Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

31 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ»

«Ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ»

«Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (1 КОР. 15:58).

122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Чырыстоны тынг бӕрзонд агъуыстимӕ цӕмӕн ис абарӕн? (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

 1978 азы Японийы, горӕт Токиойы сарӕзтой 60-уӕладзыгон агъуыст. Адӕм хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, ам зӕххӕнкъуыстытӕ арӕх вӕййы, ӕмӕ нӕ ныккӕлдзӕн? Фӕлӕ дзӕгъӕлы мӕт кодтой. Инженертӕ йын зыдтой йӕ сусӕгдзинад. Йӕ проект ын афтӕ скодтой, ӕмӕ иуӕй фидар арӕзт у, иннӕмӕй та, зӕхх куы змӕла, уӕд уый дӕр змӕлдзӕн, фӕлӕ нӕ ныккӕлдзӕн. Чырыстӕттӕ дӕр сты уыцы агъуысты хуызӕн. Цымӕ цӕмӕй?

2 Чырыстон хъуамӕ зона, фидар кӕм хъуамӕ уа ӕмӕ-иу кӕм хъуамӕ фӕтаса. Дзырд Йегъовӕйы закъӕттыл ӕмӕ уагӕвӕрдтыл куы цӕуа, уӕд хъуамӕ алкӕддӕр уа фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58.) Хъуамӕ Хуыцаумӕ хъуса ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕмӕй йын исты куы аразын кӕной, уӕд-иу хъуамӕ басӕттын ма бакома (Хъуыд. 5:29). Иннӕмӕй та хъуамӕ уа «ӕмбаргӕ», кӕнӕ «ӕнцондзырд, ӕнцонтасӕн», ома, гӕнӕн куы уа кӕнӕ уавӕр куы дома, уӕд-иу хъуамӕ йӕхи ныхасыл ма ныллӕууа (Иак. 3:17). Ахӕм чырыстон нӕдӕр ӕгӕр карз уыдзӕн, нӕдӕр ӕгӕр фӕлмӕн. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уӕм. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, Хӕйрӕг цавӕр фондз мадзалӕй пайда кӕны, цӕмӕй нӕ фӕцудын кӕна. Ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын.

ЦАВӔР ХЪУЫДДӔГТЫ ХЪУАМӔ УӔМ ӔНӔФӔЦУДГӔ?

3. Сӕйраг Закъонӕвӕрӕг Хъуыддӕгты 15:28, 29 стихты цавӕр закъӕттӕ ныффыссын кодта?

3 Йегъовӕ у Сӕйраг Закъонӕвӕрӕг, ӕмӕ, йӕ адӕмӕн цы закъӕттӕ ратты, уыдон алкӕддӕр вӕййынц ӕнцонӕмбарӕн (Ис. 33:22). Зӕгъӕм, 1 ӕнусы разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, чырыстӕттӕ цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уой фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. Ракодтой ӕртӕ хъуыддаджы кой: 1) хъуамӕ сӕхи хизой мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй ӕмӕ кувой ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн; 2) туг табуйагыл нымайой ӕмӕ 3) сӕхи хизой хӕтындзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29.) Абон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у ацы ӕртӕ хъуыддаджы Йегъовӕйы коммӕ кӕсын?

4. Цӕмӕй у бӕрӕг, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй кувӕм, уый? (Раргомад 4:11).

4 Нӕхи хизӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй ӕмӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн. Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уымӕн куывтаиккой (Дык. з. 5:6–10). Ӕмӕ Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ын Йесо фидарӕй загъта, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ кувӕм (Матф. 4:8–10). Уымӕ гӕсгӕ мах мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ кувӕм, стӕй адӕмӕй дӕр хуыцӕуттӕ нӕ аразӕм – нӕдӕр дины разамонджытӕй, нӕдӕр политиктӕй, нӕдӕр зындгонд спортсментӕй, артисттӕй кӕнӕ музыканттӕй. Мах слӕууыдыстӕм Йегъовӕйы фарс, «ӕмӕ ӕппӕт дӕр» чи сфӕлдыста, ӕрмӕстдӕр уыцы Хуыцауӕн кувӕм. (Бакӕс Раргомад 4:11.)

5. Цард ӕмӕ туг табуйагыл цӕмӕн нымайӕм?

5 Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цард ӕмӕ туг нымайӕм табуйагыл. Йегъовӕ загъта, туг кӕй амоны цардмӕ – уый у йӕ зынаргъ лӕвар (Лев. 17:14). Йегъовӕ адӕмӕн фыццаг хатт дзидза хӕрыны бар куы радта, уӕд сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй туг ма хордтаиккой (Райд. 9:4). Уыцы фӕдзӕхст ногӕй загъта, израилӕгтӕн Моисейы закъон куы радта, уӕд (Лев. 17:10). Стӕй 1 ӕнусы разамонӕг советӕн уынаффӕ рахӕссын кодта, чырыстӕттӕ иууылдӕр тугмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый фӕдыл. Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ тугӕй сӕхи хизой (Хъуыд. 15:28, 29). Мах уыцы фӕдзӕхст алкӕддӕр нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, цавӕрдӕр хосгӕнӕн мадзӕлттыл сразы уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый куы фескъуыддзаг кӕнӕм, уӕд b.

6. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм?

6 Ӕххӕст кӕнӕм, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдон (Дзут. 13:4). Апостол Павел загъта, кӕй хъуамӕ «амарӕм» нӕ зӕххон буары фӕндтӕ. Ома хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтыл фӕтых уӕм. Хӕтындзинадмӕ нӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ аразӕм ӕмӕ ахӕм цӕмӕдӕрты нӕ кӕсӕм (Кол. 3:5; Иов 31:1). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ хъуыддӕгты ӕмӕ нӕ хъуыдыты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ уайтагъд нӕ сӕрӕй фӕсурӕм чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ фӕцӕудзӕн, ахӕмӕй мацы аразӕм.

7. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа ӕмӕ цӕмӕн?

7 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын уӕм «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс» (Ром. 6:17). Нӕ бон нӕу равзар-бавзар кӕнын, зӕгъгӕ, ацы закъӕттӕ ӕххӕст кӕндзынӕн, адон та – нӕ. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, йӕ амындтӕ нын алкӕддӕр пайда кӕй вӕййынц (Ис. 48:17, 18; 1 Кор. 6:9, 10). Мах, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнд у псаломзарӕггӕнӕджы фӕнды хуызӕн. Уый загъта: «Ӕз мӕ зӕрдӕ уымӕ сарӕзтон, цӕмӕй дын дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнон ӕнустӕм, цалынмӕ мӕ цӕст ӕрттива, уӕдмӕ» (Пс. 119:112). Фӕлӕ Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нӕ фӕцудын кӕна. Цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны?

ХӔЙРӔГ КУЫД АРХАЙЫ, ЦӔМӔЙ НӔ ФӔЦУДЫН КӔНА?

8. Хӕйрӕг кӕйдӕрты кӕй ардауы, цӕмӕй нӕ ныхмӕ цӕуой, уымӕй нӕ басӕттынмӕ куыд хъавы?

8 Ӕфхӕрд ӕййафӕм. Хӕйрӕг не знӕгты ахӕм зондыл саразы, цӕмӕй-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм сӕ къух сисой, фыдмитӕ сын кӕной кӕнӕ сӕ тӕрсын кӕной. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ «аныхъуыра», ома цӕмӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм (1 Пет. 5:8). 1 ӕнусы чи цард, уыцы чырыстӕттӕм-иу ӕртхъирӕн кодтой, фӕнадтой-иу сӕ ӕмӕ-иу сӕ маргӕ дӕр акодтой, Хуыцауы закъӕттыл фидар кӕй хӕцыдысты, уый тыххӕй (Хъуыд. 5:27, 28, 40; 7:54–60). Хӕйрӕг абон дӕр уыцы мадзалӕй пайда кӕны. Уый бӕрӕг у, Уӕрӕсейы ӕмӕ ма кӕцыдӕр бӕстӕты хицауӕдтӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты карзӕй кӕй ӕфхӕрынц ӕмӕ сын фыдмитӕ кӕй кӕнынц, уымӕй. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ та ӕфхӕрд ӕййафынц ӕндӕр хуызы дӕр.

9. Хӕйрӕджы хинмитӕм нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Хинмитӕ. Хӕйрӕг ма фӕархайы хинӕй дӕр, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ «хинмитӕм» дӕр нӕ хъус дарӕм (Еф. 6:11). Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Бобы хабармӕ. Хъуыди йын операци скӕнын, ӕмӕ йӕ рынчындоны сӕвӕрдтой. Боб дохтыртӕн загъта, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр туг бауадзыныл кӕй не сразы уыдзӕн. Хирург сразы ӕнӕ тугӕй йын операци скӕныныл. Фӕлӕ йын операци цы бон хъуамӕ скодтаиккой, уый размӕ бон ӕм изӕрӕй анестезиолог ӕрбацыд. Уӕдмӕ Бобӕн йӕ бинонтӕ хӕдзармӕ ацыдысты. Уыцы дохтыр ын загъта, зӕгъгӕ, дам, туг уадзын, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бахъӕудзӕн, фӕлӕ, дам, ӕй цӕттӕйӕ дардзыстӕм, мыййаг, дам, куы бахъӕуа. Чи зоны, уыцы дохтыр афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Бобӕн йӕ бинонтӕ йӕ разы куы нӕ уой, уӕд йӕ хъуыды аивдзӕн. Фӕлӕ Боб нӕ фӕцудыдта ӕмӕ фидарӕй загъта, туг бауадзыныл, дам, ницӕй тыххӕй сразы уыдзынӕн.

10. Адӕймаджы зондахаст тӕссаг цӕмӕй у? (1 Коринфӕгтӕм 3:19, 20).

10 Адӕймаджы зондахаст. Адӕмы зондахаст ныл куы бандава, уӕд ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы дӕр ферох кӕндзыстӕм, ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ халын райдайдзыстӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 3:19, 20.) «Ацы дунейы зондӕй» чи цӕры, уыдон арӕх вӕййынц Хуыцауӕн ӕгоммӕгӕс. Пергамы ӕмӕ Фиатирӕйы чырыстӕттӕй чидӕртӕ уыцы горӕтты цӕрӕг адӕмы хуызӕн бафтыдысты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл ӕмӕ хӕтындзинадыл. Ӕмӕ Йесо дыууӕ ӕмбырдӕн дӕр карзӕй бауайдзӕф кодта, хӕтындзинад ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кастысты, уый тыххӕй (Рарг. 2:14, 20). Абон дӕр чидӕртӕ фӕархайынц, цӕмӕй чырыстӕтты рӕдыд зондыл саразой. Гӕнӕн ис, нӕ бинонтӕ кӕнӕ нын нӕ зонгӕтӕ дзурой, ницы уын ис аразӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ нын Йегъовӕйы закъӕттӕ халын кӕной. Чи зоны нын фӕдзурынц, дӕ буары монцты фӕдыл цӕуай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис ӕмӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕ ничиуал цӕры, зӕгъгӕ.

11. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

11 Иуӕй-иу хатт нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нын Йегъовӕ цы амындтӕ дӕтты, уыдон фаг не сты, ӕмӕ, «фыст цы у, уый сӕрты» ахизӕм (1 Кор. 4:6). Афтӕ кодтой дины разамонджытӕ Йесойы рӕстӕджы, ӕмӕ уымӕй тынг рӕдыдысты. Хуыцауы закъонмӕ бафтыдтой адӕмы ӕрымысгӕ закъӕттӕ, ӕмӕ афтӕмӕй хуымӕтӕг адӕмыл уӕззау уӕргътӕ сӕвӕрдтой (Матф. 23:4). Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты дӕтты бӕлвырд разамынд, ӕмӕ уыцы разамындмӕ ницыуал хъӕуы ӕфтауын (Ӕмб. 3:5–7). Уымӕ гӕсгӕ, Библийы цы фыст ис, уыдӕтты сӕрты хъуамӕ ма хизӕм кӕнӕ, адӕймаг йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кӕна, уыцы фарстаты фӕдыл нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн закъӕттӕ ма ӕвӕрӕм.

12. Хӕйрӕг куыд пайда кӕны «хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй»?

12 Мӕнг ныхӕстӕ. Хӕйрӕг пайда кӕны «хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй» ӕмӕ «ацы дунейы уагӕвӕрдтӕй», цӕмӕй адӕмы сайа ӕмӕ сӕ дихтӕ кӕна (Кол. 2:8). 1 ӕнусы пайда кодта адӕмы философитӕй ӕмӕ дзуттӕгты ӕрымысгӕ ахуырӕдтӕй. Стӕй чидӕртӕ дзырдтой, чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы, ӕмӕ уымӕй дӕр пайда кодта. Уыдон иууылдӕр уыдысты адӕмы сайӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ-иу уыдӕтты тыххӕй адӕймагӕй айрох, ӕцӕг зонд Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы. Абон Хӕйрӕг пайда кӕны телеуынынадӕй, интернетӕй, газеттӕй ӕмӕ социалон сетьтӕй, цӕмӕй парахат кӕна ахӕм хъуыдытӕ, зӕгъгӕ, кӕцыдӕр хицауад кӕнӕ организаци кӕйдӕр ныхмӕ фыдвӕнд скодта. Бирӕ ахӕм ныхӕстӕ фехъусӕн уыди коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг c. Ӕмӕ, кӕй бауырныдтой, уыцы адӕмӕн сӕ сӕр сӕ кой сси. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайдтой Хуыцауы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕгӕр нӕ мӕт кодтой (Матф. 24:45).

13. Не ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты куы аздахӕм, уӕд уый тӕссаг цӕмӕй уыдзӕн?

13 Не ’ргом нын ӕндӕр цӕмӕдӕрты аздахы. Хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, «ахсджиагдӕр цы у, уый» (Фил. 1:9, 10). Не ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты здӕхт куы вӕййы, уӕд нын уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ бахардз вӕййы. Ӕнӕуи хъуыддӕгтӕ дӕр нын, зӕгъӕм, хӕринаг, куыст, фӕллад уадзын, гӕнӕн ис, къуылымпыйы хос суой, царды нын ӕппӕты ахсджиагдӕр куы суой, уӕд (Лук. 21:34, 35). Уымӕй уӕлдай, алы бон дӕр ног хабӕртты фӕдзурынц, кӕмдӕрты адӕм хицауады ныхмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ политиктӕ цӕуылдӕрты кӕй быцӕу кӕнынц. Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй ныл уыцы хабӕрттӕ ма бандавой, кӕннод искӕй фарс хӕцын райдайдзыстӕм, нӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбардзыстӕм, афтӕ. Цы фондз мадзалы кой ракодтам, уыдонӕй Хӕйрӕг пайда кӕны, цӕмӕй нӕ фӕцудын кӕна ӕмӕ нӕ мауал фӕнда, раст цы у, уый аразын. Ныр та аныхас кӕнӕм, нӕ бон куыд у йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууын.

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ФИДАР УӔМ?

Хъуыды кӕн, дӕхи Хуыцауӕн цӕмӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд цӕмӕн райстай, ууыл, Хуыцауы Ныхас иртас ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕн, дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр фидар уӕд ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕууӕнд. Уыдӕттӕ дын баххуыс кӕндзысты фидар фӕлӕууынӕн (кӕс 14–18 абзацтӕ)

14. Нӕ бон цӕуыл вӕййы ахъуыды кӕнын, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы фарс уӕм?

14 Ахъуыды-иу кӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн цӕмӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд цӕмӕн райстай, ууыл. Афтӕ уымӕн бакодтай, ӕмӕ дӕ бафӕндыд Йегъовӕйы фарс слӕууын. Ӕрхъуыды-ма кӕн, куыд бамбӕрстай, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд Йегъовӕйы базыдтай, ӕмӕ дӕ уӕларвон Фыды бауарзтай. Фӕзынди дӕм уырнындзинад ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай. Стӕй де ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътай ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын райдыдтай. Хуыцау дын дӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, уый куы бамбӕрстай, уӕд дӕуӕй амондджындӕр нал уыд (Пс. 32:1, 2). Ды райдыдтай ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ, цы диссаджы хабӕрттӕ базыдтай, уыдоны тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Уый фӕстӕ дӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай. Ныр цӕуыс, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл, ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайыс, цӕмӕй дзы ма ахизай (Матф. 7:13, 14).

15. Библи куы иртасӕм ӕмӕ йыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда хӕсдзӕн?

15 Хуыцауы Ныхас иртас ӕмӕ йыл хъуыды кӕн. Бӕлас йӕ уидӕгтӕй вӕййы фидар. Ӕмӕ мах дӕр фидар лӕудзыстӕм, нӕ уырнындзинад арф уидӕгтӕ куы ауадза, уӕд. Бӕлас стырӕй-стырдӕр куы фӕкӕны, уӕд йӕ уидӕгтӕ дӕр арфдӕр ацӕуынц ӕмӕ фидардӕр свӕййынц. Афтӕ мах дӕр Библи куы фӕиртасӕм ӕмӕ йыл арф куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад свӕййы фидардӕр ӕмӕ та ногӕй фенӕм, Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ цӕрын ӕппӕты хуыздӕр кӕй у (Кол. 2:6, 7). Ахъуыды-иу кӕн, раджы заманты Йегъовӕйы разамынд ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодтой ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта, ууыл. Зӕгъӕм, Йезекил цӕстылуайӕны федта, зӕд кувӕндоны алцыдӕр куыд сбарста, уый, ӕмӕ уыдӕттӕм лӕмбынӕг каст. Уыцы цӕстылуайӕн ӕй тынг бафидар кодта. Махӕн дӕр уыцы цӕстылуайӕнӕй нӕ бон у базонын, Йегъовӕйӕн куыд хъуамӕ кувӕм, уый (Йез. 40:1–4; 43:10–12) d. Хуыцауы Ныхасы ӕрфытӕм-иу куы ныккӕсӕм ӕмӕ дзы цы арф хъуыдытӕ ис, уыдоныл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый стыр пайда хӕсдзӕн.

16. Бобӕн йӕ зӕрдӕ «фидар» кӕй уыд, уый йӕ куыд бахъахъхъӕдта? (Псалом 112:7).

16 Дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр фидар уӕд. Паддзах Давид равдыста, Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта. Уый зарыд: «Мӕ зӕрдӕ фидар у, о Хуыцау» (Пс. 57:7). Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ уа фидар, Йегъовӕйӕ ныфсджын. (Бакӕс Псалом 112:7.) Ӕркӕсӕм та Бобы хабармӕ. Дохтыр ын куы загъта, туг цӕттӕйӕ дардзыстӕм, мыййаг, куы бахъӕуа, зӕгъгӕ, уӕд ын Боб уайтагъд дзуапп радта, зӕгъгӕ, дам, кӕд иу гыццыл дӕр афтӕ хъуыды кӕнут, ӕмӕ мын туг уадзын бахъӕудзӕн, уӕд ныртӕккӕ ардыгӕй цӕугӕ кӕнын. Фӕстӕдӕр Боб загъта: «Раст кӕй кӕнын, ууыл иу мур дӕр нӕ фӕдызӕрдыг дӕн. Стӕй ӕппындӕр ницӕуыл тыхстӕн».

Нӕ уырнындзинадӕн фидар бындур куы саразӕм, уӕд цыфӕнды стыр фӕлварӕны дӕр нӕ фӕцуддзыстӕм (кӕс 17 абзац)

17. Бобы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Боб афтӕ фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыд? Куыд бакӕндзӕн, уый аскъуыддзаг кодта, рынчындоны куы схуыссыд, уымӕй бирӕ раздӕр. Уый фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уымӕй уӕлдай, лӕмбынӕг раиртӕста, Библийы ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикациты царды ӕмӕ туджы тыххӕй цы фыст ис, уый. Стӕй фидарӕй зыдта, Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайа, уӕд стыр арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзӕн. Мах дӕр афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ уыдзӕн фидар, цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр.

Варак ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ ныфсджынӕй рацыдысты Сисарӕйы ӕфсадимӕ схӕцынмӕ (кӕс 18 абзац)

18. Варакы хабар куыд ӕвдисы, ахсджиаг кӕй у Йегъовӕйыл ӕууӕндын ӕмӕ йын йӕ разамынд алкӕддӕр растыл нымайын? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

18 Йегъовӕйыл ӕууӕнд ӕмӕ йыл дӕ зӕрдӕ дар. Ӕркӕсӕм Варакы хабармӕ. Уый фӕуӕлахиз знӕгтыл, Йегъовӕйы разамынд раст кӕй у, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый фӕрцы. Израилӕгтӕй иумӕ дӕр нӕдӕр арц уыд, нӕдӕр уарт. Фӕлӕ Йегъовӕ Варакӕн загъта, цӕмӕй схӕцыдаид ханаайнӕгты гӕрзифтонг ӕфсадимӕ. Се ’фсады хистӕр та уыд Сисарӕ (Тӕрх. 5:8). Ус-пехуымпар Деворӕ Варакӕн загъта, цӕмӕй дӕлвӕзмӕ ныццыдаид. Сисарӕ дӕр йӕ 900 хӕстон бӕхуӕрдонимӕ хъуамӕ уырдӕм ӕрцыдаид. Варак зыдта, лӕгъз фӕзы хӕстон бӕхуӕрдӕттыл хӕцын бирӕ ӕнцондӕр кӕй уыд, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы разамындмӕ байхъуыста. Варак йе ’фсӕддонтимӕ Фаворы хохӕй бынмӕ куы ӕрхызт, уӕд Йегъовӕ тыхджын къӕвда ныууарын кодта, арв фемӕхст. Сисарӕйы хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ цъыфы ныссагъдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы Варак фӕуӕлахиз (Тӕрх. 4:1–7, 10, 13–16). Мах дӕр-иу Йегъовӕйы фӕрцы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, куы йыл ӕууӕндӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, стӕй нын йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уый алкӕддӕр растыл куы нымайӕм, уӕд (Дык. з. 31:6).

МАКУЫ ФӔЦУД!

19. Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уай?

19 Цалынмӕ ацы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ нӕ хъӕудзӕн тох кӕнын, цӕмӕй фидар уӕм ӕмӕ ма фӕцудӕм (1 Тим. 6:11, 12; 2 Пет. 3:17). Куыд федтам, афтӕмӕй Хӕйрӕг пайда кӕны фондз мадзалӕй, цӕмӕй нӕ фӕцудын кӕна. Ӕмӕ хъуамӕ йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм (Еф. 4:14). Мах фӕнды, цӕмӕй уӕм ӕнӕфӕцудгӕ, Йегъовӕйы алкӕддӕр уарзӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусӕм. Фӕлӕ уыимӕ хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ дӕр. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо уыцы хъуыддаджы фӕзминаг куыд сты, ууыл.

129 ЗАРӔГ Фидар лӕудзыстӕм

a Адам ӕмӕ Евӕйы заманӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг адӕмы ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, уӕхӕдӕг хъуамӕ скъуыддзаг кӕнат, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ архайдзысты ӕмӕ йын йӕ организацийы амындтӕм хъусдзысты ӕви нӕ. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейы хуызӕн хивӕнд ма суӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы фарс лӕууӕм.

b Хуыцау туджы фӕдыл цы закъон радта, уый чырыстӕттӕн сӕ бон ӕххӕст кӕнын куыд у, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 39 урокӕй.

c Сайты jw.org кӕс статья «Защитите себя от дезинформации!».