Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ дӕ?

Стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ дӕ?

«Уӕхи цӕттӕ дарут» (МАТФ. 24:44).

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Дӕхи цавӕрдӕр бӕллӕхмӕ бацӕттӕ кӕнай, уый зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

 ИСТЫ бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд арӕхдӕр, цӕттӕ чи вӕййы, уыдон аирвӕзынц ӕмӕ ма сӕ бон вӕййы иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын. Иу европӕйаг гуманитарон организаци загъта: «Адӕймаг ахӕм хабӕрттӕм йӕхи хорз куы бацӕттӕ кӕны, уӕд уымӕй бирӕ кӕнгӕ вӕййы».

2. Нӕхи «стыр бӕллӕхмӕ» цӕмӕн хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм? (Матфейы 24:44).

2 «Стыр бӕллӕх» ӕнӕнхъӕлӕджы райдайдзӕн (Матф. 24:21). Фӕлӕ иннӕ бӕллӕхтӕй уӕлдай, уый се ’ппӕты ӕдзӕттӕйӕ не ’рӕййафдзӕн. Иу-2 000 азы размӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бонмӕ сӕхи бацӕттӕ кӕной. (Бакӕс Матфейы 24:44.) Цӕттӕ куы уӕм, уӕд нын уыцы уӕззау рӕстӕджы иузӕрдионӕй баззайын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕмӕ ма нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын (Лук. 21:36).

3. Фидардзинад ӕмӕ нӕм уарзондзинад куы уа ӕмӕ кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ куы исӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ уӕм?

3 Аныхас кӕнӕм, цавӕр ӕртӕ миниуӕджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ уӕм. Карз тӕрхоны хабар куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕуырнджытӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? (Рарг. 16:21). Мах хъӕудзӕн фидардзинад, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ууыл. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕнӕ ницӕмӕй куы баззайой, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? (Ав. 3:17, 18). Хъуамӕ-иу сын сӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм ӕмӕ-иу сын баххуыс кӕнӕм. Ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа ӕмӕ нӕ цасдӕр рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ иумӕ иу ран цӕрын куы бахъӕуа, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм? (Йез. 38:10–12). Хъӕудзӕн нӕ тыхджын уарзондзинад, цӕмӕй иууылдӕр уыцы уӕззау рӕстӕджы иузӕрдионӕй баззайӕм.

4. Библийӕ куыд у бӕрӕг, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ ноджы тынгдӕр исӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ноджы тынгдӕр уарзӕм?

4 Хуыцауы Ныхас нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ ноджы тынгдӕр исӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ноджы тынгдӕр уарзӕм. Лукайы 21:19 стихы фыст ис: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ». Колоссӕгтӕм 3:12 стихы фыст ис: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын». Ӕмӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 4:9, 10 стихты та фыст ис: «Хуыцау [уӕ] йӕхӕдӕг ахуыр кӕны уӕ кӕрӕдзийы уарзын. [...] Фӕлӕ уын уый фӕдзӕхсӕм, не ’фсымӕртӕ, цӕмӕй уӕ уарзондзинад уа ноджы тыхджындӕр». Ацы стихты ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты чырыстӕттӕн. Уыдон уыцы миниуджытӕ уӕдмӕ дӕр ӕвдыстой, фӕлӕ сӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр сӕ удыхъӕды фидар кодтаиккой. Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, 1 ӕнусы чырыстӕттӕ уыцы миниуджытӕ куыд ӕвдыстой, ууыл. Стӕй фендзыстӕм, нӕ бон сӕ куыд у бафӕзмын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ уӕм.

ФИДАРДЗИНАД

5. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы ӕххуыс кодта фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн?

5 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты хъуыди фидардзинад (Дзут. 10:36). Уыдон дӕр ӕмбӕлдысты, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, ахӕм зындзинӕдтыл. Фӕлӕ ма сын ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр уыд. Бирӕтӕн сӕ ныхмӕ ӕрмӕст дзуттаг дины разамонджытӕ ӕмӕ Ромы хицауад нӕ цыдысты, фӕлӕ ма сӕ бинонтӕ дӕр (Матф. 10:21). Уымӕй уӕлдай ма сӕ хъуыди, раст дин чи ныууагъта, уыдоны мӕнг ахуырӕдтӕй сӕхи хизын, цӕмӕй ӕмбырд ма ныддихтӕ уыдаид (Хъуыд. 20:29, 30). Уыцы чырыстӕттӕ фидар фӕлӕууыдысты (Рарг. 2:3). Цы сын баххуыс кодта? Уыдон-иу хъуыды кодтой рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтыл, зӕгъӕм, Иовы цӕвиттоныл (Иак. 5:10, 11). Хуыцауӕй куырдтой тых фидар фӕлӕууынӕн (Хъуыд. 4:29–31). Ӕмӕ-иу сӕ зӕрдыл дардтой, фидар куы фӕлӕууой, уӕд сӕ Йегъовӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Хъуыд. 5:41).

6. Меритӕйӕн цы баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

6 Библийы ӕмӕ нӕ публикациты ис, фӕлварӕнты-иу фидар чи фӕлӕууыд, ахӕм лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ. Сӕ хабӕрттӕ сын арӕх куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн. Уый баххуыс кодта Меритӕйӕн дӕр. Уый цӕры Албанийы. Йӕ бинонтӕ йӕ карзӕй ӕфхӕрдтой. Меритӕ загъта: «Мӕ зӕрдӕ мын тынг бацагайдта Иовы хабар. Цас цыдӕртӕ бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр загъта: „Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!“ (Иов 27:5). Ӕмӕ ма йӕ зонгӕ дӕр нӕ кодта, йӕ зындзинӕдты аххосджын чи уыд, уый. Ӕз ахъуыды кодтон, мӕ зындзинӕдтӕ йӕ зындзинӕдты раз кӕй ницы сты. Стӕй Иовӕй уӕлдай ӕз зыдтон, уыдӕттӕ кӕй тыххӕй ӕвзарын, уый».

7. Кӕд ныртӕккӕ уӕззау фӕлварӕныл не ’мбӕлӕм, уӕддӕр цӕуыл хъуамӕ сахуыр уӕм?

7 Цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъӕуы ӕдзух Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йын дзурын, цӕуыл тыхсӕм, уыдӕттӕ (Фил. 4:6; 1 Фес. 5:17). Чи зоны, ныртӕккӕ уӕззау фӕлварӕныл не ’мбӕлыс. Фӕлӕ уӕддӕр, истӕуыл куы фӕтыхсыс, дӕ ныфс куы асӕтты кӕнӕ, куыд бакӕнай, уый куы нӕ фӕзоныс, уӕд Йегъовӕйӕ разамынд фӕкурыс? Ӕвӕццӕгӕн, алы бон дӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлыс. Ӕмӕ ӕдзух Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курай, уӕд фидӕны дӕр стырдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ афтӕ кӕндзынӕ. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Йегъовӕ йӕ хорз кӕй зоны, кӕд дын баххуыс кӕна ӕмӕ дын куыд баххуыс кӕна (Пс. 27:1, 3).

ФИДАРДЗИНАД

Иу фӕлварӕны фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын иннӕ фӕлварӕн сфӕразын ӕнцондӕр вӕййы (кӕс 8 абзац)

8. Мирӕйы хабарӕй куыд у бӕрӕг, абон-иу фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын уый фидӕны дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн? (Иаковы 1:2–4). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Абон-иу фӕлварӕнты рӕстӕг фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын фидӕны стыр бӕллӕхы рӕстӕг фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн (Ром. 5:3). Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ радзырдтой, иу зын уавӕр-иу куы сфӕрӕзтой, уӕд-иу сын уый кӕй баххуыс кодта иннӕ зын уавӕры дӕр фидар фӕлӕууынӕн. Уый фӕрцы-иу сӕ ноджы тынгдӕр бауырныдта, Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Ӕмӕ сын уыцы уырнындзинад та ӕххуыс кодта иннӕ фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн. (Бакӕс Иаковы 1:2–4.) Мирӕ цӕры Албанийы. Уый лӕггад кӕны пионерӕй. Уӕззау уавӕрты-иу фидар кӕй фӕлӕууыд, уый йын баххуыс кӕны, ныр дӕр фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлы, уӕд. Уый загъта, иуӕй-иу хатт ӕм афтӕ кӕй фӕкӕсы, ӕмӕ уымӕй фылдӕр зындзинӕдтӕ никӕмӕн ис. Фӕлӕ стӕй ахъуыды кӕны, Йегъовӕ йын 20 азы дӕргъы куыд ӕххуыс кодта, ууыл ӕмӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: «Дарддӕр дӕр фидар лӕуу. Йегъовӕйӕн цал азы фӕлӕггад кодтай ӕмӕ йӕ фӕрцы цал тохы фӕуӕлахиз дӕ! Уыдӕттӕ дзӕгъӕлы ма фӕуӕнт». Ды дӕр-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ дын нырмӕ дӕр куыд ӕххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд ӕй зондзынӕ, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕппӕт дӕр сфӕразай, ӕмӕ дӕ фӕнддзӕн кӕронмӕ дӕр фидар фӕлӕууын. Фӕлварӕны фидар куы фӕлӕууыс, уӕд ӕй Йегъовӕ алы хатт дӕр фены, ӕмӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн (Матф. 5:10–12).

КӔРӔДЗИЙЫ ЗЫН-ИУ НӔ ЗӔРДӔМӔ АРФ АЙСӔМ

9. Сириаг Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕ куыд равдыстой, сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты зын сӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй айстой, уый?

9 Иухатт Иудейӕйы скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг. Сириаг Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕ уый тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты зын сӕ зӕрдӕмӕ арф айстой, ӕмӕ уый хъуыддагӕй равдыстой. Уыдон «бауынаффӕ кодтой, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас у, уыйас кӕй ратдзӕн, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕной» (Хъуыд. 11:27–30). Кӕд Иудейӕ сириаг Антиохийӕ дард уыд, уӕддӕр Антиохийы цӕрӕг чырыстӕтты фӕндыд сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын (1 Иоан. 3:17, 18).

КӔРӔДЗИЙЫ ЗЫН НӔ ЗӔРДӔМӔ ИСӔМ

Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд нӕ бон вӕййы равдисын, иннӕты зын нӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй айстам (кӕс 10 абзац)

10. Цавӕрдӕр бӕллӕх не ’мчырыстӕттӕн зиан куы ’рхӕссы, уӕд нӕ бон куыд вӕййы равдисын, сӕ зын сын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстам? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Махӕн дӕр нӕ бон вӕййы равдисын, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты зын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм. Ӕрдзон бӕллӕх кӕнӕ сын ӕндӕр бӕллӕх зиан куы ’рхӕссы, уӕд сын уайтагъд, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй баххуыс кӕнӕм. Иуӕй-иутӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзӕгъынц, сӕ бон кӕй у, кӕм хъӕуы, уым баххуыс кӕнын. Стӕй ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ фӕдӕттӕм ӕмӕ, бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уым чи цӕры, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй фӕкувӕм (Ӕмб. 17:17) b. 2020 азы нӕ организаци ӕгас дунейы дӕр скодта, бӕллӕхты рӕстӕг чи феххуыс кӕны, ахӕм комитеттӕ 950-йӕ фылдӕр. Уыцы комитеттӕ ӕххуыс кодтой, коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг ӕххуыс кӕй хъуыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Мах тынг бузныг стӕм, уыцы комитеттимӕ чи ӕмгуыст кӕны, уыдонӕй! Сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты зын сӕ зӕрдӕмӕ арф айсынц ӕмӕ сӕм, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ фӕхӕццӕ кӕнынц, стӕй сын сӕ уырнындзинад фӕфидар кӕнынц. Кӕмдӕрты та бахъӕуы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ сцалцӕг кӕнын кӕнӕ сӕ ногӕй саразын. (Абар 2 Коринфӕгтӕм 8:1–4.)

11. Кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй айсӕм, уымӕй нӕ уӕларвон Фыды куыд скадджын кӕнӕм?

11 Бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд уый иннӕтӕ дӕр бафиппайынц. Зӕгъӕм, 2019 азы тыхдымгӕ «Дориан» ныппырх кодта Паддзахады зал Багамӕйы сакъадӕхтыл. Уыцы зал ногӕй чи арӕзта, уыцы ӕфсымӕрты кӕцыдӕр куыстытӕ бакӕнынӕн хъуыди ӕндӕр искӕй баххуырсын. Кӕимӕ баныхас кодтой, уый Ӕвдисӕн нӕ уыд. Ӕфсымӕртӕ йӕ куы бафарстой, цас, дам, хъӕудзӕн бафидын, уӕд сын уый загъта: «Кусӕнгӕрзтӕн дӕр, куыстӕн дӕр ӕмӕ ӕрмӕгӕн дӕр фидын нӕ хъӕуы. Фӕнды мӕ уӕ организацийӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын. Уӕ кӕрӕдзийӕн куыд стут, уый мӕ дисы бафтыдта». Зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы нӕ зонынц, фӕлӕ бирӕтӕ фенынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ. Ахъуыды-ма кӕн, кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй айсӕм, уый уынгӕйӕ, гӕнӕн ис, исчи «нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцаумӕ» ӕрбаввахс уа. Уый махӕн стыр кад куыннӕ у! (Еф. 2:4).

12. Абон дӕр кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ арф куы исӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ уӕм? (Раргомад 13:16, 17).

12 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг ахсджиаг цӕмӕн уыдзӕн иннӕты зын нӕ зӕрдӕмӕ исын? Библийӕ зонӕм, ацы дунейы хицауӕдты фарс чи нӕу, уыдон ныр дӕр ӕмӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзардзысты. (Бакӕс Раргомад 13:16, 17.) Гӕнӕн ис, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, цӕрынӕн сӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр ма уа, ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн не ’ххуыс. Мах фӕнды, цӕмӕй, нӕ Паддзах Йесо Чырысти тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд фена, кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй исӕм. Ӕмӕ нын уӕд зӕгъдзӕн: «Бынӕн райсут... паддзахад» (Матф. 25:34–40).

УАРЗОНДЗИНАД

13. Ромӕгтӕм 15:7 стихы цы уынаффӕ ис, уый фыццаг чырыстӕттӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уарзондзинады тӕгтӕ фидардӕр кодтаиккой?

13 1 ӕнусы чырыстӕтты базонӕн уыди сӕ уарзондзинадӕй. Фӕлӕ сын цымӕ ӕнцон уыд кӕрӕдзийы уарзын? Ромы ӕмбырды уыди алыхуызон адӕм. Уыди дзы дзуттӕгтӕ, ӕмӕ уыдон раздӕр цардысты Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ. Чидӕртӕ дзы уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй, ӕмӕ уыдон та ӕндӕр ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ схъомыл сты. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты цагъартӕ, иннӕтӕ – сӕрибар адӕм, кӕмӕндӕрты та, ӕвӕццӕгӕн, сӕхицӕн уыд цагъартӕ. Кӕд уыцы чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой, уӕддӕр сын цы баххуыс кодтаид, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзтаиккой? Апостол Павел сын бафӕдзӕхста: «Уӕ кӕрӕдзийыл... узӕлут [комк. «суазӕг кӕнут»]». (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:7.) Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? «Суазӕг кӕнын»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «искӕуыл бацин кӕнын» кӕнӕ «уазӕгуарзондзинад равдисын», зӕгъӕм, искӕй хӕдзармӕ фӕхонын кӕнӕ уый дӕр ӕмбалыл банымайын. Зӕгъӕм, Филимонӕн уыд цагъар – Онисим. Иухатт дзы алыгъд, фӕлӕ йӕм фӕстӕдӕр ӕрбаздӕхт. Ӕмӕ Павел Филимонӕн загъта, цӕмӕй йыл бацин кодтаид (Филим. 17). Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ та сӕхимӕ фӕхуыдтой Аполлосы. Уый чырыстон дины тыххӕй уыдонӕй къаддӕр зыдта, ӕмӕ йӕ «семӕ ракодтой» (Хъуыд. 18:26). Кӕд Ромы ӕмбырды алыхуызон чырыстӕттӕ уыд, уӕддӕр уый тыххӕй нӕ ныддихтӕ сты, фӕлӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цардысты.

УАРЗОНДЗИНАД

Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзондзинад нын ӕххуыс кӕны фидар фӕлӕууынӕн (кӕс 15 абзац)

14. Аннӕ ӕмӕ йӕ сӕрыхицау куыд равдыстой, сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый?

14 Мах дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг куы ’рвитӕм ӕмӕ-иу семӕ куы балымӕн уӕм, уӕд равдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый. Ӕмӕ нын уӕд уыдон дӕр сӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕндзысты (2 Кор. 6:11–13). Ӕркӕсӕм Аннӕйы ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы хабармӕ. Уыдон лӕггад кодтой миссионертӕй Африкӕйы. Фӕстӕдӕр сӕ снысан кодтой ӕндӕр африкаг бӕстӕмӕ, ӕмӕ уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр райдыдта коронавирусы пандемийӕ. Уый тыххӕй сӕ бон нӕ уыд сӕ ног ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фембӕлын. Уӕдӕ сӕ бон куыд уыд равдисын, сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый? Семӕ-иу видеоконференцийы фӕрцы баиу сты ӕмӕ-иу семӕ аныхӕстӕ кодтой. Загътой-иу сын, тынг сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ хуыздӕр базоной. Се ’мбырдӕй бирӕ бинонтӕн уый сӕ зӕрдӕтӕ тынг бацагайдта. Ӕмӕ-иу сӕм уыдон дӕр ӕрбадзырдтой кӕнӕ-иу сӕм телефонӕй истытӕ ныффыстой. Уыцы миссионертӕ афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн архайдтой? Аннӕ загъта: «Никуы мӕ ферох уыдзӕн, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ мӕнмӕ дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕм дӕр цы уарзондзинад равдыстой, уый. Нӕ циныл цин кодтой, нӕ мастыл – маст. Ӕмӕ мӕн дӕр фӕндыд ахӕм уарзондзинад ӕвдисын».

15. Ванессӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй алкӕй дӕр уарзтаид, ӕмӕ йӕ дӕ бон куыд у бафӕзмын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Не ’мбырдты ис алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Сӕ хорз миниуджытӕ сын куы уынӕм, уӕд се ’ппӕты дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм. Хо Ванессӕ лӕггад кӕны Ног Зеландийы. Йе ’мбырды-иу кӕимӕдӕрты нӕ фидыдта. Фӕлӕ стӕй ахъуыды кодта, йӕхи сӕ дард кӕй нӕ ласдзӕн, фӕлӕ семӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй ӕрвитдзӕн. Уый фӕрцы бамбӕрста, Йегъовӕ сӕ цӕмӕн уарзы, уый. Ванессӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау районон цӕстдарӕг куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы фылдӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл ӕмбӕлӕм, ӕмӕ уыдон дӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ ныр мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, иухуызон кӕй не стӕм, уый. Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕхимӕ ӕрбакодта алыхуызон адӕмы». Мах дӕр куы фӕархайӕм, цӕмӕй иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, уӕд равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм (2 Кор. 8:24).

Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ дарддӕр дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд (кӕс 16 абзац)

16. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг тынг ахсджиаг цӕмӕн уыдзӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

16 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг тынг ахсджиаг уыдзӕн нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын. Уыцы бӕллӕх куы райдайа, уӕд нӕ Йегъовӕ куыд бахъахъхъӕндзӕн? Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы адӕм цы хъуамӕ арӕзтаиккой, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилонмӕ куы бабырстой, уӕд. Йегъовӕ сын загъта: «Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа» (Ис. 26:20). Ӕвӕццӕгӕн, стыр бӕллӕхы рӕстӕг мах дӕр афтӕ бакӕнын хъӕудзӕн. «Мидӕггаг уӕттӕ», чи зоны, амонынц не ’мбырдтӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, дарддӕр дӕр ын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ фаг нӕу, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕнӕуи быхсӕм. Хъуамӕ сӕ тынг уарзӕм, ӕмӕ ууыл ныртӕккӕ хъӕуы архайын. Гӕнӕн ис, нӕ ирвӕзындзинад уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн.

ДӔХИ НЫРТӔККӔ БАЦӔТТӔ КӔН

17. Стыр бӕллӕхмӕ нӕхи ныр куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ бон цы бауыдзӕн?

17 «Йегъовӕйы стыр бон» куы ралӕууа, уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (Соф. 1:14, 15). Йегъовӕйы адӕм дӕр ӕмбӕлдзысты зындзинӕдтыл. Фӕлӕ нӕхи ныр куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уӕззау уавӕрты куы уой, уӕд-иу сын сӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ арф айсдзыстӕм ӕмӕ-иу сын баххуыс кӕндзыстӕм. Ӕмӕ абон тынг куы архайӕм, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, уӕд сыл стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр ӕнувыд уыдзыстӕм ӕмӕ сӕ уарздзыстӕм. Уӕд нӕ Йегъовӕ бакӕндзӕн ног дунемӕ ӕмӕ нӕ схайджын кӕндзӕн ӕнӕкӕрон цардӕй. Уым нӕ ферох уыдзысты ӕппӕт бӕллӕхтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ дӕр! (Ис. 65:17).

144 ЗАРӔГ Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

a Тагъд стыр бӕллӕх райдайдзӕн. Уый уыдзӕн зӕххыл ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг. Ӕмӕ цӕмӕй, уӕд цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдонмӕ цӕттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа фидардзинад, хъуамӕ кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ исӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: 1 ӕнусы чырыстӕттӕ цы арӕзтой, цӕмӕй сӕм уыцы миниуджытӕ уыдаиккой? Махӕн дӕр нӕ бон куыд у уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын? Ӕмӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ уӕм?

b Кӕд дӕ фӕнды, ӕрдзон бӕллӕх кӕм ӕрцыд, ахӕм ран баххуыс кӕнын, уӕд уал фыццаг байдзаг кӕн «Заявление на служение добровольцем в программе местного проектно-строительного отдела» (DC-50) кӕнӕ «Заявление на добровольное служение» (A-19). Стӕй дӕ хъӕудзӕн банхъӕлмӕ кӕсын, кӕд дӕ фӕхондзысты, уымӕ.