Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуыцауӕй тӕрс – уый дын уыдзӕн стыр ӕххуыс

Хуыцауӕй тӕрс – уый дын уыдзӕн стыр ӕххуыс

«Йӕ фӕндӕгтӕ раст кӕмӕн сты, уый тӕрсы Йегъовӕйӕ» (ӔМБ. 14:2).

122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Нӕ уавӕр Лоты уавӕры хуызӕн цӕмӕй у?

 АЦЫ дуне бынысӕфт фӕци. Ӕмӕ нын уый уынгӕйӕ вӕййы тынг зын, рӕстгӕнӕг Лотӕн куыд зын уыд, афтӕ. Уый «ӕнӕуаг адӕмы хӕлд митӕй... сфӕлмӕцыд». Лот зыдта, нӕ уӕларвон Фыд ахӕм хъуыддӕгтӕй йе сӕфт кӕй уыны (2 Пет. 2:7, 8). Хуыцауӕй кӕй тарсти ӕмӕ йӕ кӕй уарзта, уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй уыцы адӕмы хуызӕн ма суыдаид. Абон дӕр нӕ алыварс бирӕтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц. Фӕлӕ уӕддӕр уый гӕнӕн ис, цӕмӕй мах хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Уый нын бантысдзӕн, Хуыцауы алкӕддӕр куы уарзӕм, стӕй дзы алкӕддӕр куы тӕрсӕм ӕмӕ дзы куы ’фсӕрмы кӕнӕм, уӕд (Ӕмб. 14:2).

2 Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Ӕмбисӕндты чиныджы ныффыссын кодта бирӕ зондджын уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕ чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр – нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕтты ӕмӕ ацӕргӕты – ныфс бауадздзысты ӕмӕ сын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты.

ХУЫЦАУӔЙ КӔЙ ТӔРСӔМ, УЫЙ НӔ ХЪАХЪХЪӔНЫ

Куысты хъуамӕ ма лымӕн кӕнӕм, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдонимӕ. Ӕмӕ нӕ куы хоной, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынмӕ, уӕд-иу хъуамӕ ма сразы уӕм (кӕс 3 абзац)

3. Ӕмбисӕндтӕ 17:3 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ зӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

3 Нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ кӕсы нӕ зӕрдӕмӕ. Уый уыны, иннӕтӕ цы уынынц, уымӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ зоны, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17:3.) Йегъовӕ уарзы, йӕ зонд Хуыцауы хъуыдытӕй – цард чи дӕтты, уыцы хъуыдытӕй – чи дзаг кӕны, ахӕм адӕймӕгты (Иоан. 4:14). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ зонды бынат нӕ уыдзӕн, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне цы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц, уыдонӕн, стӕй ацы дунейы хӕлд, ӕнӕгъдау митӕ нӕ бафӕзмдзыстӕм (1 Иоан. 5:18, 19). Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ӕй тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр фӕнымайӕм. Мах нӕ фӕнды нӕ Фыды зӕрдӕ фӕриссын кӕнын, ӕмӕ, йӕ разы тӕригъӕд саразӕм, афтид уыцы хъуыды дӕр нын ӕнад у. Фӕрӕдийынӕй нын тӕссаг куы уа, уӕд хорз уыдзӕн, куы-иу ахъуыды кӕнӕм: «Афтӕ тынг мӕ чи уарзы, уыцы Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕ зонгӕ-зонын куыд хъуамӕ фӕриссын кӕнон?» (1 Иоан. 4:9, 10).

4. Мартӕ Йегъовӕйӕ кӕй тарст, уый йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ буары монцты фӕдыл ма ацыдаид?

4 Хорватийӕ иу хо, Мартӕ, иухатт, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддаг сарӕзтаид b. Уый ныффыста: «Мӕ зӕрдӕ мӕ зондыл тых кодта. Мӕ буары монцтӕ стыхджын сты, ӕмӕ мын тынг зын уыд сӕ рохтыл хӕцын. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсын, уый мӕ бахъахъхъӕдта». Цымӕ йӕ куыд бахъахъхъӕдта? Мартӕ ахъуыды кодта, ахӕм ми куы бакӕна, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон вӕййы ууыл ахъуыды кӕнын. Ӕппӕты фыддӕр уый уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕндзыстӕм ӕмӕ йын ӕнустӕм лӕггад кӕнӕм, уыцы фадатӕй дӕр, гӕнӕн ис, ӕнӕхай фӕуӕм (Райд. 6:5, 6).

5. Дӕ бон цы у Леойы хабарӕй дӕхицӕн зондӕн райсын?

5 Йегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, уӕд-иу не слымӕн уыдзыстӕм, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдонимӕ. Уый цӕмӕ ӕркӕны, уый йӕхиуыл бавзӕрста Конгойӕ иу ӕфсымӕр, Лео. Йӕ донаргъуыдӕй цыппар азы куы рацыд, уӕд сбӕндӕн ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ кӕд йӕхӕдӕг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ аразы, уӕд Йегъовӕйы раз ницӕмӕй рӕдийы. Фӕлӕ, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уый дӕр райдыдта нуазын ӕмӕ хӕтын. Фӕлӕ стӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, йӕ чырыстон ныййарджытӕ йын цы амыдтой ӕмӕ йӕ цӕуыл ахуыр кодтой, уыдӕттӕ, стӕй, Йегъовӕйӕн куы лӕггад кодта, уӕд куыд амондджын уыд, уый. Гъемӕ ӕппынфӕстаг йӕхимӕ ӕрцыд. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын баххуыс кодтой фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн. Ныр у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй, ӕмӕ у тынг амондджын.

6. Цавӕр дыууӕ «сылгоймагыл» аныхас кӕндзыстӕм?

6 Ӕркӕсӕм Ӕмбисӕндты чиныгмӕ 9-ӕм сӕрмӕ. Уым ис дыууӕ «сылгоймаджы» кой: иу дзы амоны зондмӕ, иннӕ – ӕнӕзонддзинадмӕ. (Библийы цыдӕртӕ адӕймаджы хуызы ӕвдыст кӕй сты, уымӕн ма цӕвиттонтӕ ис Ромӕгтӕм 5:14 ӕмӕ Галатӕгтӕм 4:24.) Дыууӕ сылгоймаджы дӕр сӕхимӕ хонынц, ӕвӕлтӕрд, кӕнӕ «ӕнӕзонд», чи у, уыдоны. Иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр цыма афтӕ дзуры: «Мидӕмӕ рацӕут, фынгтӕ цӕттӕ сты!» (Ӕмб. 9:1, 5, 6, 13, 16, 17). Фӕлӕ, зонды хӕдзармӕ чи бацӕуа, уыдонмӕ иу цыдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕнӕзонддзинады хӕдзармӕ чи бацӕуа, уыдонмӕ та – бынтон ӕндӕр цыдӕр. Абон Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕ кӕнынц ӕнӕгъдау цард ӕмӕ кӕсынц порнографимӕ, ӕмӕ сӕ ӕндӕр ницы ӕндавы (Еф. 4:19). Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй алкӕддӕр Хуыцауӕй тӕрсӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм ӕвзӕрдзинадӕй (Ӕмб. 16:6). Ӕмбисӕндты 9-ӕм сӕры цы уынаффӕтӕ ис, уыдон не ’ппӕтӕн дӕр – сылгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн дӕр – тынг баххуыс кӕндзысты.

ӔНӔЗОНДДЗИНАДЫ ХӔДЗАРМӔ МА БАЦУ

«Ӕнӕзонд сылгоймаг» адӕмы хоны, кӕй тыххӕй бабын вӕййынц, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынмӕ (кӕс 7 абзац)

7. Ӕмбисӕндтӕ 9:13–18 стихтӕм гӕсгӕ, ӕнӕзонд сылгоймагӕн йӕ уазджытӕ кӕдӕм бахауынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Ахъуыды кӕнӕм, «ӕнӕзонд сылгоймаг» адӕмы кӕдӕм хоны, ууыл. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 9:13–18.) Уый у ӕдзӕсгом. Ӕнӕзонд чи у, уыдоны йӕхимӕ хоны, ардӕм рацӕут ӕмӕ мемӕ фӕминас кӕнут, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ йӕ зоны, «уым, мард чи у, уыдон кӕй сты». Ахӕм абарстытӕ ма ис Ӕмбисӕндты чиныджы раздӕры сӕрты. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, адӕймаг йӕхи кӕй хъуамӕ хъахъхъӕна «хӕлд сылгоймагӕй, рӕсугъд ныхӕстӕй чи сайы, уыцы сылгоймагӕй». Уымӕн «йӕ хӕдзарӕй адӕймаг цӕуы мӕлӕтмӕ» (Ӕмб. 2:11–19). Ӕмбисӕндты 5:3–10 стихты ис ӕндӕр «хӕлд сылгоймаджы» кой. Уымӕн дӕр «йӕ фӕндаг цӕуы мӕлӕтмӕ».

8. Иуӕй-иу хатт нӕ цы фӕхъӕуы равзарын?

8 «Ӕнӕзонд сылгоймаджы» хъӕлӕс чи хъусы, уыдоны хъӕуы равзарын, йӕ хӕдзармӕ бацӕудзысты ӕви нӕ. Мах дӕр, гӕнӕн ис, ахӕм уавӕры бахауӕм. Куыд бакӕндзыстӕм, исчи нын ӕнӕгъдау ми куы аразын кӕна кӕнӕ телевизоры йе та интернеты ӕнӕнхъӕлӕджы хӕлд нывтӕ куы фенӕм, уӕд?

9, 10. Нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм хӕтындзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй?

9 Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕхи хизӕм хӕтындзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй. Цӕмӕн? «Ӕнӕзонд сылгоймаг» дзуры: «Давӕггаг дон адджын у». Цы у «давӕггаг дон»? Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сыгъдӕг сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдон Библи бары, адӕймаг йӕ дойны кӕмӕй басӕтты, ахӕм донимӕ (Ӕмб. 5:15–18). Ахӕм ахастдзинӕдтӕ хъуамӕ уой, йӕ къухтӕ чи ’рфыста, ӕрмӕстдӕр уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн. Фӕлӕ «давӕггаг донӕн» йӕ хабар ӕндӕрхуызон у. Уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны, лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц, уымӕ. Ахӕм хъуыддӕгтӕ арӕх фӕаразынц сусӕгӕй, давӕг куыд фӕархайы, афтӕ. «Давӕггаг дон» сӕм уӕлдай адджын, чи зоны, уый тыххӕй фӕкӕсы, ӕмӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын сӕ миты тыххӕй ничи базондзӕн. Фӕлӕ уымӕй сӕхи сайынц! Йегъовӕ алцыдӕр уыны. Ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуа. Уый та масты хос у, «адджын» нӕу, фӕлӕ (1 Кор. 6:9, 10). Фӕлӕ ма ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм ахӕм хъуыддӕгтӕй.

10 Хӕтындзинад ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ ма арӕх уымӕ дӕр ӕркӕнынц, ӕмӕ адӕймаг йӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсы, йӕ цӕсгом ӕй фӕхӕры, сылгоймаг басывӕрджын вӕййы, нӕ йӕ фӕфӕнды, афтӕмӕй, кӕмӕндӕрты та сӕ бинонты цард дӕр фехӕлы. Уӕдӕ зондджын адӕймаг ӕнӕзонд сылгоймаджы «хӕдзармӕ» хӕстӕг дӕр нӕ бацӕудзӕн. Йӕ хӕдзармӕ йын чи бацӕуа, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт, ома Йегъовӕйы цӕсты мардӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн. Стӕй, хӕтгӕ чи кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ фӕрынчын вӕййынц цавӕрдӕр низтӕй дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр акӕнынц (Ӕмб. 7:23, 26). 9-ӕм сӕры 18-ӕм стихы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «Мидӕмӕ кӕй бакодта, уыдон... сты ингӕны арфы». Ӕмӕ уӕд бирӕтӕ куыд фӕсайды вӕййынц ӕмӕ цӕмӕн бацӕуынц йӕ хӕдзармӕ? (Ӕмб. 9:13–18).

11. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ порнографи адӕймагӕн хӕссы стыр зиан?

11 Бирӕтӕ бахауынц порнографийы къӕппӕджы. Кӕмӕдӕрты афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, порнографимӕ куы кӕсой, уӕд сын уымӕй ницы уыдзӕн. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та порнографи хӕссы стыр зиан, адӕймаг ыл фӕцахуыр вӕййы, йӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр нал фӕнымайы ӕмӕ иннӕтӕм дӕр раст цӕстӕй нал фӕкӕсы. Хӕлд нывтӕ зонды ныффидар вӕййынц ӕмӕ сӕ ферох кӕнын зын вӕййы. Уымӕй уӕлдай, порнографи тӕригъӕдджын буары монцтӕ амарынӕн ницы ӕххуыс у, тынгдӕр ма сӕ ссудзы (Кол. 3:5; Иак. 1:14, 15). Ӕмӕ, порнографимӕ чи фӕкӕсы, уыдонӕй бирӕты уый хӕтындзинадмӕ дӕр ӕркӕны.

12. Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ нӕм кӕй тыххӕй фӕзындзӕн, ахӕм ныв куы фенӕм, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

12 Чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна, йӕ телефоны кӕнӕ йӕ планшеты ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр хӕлд ныв куы фӕзына, уӕд? Хъуамӕ уайтагъд исты сараза, цӕмӕй йӕ мауал уына. Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, не стырдӕр хӕзна нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ кӕй у, уӕд нын афтӕ бакӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ, порнографийыл нымад чи нӕу, ахӕм нывтӕм кӕсгӕйӕ дӕр, гӕнӕн ис, адӕймагмӕ фӕзына ӕнӕгъдау хъуыдытӕ. Ӕмӕ ахӕм нывтӕм дӕр нӕ кӕсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды тӕригъӕды ’рдӕм гыццыл къахдзӕф дӕр саразын ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы мидӕг ӕнӕгъдау ми бакӕнын (Матф. 5:28, 29). Таиландӕй иу хистӕр нӕлгоймаг, Дэвид, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕз ахъуыды кӕнын: „Кӕд хӕлд нывтӕ не сты, уӕддӕр Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн, куы сӕм кӕсон, уӕд?“ Ӕмӕ мын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй зондджынӕй архайон».

13. Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн зондджынӕй архайынӕн?

13 Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнын куы тӕрсӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зондджынӕй архайӕм. Хуыцауӕй тӕрсын у «зонды райдайӕн», ома ӕнӕ уымӕй адӕймаг ӕцӕг зондджын не суыдзӕн (Ӕмб. 9:10). Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм Ӕмбисӕндты чиныджы 9-ӕм сӕры райдианмӕ. Уым ис ӕндӕр «сылгоймаджы» кой, ӕмӕ уый амоны «ӕцӕг зондмӕ».

«ӔЦӔГ ЗОНДМӔ» УАЗӔГУАТЫ БАЦУ

14. Ӕмбисӕндты 9:1–6 стихты та нӕ йӕхимӕ чи хоны?

14 Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 9:1–6. Ацы стихты кӕсӕм, Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ кӕй хоны. Уый у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ ӕцӕг зонд уымӕй цӕуы (Ӕмб. 2:6; Ром. 16:27). Ис ма дзы, авд цӕджындзы кӕмӕн ис, ахӕм стыр хӕдзары кой дӕр. Уый амоны, Йегъовӕ рӕдау кӕй у ӕмӕ, йӕ зондӕй архайын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр кӕй суазӕг кӕны, уымӕ.

15. Йегъовӕ нын цы дзуры?

15 Куыд загътам, афтӕмӕй Ӕмбисӕндты 9-ӕм сӕры «ӕцӕг зонд» ӕвдыст у сылгоймагӕй. Уыцы сылгоймаг цавӕр у, уымӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй у рӕдау Хуыцау ӕмӕ алцыдӕр парахатӕй кӕй дӕтты. Уыцы «сылгоймаг» сфыхта дзидза, йӕ сӕныл хъацӕнтӕ ӕркодта ӕмӕ йӕ хӕдзары фынгтӕ ӕрӕвӕрдта (Ӕмб. 9:2). Уый фӕстӕ 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм стихты кӕсӕм: «Ӕнӕзонд чи у, уыдонӕн... загъта: „Рацӕут, фенут мын мӕ конд дзулӕй“». Ӕцӕг зонды хӕдзармӕ цӕмӕн хъуамӕ бацӕуӕм ӕмӕ йын йӕ хӕринӕгтӕй цӕмӕн хъуамӕ хӕрӕм? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ уой зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ сыл ӕвзӕрӕй мацы ’рцӕуа. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй рӕдийӕм ӕмӕ-иу фӕсмойнаг фӕуӕм, ӕмӕ-иу цӕуылдӕрты афтӕмӕй сахуыр уӕм. Уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис: «Уымӕ рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕвӕрд уыдзӕн куырыхон зонд» (Ӕмб. 2:7). Йегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, ома йӕ куы нымайӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Ӕмӕ-иу ын йӕ уынаффӕтӕ куы фехъусӕм, уӕд-иу сӕм уайтагъд байхъусдзыстӕм (Иак. 1:25).

16. Ален Хуыцауӕй кӕй тарст, уый йын куыд баххуыс кодта раст уынаффӕ рахӕссынӕн ӕмӕ уый хорзӕй цӕмӕ ӕркодта?

16 Ӕркӕсӕм, иу хистӕр нӕлгоймагӕн, Аленӕн, Хуыцауӕй кӕй тӕрсы, уый куыд баххуыс кодта раст уынаффӕ рахӕссынӕн. Ален у ахуыргӕнӕг, кусы скъолайы. Уый радзырдта: «Ме ’мкусджытӕй бирӕтӕ кастысты, порнографи кӕм уыд, ахӕм кинотӕм. Ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдысты, зӕгъгӕ, дам, уый хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг базона, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый». Фӕлӕ Ален семӕ разы нӕ уыд. Уый ма загъта: «Хуыцауӕй кӕй тӕрсын ӕмӕ йӕ кӕй нымайын, уый тыххӕй никуы сразы дӕн ахӕм кинотӕм бакӕсыныл. Ӕмӕ-иу уыдонӕн дӕр бамбарын кодтон, цӕуылнӕ, уый». Ален байхъуыста «ӕцӕг зонды» уынаффӕмӕ ӕмӕ цыди «ӕмбарындзинады фӕндагыл» (Ӕмб. 9:6). Ахӕм фидар зондыл хӕст кӕй уыд, уый иннӕ ахуыргӕнджытӕй кӕмӕдӕрты тынг диссаг фӕкаст. Ӕмӕ уыдон ныр Библи ахуыр кӕнынц ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуынц.

«Ӕцӕг зондмӕ» уазӕгуаты куы бацӕуӕм, уӕд абон дӕр уыдзыстӕм амондджын, стӕй цӕрдзыстӕм ӕнустӕм (кӕс 17, 18 абзацтӕ)

17, 18. «Ӕцӕг зондмӕ» уазӕгуаты чи бацыд, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын ӕмӕ сӕм цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Йегъовӕ уыцы дыууӕ «сылгоймаджы» кой кӕй ракодта, уый фӕрцы равдыста, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй фидӕны амондджын уӕм. Ӕнӕуаг, «ӕнӕзонд сылгоймаджы» хӕдзармӕ чи бацӕуы, уыдонӕн ӕхсызгон ӕмӕ «адджын» вӕййынц сусӕг митӕ. Уыдон цардмӕ кӕсынц иу боны цӕстӕй, сомбон сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ сӕ кӕрон та цӕуы «ингӕны арфмӕ» (Ӕмб. 9:13, 17, 18).

18 «Ӕцӕг зонды» хӕдзармӕ чи бацӕуы, уыдонӕн та сӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон у. Уымӕн йӕ уазджытӕ ныртӕккӕ минас кӕнынц, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринӕгтӕй зӕу-зӕу чи кӕны, ахӕм фынгтыл! (Ис. 65:13). Уыдон сты пайда хӕринӕгтӕ. Йегъовӕ пехуымпар Исайы уылты загъта: «Лӕмбынӕг мӕм хъусут ӕмӕ хӕрут хорз хӕринӕгтӕ, дзаджджын хӕринӕгтӕй уӕ мондӕгтӕ уадзут» (Ис. 55:1, 2). Мах сахуыр вӕййӕм, Йегъовӕ цы уарзы, уый уарзын ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй не сӕфт уынын (Пс. 97:10). Стӕй нын тынг ӕхсызгон у иннӕты дӕр «ӕцӕг зондмӕ» уазӕгуаты хонын. Уый афтӕ у, цыма «горӕты бӕрзонд рӕттӕй» хъусын кӕнӕм: «Ӕвӕлтӕрд чи у, уый ардӕм рацӕуӕд». Махӕн дӕр ӕмӕ нӕм чи ӕрбаиу вӕййы, уыдонӕн дӕр уый ӕрмӕст ныртӕккӕ нӕ хӕссы пайда. «Ӕмбарындзинады фӕндагыл размӕ» куы цӕуӕм, уӕд цӕрдзыстӕм ӕнустӕм дӕр (Ӕмб. 9:3, 4, 6).

19. Екклесиаст 12:13, 14 стихтӕм гӕсгӕ нӕ цы фӕнды аразын? (Кӕс рамкӕ дӕр « Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый нын стыр ӕххуыс у».)

19 Бакӕс Екклесиаст 12:13, 14. Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсӕм, ома дзы кӕй ӕфсӕрмы кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй нымайӕм, уый нын хъахъхъӕны нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы уӕззау фӕстаг бонты Йегъовӕмӕ ӕввахс уӕм ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Стӕй нӕ дарддӕр дӕр фӕнды адӕмы се ’ппӕты дӕр «ӕцӕг зондмӕ» уазӕгуаты хонын, цӕмӕй уыдон дӕр зонды фӕндагыл цӕуын райдайой.

127 ЗАРӔГ Цавӕр адӕймаг хъуамӕ уон?

a Чырыстӕтты фӕнды, цӕмӕй сӕм уа Хуыцауы тас, ома йӕ нымайой. Уый нын хъахъхъӕндзӕн нӕ зӕрдӕ, стӕй уый фӕрцы нӕхи хиздзыстӕм хӕтындзинадӕй, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ порнографийӕ. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Ӕмбисӕндты чиныджы 9-ӕм сӕрмӕ. Уым ирдӕй зыны, зонд ӕмӕ ӕнӕзонддзинад кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кӕнынц, уый. Ӕвдыст дзы сты, цыма дыууӕ сылгоймаджы сты, афтӕ. Уыцы сӕры цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.