Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Гедеоны фӕзмут

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Гедеоны фӕзмут

«Гедеоны... тыххӕй дзурон, уыйбӕрц рӕстӕг кӕм ис» (ДЗУТ. 11:32).

124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. 1 Петры 5:2 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгты цавӕр кады аккаг скодта?

 ЙЕГЪОВӔ йӕ зынаргъ фысты бакодта хистӕр нӕлгоймӕгты бар. Ахӕм кады аккаг сӕ скодта, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн лӕггад кӕной, ӕмӕ уымӕн тынг аргъ кӕнынц. Ӕмӕ архайынц, цӕмӕй Йегъовӕйы «зӕрдӕйы фӕндиаг фыййӕуттӕ» уой (Йер. 3:15; бакӕс 1 Петры 5:2). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, не ’мбырдты ахӕм «фыййӕуттӕ» кӕй ис, уый тыххӕй.

2. Иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?

2 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ сӕмбӕлынц бирӕ зындзинӕдтыл. Зӕгъӕм, бирӕ сӕ фӕхъӕуы аразын, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн разамынд дӕттой ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной. Тони цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Уый хъуыди бацархайын, цӕмӕй суыдаид бонзонгӕдӕр. Тони загъта: «Коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд мӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ исын райдыдтон. Хъуыди фылдӕр аразын, цӕмӕй ӕмбырдтӕ уагътаиккам ӕмӕ хорз хабар хъусын кодтаиккам. Фӕлӕ цасфӕнды ма арӕзтаин, уӕддӕр куыст нӕ къаддӕр кодта. Ӕппынфӕстаг афтӕ ӕнӕвдӕлон сдӕн, ӕмӕ-иу мын фаг рӕстӕг нал баззад Библи иртасынӕн ӕмӕ кувынӕн». Илир цӕры Косовойы. Уый сӕмбӕлд ӕндӕр зындзинадыл. Хӕст кӕм цыд, ахӕм ран куы цард, уӕд ын зын уыд нӕ организацийы разамындмӕ хъусын. Уый загъта: «Филиал мын бахӕс кодта, цӕмӕй, хӕст кӕм цыд, уыцы ран чи цард, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтаин. Фӕлӕ ӕз тарстӕн уырдӕм цӕуын, стӕй мӕм уыцы разамынд раст нӕ каст». Тим лӕггад кӕны миссионерӕй Азийы. Уымӕн та рӕстӕг нӕ фаг кодта, цӕмӕй алы бон дӕр йе ’ппӕт хъуыддӕгтыл ӕххӕссыдаид. Уый загъта: «Хатт-иу тынг бафӕлладтӕн, тыхы мур-иу мӕм нал баззад». Ахӕм зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

3. Не ’ппӕт дӕр Гедеонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

3 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн тӕрхонгӕнӕг Гедеоны цӕвиттон (Дзут. 6:12; 11:32). Уый Хуыцауы адӕмӕн разамынд дӕр лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр кодта (Тӕрх. 2:16; 1 Аз. 17:6). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕвӕрд сты, цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджы Хуыцауы адӕммӕ кӕсой ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной (Хъуыд. 20:28; 2 Тим. 3:1). Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Гедеоны бафӕзмын. Уый уыд бонзонгӕ, сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс. Стӕй ма йӕ йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ хъуыди фидардзинад дӕр. Уӕлдай нӕу, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ стӕм ӕви нӕ,– хъуамӕ нӕ алчидӕр тынг аргъ кӕна, разамынд нын чи дӕтты, уыдонӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна. Уыцы ӕфсымӕртӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц (Дзут. 13:17).

ЗЫН ДЫН КУЫ УА, ЦӔМӔЙ УАЙ БОНЗОНГӔ ӔМӔ СӔРНЫЛЛӔГ

4. Гедеон куыд равдыста, бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд, уый?

4 Гедеон уыди бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг b. Йегъовӕйы зӕд ын куы загъта, Йегъовӕ йӕ кӕй равзӕрста, цӕмӕй Израил хъомысджын мадиамӕгты къухӕй фервӕзын кодтаид, уӕд уыцы сӕрныллӕг адӕймаг загъта: «Манассийы мыггаджы ’хсӕн мӕ хӕдзарвӕндаг зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ фыды хӕдзары куы ничи дӕн» (Тӕрх. 6:15). Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн уыцы хъуыддаг саразын. Фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, йӕ бон кӕй бауыдзӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы уыцы хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кодта.

5. Хистӕр нӕлгоймагӕн зын кӕд вӕййы, цӕмӕй бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг уа?

5 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уой бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг (Мих. 6:8; Хъуыд. 20:18, 19). Уыдон сӕ курдиӕттӕй ӕмӕ се ’нтыстдзинӕдтӕй нӕ феппӕлынц. Куы фӕрӕдийынц, уӕд та афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнынц, ницӕйаг дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын уӕддӕр цавӕрдӕр уавӕрты зын вӕййы, цӕмӕй бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг уой. Зӕгъӕм, ахӕм уавӕры: хистӕр нӕлгоймаг сразы цалдӕр хӕсы ӕххӕст кӕныныл, фӕлӕ стӕй бамбӕрста, зын ын кӕй у се ’ппӕтыл аххӕссын. Кӕнӕ та ахӕм уавӕры: йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй дзы чидӕр ӕппӕлгӕ кӕны, чидӕр та йӕм фаутӕ хӕссы. Ахӕм уавӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Гедеоны цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

Бонзонгӕ хистӕр нӕлгоймаг Гедеонау цӕттӕ вӕййы ӕххуыс ракурынмӕ, зӕгъӕм, ӕмбырд стендтимӕ куыд хъусын кӕндзӕн, уый куы пълан кӕна, уӕд (кӕс 6 абзац)

6. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Гедеонау бонзонгӕ уой? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Ӕххуыс-иу ракур. Бонзонгӕ адӕймаг фембары, йӕ бон алцы кӕй нӕу. Гедеон бонзонгӕ кӕй уыд, уый бӕрӕг уыд, иннӕтӕй-иу ӕххуыс кӕй ракуырдта, уымӕй (Тӕрх. 6:27, 35; 7:24). Ӕмӕ ӕмбаргӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр афтӕ фӕкӕнынц. Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕр, Тони, зӕгъы: «Исты мын-иу куы бахӕс кодтой, уӕд-иу сразы дӕн, „нӕ“ дзурын нӕ зыдтон. Афтӕ кодтон, гыццылӕй мӕ куыд ахуыр кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу арӕх уыцы хъуыддӕгтыл нӕ аххӕссыдтӕн. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтон нӕ бинонты ахуыры бонзонгӕдзинадыл аныхас кӕнын. Фӕндыди мӕ мӕ бинойнаджы дӕр бафӕрсын, цы хъуыды кӕны, бонзонгӕ дӕн ӕви нӕ. Стӕй ма сайты jw.org бакастӕн видеороликмӕ „Чырыстийау иннӕты ахуыр кӕнут, ӕууӕндут сыл ӕмӕ сын сӕ бӕрны алыхуызон хӕстӕ кӕнут“». Уый фӕстӕ Тони райдыдта ӕндӕрхуызон архайын. Ӕфсымӕртӕн-иу загъта, цӕмӕй йӕм фӕкастаиккой. Ӕмӕ афтӕ кӕй кодта, уый хорз уыд. Тони зӕгъы: «Ӕмбырды алцыдӕр хорз арӕзт цӕуы, ӕмӕ мӕнӕн дӕр фылдӕр рӕстӕг фӕзынд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнон».

7. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Гедеоны бафӕзмын, исчи сӕ куы хъаст кӕна, уӕд? (Иаковы 3:13).

7 Исчи дӕм фаутӕ куы хӕсса, уӕд ын сабырӕй дзуапп дӕтт. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ма фӕлварӕн свӕййы, исчи сӕм фаутӕ куы фӕхӕссы, уый дӕр. Ахӕм уавӕры дӕр сын баххуыс кӕндзӕн Гедеоны цӕвиттон. Гедеон ӕмбӕрста, йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕрӕдигӕ кӕй нӕу. Ӕмӕ йын ефремӕгтӕ куы уайдзӕф кодтой, уӕд сын сабырӕй дзуапп радта (Тӕрх. 8:1–3). Гедеон не смӕсты. Уый сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ сын сӕ хъӕстытӕм байхъуыста, стӕй семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта. Ӕмӕ уӕд ефремӕгтӕ ӕрсабыр сты. Ӕмбаргӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕзмынц Гедеоны. Исчи сӕ куы фӕхъаст кӕны, уӕд ӕм лӕмбынӕг байхъусынц ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнынц. (Бакӕс Иаковы 3:13.) Афтӕмӕй ӕмбырды фарн бахъахъхъӕнынц.

8. Хистӕр нӕлгоймагӕй куы ӕппӕлой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕна? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Куы дӕ ӕппӕлой, уӕд-иу скадджын кӕн Йегъовӕйы. Гедеон мадиамӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй дзы куы ӕппӕлыдысты, уӕд скадджын кодта Йегъовӕйы (Тӕрх. 8:22, 23). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Гедеоны бафӕзмын? Исты сын куы бантысы, уӕд-иу уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы скадджын кӕной (1 Кор. 4:6, 7). Зӕгъӕм, исчи хистӕр нӕлгоймагӕй куы ӕппӕла, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхсы, уый тыххӕй, уӕд йӕ бон у уыцы адӕймаджы ӕргом Хуыцауы Ныхасмӕ раздахын ӕмӕ зӕгъын, уыцы амындтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ Библийӕ кӕй сты, кӕнӕ та йын зӕгъын, не ’ппӕты дӕр Йегъовӕйы организаци кӕй ахуыр кӕны. Хистӕр нӕлгоймӕгты рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, мыййаг, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕргом сӕхимӕ ӕгӕр не здахынц. Ӕркӕсӕм Тимотийы хабармӕ. Хистӕр нӕлгоймагӕй йӕ куы снысан кодтой, уӕд тынг уарзта ӕргом раныхӕстӕ дзурын. Уый загъта: «Мӕ раныхӕстӕн-иу ӕрхъуыды кодтон цыдӕр диссаджы разныхӕстӕ ӕмӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ, ӕмӕ-иу мӕ уый тыххӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг феппӕлыдысты. Фӕлӕ-иу сын афтӕмӕй се ’ргом мӕхимӕ здӕхтон, Библимӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ нӕ, фӕлӕ». Уый фӕстӕ Тимоти бамбӕрста, цыдӕр ӕй фӕивын кӕй хъӕуы, цӕмӕй иннӕты ӕргом йӕхимӕ ӕгӕр ма здаха (Ӕмб. 27:21). Ӕмӕ ныр афтӕ зӕгъы: «Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ мын фӕзӕгъынц, мӕ раныхас сын кӕй баххуыс кодта, зын уавӕры куыд бакӕной, уый бамбарынӕн, фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн кӕнӕ цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдаиккой. Ахӕм ныхӕстӕ хъусын мын бирӕ ӕхсызгондӕр вӕййы. Мӕхицӕй-иу мын куы ӕппӕлыдысты, уӕд мын афтӕ ӕхсызгон нӕ уыд».

ЗЫН ДЫН КУЫ УА, ЦӔМӔЙ УАЙ КОММӔГӔС ӔМӔ ХЪӔБАТЫР

Гедеон Хуыцаумӕ байхъуыста ӕмӕ йе ’фсады нымӕц фӕкъаддӕр кодта. Равзӕрста 300 къӕрцхъус адӕймаджы (кӕс 9 абзац)

9. Гедеоны цӕмӕн хъуыд коммӕгӕсдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

9 Йегъовӕ Гедеоны тӕрхонгӕнӕгӕй куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй хъуыди коммӕгӕсдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдисын. Йегъовӕ йын тӕссаг хъуыддаг бахӕс кодта: хъуамӕ ныппырх кодтаид, йӕ фыд мӕнг хуыцау Ваалӕн цы нывондхӕссӕн скодта, уый (Тӕрх. 6:25, 26). Фӕстӕдӕр Гедеон йе ’фсад куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд ын дыууӕ хатты загъд уыд, цӕмӕй йе ’фсӕддонты нымӕц фӕкъаддӕр кодтаид (Тӕрх. 7:2–7). Фӕстагмӕ та йын загъд уыд, цӕмӕй йе знӕгтӕм ӕхсӕвы бабырстаид (Тӕрх. 7:9–11).

10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цавӕр уавӕрты вӕййы зын коммӕгӕсдзинад ӕвдисын?

10 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой «коммӕгӕс» (Иак. 3:17). Коммӕгӕс хистӕр нӕлгоймаг алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы Библимӕ гӕсгӕ ӕмӕ Хуыцауы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ архайынмӕ. Уымӕй иннӕтӕн вӕййы фӕзминаг. Фӕлӕ йын кӕцыдӕр уавӕрты, гӕнӕн ис, зын уа коммӕгӕсдзинад равдисын. Зӕгъӕм, нӕ организаци хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ амындтӕ куы ратты, уӕд ын, гӕнӕн ис, зын уа уайтагъд се ’ппӕтмӕ гӕсгӕ архайын кӕнӕ йӕм цавӕрдӕр разамынд раст ма фӕкӕса. Кӕнӕ йын, гӕнӕн ис, бахӕс кӕной ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ йын тӕссаг уа, кӕй йӕ ӕрцахсдзысты, уымӕй. Ахӕм уавӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Гедеонау коммӕгӕсдзинад равдисын?

11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй коммӕгӕс уой?

11 Амындтӕм-иу лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ-иу уыдонмӕ гӕсгӕ архай. Хуыцау Гедеонӕн загъта, йӕ фыды нывондхӕссӕн куыд хъуамӕ ныппырх кӕна, Йегъовӕйӕн ног нывондхӕссӕн кӕм хъуамӕ сараза ӕмӕ нывондӕн фосӕй цы хъуамӕ ӕрхӕсса. Гедеон дыууӕ нал загъта ӕмӕ йын Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Йегъовӕйы организаци разамынд ратты писмоты ӕмӕ хъусинӕгты уылты, лӕвӕрд сын ӕрцӕуы ӕндӕр амындтӕ дӕр. Уыцы амындтӕ нын иууылдӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс уӕм ӕмӕ нын зиан цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм. Мах тынг аргъ кӕнӕм нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, ӕппӕт амындтӕм гӕсгӕ дӕр зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уый тыххӕй. Уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр стыр пайда хӕссы (Пс. 119:112).

12. Хистӕр нӕлгоймӕгты нӕ организацийы разамындмӕ гӕсгӕ цыдӕр фӕивын куы хъӕуа, уӕд сӕ бон куыд у Дзуттӕгтӕм 13:17 стихмӕ гӕсгӕ архайын?

12 Цӕттӕ у, цы хъӕуы, уый фӕивынмӕ. Хъуыды йӕ кӕнӕм, Гедеон Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ йе ’фсад 99 процентӕй фылдӕр кӕй фӕкъаддӕр кодта (Тӕрх. 7:8). Чи зоны, хъуыды кодта: «Афтӕ бакӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы? Исты дзы рауайдзӕн?» Фӕлӕ уӕддӕр, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ бакодта. Абон дӕр Йегъовӕйы организаци разамынд куы ратты, цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Гедеонау уайтагъд уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайын райдайынц. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17.) Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. 2014 азы Разамонӕг совет фӕивта, Паддзахады залты ӕмӕ Конгрессты залты арӕзтадӕн ӕхца лӕвӕрд куыд цӕудзӕн, уый (2 Кор. 8:12–14). Раздӕр-иу нӕ организаци ӕмбырдтӕн зал саразынӕн ӕхца ратта ӕфстау, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕмбырдты хъуыди уыцы хӕс бафидын. Ныр та ӕгас зӕххыл дӕр ӕмбырдтӕ цы мысайнӕгтӕ раттынц, уыдонӕй ист ӕрцӕуы, цӕмӕй, кӕм хъӕуы, уым Паддзахады зал саразой, бынӕттон ӕмбырдӕн йӕ бон бирӕ мысайнӕгтӕ раттын куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр. Хосе уыцы ивындзинады тыххӕй куы базыдта, уӕд дызӕрдыг кодта, исты дзы кӕй рауайдзӕн, ууыл. Хъуыдытӕ кодта: «Иу Паддзахады зал дӕр арӕзт не ’рцӕудзӕн. Ам махмӕ афтӕмӕйты ницы рауайдзӕн». Хосейӕн цы баххуыс кодта разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн? Уый загъта: «Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6 стихтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, мӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарон. Ӕмӕ нын цас бантыст, уый диссаг у! Ныр аразӕм фылдӕр Паддзахады залтӕ. Стӕй мысайнӕгтӕ ныртӕккӕ афтӕ кӕй цӕуынц хардз, уый стыр ӕххуыс у се ’ппӕтӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ куы иутӕм фӕкӕсӕм, куы – иннӕтӕм».

Кӕм цӕрӕм, уым нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы уа, уӕддӕр нӕ бон у хъӕбатырӕй хъусын кӕнын (кӕс 13 абзац)

13. а) Гедеоны фидарӕй цы уырныдта? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Гедеоны бафӕзмын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Йегъовӕйы фӕндон хъӕбатырӕй ӕххӕст кӕн. Кӕд Гедеон цӕмӕйдӕрты тарсти ӕмӕ йын тӕссаг дӕр уыд, уӕддӕр Йегъовӕмӕ байхъуыста (Тӕрх. 9:17). Гедеон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ бон кӕй бауыдзӕн Хуыцауы адӕмы бахъахъхъӕнын, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, уым чи цӕры, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сты Гедеонау хъӕбатыр. Тӕссаг сын вӕййы, кӕй сӕ ӕрцахсдзысты ӕмӕ сӕ цӕмӕйдӕрты кӕй рафӕрс-бафӕрс кӕндзысты, ӕнӕ куыстӕй кӕй баззайдзысты кӕнӕ сын фыдмитӕ дӕр кӕй кӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр ӕмбырдтӕ уадзынц ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕттынц, стӕй дзы сӕхӕдӕг дӕр архайынц c. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг хистӕр нӕлгоймӕгты хъӕудзӕн хъӕбатырдзинад, цӕмӕй архайой, организаци сын цы разамынд ратдзӕн, уымӕ гӕсгӕ, кӕд афтӕ кӕнын тӕссаг уыдзӕн, уӕддӕр. Гӕнӕн ис, уыдон уой амындтӕ, карз тӕрхоны хабар хъусын кӕнын куыд хъӕуы ӕмӕ, Магогы зӕххӕй Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд аирвӕзӕн куыд уыдзӕн, уый фӕдыл (Йез. 38:18; Рарг. 16:21).

ЗЫН ДЫН КУЫ УА ФИДАР ФӔЛӔУУЫН

14. Гедеоны цы уавӕры бахъуыд фидардзинад?

14 Гедеон уыд тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ йӕ уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынӕн хъуыди бирӕ хъарутӕ. Ӕхсӕвы мадиамӕгтимӕ куы хӕцыдысты ӕмӕ уыдон лидзынмӕ куы фесты, уӕд сӕ Гедеон фӕстейӕ асырдта. Сырдта сӕ Изреелы дӕлвӕзӕй суанг Иорданы цӕугӕдоны онг. Уым та, ӕвӕццӕгӕн, уыди тынг бирӕ пыхсбын къутӕртӕ (Тӕрх. 7:22). Фӕлӕ Гедеон уырдыгӕй фӕстӕмӕ нӕ раздӕхт. Кӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе 300 хӕстоны дӕр фӕллад уыдысты, уӕддӕр цӕугӕдоны сӕрты ахызтысты ӕмӕ се знӕгты дарддӕр сырдтой. Ӕппынфӕстаг мадиамӕгты баййӕфтой ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой (Тӕрх. 8:4–12).

15. Иуӕй-иу хатт хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зын цӕмӕн вӕййы фидар фӕлӕууын?

15 Хистӕр нӕлгоймагыл ӕмбырды ӕмӕ йӕ бинонты раз цы хӕстӕ вӕййы, уыдон ӕххӕстгӕнгӕйӕ, гӕнӕн ис, тынг бафӕллайа, сфӕлмӕца ӕмӕ йӕм тыхтӕ ӕппындӕр мауал баззайа. Ахӕм уавӕры йӕ бон куыд у Гедеоны бафӕзмын?

Уарзӕгой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бафидар кӕнынц, ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдоны (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

16, 17. а) Гедеонмӕ фидардзинад цӕй фӕрцы уыд? б) Хистӕр нӕлгоймӕгты фидарӕй цы хъуамӕ уырна? (Исай 40:28–31). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

16 Фидарӕй дӕ уырнӕд, Йегъовӕ дын тых кӕй ратдзӕн. Гедеоны фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йын тых кӕй ратдзӕн, ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл (Тӕрх. 6:14, 34). Йӕ хӕстонтимӕ дыууӕ мадиамаг паддзахы фӕстейӕ куы сырдта, уӕд уыцы паддзӕхтӕ, ӕвӕццӕгӕн, теуатыл уыдысты, адон та – фистӕгӕй (Тӕрх. 8:12, 21). Фӕлӕ Хуыцау израилӕгтӕн ӕххуыс кодта, ӕмӕ се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарой, уӕд сын бахъуаджы сахат тыхтӕ ратдзӕн. «Уый никуы сфӕлмӕцы ӕмӕ никуы бафӕллайы». (Бакӕс Исайы 40:28–31.)

17 Мэтью ис рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты. Цы йын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Филиппӕгтӕм 4:13 стихы цы фыст ис, уый мӕхиуыл бавзӕрстон. Арӕх-иу афтӕ бафӕлладтӕн, ӕмӕ-иу мӕм тыхы мур нал баззад. Ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтон. Лӕгъстӕ йын кодтон, цӕмӕй мын лӕвӕрдтаид тыхтӕ ӕмӕ зонд, ӕмӕ мӕ бон уыдаид мӕ хотӕн ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ-иу ӕй банкъардтон, Йегъовӕйы сыгъдӕг тых мӕ хъарутӕ куыд бауагъта, ӕмӕ мӕ бон уыд дарддӕр дӕр мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын». Гедеонау сымах дӕр, нӕ зынаргъ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, тынг бирӕ аразут, цӕмӕй Хуыцауы дзугмӕ кӕсат, кӕд уын уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ уат бонзонгӕ ӕмӕ ӕмбарат, цы уӕ фӕнды, уый алы хатт уӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн саразын. Фӕлӕ йӕ зонут: Йегъовӕ уын уӕ лӕгъстӕтӕ фехъусдзӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууат (Пс. 116:1; Фил. 2:13).

18. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цӕмӕйты у Гедеоны бафӕзмын?

18 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Гедеоны цӕвиттон стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Хъӕудзӕн сӕ бонзонгӕдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад, зӕгъӕм, сӕхимӕ цас хӕстӕ исынц, ууыл куы хъуыды кӕной кӕнӕ сӕ исчи куы хъаст кӕна йе та сӕ куы ӕппӕла, уӕд. Хъӕудзӕн ма сӕ коммӕгӕсдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад, уӕлдайдӕр, ацы дунейы кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас ноджы тынгдӕр. Стӕй хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕной, цыфӕнды цӕлхдуртыл куы сӕмбӕлой, уӕддӕр сын Хуыцау тыхтӕ кӕй ратдзӕн. Нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц, ӕмӕ сын аргъ нӕй (Фил. 2:29).

120 ЗАРӔГ Чырыстийау фӕлмӕн удыхъӕды хицау ут

a Израилы адӕмӕн тынг уӕззау рӕстӕг куы скодта, уӕд Йегъовӕ Гедеоны равзӕрста, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаид ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдтаид. Ӕмӕ Гедеон уыцы хӕстӕ иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта 40 азы бӕрц. Фӕлӕ уый сӕмбӕлд бирӕ зындзинӕдтыл. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Гедеоны цӕвиттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

b Бонзонгӕдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад ӕнгом баст сты. Бонзонгӕ адӕймаг фембары, йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу. Сӕрныллӕг адӕймаг та иннӕтӕн фӕаргъ кӕны ӕмӕ сӕ йӕхицӕй уӕлдӕр февӕры (Фил. 2:3). Иу ныхасӕй, бонзонгӕ адӕймаг вӕййы сӕрныллӕг дӕр.

c Кӕс статья «Куы нӕ сӕхгӕной, уӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм» 2019 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 10, 11 фӕрстӕ, 10–13 абзацтӕ.