Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

53 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сут фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сут фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ

«Ме ’фсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕтты хуызӕн ма ут. ...Зондӕй... [ут] стыр адӕймӕгты хуызӕн» (1 КОР. 14:20).

135 ЗАРӔГ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Чырыстон нӕлгоймаг ӕнтыстджын кӕд уыдзӕн?

 АПОСТОЛ Павел коринфӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Ме ’фсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕтты хуызӕн ма ут. ...Зондӕй... [ут] стыр адӕймӕгты хуызӕн» (1 Кор. 14:20). Ӕмӕ абон чырыстон нӕлгоймӕгтӕй алкӕй дӕр хъӕуы ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын. Цӕмӕй ӕнтыстджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уой Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын (Лук. 2:52). Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ӕрыгон ӕфсымӕртӕ фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ суой?

2, 3. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ӕрыгон ӕфсымӕр фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг суа?

2 Чырыстон нӕлгоймагыл ис ахсджиаг хӕстӕ бинонты ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр. Ӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕнынц, фидӕны цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕндзысты, ууыл. Чи зоны дӕ фӕнды, цӕмӕй суай пионер, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕмӕ фӕстӕдӕр та – хистӕр нӕлгоймаг. Чи зоны ма фӕхъуыды кӕныс, иу бон бинонтӕ кӕй скӕндзынӕ ӕмӕ уын сывӕллӕттӕ кӕй уыдзӕн, ууыл дӕр (Еф. 6:4; 1 Тим. 3:1). Цӕмӕй уыцы нысӕнттӕ дӕ къухы бафтой ӕмӕ дыл цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдон хорз ӕххӕст кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ суай фӕлтӕрдджын чырыстон b.

3 Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суай? Хъуамӕ цӕуылдӕрты сахуыр уай ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм арӕхсай. Уӕдӕ ныр дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй цӕттӕ уай, фидӕны дыл цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ хорз ӕххӕст кӕнай?

ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ФӔЛТӔРДДЖЫН ЧЫРЫСТОН СУАЙ?

Йесойы куы фӕзмай, уӕд суыдзынӕ фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг (кӕс 4 абзац)

4. Дӕ бон кӕй уаид бафӕзмын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Ахъуыды кӕн, фӕзминаг дын чи у. Библийы ис, бафӕзмӕн кӕй ис, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгты кой. Уыдон Хуыцауы тынг уарзтой ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕххӕст кодтой алыхуызон хӕстӕ. Чи зоны, дӕ бинонтӕй дӕр исчи у фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг ӕмӕ де ’мбырды дӕр ис фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ (Дзут. 13:7). Ӕппӕты тынгдӕр та дӕ бон у Йесо Чырыстийы бафӕзмын (1 Пет. 2:21). Уыцы цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн сӕ хорз миниуджытыл ӕмӕ, дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуынц, ууыл (Дзут. 12:1, 2). Уый фӕстӕ та-иу ахъуыды кӕн, цӕмӕй сӕ бафӕзмдзынӕ.

5. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъуыды кӕнын сахуыр уай ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? (Псалом 119:9).

5 «Хъуыды кӕнын зон» (Ӕмб. 3:21). Хъуыды кӕнын чи зоны, уыцы нӕлгоймаг сонтӕй ницы фӕаразы. Фыццаг уал дзӕбӕх ахъуыды кӕны, цы сараздзӕн, ууыл. Уӕдӕ дӕу дӕр хъӕуы бацархайын, цӕмӕй, цы араздзынӕ, ууыл хъуыды кӕнын сахуыр уай. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Ацы дунейы бирӕ ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ фӕаразынц, сӕхимӕ растдӕр цы фӕкӕсы, уый. Кӕнӕ та сты тӕвдтуг ӕмӕ сӕ митыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц (Ӕмб. 7:7; 29:11). Уымӕй уӕлдай ма дыл, гӕнӕн ис, бандавой интернет ӕмӕ социалон сетьтӕ. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъуыды кӕнын сахуыр уай? Фыццаг уал базон Библийы уагӕвӕрдтӕ, ома, Йегъовӕ цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, уый куыд дзуры, афтӕ бакӕнын хорз цӕмӕн у. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архай, цӕмӕй рахӕссай, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ. (Бакӕс Псалом 119:9.) Хъуыды кӕнын куы сахуыр уай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй суай фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг (Ӕмб. 2:11, 12; Дзут. 5:14). Цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг, хъуыды кӕнын кӕй сахуыр дӕ, уый? Аныхас кӕнӕм дыууӕйыл: 1) хотимӕ дӕхи куыд дарыс, ууыл ӕмӕ 2) дӕ конд ӕмӕ дӕ уындыл.

6. Ӕрыгон ӕфсымӕр, цы аразы, ууыл куы хъуыды кӕна, уӕд ын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хотӕн аргъ кӕна?

6 Цы аразыс, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн аргъ кӕнай ӕмӕ сӕ нымайай. Зӕгъӕм, ӕрыгон ӕфсымӕры куы фӕнда кӕцыдӕр хойы хуыздӕр базонын, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды йӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын. Фӕлӕ кӕд ӕрыгон ӕфсымӕр бинонтӕ скӕнынмӕ нӕ хъавы, уӕд хъуамӕ хъуыды кӕна, уыцы хоимӕ йӕхи куыд дары, ууыл, зӕгъӕм, цы йын дзуры кӕнӕ йӕм цы фыссы, ууыл. Хомӕ хъуамӕ афтӕ ма фӕкӕса, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕры йемӕ ӕмбӕлын фӕнды (1 Тим. 5:1, 2). Хоимӕ ӕмбӕлын куы райдайа, уӕд та архайдзӕн, цӕмӕй йын йӕ ном мацӕмӕй фӕчъизи кӕна. Зӕгъӕм, йемӕ-иу хибар ран иунӕгӕй нӕ баззайдзӕн, семӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕй исчи куы нӕ уа, уӕд (1 Кор. 6:18).

7. Ӕрыгон ӕфсымӕр йӕ конд ӕмӕ йӕ уындыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕна?

7 Ӕрыгон ӕфсымӕр хъуыды кӕнын кӕй зоны, уый ма бӕрӕг уыдзӕн йӕ кондӕй, йӕ уындӕй ӕмӕ йӕ сӕрыфастӕй дӕр. Арӕх ног модӕ ӕрхъуыды кӕнынц, Йегъовӕйы чи ницӕмӕ дары кӕнӕ ӕнӕгъдау цард чи кӕны, ахӕм адӕм. Ӕмӕ сӕ хӕлд зондахаст фӕзыны, кӕй ӕрхъуыды кӕнынц, уыцы уӕлӕдарӕсыл дӕр. Зӕгъӕм, нӕлгоймӕгтӕн цы дзаумӕттӕ ӕрхъуыды кӕнынц, уыдон вӕййынц кӕнӕ тынг ӕлхъывд, кӕнӕ бӕрӕг нал вӕййы, нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг. Уымӕ гӕсгӕ, фӕлтӕрддзинадмӕ чи тырны, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕр уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара Библийы уагӕвӕрдтӕ. Стӕй йӕ бон у кӕсын, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ конд чи вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕм. Йӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Куыд конд дӕн, уый тыххӕй иннӕтӕ цы зӕгъдзысты? Мӕнмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты бауырндзӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн?» (1 Кор. 10:31–33; Тит. 2:6). Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, цы аразынц, ууыл куы хъуыды кӕной, уӕд сын ӕрмӕст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ аргъ кӕндзысты, фӕлӕ сӕ уӕларвон Фыд дӕр.

8. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕууӕнкджын уа?

8 Ӕууӕнкджын у. Ӕууӕнкджын ӕрыгон ӕфсымӕр йӕ хӕстӕ иууылдӕр хорз феххӕст кӕны (Лук. 16:10). Ахъуыды кӕнӕм Йесо Чырыстийыл. Уый йӕ хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы каст. Йегъовӕ йын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдон иууылдӕр сарӕзта, кӕд ын уый иуӕй-иу хатт зын уыд, уӕддӕр. Адӕмы, уӕлдайдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты, тынг уарзта ӕмӕ адӕмы тыххӕй йӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодта (Иоан. 13:1). Ды дӕр Йесойы фӕзм. Цыфӕнды дын ма бахӕс кӕной, ӕппӕт тыхтӕй-иу бацархай, цӕмӕй йӕ саразай. Уыцы хъуыддаг куыд хъӕуы бакӕнын, уый куы нӕ зонай, уӕд та-иу сӕрныллӕгдзинад равдис ӕмӕ-иу фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй ӕххуыс ракур. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цы хъуыд, уый сарӕзтай, фӕлӕ кӕд дӕ бон у фылдӕр саразын, уӕд ма зивӕг кӕн (Ром. 12:11). Дӕ зӕрдыл дар, уый «адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн» кӕй аразыс (Кол. 3:23). Ӕмӕ йӕ уӕд кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзынӕ ӕмӕ алцыдӕр сараздзынӕ, хуыздӕр куыд у, афтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕст адӕймаг нӕ дӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ у бонзонгӕ ӕмӕ-иу дӕ рӕдыдтытыл дӕр басӕтт (Ӕмб. 11:2).

ЧИ ДӔ БАХЪӔУДЗӔН, АХӔМ ХЪУЫДДӔГТЫЛ САХУЫР У

9. Ӕрыгон ӕфсымӕры цӕмӕн хъӕуы бацархайын, цӕмӕй, царды йӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын сахуыр уа?

9 Цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг суай, уый тыххӕй хъуамӕ цӕуылдӕрты сахуыр уай. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, куыст ссарын, цӕмӕй дӕхи кӕнӕ дӕ бинонты фӕдарынхъом уай, стӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын. Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

Хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын куы зонай, уӕд уый дӕхицӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзӕн (кӕс 10, 11 абзацтӕ)

10, 11. Ӕрыгон ӕфсымӕр хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын куы сахуыр уа, уӕд ын уый йӕхицӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн? (Псалом 1:1–3). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Сахуыр у хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын. Библийы фыст ис, Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр чи кӕсы ӕмӕ йыл чи хъуыды кӕны, уыцы адӕймаг ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын кӕй вӕййы. (Бакӕс Псалом 1:1–3.) Уый Библи алы бон дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ афтӕмӕй базоны, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый. Уый фӕрцы свӕййы уӕззаузонд ӕмӕ сахуыр вӕййы йӕ царды Библимӕ гӕсгӕ архайын (Ӕмб. 1:3, 4). Ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды тынг хъӕуынц. Цӕмӕн?

11 Ӕмбырды иннӕты ахуыр кӕныны хӕс ис фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтыл. Уыдон ма нын раттынц хорз уынаффӕтӕ дӕр (Тит. 1:9). Ӕмӕ хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын куы зонай, уӕд дӕ бон уыдзӕн хорз раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ хорз дзуаппытӕ дӕттын. Афтӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕндзынӕ. Дӕ бон ма уыдзӕн, Библи иртасгӕйӕ цы хорз хъуыдытӕ ссардтай ӕмӕ ӕмбырдты кӕнӕ конгрессты цы цымыдисаг хъуыдытӕ фехъуыстай, уыдон дӕхимӕ афыссын. Ӕмӕ-иу уыцы хъуыдыты фӕрцы дӕхи уырнындзинад дӕр бафидар кӕндзынӕ ӕмӕ иннӕты уырнындзинад дӕр.

12. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмимӕ ныхас кӕнын сахуыр уай?

12 Сахуыр у адӕмимӕ ныхас кӕнын. Чырыстон нӕлгоймаг хъуамӕ зона адӕмимӕ ныхас кӕнын. Уымӕ хорз чи арӕхсы, уыцы адӕймаг иннӕтӕм лӕмбынӕг фӕхъусы ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй сӕ бамбара (Ӕмб. 20:5). Иннӕ адӕймаг цы хъуыды кӕны ӕмӕ цы ’нкъары, уый ма йӕ бон вӕййы йӕ хъӕлӕсӕй, йӕ цӕсгомӕй ӕмӕ йе уӕнгты змӕлдӕй базонын. Фӕлӕ адӕмимӕ рӕстӕг куы не ’рвитай, уӕд ууыл никуы сахуыр уыдзынӕ. Ӕрмӕст сӕм смс-тӕ куы ’рвитай ӕмӕ сӕм мессенджерты куы фыссай, уӕд-иу дын уый фӕстӕ зындӕр уыдзӕн семӕ ӕнӕуи аныхас кӕнын. Фӕлтау-иу бацархай, цӕмӕй адӕймагимӕ фембӕлай ӕмӕ йемӕ аныхӕстӕ кӕнай (2 Иоан. 12).

Цавӕрдӕр куыст кӕнын куы сахуыр уай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн куыст ссарынӕн (кӕс 13 абзац)

13. Ӕрыгон ӕфсымӕр ма йӕхи ноджыдӕр цӕмӕ хъуамӕ бацӕттӕ кӕна? (1 Тимофеймӕ 5:8). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Хъуамӕ уай дӕхи фӕдарынхъом. Фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг хъуамӕ йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты фӕдарынхъом уа. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:8.) Кӕцыдӕр бӕстӕты ӕрыгон ӕфсымӕртӕ цавӕрдӕр куыстыл сахуыр вӕййынц сӕ фыдӕй кӕнӕ хиуӕттӕй кӕмӕйдӕр. Кӕмдӕрты та сӕ бон вӕййы хистӕр кълӕсты цавӕрдӕр дӕсныйадыл сахуыр кӕнын. Адӕймаг хъуамӕ исты аразын зона, цӕмӕй йӕ бон уа куыст ссарын (Хъуыд. 18:2, 3; 20:34; Еф. 4:28). Куыстуарзаг куы уай ӕмӕ, цы куыстмӕ бавналай, уый-иу ӕрдӕгарӕзтӕй куы нӕ ныууадзай, фӕлӕ-иу ӕй кӕронмӕ куы саразай, уӕд дӕ иннӕтӕ зондзысты ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймагӕй ӕмӕ дын куыст ссарын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Ацы статьяйы цы хъуыдытыл аныхас кодтам, уыдон ма чырыстон нӕлгоймагӕн баххуыс кӕндзысты, фидӕны йыл цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ йӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн дӕр. Ныртӕккӕ ууыл дӕр аныхас кӕндзыстӕм.

ФИДӔНЫ ДЫЛ ЦЫ ХӔСТӔ УЫДЗӔН, УЫДОНМӔ ДӔХИ БАЦӔТТӔ КӔН

14. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайа?

14 Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг. Фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕрыгонӕй райдыдтой ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Ӕрыгон ӕфсымӕр пионерӕй куы фӕлӕггад кӕны, уӕд сахуыр вӕййы алыхуызон адӕмимӕ ӕмгуыст кӕнын. Уый ма йын баххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ хӕрдзтӕ пълан кӕна ӕмӕ дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕна (Фил. 4:11–13). Кӕд дӕ фӕнды ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, уӕд уал райдай ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Бирӕтӕн уый баххуыс кодта, цӕмӕй уый фӕстӕ райдыдтаиккой пионертӕй лӕггад кӕнын. Пионертӕн ма фӕзыны ӕндӕр фадӕттӕ дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн. Гӕнӕн ис, фӕхоной сӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынмӕ кӕнӕ Вефилмӕ.

15, 16. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй суа кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг?

15 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг. Бирӕ ӕфсымӕртӕ свӕййынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ афтӕмӕй сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн фӕлӕггад кӕнынц. Ӕмӕ алы ӕфсымӕр дӕр хъуамӕ йӕ разы ахӕм нысан сӕвӕра. Библи зӕгъы, уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ чи тырны, «уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы», зӕгъгӕ (1 Тим. 3:1). Фӕлӕ цалынмӕ ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймаг суа, уӕдмӕ уал хъуамӕ цӕттӕ уа кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнынмӕ. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнынц. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц. Гӕнӕн ис, ӕфсымӕр 17-аздзыдӕй дӕр суа кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр йӕ хӕстӕ хорз куы ’ххӕст кӕна, уӕд та йӕ, гӕнӕн ис, 20-аздзыдӕй снысан кӕной хистӕр нӕлгоймагӕй.

16 Цы хъӕуы, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг суай? Уыцы хӕстӕ чи ’ххӕст кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ цавӕр хъуамӕ уой ӕмӕ сӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй фыст ис Библийы. Сӕйраджыдӕр та хъуамӕ уарзой Йегъовӕйы, сӕ бинонты ӕмӕ ӕмбырд (1 Тим. 3:1–13; Тит. 1:6–9; 1 Пет. 5:2, 3). Библийы цы домӕнтӕ ис, уыдоныл дзӕбӕх ахъуыды кӕн ӕмӕ бацархай, цӕмӕй бамбарай, алкӕцымӕ дӕр дзы цы хауы, уый. Стӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕхиуыл бакусай ӕмӕ уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын дӕ бон бауа c.

Йегъовӕ лӕгӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй уарза йӕ бинойнаджы ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты, цӕмӕй сӕ фӕдарынхъом уа, уа сын хорз ӕмбал ӕмӕ сын сӕйраджыдӕр та ӕххуыс кӕна Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн (кӕс 17 абзац)

17. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидӕны суа хорз сӕрыхицау? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Сӕрыхицау. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй иуӕй-иу фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ бинонтӕ не скӕнынц (Матф. 19:12). Фӕлӕ, бинонтӕ куы скӕнай, уӕд дын фӕзындзӕн ног хӕс – дӕ бинойнагӕн суыдзынӕ йӕ сӕрыхицау (1 Кор. 11:3). Йегъовӕ лӕгӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй йӕ усы уарза, стӕй йӕ цух ма уадза, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй, хорз ӕмбал ын уа ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕна (Еф. 5:28, 29). Ацы статьяйы цы миниуджыты кой ракодтам, уыдон дӕм куы уой, зӕгъӕм, хъуыды кӕнын куы зонай, сылгоймӕгты куы нымайай ӕмӕ ӕууӕнкджын куы уай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уай хорз цардӕмбал ӕмӕ хорз сӕрыхицау.

18. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ бон куыд у йӕхи бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй дзы хорз фыд рауайа?

18 Фыд. Ус куы ракурай, уӕд уын уый фӕстӕ, гӕнӕн ис, райгуыра сывӕллӕттӕ дӕр. Дӕ бон у бирӕ цӕмӕйдӕрты Йегъовӕйы бафӕзмын, ӕмӕ дӕ уӕд рауайдзӕн хорз фыд (Еф. 6:4). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн, Йесойӕн, ӕргом дзырдта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Матф. 3:17). Ӕмӕ дын сывӕллӕттӕ куы уа, уӕд-иу сын арӕх дзур, кӕй сӕ уарзыс. Хорзӕй цы аразынц, уый тыххӕй-иу сӕ зӕрдиагӕй раппӕл. Йегъовӕйы чи фӕзмы, ахӕм фыд йӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ рауайа фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Дӕ бон у уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ дӕхи ныртӕккӕ дӕр бацӕттӕ кӕнын. Дӕ бинонтыл ӕмӕ дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй тыхс ӕмӕ сын дзур, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕныс (Иоан. 15:9). Ӕмӕ дын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ рауайа хорз сӕрыхицау ӕмӕ хорз фыд. Фӕлӕ дын ныр дӕр Йегъовӕйы, дӕ бинонты ӕмӕ ӕмбырды цӕсты стыр аргъ уыдзӕн.

ЦӔЙ, ЦЫ СФӔНД КОДТАЙ?

Бирӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, Библийӕ цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы систы фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ (кӕс 19, 20 абзацтӕ)

19, 20. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй суой фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

19 Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сонтӕй уӕ фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ нӕ рауайдзӕн. Ӕнӕ фыдӕбонӕй ницы ис. Хъӕуы уӕ ахъуыды кӕнын, фӕзминаг уын чи у, ууыл, хъуамӕ сахуыр уат хъуыды кӕнын, уат ӕууӕнкджын, сахуыр уат, царды уӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл ӕмӕ уӕхи бацӕттӕ кӕнат, фидӕны уыл цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ.

20 Чи зоны, иуӕй-иу хатт ахъуыды кӕныс: «Цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суон, уый тыххӕй цас цыдӕртӕ хъӕуы аразын! Ӕвӕццӕгӕн мын нӕ рауайдзӕн». Фӕлӕ ма тӕрс, алцыдӕр дын рауайдзӕн! Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕйы тынг фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын (Ис. 41:10, 13). Стӕй дын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзысты. Фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг куы суай, уӕд уыдзынӕ амондджын ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд. Мах уӕ тынг уарзӕм, нӕ зынаргъ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ! Йегъовӕ уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, цӕмӕй суат, райгонд кӕмӕй уыдзӕн, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ! (Ӕмб. 22:4).

65 ЗАРӔГ Размӕ цу!

a Ӕмбырды тынг хъӕуы фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, сымах, ӕрыгон ӕфсымӕрты, цы хъӕуы аразын, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ суат.

b Айразмӕйы статьяйы кӕс фиппаинаг «Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды цы у».

c Кӕс чиныг «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци», 5, 6 сӕртӕ.