52 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ӕрыгон хотӕ, сут фӕлтӕрдджын чырыстон сылгоймӕгтӕ
«Афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ... алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной, алы хъуыддаджы дӕр уой Хуыцауыл иузӕрдион» (1 ТИМ. 3:11).
133 ЗАРӔГ Не ’взонджы бонты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Цы хъӕуы, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ суӕм?
ДИССАГ у, сывӕллон куыд тагъд астыр вӕййы. Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма йӕхӕдӕг рӕзы ӕмӕ йӕ уый тыххӕй аразын дӕр ницы хъӕуы. Фӕлӕ цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фыдӕбон кӕнын (1 Кор. 13:11; Дзут. 6:1) b. Цӕмӕй уыцы нысан нӕ къухы бафта, уый тыххӕй Йегъовӕ хъуамӕ суа не ’ввахс Хӕлар. Хъӕуы ма нӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕр, цӕмӕй нӕм фӕзына, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ, царды нӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл сахуыр уӕм ӕмӕ ныл фидӕны цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм (Ӕмб. 1:5).
2. Райдиан 1:27 стихӕй цы ис базонӕн ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
2 Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сфӕлдыста нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы. (Бакӕс Райдиан 1:27.) Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц уындӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр. Йегъовӕ нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй дзы алчидӕр бӕлвырд хӕстӕ ӕххӕст кӕна (Райд. 2:18). Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй та хъӕуы цавӕрдӕр миниуджытӕ, стӕй хъуамӕ сахуыр уой цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ӕрыгон хоты цы хъӕуы аразын, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон сылгоймӕгтӕ суой. Иннӕ статьяйы та ӕркӕсдзыстӕм, ӕрыгон ӕфсымӕртӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй суой фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ.
ДӔ УДЫХЪӔДЫ ФИДАР КӔН, ХУЫЦАУЫ ЗӔРДӔМӔ ЧИ ЦӔУЫ, АХӔМ МИНИУДЖЫТӔ
3, 4. Ӕрыгон хотӕн сӕ бон кӕм у, фӕзминаг сын чи у, ахӕм сылгоймӕгты цӕвиттонтӕ ссарын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
3 Библийы ис, Йегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм сылгоймӕгты кой. (Сайты jw.org кӕс статья «Библийы кӕй кой ис, уыцы сылгоймӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?».) Уыдонмӕ уыд, статьяйы сӕйраг стихы кӕй кой ис, ахӕм миниуджытӕ – «алцӕмӕй дӕр бӕрц» зыдтой ӕмӕ «алы хъуыддаджы дӕр... Хуыцауыл иузӕрдион» уыдысты. Хотӕн ма сӕ бон у фӕзмын, се ’мбырды цы фӕлтӕрдджын сылгоймӕгтӕ ис, уыдоны.
4 Ӕрыгон хотӕ, ахъуыды кӕнут, фӕлтӕрдджын хотӕй уӕ кӕй фӕндид бафӕзмын. Ахъуыды-иу кӕнут, цавӕр хорз миниуджытӕ сӕм ис ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ бон куыд уаид уыцы миниуджытӕ ӕвдисын. Иннӕ абзацты дзырд цӕудзӕн ӕртӕ ахсджиаг миниуӕгыл. Уыдон хотӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон сылгоймӕгтӕ суой.
5. Цӕмӕй чырыстон сылгоймаг фӕлтӕрдджын суа, уый тыххӕй йӕ сӕрныллӕгдзинад цӕмӕн хъӕуы?
5 Фӕлтӕрдджын чырыстон вӕййы сӕрныллӕг. Сӕрныллӕг сылгоймагӕн Йегъовӕ вӕййы йӕ Хӕлар ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хӕларӕй фӕцӕры (Иак. 4:6). Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сылгоймаг сӕрныллӕгӕй фӕархайы, 1 Коринфӕгтӕм 11:3 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ. Уым Йегъовӕ ӕмбарын кӕны, ӕмбырды ӕмӕ бинонтӕн разамынд дӕттыны бар кӕмӕн радта, уый c.
6. Ӕрыгон хотӕн сӕ бон цӕмӕй у Ревеккӕйы бафӕзмын?
6 Ӕркӕсӕм Ревеккӕйы цӕвиттонмӕ. Уый уыди зондджын ӕмӕ ныфсхаст сылгоймаг, стӕй-иу зыдта, кӕд ӕмӕ цы ’мбӕлы саразын, уый (Райд. 24:58; 27:5–17). Фӕлӕ уыимӕ иннӕтӕн кад кодта, уыд коммӕгӕс ӕмӕ архайдта разамындмӕ гӕсгӕ (Райд. 24:17, 18, 65). Ды дӕр Ревеккӕйау сӕрныллӕг куы уай ӕмӕ, Йегъовӕ разамынд дӕттыны бар кӕмӕн радта, уыдонмӕ куы хъусай, уӕд уыдзынӕ фӕзминаг дӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр.
7. Ӕрыгон хотӕн сӕ бон цӕмӕй у Есфиры бафӕзмын?
7 Бонзонгӕдзинад дӕр у, алы чырыстоны дӕр чи хъӕуы, ахӕм миниуӕг. Библийы фыст ис: «Зонд... ис бонзонгӕтӕм» (Ӕмб. 11:2). Есфир уыд бонзонгӕ адӕймаг ӕмӕ Хуыцауыл уыд иузӕрдион. Ӕмӕ, бонзонгӕ кӕй уыд, уый фӕрцы не ссӕрбӕрзонд, паддзахы ус куы сси, уӕд дӕр. Уый хъуыста йӕ фыдыфсымӕры фырт Мардохейы уынаффӕтӕм (Есф. 2:10, 20, 22). Ды дӕр-иу иннӕтӕй уынаффӕ куы ракурай ӕмӕ-иу, куыд дын загътой, афтӕ куы бакӕнай, уӕд равдисдзынӕ, бонзонгӕ кӕй дӕ (Тит. 2:3–5).
8. 1 Тимофеймӕ 2:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ, хотӕ куыд конд хъуамӕ уой, цӕмӕй иннӕты ӕргом сӕхимӕ ӕгӕр ма здахой?
8 Есфир бонзонгӕ кӕй уыд, уый ма равдыста ӕндӕр хъуыддагӕй дӕр. Уый уыд «хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд», фӕлӕ-иу нӕ архайдта, цӕмӕй-иу иннӕты ӕргом йӕхимӕ раздӕхтаид (Есф. 2:7, 15). Чырыстон сылгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у уымӕй Есфиры фӕзмын? Зӕгъӕм, сӕ бон у архайын 1 Тимофеймӕ 2:9, 10 стихты фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ. (Бакӕс сӕ.) Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, чырыстон сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты. Ам цы грекъаг дзырдтӕй спайда кодта, уыдон амонынц, чырыстон сылгоймаг аив конд кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ йӕ дарӕсӕй бӕрӕг кӕй хъуамӕ уа, иннӕтӕ цы зӕгъдзысты ӕмӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Нӕ зынаргъ хотӕ, мах уӕ тынг сӕрыстыр стӕм, ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй архайут, уый тыххӕй!
9. Авигейӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у?
9 Хотӕм ма хъуамӕ уа ӕмбаргӕдзинад дӕр, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой. Ӕмбаргӕ адӕймаг фембары, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмӕ уый фӕстӕ, раст куыд у, афтӕ бакӕны. Ӕркӕсӕм Авигейӕйы цӕвиттонмӕ. Йӕ лӕджы ӕнӕзонд мийы тыххӕй, сӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыд, уыдон, гыццыл ма бахъӕуа, бабын уыдаиккой. Авигейӕ бамбӕрста, ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ цыдӕр кӕй хъуамӕ сараза. Ӕмӕ йе ’мбаргӕдзинады фӕрцы адӕмы аирвӕзын кодта (1 Сам. 25:14–23, 32–35). Ӕмбаргӕ адӕймаг ма фӕзоны, дзурын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ хъусӕй лӕууын кӕд фӕхъӕуы, уый дӕр. Стӕй йӕ иннӕтӕн баххуыс кӕнын куы фӕфӕнды, уӕд, уымӕ чи нӕ хауы, уыцы хъуыддӕгты йӕхи нӕ фӕтъыссы (1 Фес. 4:11).
ЧИ ДӔ БАХЪӔУДЗӔН, АХӔМ ХЪУЫДДӔГТЫЛ САХУЫР У
10, 11. Хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын куы зонай, уӕд уый дӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
10 Чырыстон сылгоймаг хъуамӕ сахуыр уа, царды йӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл. Чызг гыццылӕй цӕуыл сахуыр уа, уый йын уый фӕстӕ дӕр стыр ӕххуыс уыдзӕн. Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.
11 Сахуыр у хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын. Иуӕй-иу адӕмтӕм бирӕтӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй сылгоймаг кӕсын ӕмӕ фыссын зона. Фӕлӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ зона кӕсын ӕмӕ фыссын (1 Тим. 4:13) d. Уӕдӕ дын цыфӕнды зын куы уа, уӕддӕр уыцы нысан дӕ разы сӕвӕр. Уый дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Дӕ бон уыдзӕн куыст ссарын. Стӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн Библи иртасын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр хуыздӕр амондзынӕ. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ, Библи куы кӕсай ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнай, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Йес. Н. 1:8; 1 Тим. 4:15).
12. Ӕмбисӕндтӕ 31:26 стих дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтимӕ ныхас кӕнын сахуыр уай?
12 Сахуыр у адӕмимӕ ныхас кӕнын. Ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстон зона адӕмимӕ ныхас кӕнын. Иаков радта ахӕм уынаффӕ: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна» (Иак. 1:19). Иннӕтӕм лӕмбынӕг куы хъусай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, сӕ рыст дӕм кӕй хъары (1 Пет. 3:8). Адӕймаг цы дзуры кӕнӕ цы ӕнкъары, уый дзӕбӕх куы не ’мбарай, уӕд-иу ӕм, хуыздӕр ӕй кӕй фӕрцы бамбардзынӕ, ахӕм фарстатӕ ратт. Ӕмӕ-иу стӕй исты зӕгъыны размӕ дӕ ныхӕстыл ахъуыды кӕн (Ӕмб. 15:28). Ахъуыды-иу кӕн ахӕм фарстатыл: «Цы йын зӕгъинаг дӕн, уыдон рӕстытӕ сты? Мӕ ныхӕстӕй йын йӕ ныфсыл ныфс бафтаудзынӕн? Мӕ ныхӕстӕй йын йӕ зӕрдӕ нӕ фӕриссын кӕндзынӕн кӕнӕ йӕ нӕ бафхӕрдзынӕн?» Иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй чи фӕныхас кӕны ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уыцы фӕлтӕрдджын хоты фӕзм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 31:26.) Дӕ хъус дар, цы фӕдзурынц ӕмӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕ. Иннӕтимӕ ныхас кӕнын куы сахуыр уай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн адӕмимӕ лымӕнӕй цӕрын.
13. Куыстарӕхст, хӕдзардзин ӕфсин цӕй фӕрцы суыдзынӕ? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
13 Сахуыр у хӕдзары куыстытӕ кӕнын. Бирӕ рӕтты хӕдзары куыстытӕн сӕ фылдӕр сылгоймагмӕ кӕсынц. Чи зоны дын дӕ мад кӕнӕ дӕ чырыстон хотӕй исчи бацамона, куыд хъӕуы хӕдзары куыстытӕ кӕнын кӕнӕ ӕндӕр хъӕугӕ хъуыддӕгтӕ аразын. Хо Синди зӕгъы: «Мӕ мад мӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодта. Зӕгъӕм, бамбарын мын кодта, адӕймагӕн йӕ фыдӕбон циндзинад кӕй хӕссы. Сахуыр мӕ кодта хӕринаг кӕнын, ӕфснайын, хуыйын, бацамыдта ма мын, хуыздӕр куыд у цыдӕртӕ ӕлхӕнын, кӕм ис асламдӕр цыдӕр балхӕнӕн. Хорз ӕмӕ уыдӕттӕ зонын. Уый фӕрцы мын ӕнцондӕр у мӕхи фӕдарын ӕмӕ мын лӕггад кӕнынӕн дӕр фылдӕр рӕстӕг ис. Мамӕ мӕ сахуыр кодта уазӕгуарзондзинадыл дӕр. Уый фӕрцы базонгӕ дӕн замманай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, ӕмӕ уыдонӕй дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн» (Ӕмб. 31:15, 21, 22). Куыстуарзаг, сӕрӕн ӕмӕ уазӕгуарзон ӕфсин у стыр арфӕдзинад йӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр (Ӕмб. 31:13, 17, 27; Хъуыд. 16:15).
14. Кристалы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ сӕйраджыдӕр цӕуыл хъуамӕ уой?
14 Хъуамӕ дӕхи фӕдарынхъом уай. Алы чырыстон дӕр хъуамӕ йӕхи фӕдарынхъом уа ӕмӕ сахуыр уа, цы йӕм ис, уый фагыл нымайын (Фил. 4:11; 2 Фес. 3:7, 8). Хо Кристал радзырдта: «Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд мын мӕ ныййарджытӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй равзӕрстаин, фидӕны мӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм предметтӕ. Мӕ фыд мын бауынаффӕ кодта, зӕгъгӕ, дам, дӕ бон у равзарын, бухгалтеры куыстмӕ цы хауы, уый кӕм амонынц, уыцы предмет. Ӕмӕ мын уый стыр ӕххуыс фӕци». Фӕлӕ исты дӕсныйадыл сахуыр уай, уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма сахуыр уай, де ’хцатӕ куыд ӕмӕ цӕуыл хардз кӕндзынӕ, уый пълан кӕнын дӕр ӕмӕ-иу дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕнай (Ӕмб. 31:16, 18). Хуымӕтӕг цард куы кӕнай ӕмӕ ӕнӕхъуаджы хӕстӕ куы нӕ исай, уӕд дӕ ницы хъыгдардзӕн Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (1 Тим. 6:8).
ФИДӔНЫ ДЫЛ ЦЫ ХӔСТӔ УЫДЗӔН, УЫДОНМӔ ДӔХИ БАЦӔТТӔ КӔН
15, 16. Ӕнӕцыд хотӕ хӕзнатӕ цӕмӕн сты? (Марчы 10:29, 30).
15 Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ дӕм куы фӕзына ӕмӕ дӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл куы сахуыр уай, уӕд фидӕнмӕ хуыздӕр цӕттӕ уыдзынӕ. Аныхас кӕнӕм цалдӕр хъуыддагыл.
16 Чи зоны, аскъуыддзаг кӕнай, цасдӕр рӕстӕг кӕй не смой кӕндзынӕ. Иуӕй-иу хотӕ мой не скӕнынц Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд, кӕм цӕрынц, уым уый адӕммӕ раст нӕ кӕсы, уӕддӕр (Матф. 19:10–12). Иннӕтӕ та ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй нӕ мой кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕнӕцыд хотӕ иннӕтӕй цауддӕр сты. Ӕгас зӕххыл дӕр ӕнӕцыд хотӕ ӕмбырдты тынг бирӕ аразынц, ӕмӕ сын аргъ нӕй. Иннӕтӕн сӕ уарзондзинад кӕй не ’вгъау кӕнынц ӕмӕ сын зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы бирӕтӕн свӕййынц хоты ӕмӕ мадӕлты хуызӕн. (Бакӕс Марчы 10:29, 30; 1 Тим. 5:2).
17. Ӕрыгон хойӕн ныр йӕ бон куыд у йӕхи ӕххӕстрӕстӕг лӕггадмӕ бацӕттӕ кӕнын?
17 Чи зоны дӕ бафӕнда ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Ӕгас зӕххыл хорз хабар хъусынгӕнджытӕн сӕ фылдӕр хотӕ сты (Пс. 68:11). Фӕндид дӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын? Дӕ бон у ныртӕккӕ дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын. Ис пионерӕй кӕнӕ Вефилы лӕггад кӕнӕн кӕнӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнӕн. Кув, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Аныхас кӕн, ахӕм нысан йӕ къухы кӕмӕн бафтыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Бафӕрс сӕ, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй афтӕ лӕггад кӕнай. Уый фӕстӕ скӕн, дӕ нысанмӕ куыд тырндзынӕ, уый пълан. Дӕ нысан дӕ къухы куы бафта, уӕд дын фӕзындзӕн бирӕ ӕндӕр диссаджы фадӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн.
18. Хо дзӕбӕх цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕна, цардӕмбалӕн кӕй равзардзӕн, ууыл? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
18 Чи зоны дӕ бафӕнддзӕн дӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын. Чырыстон сылгоймагмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, ахӕм миниуджытӕ дӕм куы фӕзына ӕмӕ, сылгоймаг цы хъуамӕ зона, уыдӕттӕм куы арӕхсай, уӕд суыдзынӕ хорз бинойнаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ хорз ахъуыды кӕнай, цардӕмбалӕн кӕй ӕвзарыс, ууыл. Уый у дӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕтӕй сӕ иу. Рох дӕ ма уӕд: кӕмӕ смой кӕнай, уыцы нӕлгоймаг суыдзӕн дӕ сӕрыхицау, ӕмӕ-иу ӕм хъуамӕ хъусай (Ром. 7:2; Еф. 5:23, 33). Уымӕ гӕсгӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Фӕлтӕрдджын чырыстон у? Йегъовӕйы йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕры? Раст уынаффӕтӕ рахӕссы? Йӕ рӕдыдтытыл басӕтты? Сылгоймӕгтӕн кад кӕны? Ӕххуыс мын кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнон? Йӕ бон мӕ уыдзӕн фӕдарын? Хорз ӕмбал мын уыдзӕн? Исты йын куы бахӕс кӕнынц, уӕд ӕй хорз саразы? Зӕгъӕм, ӕмбырды йыл цавӕр хӕстӕ ис ӕмӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕны?» (Лук. 16:10; 1 Тим. 5:8). Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: цӕмӕй дын хорз сӕрыхицау уа, уый тыххӕй дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ хорз бинойнаг уай.
19. Ус йӕ лӕгӕн «ӕххуысгӕнӕг» кӕй у, уый кадджын хӕс цӕмӕн у?
19 Библийы фыст ис, хорз ус кӕй у йӕ сӕрыхицауӕн «ӕххуысгӕнӕг» (Райд. 2:18). Иуӕй-иутӕ ацы ныхӕстӕ раст не ’мбарынц. Афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ус йӕ лӕгӕй дӕлдӕр у. Фӕлӕ Библи Йегъовӕйы дӕр арӕх хоны «ӕххуысгӕнӕг» (Пс. 54:4; Дзут. 13:6). Уӕдӕ ус ӕххуысгӕнӕг кӕй у, уый кадджын хӕс у ӕмӕ сылгоймаджы ӕгад нӕ кӕны. Ус йӕ лӕгӕн ӕцӕг ӕххуысгӕнӕг кӕй у, уый бӕрӕг вӕййы, алы хъуыддаджы дӕр йӕ фарсмӕ кӕй балӕууы, уымӕй. Зӕгъӕм, бинонтӕм чи хауы, уыцы хъуыддӕгты фӕдыл лӕг уынаффӕ куы рахӕссы, уӕд ын ус феххуыс кӕны, цӕмӕй алцыдӕр рауайа. Ӕмӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ фӕархайы, цӕмӕй йӕ сӕрыхицауӕн иннӕты раз хорз ном уа (Ӕмб. 31:11, 12; 1 Тим. 3:11). Дарддӕр дӕр куы архайай, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзай, стӕй дӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр куы ӕххуыс кӕнай, уӕд фидӕны суыдзынӕ хорз бинойнаг.
20. Мадӕй цас кӕнгӕ у?
20 Чи зоны, иу бон бавзарай хъӕбулы ад. Куы смой кӕнай, уӕд уын, чи зоны, райгуыра сывӕллӕттӕ дӕр (Пс. 127:3). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ рагацау ахъуыды кӕнай, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй хорз мад суай. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кодтам, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй суай хорз бинойнаг ӕмӕ хорз мад. Дӕ уарзондзинады, фӕлмӕнзӕрдӕдзинады ӕмӕ фӕразондзинады фӕрцы уӕ хӕдзар уыдзӕн хъарм къонайы хуызӕн, уӕ сывӕллӕттӕ рӕвдыдцух нӕ уыдзысты ӕмӕ сӕ ныййарджытӕй уыдзысты ныфсджын (Ӕмб. 24:3).
21. Не ’рыгон хотӕн цӕй тыххӕй аргъ кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)
21 Нӕ зынаргъ ӕрыгон хотӕ, сымах Йегъовӕйӕн бирӕ лӕггад кӕнут ӕмӕ йӕ адӕмӕн бирӕ хӕрзты цӕут, ӕмӕ уӕ мах бирӕ уарзӕм (Дзут. 6:10). Сымах архайут, цӕмӕй уӕм фӕзына чырыстон миниуджытӕ, чи уӕ бахъӕудзӕн, уыцы хъуыддӕгтыл ахуыр кӕнут, ӕмӕ уый пайда ӕрхӕссы уӕхицӕн дӕр ӕмӕ, уӕ алыварс чи ис, уыдонӕн дӕр. Стӕй уӕхи цӕттӕ кӕнут, фидӕны уыл цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ. Сымах стут нӕ хӕзнатӕ!
137 ЗАРӔГ Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ
a Нӕ зынаргъ ӕрыгон хотӕ, мах уӕ тынг уарзӕм. Уӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ куы фидар кӕнат, чи уӕ бахъӕудзӕн, уыцы хъуыддӕгтыл куы сахуыр уат ӕмӕ уыл фидӕны цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ уӕхи куы цӕттӕ кӕнат, уӕд суыдзыстут фӕлтӕрдджын чырыстон сылгоймӕгтӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстут.
b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Фӕлтӕрдджын чырыстон фӕархайы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ, ацы дунейы зондӕй нӕ, фӕлӕ. Ахӕм чырыстон фӕзмы Йесо Чырыстийы, ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлар уа ӕмӕ иннӕты уарзы удуӕлдай уарзтӕй.
d Сайты jw.org кӕс статья «Почему чтение книг важно для детей. Часть 1. Читать или смотреть?».