Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Ӕрхъуыдыдзинад ӕрхӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ

Ӕрхъуыдыдзинад ӕрхӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ

Мӕ мад, мӕ хо Пэт ӕмӕ ӕз, 1948 аз

МӔ МАДЫМАД цыди англикайнаг аргъуанмӕ. Фӕлӕ нын иухатт загъта: «Рӕстдзинад агурут, уымӕн ӕмӕ англикайнаг аргъуанты рӕстдзинад нӕ амонынц». Уый фӕстӕ мӕ мад райдыдта раст дин агурын. Фӕлӕ-иу ӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ныхас кӕнын нӕ фӕндыд. Ӕмӕ-иу мӕнӕн дӕр загъта, зӕгъгӕ, дам-иу нӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы ’рбацӕуой, уӕд-иу бамбӕхс. Мах цардыстӕм Торонтойы (Канадӕ). Фӕлӕ мӕ мады кӕстӕр хо 1950 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд мӕ мад дӕр райдыдта ахуыр кӕнын. Библи ахуыр кодтой мӕ мады хомӕ ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райстой.

Мӕ фыд уыди Канадӕйы Иугонд аргъуаны диныл хӕст ӕмӕ уыд бынӕттон аргъуаны хистӕр. Гъемӕ-иу нӕ мӕ хоимӕ алы хуыцаубон райсомӕй арвыста аргъуанмӕ, сывӕллӕттӕн дзы цы скъола уыд, уырдӕм. Стӕй-иу 11 сахатыл йемӕ ацыдыстӕм аргъуаны службӕмӕ. Фӕссихор та-иу мамӕимӕ ацыдыстӕм Паддзахады залмӕ. Мах уыдтам, уыцы дыууӕ дины кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, уый.

Хатчесонты бинонтимӕ ӕхсӕнадӕмон конгрессы «Хуыцауы фӕндон», 1958 аз

Мӕ мад Библийӕ цы базыдта, уый тыххӕй радзырдта йӕ рагон ӕмбӕлттӕн, Боб ӕмӕ Мэрион Хатчесонӕн. Ӕмӕ уыдон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы. 1958 азы се ’ртӕ лӕппуимӕ цыдысты Нью-Йоркмӕ ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ, «Хуыцауы фӕндон», зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕн дӕр семӕ акодтой. Конгресс цыди 8 боны. Ныр ӕй ӕмбарын, уый сын ӕнцон кӕй нӕ уыдаид. Фӕлӕ уыцы конгресс у мӕ царды ахсджиагдӕр хабӕрттӕй сӕ иу.

ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТӔ МЫН БАХХУЫС КОДТОЙ РАСТ ФӔНДАГ РАВЗАРЫНӔН

Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уӕд дардтам фос ӕмӕ кӕрчытӕ. Ӕз уарзтон фосмӕ зилын. Фӕндыди мӕ, цӕмӕй суыдаин фосы дохтыр. Мӕ мад уый тыххӕй загъта иу хистӕр нӕлгоймагӕн. Уый мемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кодта. Мӕ зӕрдыл мын ӕрлӕууын кодта, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм (2 Тим. 3:1). Ӕмӕ мӕ бафарста, зӕгъгӕ, дам, цалдӕр азы университеты куы ахуыр кӕнай, уӕд Йегъовӕйӕ нӕ адард уыдзынӕ. Гъемӕ аскъуыддзаг кодтон, университетмӕ кӕй нӕ бацӕудзынӕн.

Фӕлӕ уӕддӕр хъуыды кодтон, скъола куы фӕуон, уӕд цы кусдзынӕн, ууыл. Кӕд алы къуыри дӕр уацамынды цыдтӕн, уӕддӕр хъусын кӕнын нӕ уарзтон ӕмӕ мӕ пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр нӕ фӕндыд. Мӕ фыд ӕмӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыдысты. Ӕмӕ мын уыдон дзырдтой, цӕмӕй Торонтойы иу стыр компанимӕ кусынмӕ бацыдаин. Мӕ фыды ӕфсымӕр дзы стыр бынат ахста. Ӕмӕ ӕз дӕр уым кусын райдыдтон.

Ӕдзух фӕскуыст кӕй куыстон ӕмӕ ме ’мкусджытӕ ӕнӕуырнджытӕ кӕй уыдысты, уый мӕ хъыгдардта ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕнын. Фыццаг мӕ фыдыфыдимӕ цардтӕн (Ӕвдисӕн нӕ уыд). Фӕлӕ куы амард, уӕд мӕ бахъуыд цӕрынӕн ӕндӕр бынат ссарын.

Боб ӕмӕ Мэрион Хатчесон мын ныййарджытӕй уӕлдай нӕ уыдысты (мӕнӕ мӕ 1958 азы семӕ конгресмӕ чи акодта, уыдон). Фӕхуыдтой мӕ сӕхимӕ цӕрынмӕ ӕмӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдаин. 1960 азы сӕ лӕппу Джонимӕ донаргъуыд райстам. Джон райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ уымӕ кӕсгӕйӕ мӕнӕн дӕр мӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъд, ӕмӕ мӕ бафӕндыд фылдӕр лӕггад кӕнын. Не ’мбырды ӕфсымӕртӕ йӕ бафиппайдтой, фылдӕр аразын кӕй райдыдтон, ӕмӕ мӕ цасдӕры фӕстӕ снысан кодтой Хъусынгӕнджыты скъолайы лӕггадгӕнӕгӕй a.

ФӔЗЫНДИ МЫН ДИССАДЖЫ ӔМБАЛ ӔМӔ СДӔН ПИОНЕР

Нӕ чындзӕхсӕвы бон, 1966 аз

1966 азы мӕ цард баиу кодтон Ранди Бергимӕ. Уый лӕггад кодта пионерӕй ӕмӕ уыд зынгзӕрдӕ хо. Рандийы тынг фӕндыд, ӕххуыс кӕм хъуыд, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Нӕ районон цӕстдарӕг нын нӕ лӕггады тынг баххуыс кодта. Уый нын загъта, Ориллийы (провинци Онтарио) цы ӕмбырд ис, уым ӕххуыс хъӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ, дам, уӕ нӕ фӕндид уырдӕм ацӕуын. Гъемӕ мах дӕр нӕ дзаумӕттӕ сӕмбырд кодтам ӕмӕ уырдӕм ацыдыстӕм.

Ориллимӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд ӕз дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Ранди куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, уый мыл тынг бандӕвта. Ӕмӕ ӕз дӕр мӕ удӕй арт уагътон. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди адӕмӕн Библи ӕмбарын кӕнын. Ӕмӕ-иу цин кодтон, рӕстдзинад-иу сӕ зӕрдӕмӕ куы айстой, уӕд. Ориллийы иу дзӕбӕх лӕг ӕмӕ усимӕ Библи ахуыр кодтам. Ӕмӕ сын кӕй баххуыс кодтам, цӕмӕй сӕ цард аивтаиккой ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суыдаиккой, уый нын стыр цины хос уыди.

АХУЫР КӔНӔМ НОГ ӔВЗАГ ӔМӔ НӔ ЗОНДАХАСТ ИВӔМ

Иухатт Торонтомӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд базонгӕ дӕн Арнолд Макнамарӕимӕ. Уый лӕггад кодта Вефилы ӕмӕ уыди бӕрнон ӕфсымӕртӕй сӕ иу. Арнолд мӕ бафарста, нӕ, дам, уӕ фӕндид сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнын. Ӕз ын уайтагъд дзуапп радтон: «Куыннӕ! Ӕрмӕст Квебекы нӕ». Мӕныл бандӕвта, Канадӕйы англисагау кӕм дзурынц, уыцы хайы цӕрӕг адӕмы зондахаст. Уыдон нӕ уарзтой провинци Квебекы цӕрӕг адӕмы (уым французагау дзурынц). Уыцы рӕстӕг Квебекы уыди змӕстытӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ провинци Канадӕйӕ ахицӕн уыдаид.

Арнолд мын загъта: «Ныртӕккӕ филиал ӕрмӕстдӕр Квебекмӕ ӕрвиты сӕрмагонд пионерты». Ӕмӕ уӕд ӕз дӕр сразы дӕн. Ӕз ӕй зыдтон, Рандийы рагӕй кӕй фӕндыд уым лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр ӕй бамбӕрстон, уӕд тынг раст уынаффӕ кӕй рахастам.

Фондз къуырийы ахуыр кодтам французаг ӕвзаджы курсыты. Уый фӕстӕ Рандиимӕ ӕмӕ ма иу къаимӕ ацыдыстӕм Римускимӕ. Уыцы горӕт ис Монреалӕй цӕгат-скӕсӕнырдӕм иу-540 километры дарддӕр. Французаг ӕвзаг нӕ нырма ахуыр кӕнын кӕй хъуыд, уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, иухатт ӕмбырды хъусинӕгтӕ куы кастӕн, уӕд. Хъуамӕ загътаин, конгресмӕ нӕм австриаг делегаттӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уый бӕсты загътон, конгресмӕ нӕм ӕрцӕудзӕн страустӕ, зӕгъгӕ.

«Урс хӕдзар» Римускийы

Римускийы нӕм ӕрбаиу сты цыппар зынгзӕрдӕ ӕнӕцыд хойы, стӕй Юбердоты бинонтӕ (уыди сын дыууӕ чызджы). Юбердотӕ баххуырстой, 7 хуыссӕн къомнӕты кӕм уыд, ахӕм стыр хӕдзар, ӕмӕ мах дӕр иннӕ пионертимӕ уым цардыстӕм. Ӕмӕ иууылдӕр ӕххуыс кодтам хӕдзарӕн фидынӕн. Хуыдтам ӕй «Урс хӕдзар», уымӕн ӕмӕ йӕ къултӕ ӕмӕ йӕ цӕджындзтӕ уыдысты урс. Царди-иу дзы 12–14 адӕймаджы. Рандиимӕ сӕрмагонд пионертӕ кӕй уыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу лӕггад кодтам райсомӕй, фӕссихор ӕмӕ изӕрӕй. Ӕнӕ ӕмбалӕй никуы баззадыстӕм, суанг зымӕгон уазал изӕрты дӕр. Ӕмӕ-иу, немӕ чи рацыд, уыдонӕй тынг бузныг уыдыстӕм.

Уыцы иузӕрдион пионертимӕ афтӕ балымӕн стӕм, ӕмӕ нын хи бинонты ад скодтой. Иуӕй-иу хатт-иу ӕддейӕ арты фарсмӕ бадтыстӕм кӕнӕ-иу скодтам «хъӕбынты бон» – иууылдӕр-иу кодтам алыхуызон хъӕбынтӕ. Иу ӕфсымӕр та нӕм музыкант уыди. Ӕмӕ-иу сабаты изӕрыгӕтты арӕх зарыдыстӕм ӕмӕ кафыдыстӕм.

Римускийы бирӕты фӕндыд, Библи цы дзуры, уый базонын. 5 азмӕ дзы цалдӕр адӕймаджы донаргъуыд райстой. Ӕмбырд стырӕй-стырдӕр кодта, ӕмӕ баистӕм иу-35 хъусынгӕнӕджы.

Квебекы хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг сфӕлтӕрдтам. Мах уыдтам, Йегъовӕ нын уацамынды куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ ныл куыд тыхсти, цӕмӕй нын уыдаид, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ. Стӕй бауарзтам французаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмы, се ’взаг ӕмӕ сӕ культурӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы иннӕ культурӕтӕ дӕр бауарзтам (2 Кор. 6:13).

Ӕнӕнхъӕлӕджы нын филиал загъта, цӕмӕй лӕггад кӕнынмӕ ацыдаиккам горӕт Тракадимӕ. Уый ис Нью-Брансуикы скӕсӕн былгӕрон. Уый нын ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ гъеуӕд баххуырстам цӕрӕнбынат, стӕй къуыри цалдӕр сахаты куыстон скъолайы. Уымӕй уӕлдай, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй чидӕртӕ ӕрӕджы систы хъусынгӕнджытӕ. Ӕмӕ нӕ Паддзахады зал дӕр йӕ тӕккӕ аразгӕйӕ уыд.

Сабаты ӕмӕ хуыцаубоны Йегъовӕмӕ фӕкуывтам, ӕмӕ стӕй ацыдыстӕм Тракадимӕ, куыд дзы у, уый фенынмӕ. Римускийӕ тынг хицӕн кодта. Фӕлӕ загътам, иугӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уырдӕм ацӕуӕм, уӕд ацӕудзыстӕм. Йегъовӕйы бафӕлвӕрдтам ӕмӕ федтам, нӕ разӕй нын алы цӕлхдур дӕр куыд айста, уый (Мал. 3:10). Стӕй Рандийӕн фидар уырнындзинад кӕй ис, удуӕлдай кӕй у ӕмӕ ахудын кӕй уарзы, уый фӕрцы дӕр нын ног бынаты ӕнцондӕр уыд.

Нӕ ног ӕмбырды уыди ӕрмӕстдӕр иу хистӕр нӕлгоймаг – Роберт Росс. Йӕ бинойнаг Линдӕимӕ дзы раздӕр лӕггад кодтой пионертӕй. Ӕмӕ сын сывӕллон куы райгуырд, уӕд сфӕнд кодтой уым баззайын. Кӕд сӕ сӕ гыццыл лӕппумӕ кӕсын хъуыд, уӕддӕр нын стыр ныфсы хос уыдысты, уымӕн ӕмӕ уыдысты тынг уазӕгуарзон ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой.

ЦИНГӔНГӔЙӔ ЛӔГГАД КОДТАМ, НЕ ’ХХУЫС КӔМ ХЪУЫД, УЫМ

Нӕ фыццаг район зымӕгон

Тракадийы 2 азы куы фӕлӕггад кодтам, уӕд та нӕм ӕнхъӕлмӕ каст ӕндӕр ног хабар – снысан мӕ кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Уый нын тынг ӕнӕнхъӕлӕджы уыд. 7 азы лӕггад кодтам англисаг районты. Уый фӕстӕ нӕ снысан кодтой французаг районмӕ Квебекмӕ. Квебекы облӕстон цӕстдарӕг уыд Леонс Крепо. Уый-иу мӕ мӕ раныхӕсты тыххӕй раппӕлыд. Фӕлӕ-иу мӕ уый фӕстӕ алы хатт дӕр афарста: «Дӕ бон цы уаид саразын, цӕмӕй дӕ раныхӕстӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр пайда хӕссой?» b Афтӕмӕй мын уыцы ’фсымӕр баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ раныхӕстӕ фӕхуымӕтӕгдӕр кодтаин ӕмӕ-иу, цы хъуыдытӕ дзырдтон, уыдон дӕр бӕлвырддӕр уыдаиккой.

Никуы мӕ ферох уыдзӕн 1978 азы ӕхсӕнадӕмон конгресс, «Уӕлахиздзау уырнындзинад», зӕгъгӕ (уыди Монреалы). Ӕз лӕггад кодтон, хӕринагӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы хайады. Конгресмӕ хъуамӕ ӕрцыдаид 80 000 адӕймаджы. Уыцы конгрессы рӕстӕг хӕринаг хъуыди ӕндӕрхуызон кӕнын, раздӕр-иу куыд кодтам, афтӕ нӕ, фӕлӕ. Алцыдӕр уыд ног: меню, хӕринаг цӕуыл кодтам ӕмӕ йӕ куыд кодтам, уый. Уыди нӕм 20 стыр уазалгӕнӕны, ӕмӕ-иу иуӕй-иу хатт не скуыстой. Конгрессы размӕ бон нӕ хъуыди алцыдӕр ӕрцӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ стадионмӕ ӕмбисӕхсӕвӕй раздӕр нӕ бахаудыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы цавӕрдӕр спортивон ерыстӕ уыд. Нӕма сбон, афтӕ нӕ хъуыди пецтӕ скӕнын, цӕмӕй хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн аходӕн ӕрцӕттӕ кодтаиккам. Тынг бафӕлладыстӕм, фӕлӕ, мемӕ чи фыдӕбон кодта, уыцы ӕнӕзивӕг ӕмӕ хъӕлдзӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Уӕд тынг балымӕн стӕм, ӕмӕ абоны онг дӕр стӕм хорз ӕмбӕлттӕ. 1940–1950 азты Квебекы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Ӕмӕ уыцы конгресс уым кӕй ацыд, уый уыди стыр уӕлахиз!

Рандиимӕ Монреалы ӕххуыс кӕнӕм конгресс бацӕттӕ кӕнынӕн, 1985 аз

Монреалы цы стыр конгресстӕ цыд, уыдоны рӕстӕг иннӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Иу аз Дейвид Сплэйн – ныртӕккӕ лӕггад кӕны Разамонӕг советы – уыди конгрессы цӕстдарӕг. Иннӕ конгрессы та уыцы хӕс ӕз ӕххӕст кодтон, ӕмӕ мын Дейвид тынг баххуыс кодта.

Цӕуӕг цӕстдарӕгӕй фӕлӕггад кодтон 36 азы. Уый фӕстӕ мын 2011 азы ӕфсымӕртӕ мӕ бӕрны ӕндӕр хӕс бакодтой – хъуамӕ уыдаин Хистӕр нӕлгоймӕгты скъолайы ахуыргӕнджытӕй сӕ иу. 2 азмӕ Рандиимӕ бахсӕвиуат кодтам 75 бынаты. Ӕнцон нын бӕргӕ нӕ уыд, фӕлӕ уыцы лӕггад уый аргъ уыди! Алы къуырийы кӕрон дӕр-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзырдтой, ахӕм ахуыры тыххӕй тынг бузныг кӕй сты. Уыдон уыдтой, Разамонӕг советы куыд тынг фӕнды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной.

Фӕстӕдӕр та уыдтӕн Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыргӕнджытӕй сӕ иу. Студенттӕ-иу арӕх тынг бафӕлладысты. Алы бон дӕр сӕ хъуыди 7 сахаты бӕрц бадын ӕмӕ ахуыр кӕнын, стӕй алы изӕр дӕр 3 сахаты иннӕ бонмӕ цӕттӕ кӕнын. Кӕмӕндӕрты-иу алы къуыри дӕр уыди 4 кӕнӕ 5 хӕслӕвӕрды. Мах-иу сын иннӕ ахуыргӕнӕгимӕ ӕмбарын кодтам, ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй кӕй нӕ бафӕраздзысты. Ӕмӕ-иу стӕй дис кодтой, Йегъовӕйыл сӕ ныфс кӕй дардтой, уый фӕрцы сын цас бантыст, ууыл.

ӔРХЪУЫДЫДЗИНАД ӔРХӔССЫ СТЫР АРФӔДЗИНӔДТӔ

Мӕ мад тынг ӕрхъуыдыджын адӕймаг уыд. Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдоныл зӕрдиагӕй тыхсти, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ уырнындзинад фидар кодта. Стӕй зӕрдиагӕй тыхсти мӕ фыдыл дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ фӕфӕлмӕндӕр ӕмӕ рӕстдзинадмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Мӕ мад куы фӕзиан, уымӕй 3 боны куы рацыд, уӕд нӕ нӕ фыд дисы бафтыдта – ӕрбацыд Паддзахады залмӕ ӕргом раныхасмӕ. Ӕмӕ 26 азы дӕргъы цыди ӕмбырдтӕм. Донаргъуыд афтӕ дӕр нӕ райста, фӕлӕ мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ, дам-иу алы къуыри дӕр ӕмбырдтӕм фыццаг уый ӕрбацыд.

Стӕй нӕ мад мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ хотӕн дӕр фӕзминаг уыд. Ме ’ртӕ хойы дӕр сӕ лӕгтимӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Дыууӕйӕ дзы лӕггад кӕнынц филиалты: иу – Португалийы, иннӕ та – Гаитийы.

Ныр Рандиимӕ лӕггад кӕнӕм сӕрмагонд пионертӕй Гамильтоны (провинци Онтарио). Цӕуӕг цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд нын ӕхсызгон уыди хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ сӕ Библийы ахуыртӕм цӕуын ӕмӕ сӕм чи байхъуыста, уыдоны ногӕй бӕрӕг кӕнын. Ныр та фӕцин кӕнӕм, нӕхӕдӕг Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон Йегъовӕйы куыд бауарзынц, уый уынгӕйӕ. Стӕй нӕ ног ӕмбырдимӕ тынг балымӕн стӕм. Йегъовӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ ӕвзӕр рӕстӕджыты дӕр куыд ӕххуыс кӕны, уый уынгӕйӕ бафидар вӕййӕм.

Махӕй рох нӕу бирӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ӕрхъуыдыдзинад. Уыдон ныл зӕрдиагӕй тыхстысты. Ӕмӕ-иу мах дӕр архайдтам, цӕмӕй-иу равдыстаиккам, «ӕнувыд» сыл кӕй стӕм (2 Кор. 7:6, 7). Зӕгъӕм, ӕххуыс сын кодтам, цӕмӕй-иу бамбӕрстаиккой, сӕ бон цы у аразын, уый ӕмӕ тырныдтаиккой Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ. Иу цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн. Иу ӕфсымӕрӕн йӕ бинойнаг, йӕ лӕппу ӕмӕ йӕ чызг лӕггад кодтой пионертӕй. Ӕз ӕй иухатт бафарстон, зӕгъын, дӕхи нӕ фӕндид пионерӕй лӕггад кӕнын. Уый мын афтӕ бакодта, ӕртӕ пионеры, дам, дарын. Уӕд ӕй ӕз бафарстон: «Куыд дӕм кӕсы, ды сыл Йегъовӕйӕ хуыздӕр батыхсдзынӕ?» Загътон ма йын, уымӕн дӕр йӕ бон кӕй у пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ уыцы циндзинад банкъарын. Ӕмӕ 6 мӕйы фӕстӕ сси пионер.

Рандиимӕ нӕ дарддӕр дӕр фӕнды «иннӕ фӕлтӕрӕн» Йегъовӕйы «диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй» дзурын (Пс. 71:17, 18). Ӕмӕ нӕ ныфс ис, уыдон дӕр ын цингӕнгӕйӕ кӕй лӕггад кӕндзысты, мах ын куыд цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, афтӕ!

a Ныртӕккӕ уый у, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды цӕстдарӕг.