Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

30 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ уарзондзинад дарддӕр дӕр рӕзӕд

Дӕ уарзондзинад дарддӕр дӕр рӕзӕд

«Уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм» (ЕФ. 4:15).

2 ЗАРӔГ Йегъовӕ у дӕ ном

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд цытӕ базыдтай?

 БИБЛИ ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ ног цыдӕртӕ базыдтай. Чи зоны, базыдтай, Хуыцауӕн ном кӕй ис, ӕмӕ дӕм уый диссаг фӕкаст. Куы базыдтай, Хуыцау адӕмы зындоны арты хъизӕмарӕй кӕй нӕ мары, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, сулӕфыдтӕ. Кӕнӕ куы базыдтай, чи дын амард, уыдоны та ногӕй кӕй фендзынӕ ӕмӕ иумӕ зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстут, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ цинӕн кӕрон нал уыд.

2. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дын цы бантыст? (Ефесӕгтӕм 5:1, 2).

2 Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзтай ӕмӕ дӕ бафӕндыд, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Стӕй уынаффӕтӕ хӕссын райдыдтай Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уымӕй уӕлдай, фӕивтай дӕ зондахаст ӕмӕ дӕ цард, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕндыд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ сывӕллоны куыд фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ ныййарджыты хуызӕн уа, афтӕ дӕу дӕр бафӕндыд, цӕмӕй уай дӕ уӕларвон Фыды хуызӕн. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:1, 2.)

3. Цавӕр фарстатыл у нӕ бон ахъуыды кӕнын?

3 Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Чырыстон куы сдӕн, уӕдӕй нырмӕ Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзтон? Фылдӕр райдыдтон, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ, уый куыд архайы, афтӕ архайын? Зӕгъӕм, мӕ хоты ӕмӕ ме ’фсымӕрты тынгдӕр бауарзтон?» Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, «райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый» афтӕ тыхджын нал у, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ахӕм уавӕры уыдысты 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ. Фӕлӕ сыл Йесо йӕ къух нӕ систа, ӕмӕ дӕуыл дӕр йӕ къух нӕ сисдзӕн (Рарг. 2:4, 7). Уый зоны, рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд нӕ зӕрдӕты цы уарзондзинады зынг ссыгъд, уый та ногӕй ссудзӕн кӕй ис.

4. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

4 Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕты бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарзӕм. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, уӕд нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.

БОНӔЙ-БОНМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ ТЫНГДӔР УАРЗ

5, 6. Павел цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ йӕ цӕмӕн фӕндыд Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын?

5 Апостол Павел Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын циндзинад хаста. Фӕлӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлди. Арӕх-иу ӕй хъуыди дард балцыты цӕуын, ӕмӕ уыцы заман та фӕндагыл цӕуын афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Хатт-иу ын тӕссаг уыди «цӕугӕдӕттыл хизгӕйӕ» ӕмӕ «абырджытӕй». Цалдӕр хатты та йӕ йе знӕгтӕ нӕмгӕ дӕр фӕкодтой (2 Кор. 11:23–27). Ӕмӕ йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ дӕр алкӕд нӕ аргъ кодтой, кӕй сын ӕххуыс кодта, уымӕн (2 Кор. 10:10; Фил. 4:15).

6 Павелӕн цы ӕххуыс кодта Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнынӕн? Фыстадӕй базыдта, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый, стӕй уыдта, куыд архайы, уый дӕр. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, ууыл (Ром. 8:38, 39; Еф. 2:4, 5). Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйы тынг бауарзта. Павел йӕ уарзондзинад ӕвдыста, «сыгъдӕджытӕн» кӕй лӕггад кодта, уымӕй (Дзут. 6:10).

7. Цы-иу нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзынӕн?

7 Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзыстӕм. Библи кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн, цы бакастӕ, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн. Зӕгъӕм, ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Ацы хабарӕй куыд зыны, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, уый? Ацы скъуыддзаг мын куыд ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы уарзынӕн?»

8. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ тынгдӕр бауарзӕм?

8 Йегъовӕмӕ алы бон дӕр куы кувӕм ӕмӕ йын, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ куы дзурӕм, уӕд-иу ӕй уый фӕрцы дӕр тынгдӕр бауарздзыстӕм (Пс. 25:4, 5). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратты (1 Иоан. 3:21, 22). Азийӕ иу хо, Кхан, зӕгъгӕ, загъта: «Библи ахуыр кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы базыдтон ӕмӕ йӕ бауарзтон. Фӕлӕ мын мӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, уый куы федтон, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзтон. Ӕмӕ мӕ бафӕндыд, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын» b.

БОНӔЙ-БОНМӔ ИННӔТЫ ТЫНГДӔР УАРЗ

9. Цӕмӕй у бӕрӕг, Тимофей кӕй архайдта, цӕмӕй иннӕты тынгдӕр бауарзтаид?

9 Павел йӕ иу уацамындон балцы рӕстӕг базонгӕ иу дзӕбӕх ӕрыгон лӕппуимӕ, Тимофеимӕ. Тимофей уарзта Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр. Цалдӕр азы фӕстӕ Павел филиппӕгтӕм Тимофейы тыххӕй ныффыста: «Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса» (Фил. 2:20). Павел ам Тимофейы курдиӕтты кой нӕ кодта, зӕгъӕм, дзурынмӕ кӕнӕ алцыдӕр хорз пълан кӕнынмӕ кӕй арӕхст, уый кой. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдта, Тимофей хоты ӕмӕ ’фсымӕрты куыд тынг уарзы, уый. Ӕмӕ-иу ӕмбырдтӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Тимофейы ӕрцыдмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты (1 Кор. 4:17).

10. Аннӕ ӕмӕ йӕ лӕг куыд равдыстой, сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый?

10 Мах дӕр фӕагурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй-иу нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнӕм (Дзут. 13:16). Ӕркӕсӕм, айразмӕйы статьяйы кӕй кой уыд, уыцы хо Аннӕ ӕмӕ йӕ лӕг цы сарӕзтой, уымӕ. Тыхдымгӕйы фӕстӕ бабӕрӕг кодтой иу бинонты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты, ӕмӕ федтой, сӕ хӕдзары сӕр кӕй ныккалд. Уый тыххӕй сӕм сыгъдӕг дзаумӕттӕ нал баззад. Аннӕ загъта: «Мах сын сӕ дзаумӕттӕ нӕхимӕ рахастам, ныхсадтам сӕ ӕмӕ сын сӕ фӕстӕмӕ итувӕрдӕй ӕрбахастам. Стыр хъуыддаг нӕ сарӕзтам, фӕлӕ уый фӕрцы семӕ тынг балымӕн стӕм, ӕмӕ абоны онг дӕр стӕм хорз ӕмбӕлттӕ». Аннӕ ӕмӕ йӕ лӕг хъуыддагӕй равдыстой, хоты ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый (1 Иоан. 3:17, 18).

11. а) Иннӕтӕн хорздзинад куы саразӕм, уӕд сыл уый куыд бандавы? б) Ӕмбисӕндтӕ 19:17 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куы равдисӕм, уӕд Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракӕсы?

11 Уарзондзинад куы равдисӕм ӕмӕ иннӕтӕн хорздзинад куы фӕаразӕм, уӕд фенынц, кӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн уӕм. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, зонгӕ дӕр ма бакӕнӕм, нӕ хорздзинӕдтӕн куыд тынг аргъ кӕнынц, уый. Кханӕй рох не сты, ӕрыгонӕй йын чи ӕххуыс кодта, уыцы чырыстӕттӕ. Уый загъта: «Уацамынды-иу мӕ чи акодта, уыцы зынаргъ хотӕй тынг бузныг дӕн. Хӕдзармӕ-иу мӕм машинӕйыл ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу мӕ ракодтой, иумӕ-иу хӕргӕ дӕр бакодтам. Стӕй-иу мӕ уацамынды фӕстӕ хӕдзармӕ ӕрбаластой. Ныр ӕй ӕмбарын, уый сын афтӕ ӕнцон кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ бӕрӕг уыд, кӕй мӕ уарзынц, уый». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн нӕ уыдзӕн фадат нӕ хорздзинад нын истӕмӕй бафидынӕн. Кхан ма загъта: «Тынг мӕ фӕндид сӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ сын бафидын, фӕлӕ йӕ нӕ зонын, ныртӕккӕ кӕмыты цӕрынц, уый. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ зоны, ӕмӕ йӕм фӕкувын, цӕмӕй сын сӕ хорздзинӕдтӕ мӕ бӕсты бафида». Кхан раст загъта, иннӕтӕн гыццыл хорздзинад дӕр куы саразӕм, уӕд ӕй Йегъовӕ фены. Ахӕм хъуыддӕгтӕн тынг аргъ кӕны ӕмӕ сӕ нымайы, йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ бафида, ахӕм хӕсыл. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 19:17.)

Адӕймаджы куы фӕфӕнды Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын, уӕд фӕагуры фадӕттӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн (кӕс 12 абзац)

12. Ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у равдисын, ӕмбырд кӕй уарзынц, уый? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

12 Ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисын ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын? Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Джордан, зӕгъгӕ, хистӕр нӕлгоймаджы бафарста, йӕ бон куыд у ӕмбырды фылдӕр ӕххуыс кӕнын, уымӕй. Уый дзы раппӕлыд, нырмӕ йын цы бантыст, уый тыххӕй, ӕмӕ йын стӕй уынаффӕ радта. Загъта йын, зӕгъгӕ, дам-иу Паддзахады залмӕ рагацау ӕрбацу ӕмӕ-иу ӕмбырдмӕ чи ’рбацӕуа, уыдонӕн ӕгасцуай зӕгъ, ӕмбырдты дзуапп дӕтт, дӕ уацамындон къордимӕ хъусын кӕн, стӕй-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон цӕмӕй уаид иннӕтӕн баххуыс кӕнын. Джордан уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын куы райдыдта, уӕд ӕрмӕст цӕуылдӕрты нӕ сахуыр, фӕлӕ ма йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты дӕр тынгдӕр бауарзта. Джордан иу цыдӕр бамбӕрста: ӕфсымӕр хъуамӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕна, цалынмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр не суа, уӕдмӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ куы снысан кӕнынц, уӕд сын дарддӕр дӕр феххуыс кӕны (1 Тим. 3:8–10, 13).

13. Кристиан дарддӕр дӕр уарзондзинад кӕй ӕвдыста, уый йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй ногӕй хистӕр нӕлгоймаг суыдаид?

13 Чи зоны, раздӕр уыдтӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг, фӕлӕ ныр уыцы хӕстӕ нал ӕххӕст кӕныс. Йегъовӕйӕ рох нӕу дӕ фыдӕбон ӕмӕ, афтӕмӕй лӕггад кӕнгӕйӕ цы уарзондзинад равдыстай, уый (1 Кор. 15:58). Стӕй уыны, ныртӕккӕ дӕр уарзондзинад куыд ӕвдисыс. Ӕфсымӕр Кристианӕн тынг зын уыд, куы йын загътой, хистӕр нӕлгоймагӕй кӕй нал лӕггад кӕндзӕн, уӕд. Фӕлӕ уый йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ, уӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзынӕн ӕмӕ, мӕ бон цы у, уый араздзынӕн, хистӕр нӕлгоймаг уон ӕви ма уон, уӕддӕр. Цасдӕры фӕстӕ йӕ ногӕй хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой. Кристиан зӕгъы: «Иу гыццыл тыхстӕн, фӕлӕ стӕй ахъуыды кодтон: „Йегъовӕ мӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ногӕй хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнон. Ӕмӕ зӕрдиагӕй архайдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр уарзын ӕмӕ мӕ хоты ӕмӕ ме ’фсымӕрты дӕр“».

14. Гуырдзыстонӕй иу хойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

14 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ уарзынц иннӕ адӕмы дӕр (Матф. 22:37–39). Гуырдзыстонӕй иу хо, Еленӕ, загъта: «Раздӕр хорз хабар хъусын кодтон, Йегъовӕйы кӕй уарзын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Фӕлӕ мӕ уӕларвон Фыды цас тынгдӕр уарзтон, уыйас адӕмы дӕр тынгдӕр уарзын райдыдтон. Хъуыды-иу кодтон, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ аныхас кӕнын цӕуыл фӕндид, ууыл. Ӕмӕ-иу мӕ уӕд ноджы тынгдӕр бафӕндыд баххуыс сын кӕнын» (Ром. 10:13–15).

ИННӔТЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ ХӔССЫ АРФӔДЗИНӔДТӔ

Гӕнӕн ис, иу хорз хъуыддаг ӕрхӕсса арфӕдзинӕдтӕ бирӕтӕн (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15, 16. Ӕркӕс нывтӕм. Нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куы равдисӕм, уӕд уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы?

15 Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй куы равдисӕм, уӕд уый ӕрмӕст уыдонӕн не ’рхӕссы пайда. Коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд ӕфсымӕр Паоло ӕмӕ йӕ бинойнаг бирӕ ацӕргӕ хотӕн бацамыдтой, сӕ бон куыд у телефонты, планшетты кӕнӕ компьютерты фӕрцы хорз хабар хъусын кӕнын. Иу хойӕн фыццаг уый зын уыд. Фӕлӕ стӕй сарӕхст, ӕмӕ йӕ хиуӕтты ӕмӕ йӕ хӕстӕджыты Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхуыдта. Гъемӕ дзы 60 адӕймаджы видеоконференцийы фӕрцы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбаиу сты! Паоло ӕмӕ йӕ бинойнаг цы арӕзтой, уый пайда ӕрхаста уыцы хойӕн дӕр ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн дӕр. Фӕстӕдӕр Паоломӕ ныффыста: «Стыр бузныг уын, ацӕргӕтӕн уыдӕттӕ кӕй амонут, уый тыххӕй! Никуы ферох кӕндзынӕн Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ дӕр ӕмӕ уӕ хорздзинӕдтӕ дӕр!»

16 Ахӕм хабӕртты фӕрцы Паоло бамбӕрста ахсджиаг цыдӕр: уарзондзинад зонындзинӕдтӕй кӕнӕ курдиӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр у. Уый загъта: «Раздӕр лӕггад кодтон районон цӕстдарӕгӕй. Ӕмӕ мын, чи зоны, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ мӕ раныхӕстӕ нал хъуыды кӕнынц, фӕлӕ сӕ рох нӕу, куыд сын ӕххуыс кодтон, уый».

17. Нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куы равдисӕм, уӕд ма уый пайда кӕмӕн ӕрхӕссы?

17 Нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куы равдисӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕссы. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, уый уайтагъд ма бамбарӕм. Джонатан цӕры Ног Зеландийы. Иухатт сабаты федта, иу пионер иунӕгӕй куыд хъусын кодта, уый. Уыди тынг тӕвд бон. Гъемӕ Джонатан аскъуыддзаг кодта, алы сабаты дӕр уыцы ’фсымӕримӕ кӕй хъусын кӕндзӕн. Фӕлӕ уӕд йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, йӕ хорз хъуыддаг йӕхицӕн куыд фӕпайда уыдзӕн. Джонатан загъта: «Уыцы рӕстӕг хъусын кӕнын нӕ уарзтон. Фӕлӕ уыцы пионер рӕстдзинад куыд амоны ӕмӕ йӕ лӕггады куыд ӕнтыстджын у, уый уынгӕйӕ ӕз дӕр хъусын кӕнын бауарзтон. Стӕй уыцы ӕфсымӕр сси ме ’ввахс ӕмбал. Уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй мын мӕ лӕггад циндзинад хӕссын райдыдтаид ӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдаин».

18. Йегъовӕйы цы фӕнды?

18 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕтӕн дӕр нӕ уарзондзинад рӕза. Куыд базыдтам, афтӕмӕй, Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзыстӕм, йӕ Ныхас ын куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, стӕй йӕм ӕдзух куы кувӕм ӕмӕ йемӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты та тынгдӕр бауарздзыстӕм, куы сын ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕм, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд. Нӕ уарзондзинад куы рӕза, уӕд Йегъовӕмӕ дӕр ӕмӕ нӕ чырыстон бинонтӕм дӕр ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ ӕнустӕм дӕр уыдзыстӕм хӕлӕрттӕ!

109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм

a Уӕлдай нӕу, рӕстдзинады фӕндагыл ӕрӕджы ӕрлӕууыдыстӕм ӕви Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм. Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у архайын, цӕмӕй дарддӕр ива ӕмӕ йын фылдӕр ӕнтыса. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ нӕ уарзондзинад дарддӕр рӕза, ома Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕты бонӕй-бонмӕ фылдӕр уарзӕм. Ууыл дзырд цӕудзӕн ацы статьяйы. Ӕмӕ-иу ацы статья ӕвзаргӕйӕ ахъуыды кӕн, нырмӕ дын цы бантыст ӕмӕ ма дӕ бон ноджыдӕр тырнын цӕмӕ у, ууыл.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.