕймаг... Хуыцауы хорзӕх куы ссары, уӕд та йын фӕзыны ныфс, ӕмӕ уыцы ныфсӕй та фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн» (Ром. 5:4, 5). Чи зоны, ацы хъуыды искӕмӕ зын бамбарӕн фӕкӕса. Уый размӕ Ромӕгтӕм 5:2 стихы Павел ромаг чырыстӕттӕн загъта, кӕй сын ис ныфс – «Хуыцау... [сӕ] кӕй скадджын кӕндзӕн, уый ныфс». Ӕмӕ сын кӕд уӕдмӕ дӕр ныфс уыди, уӕд ма Павел уый фӕстӕ афтӕ цӕмӕн зӕгъы, адӕймагӕн фӕзыны ныфс, зӕгъгӕ?
16. Адӕймагӕн ныфс куыд фӕзыны ӕмӕ фидардӕр кӕнын куыд райдайы? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
16 Куыд загътам, афтӕмӕй, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ нӕ ныфс фидардӕр свӕййы. Ацы хъуыды нын баххуыс кӕндзӕн Павелы ныхӕстӕ бамбарынӕн. Зӕгъӕм, хъуыды йӕ кӕныс, фыццаг хатт куы фехъуыстай, Хуыцауы Ныхасы цы диссаджы ныфсы кой ис, уый тыххӕй? Уӕд, чи зоны, ахъуыды кодтай, зӕгъгӕ, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрын бӕргӕ хорз уаид, фӕлӕ, ӕцӕгдӕр афтӕ уыдзӕн, уый мӕ нӕ уырны. Фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ Библийы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй фылдӕр куы базыдтай, уӕд дӕ бауырныдта, уый ӕцӕгдӕр кӕй уыдзӕн.
17. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ ныфс фидардӕр куыд кӕны?
17 Донаргъуыды фӕстӕ дӕр архайдтай Йегъовӕйы хуыздӕр базоныныл ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодтай, ӕмӕ дӕ ныфс дӕр фидардӕр кодта (Дзут. 5:13–6:1). Ӕвӕццӕгӕн, дӕхиуыл бавзӕрстай, Ромӕгтӕм 5:2–4 стихты цӕй кой ис, уый. Сӕмбӕлдтӕ алыхуызон фӕлварӕнтыл, фӕлӕ фидар фӕлӕууыдтӕ, сфӕрӕзтай сӕ ӕмӕ бамбӕрстай, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у. Ды йӕ зоныс, Хуыцау дӕ кӕй уарзы, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ ноджы тынгдӕр уырны, ныфс дын цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ ныр дӕ ныфс, райдианы цы уыд, уымӕй фидардӕр у. Ныр ын ноджы тынгдӕр аргъ кӕныс. Ахӕм ныфс дын кӕй ис, уый фӕзынд дӕ царды алы фӕзилӕныл дӕр, зӕгъӕм, дӕ бинонтӕн куыд дӕ, уынаффӕтӕ куыд хӕссыс ӕмӕ суанг, дӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕныс, ууыл.
18. Йегъовӕ цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ӕрхаста, ныфс нын цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн?
18 Павел ма загъта иу ахсджиаг хъуыды, адӕймаг Хуыцауы хорзӕх куы ссары, уый фӕстӕ йын цы ныфс фӕзыны, уый тыххӕй. Фидарӕй загъта, ныфс нӕ цӕмӕй ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Хуыцау ын ныффыссын кодта: «[Адӕймаг] уыцы ныфсӕй... фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ, хайджын цы сыгъдӕг тыхӕй стӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ Хуыцауы уарзтӕй байдзаг сты» (Ром. 5:5). Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты фидар бӕлвырдгӕнӕн, Йегъовӕ дын ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн.
19. Фидарӕй дӕ цы хъуамӕ уырна?
19 Авраамыл-ма ахъуыды кӕн. Уый ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕ. Йегъовӕ дзы уыд райгонд ӕмӕ йӕ нымадта йӕ хӕларыл. Библийы фыст ис: «Хуыцау Авраамӕн ацы хъуыддагӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уый фӕразондзинад куы равдыста, уӕд» (Дзут. 6:15; 11:9, 18; Ром. 4:20–22). Ӕмӕ Авраам йӕ ныфсӕй нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Ды дӕр иузӕрдионӕй куы баззайай, уӕд, ныфс дӕ цӕмӕй ис, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ дӕ хӕрзиуӕг райсдзынӕ. Ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн. Хуыцау дын ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый аргъау нӕу. Уыцы ныфс у цины хос, ӕмӕ дзы нӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕ! (Ром. 12:12). Павел ныффыста: «Уӕдӕ уын ныфсдӕттӕг Хуыцау, уӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарут, уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кӕнӕд цин ӕмӕ фарнӕй, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъаруйы руаджы уӕ ныфс фидар уа» (Ром. 15:13).
139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!
a Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, чырыстӕттӕн цавӕр ныфс ис ӕмӕ нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, Хуыцау нын ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Ӕркӕсдзыстӕм Ромӕгтӕм 5-ӕм сӕрмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, рӕстдзинад куы базыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ ныфс фидардӕр куыд кодта ӕмӕ ныр цӕмӕй хицӕн кӕны, уый.