Кӕсджыты фарстатӕ
Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы райгуырды фӕстӕ Вифлеемы цӕмӕн баззадысты, сӕхимӕ Назаретмӕ цӕуылнӕ аздӕхтысты?
Библийы уый фыст нӕй. Фӕлӕ дзы цы цымыдисаг лыстӕг хабӕрттӕ ис, уыдонӕй цыдӕр базонӕн ис, афтӕ цӕмӕн бакодтаиккой, уый тыххӕй.
Зӕд Марийӕйӕн загъта, кӕй басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын кӕй райгуырдзӕн лӕппу. Уыцы рӕстӕг Марийӕ ӕмӕ Иосиф цардысты Галилейӕйы, горӕт Назареты (Лук. 1:26–31; 2:4). Фӕстӕдӕр сӕ бахъуыд Египетмӕ алидзын. Цасдӕры фӕстӕ ӕрыздӕхтысты Назаретмӕ. Йесо уым схъомыл, ӕмӕ йӕ хуыдтой «назаретаг» (Матф. 2:19–23). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ се ’ртӕ дӕр – Йесо, Марийӕ ӕмӕ Иосиф – уыдысты назаретӕгтӕ.
Марийӕйӕн уыди хӕстӕг, Елизаветӕ. Уый цард Иудӕйы. Елизаветӕ уыд сауджын Захарийы бинойнаг ӕмӕ Аргъауӕг Иоанны мад (Лук. 1:5, 9, 13, 36). Марийӕ куы базыдта, Елизаветӕ йӕхи бар кӕй нӕу, уӕд ӕм Иудӕмӕ ацыд ӕмӕ уым 3 мӕйы фӕци. Уый фӕстӕ Назаретмӕ ӕрыздӕхт (Лук. 1:39, 40, 56). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Марийӕйӕн Иудӕйы бӕстӕ ӕнӕзонгӕ бынат нӕ уыд.
Цасдӕры фӕстӕ рацыд бардзырд, алчидӕр «йӕхи ныффыссынмӕ» кӕй хъуамӕ ацӕуа, цы горӕты райгуырд, уырдӕм. Ӕмӕ Иосиф дӕр Назаретӕй ацыд «Давиды горӕт» Вифлееммӕ. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Мессийӕ хъуамӕ уым райгуырдаид (Лук. 2:3, 4; 1 Сам. 17:15; 20:6; Мих. 5:2). Уым Марийӕйӕн райгуырд Йесо. Иосифы нӕ фӕндыд, цӕмӕй Марийӕ ноггуырд сывӕллонимӕ Назаретмӕ уыцы дард фӕндагыл цыдаид. Ӕмӕ уал Вифлеемы баззадысты. Стӕй уырдыгӕй Иерусалиммӕ уыди 9 километры бӕрц. Ӕмӕ сын ӕнцондӕр уыдаид сӕ ноггуырд лӕппуйы кувӕндонмӕ ахӕссын ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕссын (Лев. 12:2, 6–8; Лук. 2:22–24).
Уый размӕ Йегъовӕйы зӕд Марийӕйӕн загъта, йӕ фыртӕн лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн «Давиды паддзахбадӕн» ӕмӕ кӕй «уыдзӕн паддзах». Ӕмӕ, чи зоны, Иосиф ӕмӕ Марийӕ ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Йесо Давиды горӕты хуымӕтӕджы нӕ райгуырд (Лук. 1:32, 33; 2:11, 17). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй дӕр сфӕнд кодтой уым баззайын ӕмӕ банхъӕлмӕ кӕсын, Хуыцау сын дарддӕр цы зӕгъдзӕн, уымӕ.
Стъалыдӕснытӕ Вифлееммӕ куы ’рцыдысты, уӕдмӕ дзы Иосиф йӕ бинонтимӕ цас фӕци, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ Библийы фыст ис, куы сӕм ӕрбацыдысты, уӕд хӕдзары кӕй цардысты ӕмӕ Йесо ноггуырд сывӕллон кӕй нал уыд (Матф. 2:11). Куыд зыны, афтӕмӕй Назаретмӕ нӕ аздӕхтысты, фӕлӕ Вифлеемы ӕрцардысты, ома дзы дзӕвгар аззадысты.
Ирод «Вифлееммӕ... йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй ныццагътаиккой, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыди, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр» (Матф. 2:16). Йегъовӕйы зӕд Иосифы бафӕдзӕхста, Ирод Йесойы марынмӕ кӕй хъавы. Гъемӕ Марийӕимӕ ӕмӕ гыццыл Йесоимӕ Египетмӕ алыгъд, ӕмӕ уым цардысты, цалынмӕ Ирод нӕ амард, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ йӕ бинонты Назаретмӕ ракодта. Цымӕ Вифлееммӕ цӕуылнӕ аздӕхтысты? Уыцы рӕстӕг Иудейӕйы паддзах уыд Ироды фырт Архелай ӕмӕ уыд тынг ӕгъатыр хицау. Стӕй ма Иосифӕн зӕд загъта, цӕмӕй уырдӕм ма ацыдаид. Назареты сын тӕссаг ницӕмӕй уыд, ӕмӕ Иосифӕн йӕ бон уыд Йесойы хорз хъомыл кӕнын ӕмӕ йӕ Хуыцауы фӕндагыл ӕвӕрын (Матф. 2:19–22; 13:55; Лук. 2:39, 52).
Ӕвӕццӕгӕн, Иосиф амард, Йесо уӕларвон цардмӕ фӕндаг куы нӕма бакодта, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ райгас уыдзӕн зӕххыл. Уӕд йемӕ базонгӕ уыдзыстӕм ӕмӕ фылдӕр базондзыстӕм, Йесойы райгуырды фӕстӕ Марийӕимӕ Вифлеемы цӕмӕн баззадысты, уый тыххӕй.