Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Уырнындзинад ӕмӕ хъуыддӕгты фӕрцы – рӕстгӕнджытыл нымад

Уырнындзинад ӕмӕ хъуыддӕгты фӕрцы – рӕстгӕнджытыл нымад

«Авраам ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл» (РОМ. 4:3).

119 ЗАРӔГ Хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Авраамы уырнындзинадыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, цавӕр фарста фӕзына?

 КӔД бирӕтӕ Авраамы тыххӕй фехъуыстой, уӕддӕр сӕ фылдӕр, цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй ницы зонынц. Мах та Авраамы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зонӕм. Зӕгъӕм, зонӕм, Библи йӕ кӕй хоны, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» (Ром. 4:11). Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мӕ уырнындзинад Авраамы уырнындзинады хуызӕн фидар уа?» Бӕгуыдӕр.

2. Авраамы цӕвиттоныл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? (Иаковы 2:22, 23).

2 Авраамы цӕвиттоныл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй махӕн дӕр йӕ уырнындзинады хуызӕн уырнындзинад уа. Авраам алкӕддӕр арӕзта, Йегъовӕ-иу ын цы загъта, уый. Зӕгъӕм, цӕрынмӕ ацыд дард бӕстӕмӕ, бирӕ азты дӕргъы цард цатырты ӕмӕ цӕттӕ уыд йӕ уарзон фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕ дзурӕг уыдысты йӕ фидар уырнындзинадыл. Авраам йӕ уырнындзинады ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты фӕрцы ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ сси йӕ хӕлар. (Бакӕс Иаковы 2:22, 23.) Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй махӕй алчидӕр уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уа. Ӕмӕ Павел ӕмӕ Иаковӕн дӕр Авраамы цӕвиттоны тыххӕй Библийы уымӕн ныффыссын кодта. Мах аныхас кӕндзыстӕм, Ромӕгтӕм 4-ӕм сӕры ӕмӕ Иаковы 2-аг сӕры Авраамы тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Павел дӕр ӕмӕ Иаков дӕр Авраамы тыххӕй ахсджиаг цыдӕр ныффыстой.

3. Павел ӕмӕ Иаков сӕ фыстӕджыты Библийӕ цавӕр стих ӕрхастой?

3 Павел ӕмӕ Иаков сӕ фыстӕджыты ӕрхастой Райдианы 15:6 стихы фыст ныхӕстӕ. Уым фыст ис: «Аврам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл». Йегъовӕ рӕстгӕнӕгыл, кӕнӕ ӕнаипп, ӕнӕфау адӕймагыл, банымайы, райгонд кӕмӕй вӕййы, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у. Ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын адӕймаджы Хуыцау банымайы ӕнӕфау, ӕнаипп адӕймагыл! Ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй дӕм Йегъовӕ ахӕм цӕстӕй кӕса. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис. Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ рӕстгӕнджытӕ схона? Уый базондзыстӕм, Авраамы рӕстгӕнӕг цӕмӕн схуыдта, уый куы базонӕм, уӕд.

ХЪӔУЫ УЫРНЫНДЗИНАД, ЦӔМӔЙ РӔСТГӔНДЖЫТЫЛ НЫМАД ӔРЦӔУӔМ

4. Адӕмы цы хъыгдары, цӕмӕй рӕстгӕнджытӕ уой?

4 Йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм Павел ныффыста, адӕм се ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын кӕй сты (Ром. 3:23). Цымӕ уӕд уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Хуыцау искӕй рӕстгӕнӕгыл, кӕнӕ ӕнӕфау адӕймагыл, банымайа ӕмӕ дзы райгонд уа? Павел ӕрхаста Авраамы цӕвиттон, цӕмӕй, ацы фарстайӕн дзуапп базонын кӕй фӕндыд, уыцы чырыстӕттӕн уый бамбарын кодтаид.

5. Йегъовӕ Авраамы рӕстгӕнӕгыл цӕмӕн банымадта? (Ромӕгтӕм 4:2–4).

5 Йегъовӕ Авраамы рӕстгӕнӕгыл банымадта, уый Ханааны куы цард, уӕд. Цымӕ йӕ рӕстгӕнӕг цӕмӕн схуыдта? Моисейы закъон кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ (Ром. 4:13). Йегъовӕ Моисейы закъон израилӕгтӕн радта, Авраамы рӕстгӕнӕг куы схуыдта, уымӕй 400 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд. Йегъовӕ Аврааммӕ равдыста стыр хорзӕх ӕмӕ йӕ рӕстгӕнӕгыл банымадта йӕ уырнындзинады тыххӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 4:2–4.)

6. Йегъовӕ тӕригъӕдджын адӕймаджы рӕстгӕнӕгыл куыд банымайы?

6 Павел загъта, Хуыцауыл чи ’ууӕнды, уый рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй ӕрцӕуы «йӕ уырнындзинады фӕрцы» (Ром. 4:5). Стӕй ма загъта: «Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕм кӕмӕн нӕ кӕсы ӕмӕ афтӕмӕй рӕстгӕнӕгыл кӕй нымайы, уыцы адӕймаджы амондджын хоны Давид дӕр: „Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта. Амондджын у уыцы адӕймаг, Йегъовӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп кӕмӕй не ’рдома“» (Ром. 4:6–8; Пс. 32:1, 2). Хуыцау ныххатыр кӕны, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уыдоны тыххӕй сӕ дзуапп нал ӕрдомы, кӕронмӕ сын ныххатыр кӕны. Ӕмӕ сӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы фӕнымайы ӕнӕфау, ӕнаххос адӕймӕгтыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл.

7. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цӕмӕн ис рӕстгӕнджытӕ схонӕн?

7 Кӕд Йегъовӕ Авраамы, Давиды ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты рӕстгӕнджытыл банымадта, уӕддӕр уыдысты ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцауы цӕсты уыдысты ӕнаххос ӕмӕ ӕнӕфау, уӕлдайдӕр, чи йын нӕ лӕггад кодта, уыдонимӕ абаргӕйӕ (Еф. 2:12). Йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм Павел бамбарын кодта, ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй не суыдзыстӕм. Уырнындзинад Авраамы ӕмӕ Давиды куыд хъуыд, афтӕ хъӕуы мах дӕр.

УЫРНЫНДЗИНАД ӔМӔ ХЪУЫДДӔГТӔ КУЫД БАСТ СТЫ?

8, 9. Павелы ӕмӕ Иаковы ныхӕстӕ иуӕй-иутӕ куыд ӕмбарын кӕнынц?

8 Сӕдӕгай азты дӕргъы дины разамонджытӕ быцӕу кӕнынц ахӕм фарстайыл: цы у ахсджиагдӕр – уырнындзинад ӕви хъуыддӕгтӕ? Иуӕй-иу сауджынтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, цӕмӕй аирвӕзай, уый тыххӕй фаг у Хицау Йесо Чырыстийыл ӕууӕндын. Уыдон фӕзӕгъынц: «Чырыстийыл баууӕнд, ӕмӕ фервӕзай». Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхӕссынц Павелы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау кӕйдӕрты рӕстгӕнджытыл банымайы, сӕ хъуыддӕгтӕм сын нӕ фӕкӕсы, афтӕмӕй (Ром. 4:6). Иннӕ дины разамонджытӕ та фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, цӕмӕй фервӕзай, уый тыххӕй хъӕуы сыгъдӕг бынӕттӕм цӕуын, дины ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ аразын. Уыдонӕй та иуӕй-иутӕ ӕрхӕссынц Иаковы 2:24 стихы фыст ныхӕстӕ: «Адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуы йӕ хъуыддӕгты фӕрцы, ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ».

9 Дины разамонджытӕ алыхуызон хъуыдытыл хӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу библииртасджытӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Павел ӕмӕ Иаков алыхуызӕтты ӕмбӕрстой, Хуыцауы хорзӕх ссарӕн куыд ис, уый. Иуӕй-иу дины разамонджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павелы уырныдта, цӕмӕй Хуыцау адӕймаджы рӕстгӕнӕгыл банымайа, уый тыххӕй йӕм кӕй хъуамӕ уа уырнындзинад, хъуыддӕгтӕ та афтӕ ахсджиаг кӕй не сты. Иаков та, дам, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ адӕймаг йӕ хъуыддӕгты фӕрцы ссары Хуыцауы хорзӕх. Иу ахуыргонд уый тыххӕй афтӕ загъта: «Иаков не ’мбӕрста, Павел афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуа, уый тыххӕй йӕ ӕрмӕстдӕр уырнындзинад хъӕуы, хъуыддӕгтӕ та афтӕ ахсджиаг не сты». Фӕлӕ Павел ӕмӕ Иаков цы ныффыстой, уый сын Йегъовӕ ныффыссын кодта (2 Тим. 3:16). Ӕмӕ афтӕ цӕмӕн ныффыстой, уымӕн хъуамӕ уа хуымӕтӕг дзуапп. Цӕмӕй йӕ базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм сӕ ныхӕсты контекстмӕ.

Ромы чи цард, уыцы дзуттаг чырыстӕттӕн Павел загъта, адӕймаг, Моисейы закъон кӕй ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй кӕй не ’рцӕуы рӕстгӕнӕгыл нымад, фӕлӕ йӕ уырнындзинады фӕрцы (кӕс 10 абзац) b

10. Павел сӕйраджыдӕр цавӕр хъуыддӕгты кой кодта? (Ромӕгтӕм 3:21, 28). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Павел Ромӕгтӕм 3-аг ӕмӕ 4-ӕм сӕрты цавӕр хъуыддӕгты кой кодта? Уый сӕйраджыдӕр кодта, «закъон [ома Моисейы закъон] цы хъуыддӕгтӕ домы», уыцы хъуыддӕгты кой. Уыцы Закъон лӕвӕрд ӕрцыд израилӕгтӕн Синайы хохыл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 3:21, 28.) Куыд зыны, афтӕмӕй Павелы рӕстӕг иуӕй-иу дзуттаг чырыстӕттӕм нӕ хъардта, Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъуыд. Уымӕ гӕсгӕ сын Павел ӕрхаста Авраамы цӕвиттон ӕмӕ сын бамбарын кодта, адӕймаджы Закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл банымайа. Рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуы йӕ уырнындзинады фӕрцы. Уыцы хъуыды нӕ ныфс уадзы. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нын Хуыцауы раз хорз ном уа. Йегъовӕйыл ӕмӕ Чырыстийыл куы ’ууӕндӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн.

Иаков чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй ӕвдисой, зӕгъӕм, хорз хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ макӕй хъулон кӕной (кӕс 11, 12 абзацтӕ) c

11. Иаков цавӕр хъуыддӕгты кой кодта?

11 Фӕлӕ Иаковы 2-аг сӕры цы хъуыддӕгты кой ис, уыдон, «закъон цы хъуыддӕгтӕ домы», уыцы хъуыддӕгтӕ не сты. Иаков кодта, чырыстон куыд цӕры ӕмӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ аразы, уый кой. Ахӕм хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, Хуыцауыл ӕцӕгдӕр ӕууӕнды ӕви нӕ. Иаков цы дыууӕ цӕвиттоны ӕрхаста, уыдонмӕ ӕркӕсӕм.

12. Иаков куыд бамбарын кодта, уырнындзинад ӕмӕ хъуыддӕгтӕ куыд баст сты, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

12 Иаков фыццаг цӕвиттонӕй бамбарын кодта, чырыстӕттӕ кӕй хъуамӕ макӕй хъулон кӕной. Цӕвиттонӕн ӕрхаста, хъӕздыг адӕймагыл чи бацин кодта, фӕлӕ мӕгуыр адӕймагмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй чи ракаст, ахӕм адӕймаджы. Уый, гӕнӕн ис, дзура, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу (Иак. 2:1–5, 9). Стӕй та ӕрхаста ӕндӕр цӕвиттон. Гӕнӕн ис, адӕймаг уына, йе ’фсымӕрӕн кӕнӕ йӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый кӕй нӕй ӕмӕ хӕринагхъуаг кӕй ӕййафы, фӕлӕ йын мацӕмӕй ӕххуыс кӕна. Кӕд уыцы адӕймаг афтӕ дзуры, ӕмӕ йӕм уырнындзинад ис, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу, уӕд йӕ уырнындзинадӕй ницы пайда ис. Иаков ныффыста: «Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иак. 2:14–17).

13. Иаков кӕй цӕвиттон ӕрхаста, цӕмӕй равдыстаид, нӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг? (Иаковы 2:25, 26).

13 Иаков ма цӕвиттонӕн ӕрхаста Раавы. Уыцы сылгоймаг, уырнындзинад ӕм кӕй уыд, уый равдыста йӕ хъуыддӕгтӕй. (Бакӕс Иаковы 2:25, 26.) Раав фехъуыста Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй ӕххуыс кӕны (Йес. Н. 2:9–11). Ӕмӕ йӕ уырнындзинад равдыста хъуыддагӕй – дыууӕ израилаг сгарӕджы бамбӕхста, сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд. Уый тыххӕй Раав дӕр Авраамау нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл, кӕд уый дӕр ӕнӕххӕст уыд, стӕй израилаг нӕ уыд ӕмӕ Моисейы закъон не ’ххӕст кодта, уӕддӕр. Йӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, ахсджиаг кӕй у, уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисын.

14. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Павелы ӕмӕ Иаковы ныхӕстӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ не сты?

14 Уӕдӕ уырнындзинад ӕмӕ хъуыддӕгты кой кӕнгӕйӕ Павел чырыстӕтты ӕргом иу цӕмӕдӕр аздӕхта, Иаков та – ӕндӕр цӕмӕдӕр. Павел дзуттаг чырыстӕттӕн бамбарын кодта, ӕрмӕстдӕр Моисейы закъон ӕххӕст кӕнгӕйӕ сӕ бон кӕй никуы бауыдзӕн Йегъовӕйы хорзӕх ссарын. Иаков та бамбарын кодта, чырыстӕттӕ иууылдӕр сӕ уырнындзинад сӕ хъуыддӕгтӕй кӕй хъуамӕ ӕвдисой, ома хъуамӕ иннӕтӕн хорздзинад аразой.

Дӕ уырнындзинад дӕ разӕнгард кӕны, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынмӕ? (кӕс 15 абзац)

15. Нӕ уырнындзинад нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

15 Авраам йӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕй равдыста, Йегъовӕ махӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ домы, цӕмӕй нӕ рӕстгӕнджытыл банымайа. Нӕ бон у нӕ уырнындзинад бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. Зӕгъӕм, нӕ бон вӕййы, ӕмбырдмӕ фыццаг хатт чи ’рбацыд, уыцы адӕмыл ӕмӕ, не ’мбырды цы ног хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фӕзынд, уыдоныл бацин кӕнын, ӕххуысхъуаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ нӕ бинонтӕн хорздзинад аразын. Ахӕм хъуыддӕгтӕ цӕуынц Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ ӕмӕ сын арфӕ кӕны (Ром. 15:7; 1 Тим. 5:4, 8; 1 Иоан. 3:18). Уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн зынгзӕрдӕйӕ хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уымӕй (1 Тим. 4:16). Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у хъуыддагӕй ӕвдисын, кӕй йӕ уырны, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ разамынд алкӕддӕр ӕппӕты хуыздӕр кӕй вӕййы. Ӕмӕ нӕ уӕд Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл банымайдзӕн ӕмӕ нӕ схондзӕн йӕ хӕлӕрттӕ.

ЦЫ НЫФС НЫН ИС, УЫЙ ФӔРЦЫ НӔ УЫРНЫНДЗИНАД УЫДЗӔН ФИДАР

16. Авраамы ныфс цӕмӕй уыд ӕмӕ йӕ цы уырныдта?

16 Ромӕгтӕм 4-ӕм сӕрӕй ма нӕ бон у базонын, Авраам нын ноджыдӕр фӕзминаг цӕмӕй у, уый. Йегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, уый уылты «бирӕ адӕмтӕ» арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. Цы диссаджы ныфс ын фӕзынд! (Райд. 12:3; 15:5; 17:4; Ром. 4:17). Фӕлӕ Авраамыл 100 азы куы цыд, Саррӕйыл та – 90 азы, уӕд дӕр сын фырт нӕма уыд. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ уый гӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ сын сывӕллон райгуыра. Уый Авраамӕн уыд ӕцӕг фӕлварӕн. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр «ныфс уыд ӕмӕ йӕ уырныдта, бирӕ адӕмты фыд кӕй суыдзӕн» (Ром. 4:18, 19). Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Райгуырд ын, тынг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы фырт – Исахъ (Ром. 4:20–22).

17. Кӕцӕй йӕ зонӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй нӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл банымайа?

17 Куыд федтам, афтӕмӕй уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Авраамау Хуыцауы хорзӕх ссарӕм ӕмӕ нӕ банымайа рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл. Ӕмӕ Павел дӕр уый кой кодта. Уый загъта: «Ацы ныхӕстӕ, „уый тыххӕй нымад ӕрцыд“, зӕгъгӕ, Авраамӕн ӕрмӕст йӕхи тыххӕй не ’рцыдысты фыст, фӕлӕ мах тыххӕй дӕр, рӕстгӕнджытыл нымад чи хъуамӕ ’рцӕуа, уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мах ӕууӕндӕм, нӕ Хицау Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, ууыл» (Ром. 4:23, 24). Авраамау махмӕ дӕр хъуамӕ уа уырнындзинад, нӕ уырнындзинад хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ нӕ ныфс уа, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Цы ныфс нын ис, ууыл Павел дзуры Ромӕгтӕм 5-ӕм сӕры. Ӕмӕ ууыл та иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм.

28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм

a Мах фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм ӕмӕ нӕ рӕстгӕнджытыл банымайа. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Павелы ӕмӕ Иаковы фыстӕджытыл ӕмӕ базондзыстӕм, уымӕн гӕнӕн куыд ис, стӕй уырнындзинад ӕмӕ хъуыддӕгтӕ ӕнӕмӕнг цӕмӕн сты, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм.

b НЫВ. Павел дзуттаг чырыстӕттӕн бамбарын кодта, сӕйрагдӕр сын кӕй хъуамӕ уыдаид сӕ уырнындзинад фидар кӕнын, Закъонимӕ баст хъуыддӕгтӕ аразын нӕ, фӕлӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕм хаудтой уӕлӕдарӕсы кӕрӕттыл ӕрвхуыз бӕттӕн хуыйын, Куадзӕн бӕрӕг кӕнын ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ къухтӕ ’хсын.

c НЫВ. Иаков чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ уырнындзинад хорз хъуыддӕгтӕй ӕвдисой, зӕгъӕм, мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕной.