Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дарддӕр дӕр «Сыгъдӕг фӕндагыл» цу!

Дарддӕр дӕр «Сыгъдӕг фӕндагыл» цу!

«Уым конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг... Сыгъдӕг фӕндаг» (ИС. 35:8).

31 ЗАРӔГ Хуыцауимӕ цу!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Вавилоны чи цард, уыцы дзуттӕгты цавӕр ахсджиаг уынаффӕ хъуыди рахӕссын? (Ездрӕ 1:2–4).

 ПАДДЗАХ бардзырд радта! Дзуттӕгтӕ 70 азы уыдысты уацары Вавилоны. Ӕмӕ ныр сӕ бон у сӕ бӕстӕмӕ, Израилмӕ, аздӕхын. (Бакӕс Ездрӕйы 1:2–4.) Уыцы хъуыддаг ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон уыд саразын. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Вавилон-иу йӕ уацайрӕгты никуы уагъта (Ис. 14:4, 17). Фӕлӕ Вавилон басастой, ӕмӕ ног хицау дзуттӕгтӕн загъта, сӕ бон кӕй у уыцы бӕстӕйӕ ацӕуын. Гъемӕ алы дзуттаджы дӕр, уӕлдайдӕр бинонты хистӕрты, хъуыди уынаффӕ рахӕссын: Вавилонӕй ацӕуой ӕви уым баззайой. Ӕмӕ уый ӕнцон нӕ уыди. Цӕуылнӕ?

2 Бирӕтӕ базӕронд сты, ӕмӕ сын зын уыдаид уыцы дард фӕндагыл цӕуын. Стӕй дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Вавилоны райгуырдысты, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, уый уыди сӕ райгуырӕн бӕстӕ. Израил та сын уыди сӕ фыдӕлты зӕхх, сӕ фыдӕлты уӕзӕг. Чидӕртӕ Вавилоны тынг схъӕздыг сты, уыди сын хорз хӕдзӕрттӕ, бирӕ ӕхца сӕм кӕмӕй ӕфтыд, ахӕм куыст. Ӕмӕ сын зын уыдаид уыдӕттӕ ныууадзын ӕмӕ кӕмдӕр ӕнӕзонгӕ ран ӕрцӕрын.

3. Цавӕр арфӕдзинад ӕнхъӕлмӕ каст, Израилмӕ аздӕхынвӕнд чи скодта, уыцы дзуттӕгтӕм?

3 Иузӕрдион дзуттӕгтӕ зыдтой, Израилмӕ куы аздӕхой, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты ӕмӕ, сӕхи цӕмӕй фӕцух кӕндзысты, уыдӕттӕ кӕй ницы уыдзысты уыцы арфӕдзинӕдты раз. Ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад баст уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ. Горӕт Вавилоны уыди 50 кувӕндонӕй фылдӕр, фӕлӕ уыдысты мӕнг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ. Йегъовӕйӕн дзы кувӕндон нӕ уыд. Израилӕгтӕн дзы нӕ уыд, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ кӕуыл хастаиккой, ахӕм нывондхӕссӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕй уӕлдай, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕ фылдӕр уыдысты. Ӕмӕ уыцы адӕммӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ иузӕрдион дзуттӕгты – уыдысты мингӕйттӕ – тынг фӕндыд сӕ бӕстӕмӕ аздӕхын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой.

4. Израилмӕ чи здӕхт, уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

4 Дзуттӕгты Вавилонӕй Израилмӕ хъуыдаид иу-4 мӕйы цӕуын, ӕмӕ уый ӕнцон балц нӕ уыдаид. Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, алы цӕлхдур дӕр сын сӕ фӕндагӕй кӕй айсдзӕн. Исай ныффыста: «Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут! Нӕ Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдырыл фӕндаг алӕгъз кӕнут. [...] Къуыппытӕ зӕхх слӕгъз уӕд, къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ зӕхх фестӕд лӕгъз быдыр» (Ис. 40:3, 4). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ӕдзӕрӕг быдыры цӕуы лӕгъз фӕндаг. Ахӕм лӕгъз фӕндагыл бӕлццӕттӕн ӕнцондӕр уыд цӕуын. Къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ фӕндагыл цӕуын, хӕхты сӕрты хизын ӕмӕ сӕ кӕмтты цӕуын куы бахъуыдаид, уӕд тухӕнӕй амардаиккой. Стӕй лӕгъз фӕндагыл цӕугӕйӕ тагъддӕр бахӕццӕ уыдаиккой.

5. Дзуттӕгтӕ Вавилонӕй Израилмӕ ахӕсгӕ хуызы цы фӕндагыл цыдаиккой, уый куыд хуынди?

5 Абон бирӕ стыр фӕндӕгтӕн вӕййы нӕмттӕ кӕнӕ номыртӕ. Исай ахӕсгӕ хуызы цы фӕндаджы кой кодта, уымӕн дӕр ис ном. Исай ныффыста: «Уым конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг ӕмӕ йӕ схондзысты Сыгъдӕг фӕндаг. Уыцы фӕндагыл, сыгъдӕг чи нӕу, уый нӕ ацӕудзӕн» (Ис. 35:8). Уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты ӕмӕ абон махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

«СЫГЪДӔГ ФӔНДАГ» – УӔД ӔМӔ АБОН

6. Уыцы фӕндаг «Сыгъдӕг фӕндаг» цӕмӕн хуынди?

6 Ацы фӕндагӕн куыд рӕсугъд ном ис – «Сыгъдӕг фӕндаг»! Афтӕ цӕмӕн хуыйны? Сыгъдӕг чи нӕ уыд, уымӕн,– ома дарддӕр дӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕнын, мӕнг хуыцӕуттӕн кувын кӕнӕ ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ аразын кӕй фӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕй иуӕн дӕр,– Израилы бынат нӕ уыд. Уырдӕм фӕстӕмӕ чи здӕхт, уыдон хъуамӕ суыдаиккой «сыгъдӕг адӕм» сӕ Хуыцауӕн (Дык. з. 7:6). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕ ницы хъуыд ивын. Хъуыди сӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ райгонд уыдаид.

7. Дзуттӕгтӕй кӕйдӕрты цавӕр ивындзинӕдтӕ хъуыди скӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Вавилоны райгуырдысты. Ӕмӕ дзы бирӕтыл, ӕвӕццӕгӕн, вавилойнӕгты зондахаст фӕзынд. Стӕй сын се ’гъдӕуттӕй дӕр кӕцыдӕртыл ныххӕцыдысты. Израилмӕ фыццаг дзуттӕгтӕ куы ӕрыздӕхтысты, уымӕй бирӕ азты фӕстӕ Ездрӕ базыдта, чидӕртӕ дзы мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг сылгоймӕгты кӕй ракуырдтой (Рац. 34:15, 16; Езд. 9:1, 2). Фӕстӕдӕр та хицау Нееми базыдта, Израилы цы сывӕллӕттӕ райгуырдысты, уыдон дзуттаг ӕвзаг кӕй нӕ зонынц, ӕмӕ арвы цӕфау фӕци (Дык. з. 6:6, 7; Неем. 13:23, 24). Хуыцауы Ныхасӕн йӕ фылдӕр хай дзуттагау фыст уыд. Ӕмӕ кӕд дзуттагау не ’мбӕрстой, уӕд Йегъовӕйы куыд хъуамӕ бауарзтаиккой ӕмӕ йын куыд хъуамӕ куывтаиккой? (Езд. 10:3, 44). Уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕй кӕйдӕрты хъуыди стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын. Фӕлӕ сын Израилы цӕргӕйӕ уый саразын ӕнцондӕр уыд, уымӕн ӕмӕ дзы сыгъдӕг дин сабыргай йӕ къахыл лӕууын райдыдта (Неем. 8:8, 9).

1919 азӕй фӕстӕмӕ милуангай нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ Стыр Вавилонӕй рацыдысты ӕмӕ райдыдтой «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын (кӕс 8 абзац)

8. Кӕддӕр цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон абон мах цӕмӕн хъӕуы зонын? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

8 Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна: «Уыдӕттӕ бӕргӕ хорз хабӕрттӕ сты. Фӕлӕ кӕддӕр цы ’рцыд, уый абон махмӕ искуыд хауы?» О, уымӕн ӕмӕ, зӕгъӕн ис, мах дӕр цӕуӕм «Сыгъдӕг фӕндагыл». Уӕлдай нӕу, сӕрст чырыстӕттӕй стӕм ӕви «ӕндӕр фыстӕй»,– хъуамӕ «Сыгъдӕг фӕндагӕй» ма ахизӕм (Иоан. 10:16). Уыцы фӕндагыл кӕй цӕуӕм, уый фӕрцы ныр дӕр ахӕсгӕ хуызы стӕм дзӕнӕты. Ӕмӕ фидӕны, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕргӕйӕ, схайджын уыдзыстӕм дуне арфӕдзинӕдтӕй b. 1919 азӕй фӕстӕмӕ милуангай нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ рацыдысты Стыр Вавилонӕй (Стыр Вавилон амоны мӕнг динтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр). Ӕмӕ уыдон иууылдӕр райдыдтой уыцы фӕндагыл цӕуын. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр се ’хсӕн дӕ. Адӕмӕн уыцы фӕндагыл цӕуыны фадат фӕзынди иу-100 азы размӕ. Фӕлӕ йӕ чидӕртӕ цӕттӕ кӕнын райдыдтой уымӕй ӕнустӕ раздӕр.

ФӔНДАГ ЦӔТТӔ КӔНЫНЦ

9. Исай 57:14 стихмӕ гӕсгӕ, «Сыгъдӕг фӕндаг» куыд цӕттӕ кодтой?

9 Йегъовӕ бацархайдта, цӕмӕй, Вавилонӕй чи рацыд, уыцы дзуттӕгтӕн сӕ разӕй цӕлхдуртӕ ист ӕрцыдаиккой. (Бакӕс Исайы 57:14.) Цы зӕгъӕн ис нырыккон «Сыгъдӕг фӕндаджы» тыххӕй та? 1919 азы размӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы Йегъовӕ фӕндаг цӕттӕ кодта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид Стыр Вавилонӕй рацӕуын. (Абар Исай 40:3.) Уый арӕзта, чи йӕ нымадта, ахӕм нӕлгоймӕгты уылты. Уыдон, цы хъуыд, уый арӕзтой, цӕмӕй уый фӕстӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн сӕ бон уыдаид мӕнг дин ныууадзын, ахӕсгӕ хуызы дзӕнӕтмӕ бацӕуын ӕмӕ уым Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ лӕггад кӕнын. Аныхас кӕнӕм, уыцы фӕндаг куыд «арӕзтой», ууыл.

Цалдӕр ӕнусы дӕргъы, Хуыцауы чи уарзта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ «фӕндаг» сыгъдӕг кодтой, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид Стыр Вавилонӕй рацӕуын (кӕс 10, 11 абзацтӕ)

10, 11. Библи кӕй мыхуыр кодтой ӕмӕ йӕ кӕй тӕлмац кодтой, уый фӕрцы цы бантыст? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Библитӕ мыхуыр кодтой. 15 ӕнусы ӕмбисмӕ хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу Библи къухӕй рафыстой. Ууыл-иу бирӕ рӕстӕг ацыд. Ӕмӕ Библитӕ бирӕ нӕ уыдысты, стӕй уыдысты тынг зынаргъ. Фӕлӕ мыхуыргӕнӕн станок куы фӕзынд, уӕд Библитӕ мыхуыр кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ уый фӕрцы уыди фылдӕр Библитӕ уадзӕн ӕмӕ парахат кӕнӕн.

11 Библи тӕлмац кодтой. Бирӕ ӕнусты дӕргъы Библи фылдӕр уыди латинаг ӕвзагыл. Уыцы ӕвзаг та ӕрмӕстдӕр ахуыргонд адӕм ӕмбӕрстой. Фӕлӕ мыхуыр кӕныны хъуыддаг размӕ куы ацыд, уӕд, Хуыцауы чи уарзта, ахӕм адӕймӕгтӕ ноджы фылдӕр архайын райдыдтой, цӕмӕй Библи хуымӕтӕг адӕмы ӕвзӕгтӕм тӕлмац ӕрцыдаид. Уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй, сауджынтӕ сын цы амыдтой, уый-иу абарстаиккой, Библийы цы фыст ис, уыимӕ.

Хуыцауы чи уарзта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ «фӕндаг» сыгъдӕг кодтой, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид Стыр Вавилонӕй рацӕуын (кӕс 12–14 абзацтӕ) c

12, 13. Библи лӕмбынӕг чи иртӕста, уыдон 19 ӕнусы мӕнг динты ахуырӕдтӕ хурмӕ куыд хастой, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

12 Уагътой публикацитӕ Библи иртасынӕн. Библи лӕмбынӕг чи иртӕста, уыдон-иу Хуыцауы Ныхасӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтой. Ӕмӕ-иу уыдӕттӕ адӕмӕн ӕргом кодтой. Уый сауджынты зӕрдӕмӕ кӕцӕй цыди. Зӕгъӕм, 19 ӕнусы цалдӕр ӕнувыд нӕлгоймаджы райдыдтой брошюрӕтӕ мыхуыр кӕнын, ӕмӕ дзы аргъуанты мӕнг ахуырӕдтӕ хурмӕ хастой.

13 1835 азмӕ ’ввахс Генри Гру рауагъта брошюрӕ, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй. Уым Фыстадӕй ӕрхаста бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕнӕмӕлгӕ цард Хуыцауы лӕвар кӕй у ӕмӕ адӕймаг ӕнӕмӕлгӕ удимӕ кӕй нӕ райгуыры, аргъуантӕн сӕ фылдӕр куыд амыдтой, афтӕ. 1837 азы пастор Джордж Сторрз иу ахӕм брошюрӕ ссардта поезды цӕугӕйӕ. Куы йӕ бакаст, уӕд бамбӕрста, тынг ахсджиаг цыдӕр кӕй базыдта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр радзурын. 1842 азы радзырдта цалдӕр раныхасы ахӕм цымыдисаг темӕйы фӕдыл: «Фарста: фыдгӕнджытӕ ӕнӕмӕлгӕ цардӕй схайджын вӕййынц?» Джордж Сторрзы куыстытӕ тынг бандӕвтой иу ӕрыгон лӕппуйыл – Чарлз Тейз Расселлыл.

14. Ӕфсымӕр Расселлӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн цы пайда ӕрхаста, сӕ размӕ иннӕтӕ «Сыгъдӕг фӕндаг» бацӕттӕ кӕныны тыххӕй цы сарӕзтой, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Ӕфсымӕр Расселлӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн стыр пайда ӕрхаста, сӕ размӕ иннӕтӕ «Сыгъдӕг фӕндаг» бацӕттӕ кӕныны тыххӕй цы сарӕзтой, уый. Библи иртасгӕйӕ пайда кодтой, уый размӕ чи рацыд, уыцы дзырдуӕттӕй, Библийы дзырдты симфонитӕй ӕмӕ Библийы алыхуызон тӕлмацтӕй. Пайда ма кодтой, Генри Гру, Джордж Сторрз ӕмӕ иннӕтӕ цы раиртӕстой, уыдӕттӕй. Ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сӕхӕдӕг дӕр бирӕ сарӕзтой «Сыгъдӕг фӕндаг» бацӕттӕ кӕныны тыххӕй. Зӕгъӕм, рауагътой тынг бирӕ чингуытӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ ӕмӕ дзы ӕмбарын кодтой, Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ.

15. 1919 азы цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ ’рцыд?

15 1919 азы Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты. Уыцы аз фӕзынд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр (Матф. 24:45–47). Уымӕн йӕ бон уыд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын райдайой. Уыцы фӕндагыл-иу чи ’рлӕууыд, уыцы адӕмӕн сӕ бон уыд Йегъовӕйы фӕндты тыххӕй фылдӕр базонын, «фӕндаг» чи цӕттӕ кодта, уыдоны руаджы (Ӕмб. 4:18). Стӕй сӕ бон уыд сӕ цард Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аивын. Йегъовӕ нӕ домдта, цӕмӕй йӕ адӕм хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ ӕвиппайды скодтаиккой. Фӕлӕ сӕ гыццылгай сыгъдӕг кодта. (Кӕс рамкӕ « Йегъовӕ йӕ адӕмы гыццылгай сыгъдӕг кӕны».) Куыд хорз уыдзӕн, иууылдӕр нӕ Хуыцауы зӕрдӕ алцӕмӕй дӕр куы рухс кӕнӕм, уӕд! (Кол. 1:10).

«СЫГЪДӔГ ФӔНДАГ» НЫРМА ГОМ У

16. 1919 азӕй фӕстӕмӕ «Сыгъдӕг фӕндагмӕ» зилынӕн цы арӕзт цӕуы? (Исай 48:17; 60:17).

16 Алы фӕндагмӕ дӕр фӕхъӕуы зилын. Ӕмӕ афтӕ зилынц «Сыгъдӕг фӕндагмӕ» дӕр 1919 азӕй фӕстӕмӕ, цӕмӕй ноджы фылдӕр адӕмӕн сӕ бон уа Стыр Вавилонӕй рацӕуын. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд куыстмӕ бавнӕлдта. 1921 азы адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн рауагъта чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр». Уыцы чиныг рацыд 36 ӕвзагыл ӕмӕ ӕдӕппӕтӕй йӕ тираж уыд 6 милуан экземпляры бӕрц. Уый фӕрцы бирӕтӕ рӕстдзинад базыдтой. Ӕрӕджы та рацыд замманай ног публикаци адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн – «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Фӕстаг бонты нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты ӕдзух лӕвӕрдта ӕмӕ дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр дарддӕр «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуӕм. (Бакӕс Исайы 48:17; 60:17.)

17, 18. «Сыгъдӕг фӕндаг» кӕдӕм кӕны?

17 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уый райдайы «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын. Иуӕй-иутӕ йыл иуцасдӕр ацӕуынц, фӕлӕ йӕ стӕй ныууадзынц. Иннӕтӕ та йыл фидар къахдзӕфтӕй размӕ цӕуынц. Фӕнды сӕ, цӕмӕй кӕронмӕ бахӕццӕ уой. Цымӕ кӕдӕм цӕуынц?

18 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны «Сыгъдӕг фӕндаг» кӕны уӕлӕрвтӕм, «Хуыцауы дзӕнӕтмӕ» (Рарг. 2:7). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны та уыцы фӕндаг кӕны ӕххӕстдзинадмӕ – ӕххӕст та суыдзысты Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон. Кӕд абон «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуыс, уӕд фӕстӕмӕ мауал фӕкӕс. Ӕмӕ цалынмӕ дӕ балц нӕ фӕуа ӕмӕ ног дунемӕ нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ уыцы фӕндагӕй ма ахиз. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй дзӕбӕхӕй бахӕццӕ уай. Рӕствӕндаг у!

24 ЗАРӔГ Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!

a Йегъовӕ загъта, израилӕгтӕ Вавилонӕй Израилмӕ куы здӕхой, уӕд ахӕсгӕ хуызы «Сыгъдӕг фӕндагыл» кӕй цӕудзысты. Цымӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн фӕндаг ссыгъдӕг кодта? О. 1919 азӕй фӕстӕмӕ милуантӕ рацыдысты Стыр Вавилонӕй ӕмӕ райдыдтой «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын. Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ уыцы фӕндагыл цӕуӕм, цалынмӕ, кӕдӕм цӕуӕм, уырдӕм нӕ бахӕццӕ уӕм, уӕдмӕ.

c НЫВ. Ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Библи иртасгӕйӕ пайда кодтой, сӕ размӕ чи рацыд, уыцы публикацитӕй.