Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм?

Йегъовӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм?

«Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сты, чи дзы тӕрсы, уыдон» (ПС. 25:14).

8 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ мӕсыг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Псалом 25:14 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм?

 ДӔУМӔ гӕсгӕ, цавӕр миниуджытӕ хъӕуы, цӕмӕй кӕимӕдӕр ӕввахс ӕмбӕлттӕ уат? Чи зоны, зӕгъай, ӕмбӕлттӕ хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной, зӕгъгӕ. Ӕмбалӕй тӕрсын кӕй хъӕуы, ууыл, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды дӕр нӕ акодтай. Фӕлӕ, ацы статьяйы сӕйраг стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй, адӕймаджы куы фӕнда, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар уа, уӕд дзы хъуамӕ «тӕрса». (Бакӕс Псалом 25:14.)

2 Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви йын ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын,– алкӕмӕ дӕр нӕ хъуамӕ уа Хуыцауы тас. Фӕлӕ цы нысан кӕны Хуыцауӕй тӕрсын? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уӕм Хуыцауӕй тӕрсын? Ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын цы нысан кӕны, уый тыххӕй нӕ бон цы у базонын паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Овадийы, хистӕр сауджын Иодайы ӕмӕ паддзах Иоасы цӕвиттонтӕй?

ЦЫ НЫСАН КӔНЫ ХУЫЦАУӔЙ ТӔРСЫН?

3. Цӕмӕйдӕр цӕмӕн фӕтӕрсӕм ӕмӕ нӕ уый куыд хъахъхъӕны?

3 Куы йӕ фембарӕм, цыдӕр нын зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн, уӕд уымӕй фӕтӕрсӕм. Ӕмӕ уый хорз у, уымӕн ӕмӕ уӕд ӕнӕзонд митӕ нӕ фӕкӕнӕм. Зӕгъӕм, къӕдзӕхыл лӕугӕйӕ былмӕ ӕгӕр хӕстӕг нӕ бацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ тӕрсӕм былӕй ахауынӕй. Кӕмдӕр куы уӕм ӕмӕ нын тӕссаг куы уа, цыдӕр ныл кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй, уӕд уырдыгӕй нӕхи айсдзыстӕм. Не ’ввахс ӕмбалӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй фӕрисса, ахӕмӕй ницы зӕгъдзыстӕм ӕмӕ ницы сараздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ тӕрсӕм, кӕрӕдзийӕ кӕй адард уыдзыстӕм, уымӕй.

4. Хӕйрӕг нӕ цӕуыл ӕууӕндын кӕны?

4 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕм Хуыцауы раз фыртӕссӕй ризой. Уый архайы, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, Елифаз цы загъта, ууыл – Йегъовӕ адӕмӕй йӕ маст кӕй фӕисы, ӕгъатыр Хуыцау кӕй у ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕн кӕй ницӕмӕй ис (Иов 4:18, 19). Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕ афтӕ тынг тӕрсын райдайӕм, ӕмӕ йын лӕггад дӕр мауал кӕнӕм. Цӕмӕй уыцы къӕппӕджы ма бахауӕм, уый тыххӕй хъуамӕ раст ӕмбарӕм, Хуыцауӕй тӕрсын цы нысан кӕны, уый. Ӕмӕ нӕм хъуамӕ уа ахӕм тас.

5. Цы нысан кӕны Хуыцауӕй тӕрсын?

5 Хуыцауӕй чи тӕрсы, ома йӕ тынг чи нымайы, уыцы адӕймаг ӕй фӕуарзы ӕмӕ йӕ нӕ фӕфӕнды, цӕй тыххӕй дзы адард уыдзӕн, ахӕмӕй исты саразын. Йесомӕ дӕр уыд «Хуыцауы тас» (Дзут. 5:7). Уый Йегъовӕйы раз фыртӕссӕй нӕ рызти (Ис. 11:2, 3). Уый йӕ бирӕ уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ коммӕ кӕсын (Иоан. 14:21, 31). Йесойау мах дӕр Йегъовӕйы тынг нымайӕм, уымӕн ӕмӕ у уарзӕгой Хуыцау, уый у стыр зонды ӕмӕ стыр тыхы хицау ӕмӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ йын йӕ амындтӕм хъусӕм ӕви нӕ, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Куы нӕ йӕм байхъусӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм, куы йӕм байхъусӕм, уӕд та фӕцин кӕны (Пс. 78:41; Ӕмб. 27:11).

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙӔ ТӔРСЫН САХУЫР УӔМ?

6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уӕм Хуыцауӕй тӕрсын? (Псалом 34:11).

6 Йегъовӕйӕ тӕрсын мады гуыбынӕй нӕ рахӕссӕм. Ууыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм. (Бакӕс Псалом 34:11.) Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Нӕ бон у, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнын. «Йе сконд хъуыддӕгты» йӕ зонд, йӕ тых ӕмӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый цас фылдӕр уынӕм, уыйас ӕй тынгдӕр нымайдзыстӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзыстӕм (Ром. 1:20). Хо Эдриенн загъта: «Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ мӕ дисы ӕфтауынц. Йе сконд хъуыддӕгты зыны йе стыр зонд. Уый фӕрцы бамбарын, Йегъовӕйӕ хуыздӕр ӕй кӕй ничи зоны, хуыздӕр мын цы у, уый». Эдриенн уыдӕттыл кӕй хъуыды кодта, уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд: «Цард мын Йегъовӕ радта, ӕмӕ дзы цӕй тыххӕй адард уыдзынӕн, ахӕмӕй исты цӕмӕн хъуамӕ аразон?» Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид ацы къуыри рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй истӕуыл ахъуыды кӕнай? Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр нымайай ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарзай (Пс. 111:2, 3).

7. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕм Хуыцауы тас уа?

7 Хуыцаумӕ ӕдзух кӕй фӕкувӕм, уый дӕр нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сахуыр уӕм Хуыцауӕй тӕрсын. Цас ӕм арӕхдӕр фӕкувӕм, уыйас ӕй хуыздӕр базонӕм. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр зын уавӕры дзы тыхтӕ куы фӕкурӕм, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, уӕд та ахъуыды кӕнӕм, ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, ууыл. Йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй йын бузныг куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ, куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд ахъуыды кӕнӕм, стыр зонды хицау кӕй у, ууыл. Ахӕм куывдтыты фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр нымайын райдайӕм, стӕй нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, Йегъовӕйӕ нӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй нӕхи хизын.

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауӕй алкӕддӕр тӕрсӕм?

8 Библийы ис, Йегъовӕйӕ чи тарст ӕмӕ дзы чи нӕ тарст, ахӕм адӕймӕгты кой. Ӕмӕ Библи иртасгӕйӕ сӕ цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дзы алкӕддӕр тӕрсӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дыууӕйыл: паддзах Ахавы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Овадийыл ӕмӕ хистӕр сауджын Иодайыл. Стӕй та аныхас кӕндзыстӕм Иудӕйы паддзах Иоасыл. Уый фыццаг Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, фӕлӕ йӕ стӕй ныууагъта.

ОВАДИЙЫ ХУЫЗӔН ХЪӔБАТЫР У

9. Овади Йегъовӕйӕ кӕй тарст, уый йын куыд ӕххуыс кодта? (1 Паддзӕхты 18:3, 12).

9 Библийы Овадийы кой фыццаг хатт кӕм ис, уым ис ахӕм ныхӕстӕ: «Овади Йегъовӕйӕ тынг тарст». (Бакӕс 1 Паддзӕхты 18:3, 12.) Овади Йегъовӕйӕ кӕй тарст, уый фӕрцы уыди ӕууӕнкджын ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг. Ӕмӕ йӕ паддзах йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕй дӕр уый тыххӕй сӕвӕрдта. (Абар Нееми 7:2.) Овади Хуыцауӕй кӕй тарст, уый фӕрцы равдыста стыр хъӕбатырдзинад дӕр. Уыцы миниуӕг та йӕ тынг хъуыди. Уый цард, Ахав паддзах куы уыд, уыцы рӕстӕг. «Ахав арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй [ома уыцы паддзӕхтӕй] фыддӕр фӕци» (1 Пад. 16:30). Уымӕй уӕлдай ма Ахавы ус Йезавел куывта Ваалӕн. Уый Йегъовӕйӕ йе сӕфт афтӕ тынг уыдта, ӕмӕ архайдта, цӕмӕй цӕгатаг паддзахады раст дин скуынӕг кодтаид. Суанг ма Йегъовӕйы пехуымпартӕй бирӕты маргӕ дӕр акодта (1 Пад. 18:4). Уӕдӕ бӕрӕг у, Овади Йегъовӕйӕн уӕззау рӕстӕджы кӕй лӕггад кодта.

10. Овади стыр хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

10 Йезавел Хуыцауы пехуымпарты куы мардта, уӕд Овади равдыста стыр хъӕбатырдзинад. Пехуымпартӕй сӕдӕйы акодта ӕмӕ сӕ «лӕгӕтты фӕндзайгӕйттӕй... ӕмбӕхста ӕмӕ сын уырдӕм дзул ӕмӕ дон... хаста» (1 Пад. 18:13, 14). Уый Йезавел куы базыдтаид, уӕд ӕй удӕгасӕй нӕ ныууагътаид. Ӕмӕ Овади тӕрсгӕ дӕр куыннӕ кодтаид, мӕлын ӕй кӕцӕй фӕндыд. Фӕлӕ йын Йегъовӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕхи цардӕй зынаргъдӕр уыдысты.

Ӕфсымӕр йе ’мчырыстӕттӕн хӕссы уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисы хъӕбатырдзинад (кӕс 11 абзац) c

11. Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Овадийы хуызӕн цӕмӕй сты? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ цӕрынц, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты. Уыдон хицӕуттӕн кад кӕнынц, фӕлӕ Овадийау уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл сты иузӕрдион (Матф. 22:21). Хуыцауӕй кӕй тӕрсынц, уый уымӕй ӕвдисынц, ӕмӕ фыццаджыдӕр уымӕ хъусынц, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29). Уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнынц ӕмӕ иумӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕхи хъахъхъӕнынц, афтӕмӕй (Матф. 10:16, 28). Уыдон архайынц, цӕмӕй сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн уа уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, уый сӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Ӕркӕсӕм Анрийы хабармӕ. Уый цӕры иу африкаг бӕстӕйы. Иуафон дзы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыди. Уыцы рӕстӕг-иу хъуыди хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг фӕхӕццӕ кӕнын. Ӕмӕ Анрийы бафӕндыд уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын. Уый ныффыста: «Ӕнӕуи мӕхӕдӕг ӕнӕныфсхаст адӕймаг дӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы тынг куы нӕ нымадтаин, уӕд мӕм ахӕм хъӕбатырдзинад нӕ разындаид». Дӕумӕ дӕр Хуыцауы тас куы уа, уӕд уыдзынӕ Анрийы хуызӕн хъӕбатыр.

ХИСТӔР САУДЖЫН ИОДАЙЫ ХУЫЗӔН ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ИУЗӔРДИОН У

12. Хистӕр сауджын Иодай ӕмӕ йӕ бинойнаг куыд равдыстой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый?

12 Хистӕр сауджын Иодай тарсти Йегъовӕйӕ ӕмӕ йыл уый фӕрцы уыди иузӕрдион. Стӕй архайдта, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кодтаиккой. Уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, Йезавелы чызг Гофоли Иудӕйы паддзахбадӕн куы бацахста, уӕд. Гофоли уыд ӕгъатыр, ӕмӕ дзы адӕм, ӕвӕццӕгӕн, тарстысты. Уый паддзахы бынат бацахсынмӕ афтӕ тынг бӕллыд, ӕмӕ бахъавыд паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдынмӕ. Кӕд йӕ хъӕбулы хъӕбултӕ уыдысты, уӕддӕр сыл нӕ бацауӕрста (2 Аз. 22:10, 11). Уыцы сывӕллӕттӕй иу, Иоас, удӕгасӕй баззад, уымӕн ӕмӕ йӕ Иодайы ус Иосавеф аирвӕзын кодта. Иодай ӕмӕ Иосавеф сывӕллоны бамбӕхстой ӕмӕ йӕ хъомыл кодтой. Афтӕмӕй Давиды хӕдзарвӕндаг – паддзӕхты хӕдзарвӕндаг – бахъахъхъӕдтой. Иодай уыд Йегъовӕйыл иузӕрдион ӕмӕ Гофолийы раз фыртӕссӕй нӕ рызти (Ӕмб. 29:25).

13. Иоасыл 7 азы куы цыд, уӕд Иодай ногӕй иузӕрдиондзинад куыд равдыста?

13 Иоасыл 7 азы куы цыд, уӕд Иодай ногӕй равдыста, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд. Уый сфӕнд кодта Иоасы, Давиды байзӕддаджы, паддзахӕй сӕвӕрын. Алцыдӕр куыд фӕнд кодта, афтӕ куы рауадаид, уӕд Иоас паддзах суыдаид. Фӕлӕ йӕ фӕнд куы нӕ фӕрӕстмӕ уыдаид, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, амардтаиккой. Йегъовӕйы фӕрцы йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд. Иодайӕн ма баххуыс кодтой левиттӕ, Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджыты хистӕртӕ дӕр. Ӕмӕ Иоасы паддзахӕй сӕвӕрдта, Гофолийы та амарын кодта (2 Аз. 23:1–5, 11, 12, 15; 24:1). Уый фӕстӕ «Йегъовӕйы ӕмӕ паддзах ӕмӕ адӕмы ’хсӕн скодта бадзырд, Йегъовӕйы адӕм кӕй уыдзысты» (2 Пад. 11:17). Иодай ма «дуаргӕсты Йегъовӕйы хӕдзары кулдуӕртты раз сӕвӕрдта, цӕмӕй, цӕйфӕнды тыххӕй дӕр сыгъдӕг чи нӕ уыд, ахӕм адӕймаг мидӕмӕ ма бацыдаид» (2 Аз. 23:19).

14. Иодай Йегъовӕйӕн кӕй кад кодта, уый тыххӕй йын Йегъовӕ куыд скад кодта?

14 Уый размӕ Йегъовӕ загъта: «Ӕз кад кӕндзынӕн, мӕнӕн чи кад кӕны, уыдонӕн». Ӕмӕ Иодайы дӕр схорзӕхджын кодта (1 Сам. 2:30). Зӕгъӕм, йӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй ныффыссын кодта Библийы, цӕмӕй дзы мах цӕуылдӕр сахуыр уӕм (Ром. 15:4). Ӕмӕ Иодай куы амард, уӕд ын уӕлдай кад скодтой – бавӕрдтой йӕ «Давиды горӕты паддзӕхты фарсмӕ, уымӕн ӕмӕ Иодай Израилӕн бирӕ хӕрзты бацыд, ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ хӕдзары тыххӕй бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта» (2 Аз. 24:15, 16).

Мах фӕнды, цӕмӕй хистӕр сауджын Иодайау Йегъовӕйӕ тӕрсӕм ӕмӕ алкӕддӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм (кӕс 15 абзац) d

15. Иодайы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Иодайы хабар не ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм Хуыцауы тас уа. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзугмӕ лӕмбынӕг куы кӕсой ӕмӕ йӕ куы хъахъхъӕной, уӕд афтӕмӕй Иодайы бафӕзмдзысты (Хъуыд. 20:28). Ацӕргӕтӕн та йӕ цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн? Йегъовӕйӕ куы тӕрсой ӕмӕ йыл алкӕддӕр иузӕрдион куы уой, уӕд йӕ бон уыдзӕн уыдоны уылты дӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Йегъовӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл йӕ къух нӕ ауигъы. Ӕрыгӕттӕн та сӕ бон у ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ Иодаймӕ цы цӕстӕй каст, ууыл, ӕмӕ уыйау ацӕргӕты нымайын ӕмӕ сын кад кӕнын, уӕлдайдӕр бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн (Ӕмб. 16:31). Ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у бафӕзмын, Иодайӕн чи ’ххуыс кодта, уыцы левитты, стӕй хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты ӕмӕ хъахъхъӕнджыты хистӕрты. Мах дӕр хъуамӕ, разамынд нын чи дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсӕм ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм (Дзут. 13:17).

ПАДДЗАХ ИОАСЫ ХУЫЗӔН МА У

16. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, паддзах Иоасӕн йӕ уырнындзинад фидар кӕй нӕ уыд?

16 Цалынмӕ Иодай паддзах Иоасы фарсмӕ уыд, уӕдмӕ Иоас хорз адӕймаг уыд (2 Пад. 12:2). Уӕд ӕрыгон паддзахы фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ Иодай куы амард, уӕд Иоас хъусын райдыдта, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыцы кънйӕзтӕм. Ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта? Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бӕстӕйы адӕм дӕр «кувӕн цӕджындзтӕн ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдтой» (2 Аз. 24:4, 17, 18). Уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой. Фӕлӕ сӕм Йегъовӕ уӕддӕр «ӕрвыста пехуымпарты, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ йӕхимӕ раздӕхтаид. ...Фӕлӕ сӕм хъусӕг нӕ уыд». Уыдон нӕ байхъуыстой суанг Иодайы фырт Захаримӕ дӕр b. Уый ӕрмӕст Йегъовӕйы пехуымпар ӕмӕ сауджын нӕ уыд, фӕлӕ ма Иоасӕн йӕ фыдыхойы лӕппу дӕр. Захарийы бинонтӕ Иоасӕн цас хӕрзты бацыдысты, фӕлӕ сын уый сӕ хорздзинӕдтӕн нӕ саргъ кодта ӕмӕ Захарийы амарын кодта (2 Аз. 22:11; 24:19–22).

17. Иоасӕн йӕ кӕрон цавӕр уыд?

17 Иоас Йегъовӕйӕ нал тарст, ӕмӕ йӕ уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркодта. Йегъовӕ загъта: «Нымады кӕмӕ нӕ дӕн, уыдон... уыдзысты ӕгады бынаты» (1 Сам. 2:30). Фӕстӕдӕр сириӕгтӕ Иоасы ныхмӕ рацыдысты. Кӕд Сирийы ӕфсад стыр нӕ уыд, уӕддӕр Иоасӕн йе «стыр ӕфсад» ныппырх кодтой. Йӕхӕдӕг та цы баци? Библийы фыст ис, «сириӕгтӕ йӕ тынг рынчынӕй ныууагътой», зӕгъгӕ, ома тынг фӕцӕфтӕ. Сириӕгтӕ куы ацыдысты, уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой, Захарийы туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Иоас ахӕм ӕвзӕр паддзах уыд, ӕмӕ йӕ паддзӕхтимӕ бавӕрыны аккагыл дӕр нӕ банымадтой (2 Аз. 24:23–25).

18. Йереми 17:7, 8 стихтӕм гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Иоасы хуызӕн ма суӕм?

18 Иоасы хабар нын зондзонӕн куыд у? Уый уыд, йӕ уидӕгтӕ арф кӕмӕн нӕ ацыдысты, ахӕм бӕласы хуызӕн. Ахӕм бӕласы фӕхъӕуы быцӕутӕ, цӕмӕй ма афӕлдӕха. Иоасӕн йӕ «быцӕу» – Иодай – куы нал уыд ӕмӕ, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыдоны зондахаст ыл дымгӕйау куы радымдта, уӕд «афӕлдӕхт». Ацы хабарӕй бӕрӕг у: Хуыцауы коммӕ кӕсын нӕ хъуамӕ ӕрмӕст уый тыххӕй ма фӕнда, ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ кӕнынц афтӕ, суанг нӕ бинонтӕ куы уой, уӕддӕр. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ алкӕддӕр уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм. Уый тыххӕй та хъӕуы ӕдзух Библи иртасын, хъуыды йыл кӕнын ӕмӕ Хуыцаумӕ кувын. (Бакӕс Йеремийы 17:7, 8; Кол. 2:6, 7.)

19. Йегъовӕ нӕ цы домы?

19 Йегъовӕ нӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы. Цы нӕ домы, уый фыст ис Екклесиасты 12:13 стихы: «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс». Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд, фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ бон уыдзӕн Овади ӕмӕ Иодайау фидар фӕлӕууын. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ никуы адард уыдзыстӕм!

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

a Библийы дзырдтӕ «тас» кӕнӕ «тӕрсын» кӕм ӕмбӕлынц, уым сын контекстмӕ гӕсгӕ вӕййы алыхуызон нысаниуӕг. Зӕгъӕм, фӕнысан кӕнынц «ӕмризӕджы ризын», «кад кӕнын» кӕнӕ «дисы ӕфтауын». Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм уа Хуыцауы тас. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн нӕ уӕларвон Фыдӕн хъӕбатырӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын.

b Матфейы 23:35 стихы фыст ис, Йесо Захарийы кӕй схуыдта Варахийы фырт. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Иодайӕн уыди дыууӕ номы. Уыцы заман-иу бирӕтӕн уыд дыгай нӕмттӕ. (Абар Матфейы 9:9 ӕмӕ Марчы 2:14.) Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, Варахи уыди Захарийӕн йӕ фыды фыд кӕнӕ йӕ рагфыдӕлтӕй чидӕр.

c НЫВ. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы иу ӕфсымӕр хо ӕмӕ ’фсымӕрӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕрбахаста (къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ).

d НЫВ. Ӕрыгон хо ацӕргӕ хоимӕ лӕггад кӕнгӕйӕ ахуыр кӕны телефонӕй хъусын кӕнын; ацӕргӕ ӕфсымӕр стендимӕ хъусын кӕны, бирӕ адӕм кӕм ис, ахӕм ран, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисы хъӕбатырдзинад; фӕлтӕрдджын ӕфсымӕр иннӕтӕн амоны, Паддзахады залмӕ зилын куыд хъӕуы, уый.