Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?
Фыццаджыдӕр цы хъӕуы иртасын?
Библи иртасынӕн нын тынг бирӕ рӕстӕг нӕ вӕййы. Дӕ бон куыд у уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын? Фыццаг: тагъд ма кӕн. Бирӕ ӕрмӕгыл тагъд-тагъд дӕ цӕст куы ахӕссай, уӕд дын уый ницы пайда ӕрхӕсдзӕн. Фӕлтау-иу гыццыл ӕрмӕг лӕмбынӕг раиртас.
Дыккаг: ахъуыды кӕн, фыццаджыдӕр цы иртасдзынӕ, ууыл (Еф. 5:15, 16). Мӕнӕ цалдӕр уынаффӕйы:
Библи алы бон дӕр кӕс (Пс. 1:2). Дӕ бон у райдайын, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлдмӕ нын Библийӕ цы сӕртӕ вӕййы кӕсинаг, уыдонӕй.
Дӕхи-иу бацӕттӕ кӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ ӕмӕ, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлдмӕ, цӕмӕй дӕ бон уа дзуаппытӕ дӕр дӕттын (Пс. 22:22).
Рӕстӕг дын куы вӕййы, уӕд-иу бакӕс ӕндӕр публикацитӕ дӕр, зӕгъӕм, журнал парахат кӕнынӕн, сайты jw.org цы статьятӕ рацӕуы, уыдон ӕмӕ-иу бакӕс видеороликтӕм дӕр.
Равзар, цавӕр темӕ дӕ фӕндид раиртасын. Чи зоны, зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, цавӕрдӕр фарста дӕм ис кӕнӕ дӕ фӕнды Библийӕ кӕцыдӕр хъуыды хуыздӕр бамбарын. Уӕд уыдӕтты фӕдыл ӕрмӕг бацагур. Иртасынӕн хорз ӕрмӕг ис сайты jw.org, хайы «Хӕслӕвӕрдтӕ Библийӕ».