Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

26 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ у

Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ у

«Давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ... ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон дӕр» (1 ФЕС. 5:2).

143 ЗАРӔГ Лӕмбынӕг уӕм, лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, Йегъовӕйы бон куы ’рцӕуа, уӕд аирвӕзӕм?

 БИБЛИЙЫ «Йегъовӕйы бон» фӕамоны, йе знӕгтӕн куы стӕрхон кӕны ӕмӕ йӕ адӕмы куы фервӕзын кӕны, уыцы рӕстӕгмӕ. Раджы заманты Йегъовӕ кӕцыдӕр адӕмтӕн стӕрхон кодта ӕмӕ-иу йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кодта (Ис. 13:1, 6; Йез. 13:5; Соф. 1:8). Нӕ рӕстӕджы «Йегъовӕйы бон» райдайдзӕн, хицауӕдтӕ Стыр Вавилоныл сӕхи куы ныццӕвой, уымӕй ӕмӕ фӕуыдзӕн Армагеддоны хӕстӕй. Цӕмӕй уыцы «бон» аирвӕзӕм, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнӕм. Ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ «стыр бӕллӕхмӕ» нӕхи «цӕттӕ дарӕм», ома йӕм алкӕддӕр цӕттӕ уӕм (Матф. 24:21; Лук. 12:40).

2. Павелы фыстӕг 1 Фессалоникӕгтӕм нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

2 Апостол Павел йӕ фыццаг фыстӕджы Фессалоникӕгтӕм ӕрхаста цалдӕр цӕстуынгӕ цӕвиттоны ӕмӕ абарсты. Уыдоны фӕрцы чырыстӕттӕн бамбарын кодта, алкӕддӕр цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой Йегъовӕйы стыр тӕрхоны бонмӕ. Павел зыдта, Йегъовӕйы бон уыцы тӕккӕ кӕй не ’рцӕудзӕн (2 Фес. 2:1–3). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ хотӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бонмӕ цӕттӕ уыдаиккой, раст цыма райсом ӕрцӕудзӕн, афтӕ. Ӕмӕ махӕн дӕр йӕ уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн. Павел бамбарын кодта: 1) Йегъовӕйы бон куыд ӕрцӕудзӕн, уый цӕимӕ ис абарӕн, 2) уыцы бон чи нӕ аирвӕздзӕн ӕмӕ 3) нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй аирвӕзӕм. Ӕмӕ ацы хъуыдытӕм ӕркӕсдзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ БОН КУЫД ӔРЦӔУДЗӔН?

Апостол Павел 1 Фессалоникӕгтӕм куы фыста, уӕд спайда кодта цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй, ӕмӕ уыдонӕй нӕ бон у ахсджиаг цыдӕртӕ базонын (кӕс 3 абзац)

3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы бон ӕрцӕудзӕн, давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, афтӕ? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

3 «Давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ» (1 Фес. 5:2). Павел цы ӕртӕ абарстӕй спайда кодта, уыдонӕй ай у фыццаг. Давджытӕ кӕйдӕр хӕдзармӕ арӕх ӕхсӕвыгон бабырынц, уымӕн ӕмӕ, чи дзы цӕры, уыдон уымӕ цӕттӕ нӕ вӕййынц. Стӕй сӕ хъуыддаг тагъд-тагъд фӕаразынц. Раст афтӕ, Йегъовӕйы бон куы райдайа, уӕд уый дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн ӕнӕнхъӕлӕджы уыдзӕн. Суанг ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр, гӕнӕн ис, дис кӕной, хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд тагъд цӕуынц, ууыл. Фӕлӕ уыдон фыдгӕнджытау сӕфт не ’рцӕудзысты.

4. Йегъовӕйы бон цӕмӕн ис абарӕн, арыны афон сылгоймагӕн йӕ тухитӕ куыд райдайынц, уыимӕ?

4 «Арыны афон сылгоймагӕн йӕ тухитӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куыд райдайынц, афтӕ» (1 Фес. 5:3). Сывӕрджын сылгоймагӕн йӕ бон бӕлвырд зӕгъын нӕ вӕййы, сывӕллон кӕцы бон ӕмӕ цал сахатыл ныййардзӕн, уый. Ӕмӕ кӕд фӕзоны, уыцы хабар ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзӕн, уӕддӕр, йӕ рыстытӕ куы райдайынц, уӕд ын уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы вӕййы. Стӕй фӕтухӕн кӕны ӕмӕ, сывӕллон ма райгуыра, уымӕн гӕнӕн нӕ вӕййы. Мах дӕр нӕ зонӕм, Йегъовӕйы бон кӕцы бон ӕмӕ цал сахатыл райдайдзӕн, уый. Фӕлӕ йӕ зонӕм, ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзӕн. Хуыцау фыдгӕнджыты куы сафа, уӕд уый уыдзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы, ӕмӕ ницы хуызы аирвӕздзысты.

5. Стыр бӕллӕх цӕмӕн ис абарӕн, бон рухс кӕнын куыд райдайы, уыимӕ?

5 Бон рухс кӕнын куыд райдайы, афтӕ. Павелы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй ӕртыккаджы дӕр ис, давджытӕ ӕхсӕвыгон куыд фӕдавынц, уый кой. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй ацы ран Йегъовӕйы бон абарста, бон рухс кӕнын куыд райдайы, уыимӕ (1 Фес. 5:4). Къӕрныхтӕ ӕхсӕвыгон кӕдӕмдӕр куы бабырынц, уӕд хатт, фылдӕр куыд радавой, ууыл афтӕ свӕййынц, ӕмӕ нӕ бамбарынц, рухс кӕнын куыд райдыдта, уый. Ног боны рухс сӕ ӕрӕййафы, ӕмӕ разынынц. Раст афтӕ стыр бӕллӕхы дӕр разындзысты, талынджы чи ис ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕнад чи у, уыцы хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдон. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдонау ӕдзӕттӕ разынӕм. Цӕмӕй уыцы бонмӕ цӕттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, Йегъовӕйӕн ӕнад чи у, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕмӕ тырнӕм «алы хорздзинадмӕ, рӕстдзинадмӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ» (Еф. 5:8–12). Уый фӕстӕ Павел ӕрхаста дыууӕ цӕстуынгӕ цӕвиттоны ӕмӕ бамбарын кодта, чи нӕ аирвӕздзӕн.

ЙЕГЪОВӔЙЫ БОН ЧИ НӔ АИРВӔЗДЗӔН?

6. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр фынӕй кӕнынц? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:6, 7).

6 «Фынӕй чи кӕны, уыдон». (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:6, 7.) Йегъовӕйы бон чи нӕ аирвӕздзӕн, уыцы адӕмы Павел абарста, фынӕй чи кӕны, ахӕм адӕймагимӕ. Адӕймаг фынӕй куы фӕкӕны, уӕд нӕ фембары, йӕ алыварс цытӕ цӕуы кӕнӕ рӕстӕг куыд цӕуы, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ вӕййы бамбарын, ахсджиаг хабӕрттӕ кӕй ӕрцыд, уый дӕр. Кӕд уыцы уавӕрты исты саразын фӕхъӕуы, уӕд уый дӕр йӕ бон нӕ вӕййы саразын. Абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр, зӕгъӕн ис, фынӕй сты (Ром. 11:8). «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм ӕмӕ стыр бӕллӕх тагъд кӕй райдайдзӕн, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ дарынц. Ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр чи айхъуысы, ахӕм хабӕрттӕ куы ’рцӕуы, уӕд чидӕртӕ «фехъал» вӕййынц ӕмӕ сӕ бафӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ та дзы стӕй бирӕтӕ фӕстӕмӕ «бафынӕй» вӕййынц. Тӕрхоны бон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый кӕй уырны, суанг уыдонӕй дӕр чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ нырма тагъд нӕ уыдзӕн (2 Пет. 3:3, 4). Фӕлӕ йӕ мах ӕмбарӕм, бонӕй-бонмӕ ноджы ахсджиагдӕр кӕй у, цӕмӕй цырддзаст уӕм ӕмӕ ма бафынӕй уӕм.

7. Хуыцау йӕ маст кӕуыл ныккалдзӕн, уыцы адӕмы расыг адӕймагимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

7 «Нуазгӕ чи кӕны, уыдон». Хуыцау йӕ маст кӕуыл ныккалдзӕн, уыдоны Павел абарста расыггӕнджытимӕ. Расыг адӕймагмӕ ӕрӕгмӕ бахъары, йӕ алыварс цытӕ цӕуы, уый, ӕмӕ йӕ бон рӕстмӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын дӕр нӕ вӕййы. Абон Хуыцау адӕмы кӕй фӕдзӕхсы, уый фыдгӕнджытӕм нӕ хъары, ӕмӕ ницы ивынц. Уыдон цӕуынц, сӕфтмӕ сӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Фӕлӕ чырыстӕттӕн Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй уой «къӕрцхъус» (1 Фес. 5:6). «Къӕрцхъус»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд комкоммӕ нысан кӕны «ӕрвонг». Иу библииртасӕг ацы дзырды тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «ӕрвонг зондӕй чи архайы, уыцы адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ вӕййы сабыр, не стыхсы, фӕархайы уӕззау зондӕй, алцӕуыл дӕр ахъуыды кӕны ӕмӕ уый фӕрцы рахӕссы раст уынаффӕтӕ». Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕ сабыр уа ӕмӕ уӕззау зондӕй архайӕм? Уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды политикӕимӕ баст фарстаты искӕй фарс хӕцын кӕнӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл тох кӕнын. Йегъовӕйы бон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ ацы дуне ноджы тынгдӕр архайдзӕн, цӕмӕй искӕй фарс рахӕцӕм. Фӕлӕ, цы дзурдзыстӕм ӕмӕ нӕхи куыд дардзыстӕм, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой, уӕззау зондӕй архайӕм ӕмӕ-иу раст уынаффӕтӕ рахӕссӕм (Лук. 12:11, 12).

ЦЫ ХЪУАМӔ АРАЗӔМ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ БОНМӔ ЦӔТТӔ УӔМ?

Бирӕтӕм нымады дӕр нӕу, Йегъовӕйы бон тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ мах уыцы бонмӕ цӕттӕ стӕм – нӕ уӕлӕ дарӕм уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон ӕмӕ ныфсы згъӕрхуд (кӕс 8, 12 абзацтӕ)

8. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:8 стихмӕ гӕсгӕ нын цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, ӕмӕ дзы цӕимӕ цӕуынц барст? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 «Нӕ уӕлӕ дарӕм... згъӕрхӕдон, стӕй... згъӕрхуд». Павел чырыстӕтты абарста, сӕ хӕстон дзауматӕ сӕ уӕлӕ кӕмӕн сты ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм ӕфсӕддонтимӕ. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:8.) Ӕфсӕддон хъуамӕ уа къӕрцхъус ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр цӕттӕ уа тохмӕ. Афтӕ мах дӕр нӕ уӕлӕ уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон, стӕй ныфсы згъӕрхуд куы дарӕм, уӕд алкӕддӕр Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уыдзыстӕм. Уырнындзинад ӕмӕ нӕм уарзондзинад куы уа, стӕй нын ныфс куы уа, уӕд нын уый тынг баххуыс кӕндзӕн.

9. Нӕ уырнындзинад нӕ куыд хъахъхъӕны?

9 Згъӕрхӕдон-иу хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ зӕрдӕ. Афтӕ нын уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад дӕр хъахъхъӕнынц нӕ зӕрдӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Йесойы фӕдыл цӕуӕм. Мах уырны, Йегъовӕ нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдиагӕй йӕ кӕй агурӕм, уый тыххӕй (Дзут. 11:6). Стӕй нын уырнындзинад ӕххуыс кӕны нӕ Разамонӕг Йесойыл зындзинӕдты иузӕрдионӕй баззайынӕн. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, сӕ уырнындзинады тыххӕй-иу ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой кӕнӕ-иу сын цардамӕлттӕ кӕнын зын куы уыд, уӕд. Ӕмӕ нын сӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнӕм ӕмӕ-иу уый фӕрцы зындзинӕдтӕ сфӕразӕм. Нӕ бон ма у, йӕ цард чи фӕхуымӕтӕгдӕр кодта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты чи сӕвӕрдта, уыдоны дӕр бафӕзмын b. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мулчы фӕдыл ма адзӕгъӕл уӕм.

10. Хуыцауы ӕмӕ иннӕты кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнӕм?

10 Уарзондзинад дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм ӕмӕ ӕрвонг зондӕй архайӕм (Матф. 22:37–39). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр (2 Тим. 1:7, 8). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмы дӕр кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм нӕ участокты ӕмӕ суанг телефонӕй ӕмӕ писмоты фӕрцы дӕр. Мах ныфс ис, иу бон уыцы адӕм дӕр кӕй фӕивдзысты ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдайдзысты (Йез. 18:27, 28).

11. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11).

11 Иннӕты уарзынмӕ хауы нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын дӕр. Уыцы уарзондзинад ӕвдисӕм, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы кӕй фидар кӕнӕм, уымӕй. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:11.) Ӕфсӕддонтӕ фӕхӕцынц фӕрсӕй-фӕрстӕм, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн вӕййынц ныфсы хос. Афтӕ мах дӕр кӕрӕдзийӕн стӕм ныфсы хос. Хъыгагӕн, хатт афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ ӕфсӕддоны йӕхиуӕттӕ фӕцӕф кӕнынц, фӕлӕ афтӕ барӕй никуы бакӕндзысты. Афтӕ мах дӕр нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдӕтӕ зонгӕ-зонын никуы фӕриссын кӕндзыстӕм кӕнӕ сын ӕвзӕр ӕвзӕрӕй нӕ фиддзыстӕм (1 Фес. 5:13, 15). Уарзондзинад ма равдисӕм, ӕмбырдӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕрты кӕй нымайӕм, уымӕй дӕр (1 Фес. 5:12). Павел ацы фыстӕг куы ныффыста, уӕд Фессалоникӕйы ӕмбырдыл афӕдз дӕр нӕма цыд. Ӕмӕ дзы бӕрнон ӕфсымӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, нырма ӕвӕлтӕрд уыдысты, ӕмӕ-иу цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ дӕр ӕруагътой. Фӕлӕ уӕддӕр уый аккаг уыдысты, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ нымадтаиккой. Стыр бӕллӕх хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ фидӕны, чи зоны, ноджы тынгдӕр хъӕудзӕн бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгты разамынд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕйраг хайадӕн ӕмӕ филиалӕн фадат ма уа, цӕмӕй нын разамынд дӕттой. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ныртӕккӕ сахуыр уӕм нӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уарзын ӕмӕ нымайын. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр хъуамӕ уӕззау зондӕй архайӕм, ӕмӕ-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм ма ныккомкоммӕ уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕн Йегъовӕ кӕй дӕтты разамынд Чырыстийы уылты.

12. Цы ныфс нын ис, уый нын нӕ зонд куыд хъахъхъӕны?

12 Згъӕрхуд ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ махӕн ирвӕзындзинады ныфс хъахъхъӕны нӕ зонд. Фидар ныфс нын кӕй ис, уый фӕрцы йӕ зонӕм: ацы дуне нын цытӕ дӕтты, уыдон ницы сты (Фил. 3:8). Нӕ ныфс нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой ӕмӕ уӕззау зондӕй архайӕм. Уый афтӕ кӕй у, уый сӕхиуыл бавзӕрстой Уоллис ӕмӕ Лориндӕ. Уыдон лӕггад кӕнынц Африкӕйы. Ӕртӕ къуырийы мидӕг сыл ӕрцыд дыууӕ зианы. Уоллисӕн амард йӕ фыд, Лориндӕйӕн та – йӕ мад. Фӕлӕ коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй сӕ бон нӕ уыд сӕхимӕ ацӕуын ӕмӕ сӕ бинонты фарсмӕ балӕууын. Уоллис ныффыста: «Мӕн ныфс ис, кӕй райгас уыдзысты. Ӕмӕ мын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъуыды кӕнон, ацы дунейы сӕ царды фӕстаг бонтӕ цыхуызӕн уыдысты, ууыл нӕ, фӕлӕ, ног дунейы куы райгас уой, уӕд куыд амондджын уыдзысты, ууыл. Кӕй нал сты, ууыл куы фӕмаст кӕнын ӕмӕ сӕ тынг куы фӕмысын, уӕд та ахъуыды кӕнын, кӕй райгас уыдзысты, ууыл, ӕмӕ мын фенцондӕр вӕййы».

13. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых дӕтта?

13 «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы зынг ма хуыссын кӕнут» (1 Фес. 5:19). Павел сыгъдӕг тых абарста, нӕ мидӕг чи судзы, ахӕм артимӕ, кӕнӕ зынгимӕ. Сыгъдӕг тыхӕй хайджын куы вӕййӕм, уӕд нӕ удӕй арт фӕуадзӕм ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ фӕаразӕм, раст цы у, уый, стӕй нӕм вӕййы хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн (Ром. 12:11). Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых дӕтта? Хъӕуы дзы сыгъдӕг тых курын, Хуыцауы Ныхас иртасын ӕмӕ, йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы организацийыл нӕхи бӕттын. Уыдӕтты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын (Гал. 5:22, 23).

Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, кӕй мӕ фӕнды, цӕмӕй мын Хуыцау дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тых дӕтта?» (кӕс 14 абзац)

14. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй нын Хуыцау дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тых дӕтта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Хуыцау нын йӕ сыгъдӕг тых куы ратта, уӕд-иу хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй «сыгъдӕг тыхы зынг ма хуыссын кӕнӕм». Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых ратты, йӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сыгъдӕг кӕмӕн сты, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Чъизи цы у, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтдзӕн (1 Фес. 4:7, 8). Цӕмӕй нын дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тых дӕтта, уый тыххӕй хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм пехуымпарӕдтӕм дӕр. Павел ныффыста: «Пехуымпар-ныхасыл ӕнӕрвӕссон ма кӕнут» (1 Фес. 5:20). Ацы ран «пехуымпар-ныхас» амоны, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй фехъусын кӕны, уыцы хабӕрттӕм, уыимӕ, Йегъовӕйы боны тыххӕй ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый тыххӕй цы загъта, уымӕ. Мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Армагеддон нӕ рӕстӕджы нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ уыцы боны ӕрцыд фӕтагъддӕр кӕнӕм, ома йӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ алы бон дӕр нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисӕм, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм (2 Пет. 3:11, 12).

«АЛЦЫДӔР-ИУ СБӔЛВЫРД КӔНУТ»

15. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй-иу кӕйдӕр мӕнг ныхӕстыл ӕмӕ, хӕйрӕджытӕй чи цӕуы, уыцы ныхӕстыл ма баууӕндӕм? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21).

15 Тагъд рӕстӕджы Хуыцауы знӕгтӕ фехъусын кӕндзысты, кӕй сын бантыст зӕххыл сабыр ӕмӕ ӕдас цард скӕнын (1 Фес. 5:3). Зӕхх байдзаг уыдзӕн, хӕйрӕджытӕй чи цӕуы, уыцы ныхӕстӕй, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр фӕсайды уыдзысты (Рарг. 16:13, 14). Фӕлӕ цӕмӕй мах ма фӕсайды уӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ «алцыдӕр... сбӕлвырд кӕнӕм». (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:21.) «Сбӕлвырд кӕнын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырдӕй-иу пайда кодтой, зӕгъӕм, сызгъӕрин дзаума ӕцӕгдӕр сызгъӕрин у ӕви нӕ, уый-иу сбӕрӕг кӕнын куы хъуыд, уӕд. Фессалоникаг чырыстӕтты-иу хъуыди сбӕлвырд кӕнын, цы-иу фехъуыстой кӕнӕ-иу цы бакастысты, уый ӕцӕг у ӕви нӕ. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ кӕнын хъӕуы. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ уый ноджы ахсджиагдӕр у. Хъуамӕ алы ныхасыл ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ-иу, цы бакӕсӕм кӕнӕ цы фехъусӕм, уый абарӕм, Библи ӕмӕ Йегъовӕйы организаци цы дзурынц, уыимӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд хӕйрӕджыты мӕнг ныхӕстӕ нӕ бауырндзысты ӕмӕ нӕ фӕсайды уыдзыстӕм (Ӕмб. 14:15; 1 Тим. 4:1).

16. Цавӕр ныфс нын ис ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ цы фӕнды аразын?

16 Мах зонӕм, Йегъовӕйы адӕм стыр бӕллӕхы кӕй аирвӕздзысты. Фӕлӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты хицӕнтӕй куы райсӕм, уӕд ничи зоны, райсом кӕмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Иак. 4:14). Фӕлӕ кӕд афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ стыр бӕллӕхмӕ нӕ фӕцардыстӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм: кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын Хуыцау балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард. Сӕрст чырыстӕттӕ уыдзысты уӕлӕрвты Чырыстиимӕ иумӕ. Ӕндӕр фыстӕ та цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр нӕ хъуыдытӕ саразӕм, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ ӕмӕ Йегъовӕйы бонмӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм!

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

a 1 Фессалоникӕгтӕм 5-ӕм сӕры ис цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ абарстытӕ. Ӕмӕ уыдонӕй цыдӕртӕ базонӕн ис Йегъовӕйы боны тыххӕй. Цы у «Йегъовӕйы бон» ӕмӕ куыд ӕрцӕудзӕн? Уыцы бон чи аирвӕздзӕн ӕмӕ чи нӕ аирвӕздзӕн? Нӕ бон куыд у нӕхи уыцы бонмӕ бацӕттӕ кӕнын? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм апостол Павелы ныхӕстӕм ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм.

b Сайты jw.org кӕс статьятӕ «Уыдон уыдысты цӕттӕ».