Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нозтмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс

Нозтмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс

ЙЕГЪОВӔ нын бирӕ алыхуызон лӕвӕрттӕ скодта. Ӕмӕ, уыцы лӕвӕрттӕй куыд пайда кӕндзыстӕм, уый скъуыддзаг кӕнын нӕ бон кӕй у, уый тыххӕй дзы бузныг стӕм. Библи сӕн дӕр хоны Хуыцауы лӕвар. Фыст дзы ис: «Дзул хъӕлдзӕг кӕны кусӕг лӕджы зӕрдӕ, сӕн дӕтты циндзинад» (Еккл. 10:19; Пс. 104:15). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыныс, бирӕтӕ нозтыл кӕй фӕцахуыр вӕййынц. Стӕй алы бӕстӕты адӕм, нуазын ӕмбӕлы ӕви нӕ ӕмӕ цас ӕмбӕлы, уымӕ алыхуызон цӕстӕй кӕсынц. Чырыстонӕн та цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уымӕ раст цӕстӕй кӕса?

Цы адӕмы ’хсӕн цӕрӕм, уыдоны зондахаст ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныл хъуамӕ ма ӕндавой. Фӕлӕ уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ хъуамӕ разамынд курӕм Хуыцауӕй. Ӕмӕ уӕд уыдзыстӕм амондджын.

Ӕвӕццӕгӕн ӕй зоныс, ацы дунейы бирӕтӕ арӕх ӕмӕ бирӕ кӕй фӕнуазынц. Иутӕ фӕнуазынц, цӕмӕй сӕ фӕллад ссӕуа, иннӕтӕ та – цӕмӕй сӕ сӕ зындзинӕдтӕ ферох уой. Кӕмдӕрты та адӕммӕ кадджын кӕсы, адӕймаг бирӕ нуаза, уый кӕнӕ йӕ лӕгдзинадыл нымайынц.

Чырыстӕттӕн сӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг радта зондджын уынаффӕтӕ. Зӕгъӕм, дзуры нын, адӕймаг нозтӕй бӕрц куы нӕ фӕзоны, уӕд уый цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны. Ӕмбисӕндты 23:29–35 стихты хорз ӕвдыст у, расыг адӕймаг цыхуызӕн вӕййы, цытӕ фӕкусы ӕмӕ йӕ нозт цӕмӕ ӕркӕны, уый a. Дэниел у хистӕр нӕлгоймаг, цӕры Европӕйы. Уый радзырдта, Йегъовӕйы куы нӕма зыдта, уӕд куыд цард, уый тыххӕй. Дэниел загъта: «Тынг нызтон ӕмӕ ӕнӕзонд митӕ фӕкодтон. Уый тыххӕй мӕхи бирӕ мӕстыты хай бакодтон. Уыдӕттӕ мӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕй баззадысты».

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нозты фӕдыл раст уынаффӕтӕ рахӕссӕм ӕмӕ, фыднозт кӕнын цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны, уыдонӕй хызт уӕм? Хъуамӕ базонӕм, Хуыцау нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый.

Фенӕм-ма, Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕнуазынц.

БИБЛИЙЫ НОЗТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ нуазӕн ӕппындӕр нӕй. Адӕймагӕн йӕ бон у бӕрцӕй бануазын. Фыст дзы ис, сӕн нуазын ӕхсызгон кӕй у. Зӕгъӕм, ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Адджынӕн хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ нуаз сӕн» (Еккл. 9:7). Хатт-иу Йесо дӕр ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ сӕн анызтой (Матф. 26:27–29; Лук. 7:34; 1 Тим. 5:23).

Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасӕй бӕрӕг у, бӕрцӕй нуазын иу кӕй у, срасыг уай, уый та – ӕндӕр. Фыст дзы ис: «Уӕхи сӕнӕй ма ныррасыг кӕнут» (Еф. 5:18). Стӕй ма афтӕ дӕр: «Расыггӕнджытӕ... Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1 Кор. 6:10). Уӕдӕ, фыднозт чи кӕны ӕмӕ расыггӕнаг чи у, уыцы адӕймагӕй Йегъовӕ райгонд нӕу. Мах фӕнды, цӕмӕй нозтмӕ кӕсӕм Хуыцауы цӕстӕй, адӕмы цӕстӕй нӕ, фӕлӕ.

Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, мӕнӕн мӕ бон у бирӕ бануазын ӕмӕ нӕ фӕрасыг вӕййын. Фӕлӕ уый тынг тӕссаг у. Библийы фыст ис, нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг «нозтмӕ ӕмхиц» куы уа, уӕд йӕ бон кӕй у стыр рӕдыдтытӕ ӕруадзын, ӕмӕ, гӕнӕн ис, раст фӕндагӕй дӕр адзӕгъӕл уа (Тит. 2:3; Ӕмб. 20:1). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, «фырнозт» куы кӕной, уӕд сӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн Хуыцауы ног дунемӕ бацӕуын (Лук. 21:34–36). Уӕдӕ чырыстонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, нозт цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны, уыдонӕй йӕхи бахиза?

АХЪУЫДЫ КӔН, ЦӔМӔН ФӔНУАЗЫС, СТӔЙ КӔД ӔМӔ ЦАС БАНУАЗЫС

Бануаздзынӕ ӕви нӕ, стӕй цас бануаздзынӕ, уый куыд аскъуыддзаг кӕныс? Кӕм цӕрӕм, уым адӕм нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, мах дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕ уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Хӕрд ӕмӕ нозты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ чырыстӕттӕ фӕхъуыды кӕнынц, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл. Библи нын фӕдзӕхсы: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат ӕви ӕндӕр исты аразат,– алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн» (1 Кор. 10:31). Дӕлдӕр ис цалдӕр фарстайы ӕмӕ Библийӕ цалдӕр уагӕвӕрды. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нозтмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм.

Уый тыххӕй фӕнуазын, цӕмӕй иннӕтӕй ма хицӕн кӕнон? Рацыды 23:2 стихы фыст ис: «Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм куы аздӕхой, уӕддӕр ды сӕ фӕдыл ма ацу». Йегъовӕ израилӕгты бафӕдзӕхста, цӕмӕй, райгонд кӕмӕй нӕ уыд, уыцы адӕмы ма фӕзмыдтаиккой. Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст хауы чырыстӕттӕм дӕр. Адӕмы зондыл куы цӕуӕм ӕмӕ, нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, мах дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд ӕппынфӕстаг Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нал цӕрдзыстӕм (Ром. 12:2).

Уый тыххӕй фӕнуазын, цӕмӕй равдисон, куыд фидар дӕн, уый? Адӕймаг арӕх ӕмӕ бирӕ нуаза, уый кӕцыдӕр адӕмтӕм ӕвзӕрыл нымад нӕу (1 Пет. 4:3). Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, 1 Коринфӕгтӕм 16:13 стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уырнындзинады фидар лӕуут, ут хъӕбатыр ӕмӕ фидар». Нозты фӕрцы адӕймаг ӕцӕгдӕр фидардӕр свӕййы? Фидардӕр не свӕййы, фӕлӕ лӕмӕгъдӕр. Адӕймаг нозтӕй йӕ зонд фесафы, йӕ бон нал вӕййы рӕстмӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын. Уӕдӕ, бирӕ бануазай, уый фидардзинадыл дзурӕг нӕу, фӕлӕ лӕмӕгъдзинадыл. Исайы 28:7 стихы ис, нозты тыххӕй йӕ фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, рахау-бахау ӕмӕ цудтытӕ чи кӕны, уыдоны кой.

Адӕймаг фидар вӕййы Йегъовӕйы фӕрцы (Пс. 18:32). Уый нын ратты тых, цӕмӕй нӕ бон уа, раст цы у, уый аразын. Фидар кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, уырнындзинады фидар кӕй лӕууӕм, уымӕй. Хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, Йегъовӕйӕ нӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй. Уымӕй нын Йесо у фӕзминаг. Уый уыд фидар зондыл хӕст ӕмӕ, раст цы у, уый аразын нӕ тарсти, ӕмӕ йын уый тыххӕй бирӕты цӕсты уыд стыр кад.

Уый тыххӕй фӕнуазын, цӕмӕй мӕ мӕ зындзинӕдтӕ ферох уой? Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста: «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Пс. 94:19). Зындзинӕдтӕ дӕ сӕ быны куы скӕной, уӕд-иу ӕххуыс Йегъовӕйӕ кур. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ-иу куы бануазай, уӕд дын фенцондӕр уыдзӕн. Цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уа, уый тыххӕй-иу Йегъовӕмӕ арӕхдӕр кув. Бирӕтӕн ма стыр ӕххуыс фӕци, фӕлтӕрдджын хоимӕ кӕнӕ ’фсымӕримӕ кӕй аныхас кодтой ӕмӕ сын хорз уынаффӕ кӕй радта, уый. Адӕймаг уый тыххӕй куы фӕнуазы, цӕмӕй дзы йӕ зындзинӕдтӕ айрох уой, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны. Раст цы у, уый аразын ӕй афтӕ тынг нал фӕфӕнды ӕмӕ йӕ бон вӕййы ӕнцонтӕй фӕрӕдийын (Оси 4:11). Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Дэниел, загъта: «Ахӕм уавӕры уыдтӕн, ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нӕ ардтон, стӕй мӕ мӕ цӕсгом хордта. Цӕмӕй мын фенцондӕр уыдаид, уый тыххӕй-иу банызтон, фӕлӕ уымӕй уавӕр фыддӕр кодта. Ӕмбӕлттӕ мын нал уыд, стӕй мӕхимӕ ницӕйаг кӕсын райдыдтон». Дэниелӕн цы баххуыс кодта? Уый загъта: «Бамбӕрстон ӕй, кӕй мӕ хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс, нозты ӕххуыс нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕйы фӕрцы ӕппынфӕстаг мӕ зындзинӕдты сӕрты ахызтӕн». Афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ уавӕры ницыуал ис саразӕн, уӕд дӕр Йегъовӕ нӕ фарсмӕ вӕййы ӕмӕ цӕттӕ вӕййы, цӕмӕй нын баххуыс кӕна (Фил. 4:6, 7; 1 Пет. 5:7).

Кӕд ды дӕр иуӕй-иу хатт сӕн кӕнӕ ӕндӕр нозт бануазыс, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ бинонтӕй кӕнӕ ме ’мбӕлттӕй искӕмӕн йӕ зӕрдӕ ӕхсайы, цас нуазын ӕмӕ куыд арӕх фӕнуазын, уымӕ?» Кӕд о, уӕд тӕссаг у, нозтыл кӕй бафтдзынӕ, уымӕй, ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕныс. «Раздӕр цас нызтон, уымӕй фылдӕр нуазын нӕ райдыдтон?» Кӕд о, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, дарддӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд нозтыл фӕцахуыр уыдзынӕ. «Ӕнӕ нозтӕй цалдӕр боны кӕнӕ фылдӕр фӕразын?» Кӕд нӕ, уӕд уый, чи зоны, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нозтыл фӕцахуыр дӕ кӕнӕ дӕ бон ӕнӕ уымӕй нал у. Ӕмӕ дӕ уӕд хъӕуы дохтырты ӕххуыс.

Нозты тыххӕй бирӕтӕ цы мӕстытӕ бавзарынц, уый зонгӕйӕ иуӕй-иу чырыстӕттӕ аскъуыддзаг кодтой, нуазгӕ ӕппындӕр кӕй нӕ кӕндзысты. Чидӕртӕ та нӕ нуазынц, уымӕн ӕмӕ нозты ад сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Кӕд дӕ зонгӕтӕй исчи ахӕм уынаффӕ рахаста, уӕд ын йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕн ӕмӕ йыл фаутӕ ма ӕвӕр.

Чи зоны, бамбӕрстай, хорз кӕй уыдзӕн, куы аскъуыддзаг кӕнай, цас нуаздзынӕ ӕмӕ куыд арӕх нуаздзынӕ, уый, зӕгъӕм, къуыри иу хатт кӕнӕ иу гыццыл хӕрды рӕстӕг. Иуӕй-иутӕ та сӕхицӕн фӕзӕгъынц, сӕ бон кӕй у сӕн кӕнӕ бӕгӕны ануазын, фӕлӕ карз нозт кӕй нӕ нуаздзысты, уыимӕ, карз нозт кӕм ис, ахӕм коктейльтӕ дӕр. Адӕймаг йӕхицӕн бӕлвырд арӕнтӕ куы сӕвӕры, уӕд ын ӕнцондӕр вӕййы, цӕмӕй сӕ сӕрты ма ахиза. Кӕд фӕлтӕрдджын чырыстон ахӕм уынаффӕ рахаста, уӕд хъуамӕ ма мӕт кӕна, иннӕтӕ дзы цы ахъуыды кӕндзысты, ууыл.

Хъуамӕ ма ноджыдӕр иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕнӕм. Ромӕгтӕм 14:21 стихы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Цӕйнӕфӕлтау де ’фсымӕр фӕрӕдийа, фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ ӕндӕр ахӕм исты дӕр ма араз». Нӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын? Хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм. Искуы куы уай ӕмӕ дӕ бануазын куы фӕнда, фӕлӕ уый искӕмӕн цӕлхдур куы суа, уӕд-иу фӕлтау уыцы хатт ма бануаз. Афтӕмӕй равдисдзынӕ дӕ уарзондзинад. Стӕй ма равдисдзынӕ, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕныс ӕмӕ, дӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ уыдоны пайдайыл кӕй хъуыды кӕныс (1 Кор. 10:24).

Уымӕй уӕлдай ма чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой хицауады закъӕттӕ дӕр. Зӕгъӕм, цал азӕй ис нуазӕн кӕнӕ та нозтджынӕй кӕй нӕй машинӕ скъӕрӕн йе та техникӕимӕ архайӕн (Ром. 13:1–5).

Йегъовӕ нын цы диссаджы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй иу у сӕрибардзинад. Махӕн нӕхи бон у скъуыддзаг кӕнын, уыцы лӕвӕрттӕй куыд пайда кӕндзыстӕм, уый. Ӕмӕ, цы хӕрдзыстӕм ӕмӕ цы нуаздзыстӕм, уый дӕр нӕхи бон у скъуыддзаг кӕнын. Цӕй уӕдӕ нӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

a Америкӕйы Иугонд Штатты иу медицинон организацийы куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, адӕймаг иу хатт дӕр бирӕ куы бануаза, уӕд уый, гӕнӕн ис, уымӕ ӕркӕна, ӕмӕ искӕй амардзӕн, йӕхи амардзӕн, искӕмӕн тыхми бакӕндзӕн, йӕ цардӕмбалӕн фыдмитӕ бакӕндзӕн, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йыл исты низ бахӕцдзӕн кӕнӕ сывӕрджын сылгоймаг февзӕр уыдзӕн.