Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

32 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы хуызӕн ӕмбаргӕ у

Йегъовӕйы хуызӕн ӕмбаргӕ у

«Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр» (ФИЛ. 4:5).

89 ЗАРӔГ Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

Кӕцы бӕласы хуызӕн уыдзынӕ? (кӕс 1 абзац)

1. Чырыстӕтты бӕлӕстимӕ цӕмӕн ис абарӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

 ИС АХӔМ ӕмбисонд: «Тасгӕ чи кӕны, ахӕм бӕлас дымгӕ нӕ асӕтдзӕн». Тыхджын дымгӕ куы радымы, уӕд иуӕй-иу бӕлӕстӕ фӕратас-батас кӕнынц. Афтӕ куы нӕ кӕной, уӕд афӕлдӕхдзысты. Ӕмӕ цӕмӕй мах дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ «фӕтасӕм». Ома куыд? Хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ. Уыцы миниуӕг нӕ бахъӕудзӕн, нӕ царды-иу исты куы фӕива, уӕд, стӕй цӕмӕй иннӕты хъуыдыйӕн ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонӕн аргъ кӕнӕм.

2. Цавӕр миниуджытӕ нын баххуыс кӕндзысты, нӕ царды исты куы фӕива, уӕд ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбаргӕ уой? Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты ацы миниуджытӕ куыд баххуыс кодтой, сӕ царды цыдӕр куы фӕивта, уӕд. Стӕй ма фендзыстӕм, ацы миниуджытӕ махӕн куыд баххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл. Уыдон алы хъуыддаджы дӕр ӕвдисынц ӕмбаргӕдзинад.

ЙЕГЪОВӔ ӔМӔ ЙЕСО СТЫ ӔМБАРГӔ

3. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ ӕмбаргӕ кӕй у?

3 Библийы Йегъовӕ хуыйны «Къӕдзӕх», уымӕн ӕмӕ у фидар, ӕнӕфӕцудгӕ (Дык. з. 32:4). Фӕлӕ уыимӕ у ӕмбаргӕ. Ацы дунейы ӕдзух цыдӕртӕ фӕивы, ӕмӕ Хуыцау дӕр цӕттӕ вӕййы, цы хъӕуы, уый фӕивынмӕ, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна. Йегъовӕ адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ афтӕ конд стӕм, цӕмӕй-иу нӕ царды исты куы фӕива, уӕд-иу, цы хъӕуы, уый фӕивӕм ӕмӕ-иу ног уавӕртыл сахуыр уӕм. Стӕй Библийы ныффыссын кодта бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ нын уыдон баххуыс кӕнынц раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр. Йегъовӕ куыд фӕархайы, уымӕй ӕмӕ нын цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонӕй бӕрӕг у, «Къӕдзӕх» кӕй у, фӕлӕ ма уыимӕ кӕй у ӕмбаргӕ дӕр.

4. Йегъовӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс (Левит 5:7, 11).

4 Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, ӕмӕ алкӕддӕр равдисы ӕмбаргӕдзинад. Йегъовӕ карз, тызмӕг Хуыцау нӕу. Ахъуыды кӕнӕм, израилӕгтӕн цы закъон радта, ууыл. Уый нӕ домдта, цӕмӕй хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ ӕмхуызон нывӕндтӕ хастаиккой. Кӕцыдӕр уавӕрты-иу адӕймагӕн бар радта, цӕмӕй-иу нывондӕн ӕрхастаид, йӕ къух цы амыдта, уый. (Бакӕс Левит 5:7, 11.)

5. Йегъовӕ сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

5 Йегъовӕ у сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад уый тыххӕй равдисы. Зӕгъӕм, сӕрныллӕг кӕй у, уый равдыста, Содомы хӕлд адӕмы фесафынмӕ куы хъавыд, уӕд. Йӕ зӕдты уылты рӕстгӕнӕг Лотӕн загъта, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ хӕхтӕм алыгъдаид. Фӕлӕ Лот уымӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ нын бар ратт, цӕмӕй Сигормӕ алидзӕм. Сигор уыд гыццыл горӕт, ӕмӕ Йегъовӕ уый дӕр фесафынмӕ хъавыд. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Лотӕн зӕгъын, куыд дын загътон, афтӕ бакӕн, ӕмӕ ууыл ныхас фӕци, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый Лотмӕ байхъуыста, ӕмӕ уыцы горӕт нал фесӕфта (Райд. 19:18–22). Бирӕ ӕнусты фӕстӕ та Йегъовӕ Ниневийы цӕрджытӕм равдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Пехуымпар Ионӕйы сӕм арвыста, цӕмӕй сын фехъусын кодтаид, сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ горӕт дӕр се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ ниневиӕгтӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ Ниневи нал фесӕфта (Ионӕ 3:1, 10; 4:10, 11).

6. Йесо дӕр-иу Йегъовӕйы хуызӕн ӕмбаргӕдзинад кӕй равдыста, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

6 Йесо дӕр-иу Йегъовӕйы хуызӕн равдыста ӕмбаргӕдзинад. Уый ӕрвыст уыд, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид Израилы адӕмӕн – «сӕфт фыстӕн». Фӕлӕ уыцы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕвдыста, ӕмбаргӕ кӕй уыд. Иухатт ын, израилаг чи нӕ уыд, иу ахӕм сылгоймаг ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ, дам, мын «мӕ чызджы... хӕйрӕджытӕ удхарӕй марынц», ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕн. Йесо равдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ дзы уыцы сылгоймаг цы куырдта, уый сарӕзта – йӕ чызджы йын сдзӕбӕх кодта (Матф. 15:21–28). Иухатт та Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕнӕй афтӕ чи зӕгъа, ӕз ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ, уымӕй ӕз дӕр... зӕгъдзынӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ» (Матф. 10:33). Ӕмӕ кӕд Петр афтӕ ӕртӕ хатты загъта, уӕддӕр дзы Йесо нӕ загъта, зӕгъгӕ йӕ ӕз нӕ зонын. Йӕ къух ыл нӕ систа. Йесо зыдта, Петр зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йын фидар уырнындзинад кӕй ис. Йесо куы райгас, уый фӕстӕ Петрмӕ фӕзынд ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, загъта, кӕй йын ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ кӕй уарзы (Лук. 24:33, 34).

7. Филиппӕгтӕм 4:5 стихмӕ гӕсгӕ нӕ цы фӕнды?

7 Уӕдӕ федтам, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕмбаргӕ кӕй сты. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр ӕмбаргӕ уӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:5; кӕс фиппаинаг дӕр.) Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Иннӕтӕ мӕ ӕмбаргӕ, ӕнцондзырд ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй зонынц? Ӕви афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ карз, тызмӕг кӕнӕ хивӕнд адӕймаг дӕн? Иннӕтӕй фӕдомын, цӕмӕй алцыдӕр, мӕнмӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ кӕной? Ӕви иннӕтӕм дӕр байхъусын ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд, уыдоны куыд фӕфӕнды, афтӕ бакӕнын?» Ӕмбаргӕдзинад куы равдисӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хуызӕн кӕй стӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, ӕмбаргӕдзинад нӕ кӕм фӕхъӕуы, дыууӕ ахӕм уавӕрыл: нӕ царды исты куы фӕивы, стӕй иннӕты хъуыды нӕ хъуыдыйӕ куы фӕхицӕн кӕны ӕмӕ, иннӕтӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдон, мах цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдонӕй куы фӕхицӕн кӕнынц.

ДӔ ЦАРДЫ ИСТЫ КУЫ ФӔИВА

8. Нӕ царды исты куы фӕива, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

8 Нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд нӕ ӕмбаргӕдзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? Ахӕм уавӕрты, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыдыстӕм, ахӕм зындзинӕдтыл. Гӕнӕн ис, ссарой нӕм цавӕрдӕр низ. Кӕнӕ та, кӕм цӕрӕм, уым, чи зоны, экономикӕйы кӕнӕ политикӕйы уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ цард дӕр цӕхгӕр фӕивта (Еккл. 9:11; 1 Кор. 7:31). Адӕймагӕн йӕ лӕггады исты куы фӕивы, уӕд ын суанг уый дӕр хатт фӕлварӕн свӕййы. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ног уавӕртыл сахуыр уай? Цыппар хъуыддаджы: 1) хъуамӕ бамбарай, ныр дӕ уавӕртӕ ӕндӕрхуызон кӕй сты; 2) хъуыды кӕн, раздӕр цы арӕзтай, ууыл нӕ, фӕлӕ, ныр цы араздзынӕ, ууыл; 3) хъуыды кӕн, дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл ӕмӕ 4) иннӕтӕн хорздзинад араз b. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, ацы цыппар хъуыддаджы кӕмӕн баххуыс кодтой, цалдӕр ахӕм адӕймаджы хабармӕ.

9. Иу лӕг ӕмӕ усӕн цы баххуыс кодта ӕнӕнхъӕлӕджы зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн?

9 Хъӕуы бамбарын, ныр дӕ уавӕртӕ ӕндӕрхуызон кӕй сты. Эмануэлейы ӕмӕ Франческӕйы снысан кодтой миссионертӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ. Куыддӕр ног ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ ног ӕмбырдимӕ зонгӕ кӕнын райдыдтой, афтӕ райдыдта коронавирусы пандемийӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бон нал уыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕмбӕлын. Фӕстӕдӕр та Франческӕйӕн йӕ мад ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзиан. Франческӕйы тынг фӕндыд, цӕмӕй йӕ бинонты фарсмӕ уыдаид, фӕлӕ пандемийӕйы тыххӕй йӕ бон нӕ уыд хӕдзармӕ ацӕуын. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы зындзинӕдтӕ сфӕрӕзтаид? Фыццаг: Эмануэле ӕмӕ Франческӕ иумӕ Хуыцаумӕ куывтой ӕмӕ-иу дзы зонд куырдтой, цӕмӕй, дарддӕр цы уыдзӕн, ууыл ма мӕт кодтаиккой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты йӕ тӕккӕ афоныл дзуапп радта. Зӕгъӕм, тынг сӕ бафидар кодта, иу ӕфсымӕр йӕ интервьюйы цы загъта, уый: «Нӕ уавӕртыл тагъд куы сахуыр вӕййӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы циндзинад тагъддӕр фӕзыны, ӕмӕ нӕ бон вӕййы нӕ уавӕртӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ спайда кӕнын» c. Дыккаг: архайдтой, цӕмӕй сахуыр уыдаиккой телефонӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын, ӕмӕ ма сын суанг Библийы ахуыр дӕр фӕзынд. Ӕртыккаг: бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сын ӕххуыс кодтой ӕмӕ-иу сӕ ныфс бауагътой. Уымӕн тынг аргъ кодтой ӕмӕ сӕ уыдысты бузныг. Иу ӕрхъуыдыджын хо сӕм ӕнӕхъӕн аз алы бон дӕр ӕрвыста Библийы стих цымыдисаг хъуыдытимӕ. Мах дӕр-иу ног уавӕртыл куы сахуыр уӕм, уӕд-иу нын циндзинад хӕсдзӕн, уыцы уавӕрты нӕ бон цы у аразын, уый.

10. Иу хо, йӕ царды цы ивындзинад ӕрцыд, ууыл куыд сахуыр?

10 Хъуыды кӕн, раздӕр цы арӕзтай, ууыл нӕ, фӕлӕ, ныр цы араздзынӕ ӕмӕ дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл. Иу румынаг хо, Кристинӕ, цӕры Японийы. Раздӕр цыди англисаг ӕмбырдмӕ. Ӕмӕ сын куы загътой, уыцы ӕмбырд кӕй нал уыдзӕн, уӕд ын тынг зын уыд. Фӕлӕ Кристинӕ, раздӕр цы уыд, ууыл нӕ хъуыды кодта. Райдыдта япойнаг ӕмбырды лӕггад кӕнын ӕмӕ япойнаг ӕвзагыл хъусын кӕнын. Фӕндыди йӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый аразын. Ӕмӕ, раздӕр кӕимӕ куыста, иу ахӕм сылгоймагӕн загъта, цӕмӕй йӕ сахуыр кодтаид япойнагау хуыздӕр дзурын. Уыцы сылгоймаг сразы йемӕ япойнаг ӕвзаг ахуыр кӕныныл Библийы фӕрцы ӕмӕ, «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» чи хуыйны, уыцы брошюрӕйы фӕрцы. Кристинӕ япойнагау хуыздӕр дзурын райдыдта. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ уыцы сылгоймаджы бафӕндыд Библийы тыххӕй фылдӕр базонын. Ныртӕккӕ цы араздзыстӕм ӕмӕ нӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнӕнхъӕлӕджы ивындзинӕдтӕ, гӕнӕн ис, ӕрхӕссой ӕнӕнхъӕлӕджы арфӕдзинӕдтӕ.

11. Иу къайӕн цы баххуыс кодта, ӕхцайӕ куы фӕтыхстысты, уӕд?

11 Иннӕтӕн хорздзинад араз. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, иу ахӕм бӕстӕйы экономикӕйы кризисы тыххӕй иу къай, нӕ хо ӕмӕ не ’фсымӕр, ӕхцайӕ тынг фӕтыхстысты. Уыцы уавӕры сын цы баххуыс кодта? Фыццаг уый, ӕмӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой. Стӕй сӕхицӕн загътой, сӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр кӕй нӕ хъуыды кӕндзысты, фӕлӕ иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕндзысты, зӕгъӕм, хъусын кӕныны хъуыддаджы фылдӕр кӕй архайдзысты (Хъуыд. 20:35). Лӕг загъта: «Нӕ хъарутӕ хъусын кӕнынмӕ кӕй сарӕзтам, уый фӕрцы нын къаддӕр рӕстӕг уыд ӕвзӕр цӕуылдӕрты хъуыды кӕнынӕн. Ӕмӕ фылдӕр хъуыды кодтам Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл». Нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ахсджиаг кӕй у дарддӕр дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, уӕлдайдӕр та хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ.

12. Апостол Павелы цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн алыхуызон адӕмӕн ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнынӕн?

12 Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ сӕмбӕлӕм алыхуызон адӕмыл. Вӕййынц алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, алыхуызон динтыл ӕмӕ ӕгъдӕуттыл хӕст. Ӕмӕ хъуамӕ зонӕм, куыд хъӕуы алкӕимӕ дӕр ныхас кӕнын, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм. Уымӕй нын фӕзминаг у апостол Павел. Йесо йӕ снысан кодта «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостолӕй» (Ром. 11:13). Ӕмӕ Павел хъусын кодта дзуттӕгтӕн, грекъӕгтӕн, зондджын адӕмӕн ӕмӕ хуымӕтӕг хъӕуккаг адӕмӕн, хицӕуттӕн ӕмӕ паддзӕхтӕн. Цӕмӕй иутӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, уый тыххӕй «алыхуызон адӕмӕн дӕр» сси алцыдӕр (1 Кор. 9:19–23). Павел хъуыды кодта, цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, цӕуыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ цавӕр адӕмыхаттӕй уыдысты, ууыл, ӕмӕ-иу йӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ фӕивта. Мах дӕр куы хъуыды кӕнӕм, адӕмимӕ хуыздӕр цӕуыл уаид аныхас кӕнын, уӕд нын уацамынды бирӕ ӕнтысдзӕн.

ИННӔТЫ ХЪУЫДЫЙӔН АРГЪ КӔН

Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд иннӕты хъуыдыйӕн аргъ кӕндзыстӕм (кӕс 13 абзац)

13. 1 Коринфӕгтӕм 8:9 стихмӕ гӕсгӕ, нӕхи цӕмӕй бахиздзыстӕм, иннӕты хъуыдыйӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд?

13 Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд иннӕты хъуыдыйӕн дӕр аргъ кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, хотӕй иутӕ уарзынц сӕхи ахорын, иннӕтӕ та – нӕ. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ бӕрцӕй ануазынц, иннӕтӕ та аскъуыддзаг кодтой, нуазгӕ ӕппындӕр кӕй нӕ кӕндзысты. Чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уой, фӕлӕ иутӕ иухуызон хос кӕныны мадзӕлттӕ равзарынц, иннӕтӕ – ӕндӕрхуызон. Афтӕ нӕм хъуамӕ ма кӕса, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр нӕ хъуыды у раст ӕмӕ иннӕтӕн, мах цы аразӕм, уый хъуамӕ ма аразын кӕнӕм. Кӕннод, гӕнӕн ис, искӕмӕн цӕлхдур суӕм ӕмӕ ӕмбырд дӕр ныддихтӕ уа. Уый та нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕнды! (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 8:9; 10:23, 24.) Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм дыууӕ уавӕрмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ-иу фарн бахъахъхъӕнӕм.

Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд иннӕты хъуыдыйӕн аргъ кӕндзыстӕм (кӕс 14 абзац)

14. Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй не ’ддаг бакаст, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, ахӕм уа?

14 Уӕлӕдарӕс ӕмӕ ӕддаг бакаст. Цы хъуамӕ дарӕм, уый фӕдыл нын Йегъовӕ дуне закъӕттӕ нӕ радта, фӕлӕ нын радта уагӕвӕрдтӕ. Хъуамӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ конд уӕм. Нӕ уӕлӕдарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, «хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ» кӕй стӕм (1 Тим. 2:9, 10; 1 Пет. 3:3). Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу адӕмы нӕхимӕ ӕркӕсын кӕнӕм. Библийы уагӕвӕрдтӕ ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу ӕмбырды сӕхи закъӕттӕ ма ӕрфидар кӕной, хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ конд ӕмӕ сӕ сӕрыфаст цавӕр хъуамӕ уа, уый фӕдыл. Зӕгъӕм, иу ӕмбырды ӕрыгон ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты модӕмӕ гӕсгӕ сӕ сӕртӕ уыдысты цыбыр ӕлвыд, фӕлӕ пехцел. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд уыд уыцы ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын, цавӕрдӕр закъон ма ’рфидар кодтаиккой, афтӕмӕй? Районон цӕстдарӕг сын загъта: «Уыцы ӕрыгон ӕфсымӕртӕн ис афтӕ зӕгъӕн: „Сценӕйыл куы уат ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, цы дзурут, уымӕ куы нӕ хъусой, фӕлӕ фылдӕр уе ’ддаг бакастыл куы хъуыды кӕной, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы, уӕ конд ӕмӕ уӕ уынд цыхуызӕн у, ууыл“». Уыцы хуымӕтӕг уынаффӕйы фӕрцы ӕрыгон ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, цы сӕ хъӕуы фӕивын, уый. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты закъӕттӕ ӕвӕрын нӕ бахъуыд d.

Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд иннӕты хъуыдыйӕн аргъ кӕндзыстӕм (кӕс 15 абзац)

15. Цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ Библийӕ цавӕр закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ фӕархайӕм? (Ромӕгтӕм 14:5).

15 Ӕнӕниздзинад. Алы чырыстон дӕр-иу хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ ӕнӕниздзинадимӕ баст фарстаты фӕдыл (Гал. 6:5). Нӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзыстӕм, уымӕ чи хауы, ахӕм закъӕттӕ Библийы цалдӕр йеддӕмӕ нӕй. Зӕгъӕм, Хуыцау загъта, нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм тугӕй ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕй (Хъуыд. 15:20; Гал. 5:19, 20). Ӕндӕр хосгӕнӕн мадзӕлтты фӕдыл та хъуамӕ алчидӕр йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ. Иутӕ ӕрмӕст дохтыртыл ӕууӕндынц. Иннӕтӕ та сӕхи ӕндӕрхуызон фӕдзӕбӕх кӕнынц. Цавӕрдӕр хос кӕныны мадзал нӕм цыфӕнды раст ма кӕса, уӕддӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа: нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн уый бар ис, цӕмӕй се ’нӕниздзинады фӕдыл сӕхӕдӕг хӕссой уынаффӕтӕ. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм цыппар хъуыддаджы. Фыццаг: низтӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад скӕндзӕн кӕрон (Ис. 33:24). Дыккаг: алы чырыстон дӕр хъуамӕ хорз зона, йӕхицӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, уый. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:5.) Ӕртыккаг: хъуамӕ иннӕтӕн ма тӕрхон кӕнӕм ӕмӕ сын цӕлхдур ма суӕм (Ром. 14:13). Цыппӕрӕм: чырыстӕттӕ кӕрӕдзийы уарзынц, ӕмӕ кӕд сӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын, уӕддӕр ӕй ӕмбарынц, ахсджиагдӕр кӕй у ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕнын (Ром. 14:15, 19, 20). Ацы цыппар хъуыддаджы нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ алкӕддӕр уыдзыстӕм ӕнгом ӕмӕ ӕмбырды фарн бахъахъхъӕндзыстӕм.

Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд иннӕты хъуыдыйӕн аргъ кӕндзыстӕм (кӕс 16 абзац)

16. Хистӕр нӕлгоймаг иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ исты скъуыддзаг кӕнгӕйӕ куыд равдисдзӕн, ӕмбаргӕ кӕй у, уый? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

16 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’мбаргӕдзинадӕй хъуамӕ иннӕтӕн фӕзминаг уой (1 Тим. 3:2, 3). Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕмӕ-иу иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ алы хатт дӕр йӕ хъуыдыйыл сразы уой, уыдонӕй хистӕр кӕнӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕй у, уый тыххӕй. Хъуамӕ ӕмбара: Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хистӕр нӕлгоймӕгты советӕй кӕцыфӕнды ӕфсымӕрӕн дӕр ахӕм хъуыды зӕгъын кӕна, ӕмӕ уый фӕрцы рахӕсдзысты раст уынаффӕ. Ӕмӕ кӕд, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр цы уынаффӕ рахастой, уый Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ нӕу, уӕд ӕмбаргӕ хистӕр нӕлгоймаг уыцы уынаффӕйыл ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй сразы уыдзӕн, йӕхӕдӕг ӕндӕрхуызон куы хъуыды кӕна, уӕддӕр.

ӔМБАРГӔДЗИНАД ХӔССЫ БИРӔ АРФӔДЗИНӔДТӔ

17. Ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты?

17 Ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ вӕййынц нӕ хорз хӕлӕрттӕ ӕмӕ ӕмбырды вӕййы фарн. Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, Йегъовӕйӕн иу бинонтау кӕй лӕггад кӕнӕм, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй стӕм ӕмӕ удыхъӕдӕй дӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнӕм, уӕддӕр. Ӕппӕты ӕхсызгондӕр та нын уый у, ӕмӕ стӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн ӕмбаргӕ.

90 ЗАРӔГ Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм

a Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сты ӕмбаргӕ. Ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй махмӕ дӕр уыцы миниуӕг уа. Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, нӕ царды-иу исты куы фӕива, уӕд, зӕгъӕм, не ’нӕниздзинад куы фӕцуда кӕнӕ ӕхцайӕ куы фӕтыхсӕм. Стӕй уӕд нӕ бон уыдзӕн ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад бахъахъхъӕнын.

b Кӕс статья «Как относиться к изменениям в жизни», 2016 азы «Пробудитесь!», № 4.

c Цӕмӕй ацы видеороликмӕ бакӕсай, уый тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org ӕмӕ, «Ссар» фыст кӕм ис, уым ныффысс «Интервью Дмитрий Михайловимӕ».

d Не ’ддаг бакаст цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй фылдӕр кӕс чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 52 урочы.