Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕ нын кодта ӕнӕнхъӕлӕджы лӕвӕрттӕ ӕмӕ нӕ ахуыр кодта

Йегъовӕ нын кодта ӕнӕнхъӕлӕджы лӕвӕрттӕ ӕмӕ нӕ ахуыр кодта

ГЫЦЦЫЛӔЙ-ИУ куы федтон, хӕдтӕхӕг куыд фӕтӕхы, уӕд-иу мӕ бафӕндыд искуыдӕм дард бӕстӕмӕ атӕхын. Фӕлӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ уыцы бӕллиц никуы сӕххӕст уыдзӕн.

Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг мӕ ныййарджытӕ Эстонийӕ алыгъдысты Германимӕ. Ӕз уым райгуырдтӕн. Куы райгуырдтӕн, уый фӕстӕ сфӕнд кодтой Канадӕмӕ цӕрынмӕ ацӕуын. Фыццаг ӕрцардыстӕм Оттавӕмӕ хӕстӕг. Цардыстӕм кӕркдоны, иу чъырӕйцагъд къуымы. Уый уыди нӕ фыццаг хӕдзар. Тынг мӕгуыр уыдыстӕм. Фӕлӕ кӕрчытӕ ӕйчытӕ ӕфтыдтой, ӕмӕ-иу райсомӕй цы бахордтаиккам, уый нын уыди.

Иуахӕмы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ мадӕн бакастысты Раргомад 21:3, 4 стихтӕ. Уыцы стихтӕ йын йӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайдтой, ӕмӕ кӕуын райдыдта. Рӕстдзинады мыггӕгтӕ рӕзыдысты, ӕмӕ, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ мад дӕр ӕмӕ мӕ фыд дӕр донаргъуыд райстой.

Мӕ ныййарджытӕ англисаг ӕвзаг хорз нӕ зыдтой, фӕлӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой. Мӕ фыд куыста никелы заводы, Садберийы (провинци Онтарио). Ӕмӕ-иу ӕхсӕвы сменӕйы куы куыста, уӕд дӕр-иу нӕ мӕ кӕстӕр хо Сильвийӕимӕ, зӕгъӕн ис, алы сабаты дӕр уацамынды акодта. Алы къуыри дӕр-иу ӕнӕхъӕн бинонтӕй ахуыр кодтам «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Мамӕ ӕмӕ мын папӕ Хуыцауы бауарзын кодтой. Ӕмӕ 1956 азы мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон. Уӕд мыл цыди 10 азы. Мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы куыд тынг уарзтой, уый мын цӕрӕнбонты хъарутӕ лӕвӕрдта.

Скъола куы фӕдӕн, уӕд гыццыл ӕруазал дӕн. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ, пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдайон, уӕд мӕ бон не суыдзӕн фаг ӕхца бакусын, цӕмӕй мӕ бӕллиц сӕххӕст уа – тынг мӕ фӕндыд хӕдтӕхӕгыл ӕнӕхъӕн зӕххыл ӕрзилын. Гъемӕ райдыдтон кусын диджейӕ иу бынӕттон радиостанцӕйы. Уыцы куыст мӕ зӕрдӕмӕ цыди, фӕлӕ-иу изӕрыгӕтты кӕй куыстон, уый тыххӕй-иу ӕмбырдтӕ арӕх цух кодтон. Стӕй-иу мӕ рӕстӕг ӕрвыстон, Йегъовӕйы чи нӕ уарзта, уыдонимӕ. Фӕлӕ ме ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕппынфӕстаг мӕ царды цыдӕртӕ фӕивтон.

Ӕз ацыдтӕн Ошавӕмӕ (провинци Онтарио). Уым базонгӕ дӕн Рэй Норманимӕ, йӕ хо Леслиимӕ ӕмӕ иннӕ пионертимӕ. Иууылдӕр мӕм тынг хӕларзӕрдӕ уыдысты. Ӕз уыдтон, куыд амондджын сты, уый, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ нысӕнттыл ногӕй ахъуыды кодтон. Уыдон мын дзырдтой, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаин. Ӕмӕ 1966 азы сентябры пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Тынг амондджын уыдтӕн, ӕмӕ мӕм цард йӕ мидбылты худт. Фӕлӕ стӕй ӕрцыд, мӕ цард мын чи фӕивта, цалдӕр ахӕм ӕнӕнхъӕлӕджы хабары.

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ЦЫДӔР БАХӔС КӔНЫНМӔ КУЫ ХЪАВА, УӔД-ИУ ФӔЛВАРГӔ УӔДДӔР АКӔН

Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд байдзаг кодтон курдиат Канадӕйы Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй. Вефил уыди Торонтойы. Ӕмӕ мӕ фӕстӕдӕр, пионерӕй куы лӕггад кодтон, уӕд, цыппар азмӕ Вефилмӕ фӕхуыдтой. Фӕлӕ Лесли мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Ӕмӕ тарстӕн, куы сразы уон, уӕд ӕй куы никуыуал фенон. Бирӕ фӕкуывтон ӕмӕ ӕппынфӕстаг сразы дӕн. Ӕмӕ Леслийӕн ӕнкъардӕй хӕрзбон загътон.

Вефилы куыстон прачечнийы, фӕстӕдӕр та – секретарӕй. Уӕдмӕ Лесли лӕггад кӕнын райдыдта сӕрмагонд пионерӕй Гатинойы (провинци Квебек). Арӕх-иу хъуыдытӕ кодтон: «Цымӕ афонмӕ Лесли цытӕ кусы? Раст уынаффӕ рахастон?» Фӕлӕ стӕй иу диссаджы хабар ӕрцыд. Уый уыд, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдтӕн, уыцы амондджын хабӕрттӕй сӕ иу. Леслийы ӕфсымӕр Рэйы фӕхуыдтой Вефилмӕ ӕмӕ йӕ мемӕ ӕрцӕрын кодтой. Афтӕмӕй та Леслиимӕ ногӕй фембӕлдтӕн. Нӕ цард баиу кодтам 1971 азы 27 февралы. Уый уыд Вефилы мӕ лӕггады фӕстаг бон, гъеуӕд рацыд цыппар азы.

1975 азы райдыдтон районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын

Леслиимӕ нӕ снысан кодтой французаг ӕмбырдмӕ Квебекмӕ. Цалдӕр азы фӕстӕ мын ӕфсымӕртӕ загътой, зӕгъгӕ, дам, дӕ нӕ фӕндид районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Уӕд мыл цыди 28 азы, ӕмӕ мын уыцы хабар уыд ӕнӕнхъӕлӕджы. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ ӕгӕр ӕрыгон дӕн ӕмӕ мӕм фаг фӕлтӕрддзинад нӕй. Фӕлӕ мын стыр ӕххуыс фесты Йереми 1:7, 8 стихтӕ. Фӕлӕ ма иу цӕуылдӕр мӕт кодтон. Лесли цалдӕр хатты аварийы бахауд, стӕй фынӕй дӕр ӕвзӕр кодта. Уымӕ гӕсгӕ хъуыдытӕ кодтам, ахӕм хуызы лӕггад кӕнын нӕ бон суыдзӕни ӕви нӕ. Фӕлӕ Лесли загъта: «Кӕд нын Йегъовӕ цыдӕр бахӕс кӕнынмӕ хъавы, уӕд уыцы хъуыддаг цӕуылнӕ ис афӕлварӕн?» Ӕмӕ мах дӕр сразы стӕм. Алыхуызон ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтам 17 азы.

Районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнгӕйӕ мын бирӕ хъуыддӕгтӕ уыд, ӕмӕ-иу алы хатт Леслийӕн фаг рӕстӕг нӕ рахицӕн кодтон. Фӕлӕ мын стӕй иу хабар зондзонӕн фӕци. Иу къуырисӕры райсомӕй дуары дзӕнгӕрӕг райхъуыст. Дуар куы байгом кодтон, уӕд дзы ничи уыди, ӕрмӕст къӕсӕрыл лӕууыд чыргъӕд пикникӕн. Уыди дзы стъолӕмбӕрзӕн, дыргътӕ, цыхт, дзул, сӕны авг ӕмӕ агуывзӕтӕ. Стӕй гыццыл гӕххӕттыл фыст уыд: «Дӕ бинойнаджы пикникмӕ акӕн». Уыди диссаджы хурбон. Фӕлӕ Леслийӕн бамбарын кодтон, раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнын мӕ кӕй хъӕуы ӕмӕ мӕ бон ацӕуын кӕй нӕу. Уый ницы загъта, фӕлӕ гыццыл ӕрӕнкъард. Мӕ раныхас цӕттӕ кӕныныл куы ’рбадтӕн, уӕд мӕ мӕ цӕсгом хӕрын райдыдта. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Ефесӕгтӕм 5:25, 28 стихты ныхӕстӕ. Ӕмӕ ахъуыды кодтон: «Мыййаг мын Йегъовӕ уымӕй не ’мбарын кӕны, дӕ бинойнагыл ахъуыды кӕн ӕмӕ йын рӕстӕг ссар, зӕгъгӕ?» Ӕз скуывтон ӕмӕ стӕй Леслийӕн загътон: «Цом пикникмӕ». Ӕмӕ уымӕн дӕр йӕ цинӕн кӕрон нал уыд! Машинӕйыл доны былмӕ ацыдыстӕм ӕмӕ дзы рӕсугъд бынат ссардтам. Уый уыд, иумӕ цы ӕхсызгон бонтӕ арвыстам, уыдонӕй сӕ иу. Ӕмӕ ма мӕ раныхӕстӕ дӕр бацӕттӕ кодтон.

Ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Нӕ район уыд стыр: Бритайнаг Колумбийӕ Ньюфаундлендмӕ. Гыццылӕй мӕ фӕндыд балцыты цӕуын, ӕмӕ мӕ бӕллиц сӕххӕст! Уый размӕ-иу Галаады скъолайыл дӕр хъуыды кодтон, фӕлӕ мӕ нӕ фӕндыд ӕндӕр бӕстӕйы миссионерӕй лӕггад кӕнын. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ цӕмӕй миссионер уай, уый тыххӕй цавӕрдӕр диссаджы адӕймаг хъуамӕ уай. Ӕз та, миссионер уон, уый аккагыл мӕхи нӕ нымадтон. Стӕй тарстӕн, низтӕ парахат кӕм сты ӕмӕ хӕст кӕм цӕуы, ахӕм африкаг бӕстӕмӕ нӕ куы снысан кӕной. Мӕ зӕрдӕмӕ цыди Канадӕйы лӕггад кӕнын.

НОГ ХАБАР ТА: ФӔХУЫДТОЙ НӔ ЭСТОНИМӔ

Стӕм Прибалтикӕйы

Советон Цӕдис куы фехӕлд, уӕд, цы бӕстӕтӕ дзы уыд, уыдонӕй кӕцыдӕрты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн лӕвӕрд ӕрцыд сӕрибардзинад. Ӕмӕ нӕ 1992 азы ӕфсымӕртӕ бафарстой, зӕгъгӕ, дам, уӕ нӕ фӕндид Эстонийы миссионертӕй лӕггад кӕнын. Ацы хабар дӕр та нын уыд ӕнӕнхъӕлӕджы, ӕмӕ бирӕ фӕкуывтам. Ногӕй та ахъуыды кодтам: «Кӕд нын Йегъовӕ цыдӕр бахӕс кӕнынмӕ хъавы, уӕд уыцы хъуыддаг цӕуылнӕ хъуамӕ афӕлварӕм?» Гъемӕ сразы стӕм. Афтӕ дӕр ма ахъуыды кодтон: «Хорз ӕмӕ нӕ Африкӕмӕ нӕ арвыстой».

Мах уайтагъд райдыдтам эстойнаг ӕвзаг ахуыр кӕнын. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккам 46 ӕмбырды ӕмӕ цалдӕр къорды Эстонийы, Латвийы, Литвайы ӕмӕ Калининграды. Уый тыххӕй та нӕ хъуыди цыдӕртӕ сахуыр кӕнын латышаг, литоваг ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл. Уый афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕхсызгон уыд, се ’взаг сын кӕй ахуыр кӕнӕм, уый. Ӕмӕ нын алкӕддӕр цӕттӕ уыдысты баххуыс кӕнынмӕ. 1999 азы Эстонийы фӕзынд филиал, ӕмӕ мӕ снысан кодтой филиалы комитетмӕ. Комитеты ма уыдысты Томас Эдур, Лембит Райле ӕмӕ Томми Кауко.

Галиуырдыгӕй: Литвайы конгрессы раныхас дзурын

Рахизырдыгӕй: Эстонийы филиалы комитет, фӕзынд 1999 азы

Мах базонгӕ стӕм, Сыбырмӕ хаст чи уыд, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ. Кӕд ӕфхӕрд ӕййӕфтой ӕмӕ сӕ сӕ бинонтӕй фӕхицӕн кодтой, уӕддӕр сӕ зӕрдӕты маст никӕмӕ хастой. Уыдон дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой. Сӕ хабарӕй бамбӕрстам, махӕн дӕр уӕззау уавӕрты нӕ бон кӕй уыдзӕн фидар фӕлӕууын ӕмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын.

Бирӕ азты дӕргъы ӕнӕрынцойӕ фыдӕбон кодтам, улӕфгӕ та афтӕ бирӕ нӕ кодтам. Иуафон Лесли тынг фӕллайын райдыдта. Уайтагъд ӕй нӕ бамбӕрстам, уый фибромиалгийӕйы аххосӕй кӕй уыд. Ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдтам фӕстӕмӕ Канадӕмӕ аздӕхыныл. Уыцы рӕстӕг нӕ фӕхуыдтой Паттерсонмӕ (штат Нью-Йорк, АИШ), Скъоламӕ филиалты комитетты уӕнгтӕн ӕмӕ сӕ устытӕн. Ӕз дызӕрдыг кодтон, нӕ бон уырдӕм ацӕуын кӕй уыдзӕн, ууыл. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй фӕкуывтам ӕмӕ сразы стӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Уыцы скъолайы куы ахуыр кодтам, растдӕр гъеуӕд Лесли ацыд дохтыртӕм, ӕмӕ йын йӕ низы тыххӕй уӕд базыдтам. Уым йӕхи дзӕбӕх кӕнын райдыдта. Ӕмӕ та гыццылгай нӕ цард йӕ гаччы сбадт.

НОГ ӔНӔНХЪӔЛӔДЖЫ ХАБАР ТА: ӔНДӔР КОНТИНЕНТ

Эстонимӕ куы ӕрыздӕхтыстӕм, уӕд мӕм иу изӕр сӕйраг хайадӕй ӕрбадзырдтой ӕмӕ мӕ бафарстой, зӕгъгӕ, дам, уӕ нӕ фӕндид Конгойы лӕггад кӕнын. Уый уыд 2008 азы. Ахӕм цыдӕр фехъусын ӕнхъӕл ӕппындӕр нӕ уыдтӕн. Стӕй мын хъуыды кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг нӕ уыд, дзуапп иннӕ бон хъуыди раттын. Уыцы изӕр Леслийӕн ницыуал загътон, уымӕн ӕмӕ ӕгъуыссӕг фӕуыдаид. Фӕлӕ ӕгъуыссӕг мӕхӕдӕг фӕдӕн. Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ йын дзырдтон, мӕ ныфс цӕуылнӕ хӕссын Африкӕмӕ цӕуынмӕ.

Иннӕ бон алцыдӕр Леслийӕн радзырдтон. Мах ахъуыды кодтам: «Йегъовӕ нӕ хоны Африкӕмӕ. Ӕмӕ куы нӕ афӕлварӕм, уӕд ӕй кӕцӕй базондзыстӕм, нӕ бон бауыдзӕн ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ?» Эстонийы фӕлӕггад кодтам 16 азы. Ӕмӕ уый фӕстӕ атахтыстӕм Киншасӕмӕ (Демократон Республикӕ Конго). Филиал уыд тынг рӕсугъд. Кӕрты сагъд уыд зайӕгойтӕ ӕмӕ дидинджытӕ, ӕмӕ дзы уыцы сабыр уыди. Лесли нӕ къомнӕты сӕвӕрдта открыткӕ. Уыцы открыткӕ йӕм уыди, Канадӕйӕ куы ацыдыстӕм, уӕдӕй нырмӕ. Фыст ыл уыд ахӕм ныхӕстӕ: «Кӕм дӕ ныссагътой, уым дидинӕг кал». Цасдӕры фӕстӕ нӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта уыцы ран миссионертӕй лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ базонгӕ стӕм, Библийы ахуыртӕ уагътам, ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы нӕ циныл цин ӕфтыд. Фӕстӕдӕр нӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ бӕрӕг кодтам Африкӕйы иннӕ бӕстӕты филиалтӕ. Ӕдӕппӕтӕй бабӕрӕг кодтам 13 филиалы. Уый фӕрцы базонгӕ стӕм бирӕ алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕмӕ федтам, алкӕмӕн дӕр дзы куыд рӕсугъд удыхъӕд ис. Ӕз бамбӕрстон, дзӕгъӕлы кӕй тарстӕн Африкӕмӕ цӕуын. Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдыстӕм, ардӕм нӕ кӕй рарвыста, уый тыххӕй.

Конгойы куы лӕггад кодтам, уӕд-иу нын нӕ разы ӕрӕвӕрдтой, раздӕр кӕй никуы хордтам, ахӕм хӕринӕгтӕ, зӕгъӕм, сасчытӕ. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ дзы нӕ бон бахӕрын нӕ бауыдзӕн. Фӕлӕ сӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд адджынӕн хӕрынц, уый куы федтам, уӕд загътам, цӕй, мах дӕр дзы фенӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кодтам.

Бӕстӕйы скӕсӕнырдыгӕй-иу змӕнтджытӕ хъӕутӕм бабырстой ӕмӕ-иу сылгоймӕгтӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн фыдмитӕ кодтой. Ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн хъуыди гуманитарон ӕххуыс аласын, стӕй сӕ фидар кӕнын. Сӕ фылдӕр тынг мӕгуыр уыдысты. Фӕлӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый сӕ афтӕ тынг уырныдта, Йегъовӕйы афтӕ тынг уарзтой ӕмӕ йын йӕ организацийыл афтӕ иузӕрдион уыдысты, ӕмӕ диссаг! Сӕ фидар уырнындзинад уынгӕйӕ мах дӕр бафӕндыд нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр сфидар кӕнын. Мах ахъуыды кодтам: «Мах та Йегъовӕйӕн цӕмӕн лӕггад кӕнӕм?» Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕмӕндӕрты сӕ хӕдзӕрттӕ ныппырх кодтой, сӕ хуымты сын ницыуал ныууагътой. Уӕд хорз бамбӕрстон, мулк ӕмӕ фӕллӕйттӕ куыд тагъд ис фесафӕн ӕмӕ нӕ хъӕздыгдзинад кӕй у, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ахӕм стыр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр сӕ хъастгӕнгӕ арӕх нӕ фехъуыстаис. Зындзинӕдтӕм ахӕм цӕстӕй кӕй кастысты, уый махӕн дӕр тынг баххуыс кодта. Бамбӕрстам ӕй, зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлӕм кӕнӕ нӕм цавӕрдӕр низ куы разына, уӕд хъӕбатыр кӕй хъуамӕ уӕм.

Галиуырдыгӕй: ӕрлидзджыты къордӕн дзурын раныхас

Рахизырдыгӕй: ласӕм гуманитарон ӕххуыс ӕмӕ хостӕ Дунгумӕ (Демократон Республикӕ Конго)

АЗИЙЫ АД ФЕДТАМ

Фӕстӕдӕр та ӕрцыд, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдыстӕм, ӕндӕр ахӕм хабар. Снысан нӕ кодтой Гонконгы филиалмӕ. Искуы Азийы цӕрдзыстӕм, ууыл хъуыды дӕр никуы акодтаиккам. Фӕлӕ, кӕмфӕнды ма лӕггад кодтаиккам, алкӕддӕр нӕ царды уыдтам Йегъовӕйы къух. Ӕмӕ та ацы хатт дӕр сразы стӕм. 2013 азы цӕссыгкалгӕйӕ хӕрзбон загътам нӕ зынаргъ африкаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕмӕ диссаджы рӕсугъд Африкӕйӕн. Разӕй нӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый нӕ зыдтам.

Гонконг у стыр горӕт, цӕры дзы тынг бирӕ адӕм. Африкӕимӕ абаргӕйӕ уым цард бынтон ӕндӕрхуызон у. Китайаг ӕвзаг ахуыр кӕнын дӕр нын зын уыд. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ уарзондзинадӕй рӕвдыдтой, стӕй бынӕттон хӕринӕгтӕ дӕр нӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты. Вефилы куыст фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, ӕмӕ хъуыди фылдӕр бынат. Фӕлӕ зӕххы ӕмӕ хӕдзӕртты ӕргътӕ уӕлӕмӕ стахтысты. Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет ахӕм уынаффӕ рахаста, цӕмӕй филиалы агъуыстытӕн сӕ фылдӕр ауӕй кӕнӕм. 2015 азы нӕ снысан кодтой Хуссар Кореймӕ, ӕмӕ ныр дӕр уым лӕггад кӕнӕм. Корейаг ӕвзаг дӕр ӕнцон нӕу. Ӕмӕ йыл кӕд нырма мӕлӕты хорз нӕ дзурӕм, уӕддӕр нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ раппӕлынц, бонӕй-бонмӕ уын хуыздӕр уайы, зӕгъгӕ.

Галиуырдыгӕй: стӕм Гонконгы

Рахизырдыгӕй: Корейы филиал

ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНГӔЙӔ ЦӔУЫЛ САХУЫР СТӔМ?

Ног ӕмбӕлттӕ ссарын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ мах бамбӕрстам, уазӕгуарзондзинад-иу фыццаг нӕхӕдӕг куы равдисӕм, уӕд-иу адӕмимӕ тагъддӕр кӕй базонгӕ уыдзыстӕм. Бамбӕрстам ма, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕрӕдзийӕ афтӕ тынг кӕй нӕ хицӕн кӕнынц, фӕлӕ фылдӕр ӕмхуызон кӕй сты. Стӕй нӕ Йегъовӕ куыд скодта, уый дӕр диссаг у. Нӕ бон у нӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнын ӕмӕ дзы бирӕ ӕмбӕлттӕн бынат скӕнын (2 Кор. 6:11).

Бамбӕрстам ма, адӕммӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм. Стӕй-иу хъуамӕ фенӕм, Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы ӕмӕ нын разамынд куыд дӕтты, уый. Ныфссаст-иу куы уыдыстӕм кӕнӕ-иу нӕм афтӕ куы каст, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕр нӕ уарзы, уӕд-иу ногӕй бакастыстӕм, не ’мбӕлттӕ нӕм цы открыткӕтӕ ӕмӕ писмотӕ ӕрбарвыстой, уыдон. Йегъовӕ нын алкӕддӕр нӕ куывдтытӕн дзуапп лӕвӕрдта, ӕмбарын нын кодта, кӕй нӕ уарзы, ӕмӕ нӕ хъарутӕ уагъта.

Леслиимӕ ма бамбӕрстам, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй-иу кӕрӕдзийӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цыфӕнды ӕнӕвдӕлон куы уӕм, уӕддӕр. Бамбӕрстам ма, кӕй хъуамӕ зонӕм нӕхиуыл ахудын дӕр, уӕлдайдӕр ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ алы изӕр дӕр фӕархайӕм, цӕмӕй-иу ӕрхъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйӕн уыцы бон бузныг цӕй тыххӕй зӕгъӕм, уый.

Ӕргом куы зӕгъон, уӕд афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ бон нӕ бауыдзӕн миссионерӕй лӕггад кӕнын кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕты цӕрын. Фӕлӕ Йегъовӕимӕ алцӕмӕн дӕр ис гӕнӕн. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты пехуымпар Йеремийы ныхӕстӕ: «О Йегъовӕ, ды мӕ фӕсайдтай» (Йер. 20:7). Йегъовӕ нын, нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр чи нӕ уыд, бирӕ ахӕм лӕвӕрттӕ скодта, суанг ма мын мӕ бӕллиц дӕр сӕххӕст кодта. Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд мын афтӕ исчи куы загътаид, ӕмӕ уыйбӕрц бӕстӕтӕм атӕхдзынӕн, уӕд мӕ нӕ бауырныдтаид. Бӕрӕг кодтам филиалтӕ 5 континентыл. Кӕмфӕнды ма лӕггад кодтаиккам,– Лесли мын алкӕддӕр ӕххуыс кодта, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг дӕн.

Ӕдзух нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕ кӕмӕн аразӕм ӕмӕ цӕмӕн. Абон цы арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдон ӕрмӕстдӕр гыццыл ӕвдисынц, ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Уӕд Йегъовӕ йӕ къух байгом кӕндзӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16).