Цымыдисаг хабар
Нӕ зӕрдӕ риссы алыхуызон адӕмыл
Ацы хабар ӕрцыд Ног Зеландийы. Иу хо бакаст видеороликмӕ «Кӕрӕдзийыл... тыхсут». Уыцы видеороликы дзырд цӕуы, Йегъовӕ адӕмӕн ӕрмӕст тӕригъӕд кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ ма йӕ хъуыддагӕй дӕр кӕй равдисы (Ис. 63:7–9). Ӕмӕ хойы бафӕндыд искӕмӕн баххуыс кӕнын. Уыцы бон фӕстӕдӕр дуканимӕ куы ацыд, уӕд фембӕлд иу ӕнӕхӕдзар сылгоймагыл ӕмӕ йӕ бафарста, хӕринаг, дам, дын балхӕнон. Сылгоймаг сразы. Хо йын хӕринаг куы балхӕдта ӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ын равдыста буклет «Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?» ӕмӕ йын иу гыццыл радзырдта Йегъовӕйы тыххӕй.
Уӕд дын сылгоймаг куы ныккӕуид. Ӕмӕ хойӕн йӕ хабар радзырдта. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ йӕ рӕстдзинады фӕндагыл ӕвӕрдтой. Фӕлӕ бирӕ азты размӕ Йегъовӕйы ныууагъта. Ӕмӕ ӕрӕджы Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдта, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтаид. Хо йын радта Библи ӕмӕ йемӕ баныхас кодта Библи ахуыр кӕныны тыххӕй a.
Махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ иннӕтӕн Йегъовӕйау тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм, уыимӕ нӕ бинонтӕм, нӕ хиуӕттӕм ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм. Уый ма нӕ бон у ӕвдисын, адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ алы фадатӕй дӕр кӕй спайда кӕнӕм, уымӕй.
a Ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, уый базоныны тыххӕй 2020 азы июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» кӕс статья «Раздӕхут мӕм».