Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы бафтдзысты

Дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы бафтдзысты

«Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд» (ГАЛ. 6:9).

84 ЗАРӔГ Лӕггад кӕнӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Махӕй бирӕтӕн нӕ къухы цы не ’фты?

 МАХӔЙ алкӕй дӕр фӕнды Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Уый тыххӕй нӕ разы сӕвӕрӕм нысӕнттӕ, зӕгъӕм, нӕ удыхъӕды цавӕрдӕр чырыстон миниуӕг сфидар кӕнын, Библи алы бон дӕр кӕсын ӕмӕ йӕ арфдӕр иртасын кӕнӕ та арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын. Чи зоны, ды дӕр дӕ разы цавӕрдӕр нысан сӕвӕрдтай, фӕлӕ дӕ къухы никуыд ӕфты. Бирӕтӕ дӕ бамбардзысты. Зӕгъӕм, Филиппы фӕндыд йӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнын, стӕй арӕхдӕр кувын. Фӕлӕ йын зын уыд рӕстӕг кувынӕн ссарын. Эрикӕ йӕ разы сӕвӕрдта нысан, уацамындон фембӕлдтӕм афоныл кӕй цӕудзӕн. Фӕлӕ-иу уӕддӕр фылдӕр хатт байрӕджы кодта. Томашы та цалдӕр хатты фӕндыд Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын. Уый загъта: «Библи кӕсын нӕ уарзтон. Ӕртӕ хатты йӕ райдыдтон кӕсын, фӕлӕ-иу Левиты чиныгӕй дарддӕр нӕ ацыдтӕн».

2. Кӕд нӕ нысан нӕ къухы не ’фты, уӕддӕр афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын ницы рауайдзӕн?

2 Кӕд дӕ разы нысан сӕвӕрдтай, фӕлӕ дӕ къухы не ’фты, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дын ницы рауайдзӕн. Цӕмӕй дӕ къухы хуымӕтӕг нысан бафта, уымӕн дӕр арӕх фӕхъӕуы рӕстӕг ӕмӕ бафыдӕбон кӕнын. Уӕддӕр дӕ нысанмӕ кӕй тырныс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый дын зынаргъ у ӕмӕ дӕ фӕнды, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый йын дӕттын. Йегъовӕ дын дӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр дӕ нӕ домы (Пс. 103:14; Мих. 6:8). Уымӕ гӕсгӕ дӕ разы хъуамӕ ӕвӕрай, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ, дӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ. Кӕд дӕ разы нысан сӕвӕрдтай, уӕд дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ къухы бафта? Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм цалдӕр уынаффӕйыл.

ХЪУАМӔ ДӔ ТЫНГ БАФӔНДА ДӔ НЫСАНЫЛ СӔМБӔЛЫН

Кув, цӕмӕй дӕ тынг бафӕнда дӕ нысаныл сӕмбӕлын (кӕс 3, 4 абзацтӕ)

3. Адӕймаджы тынг цӕмӕн хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта?

3 Адӕймаджы тынг куы фӕнда, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта, уӕд ӕм ӕппӕт хъарутӕй тырндзӕн ӕмӕ уый тыххӕй, цы хъӕуы, уый араздзӕн. Уый абарӕн ис, дымгӕ лодкӕ размӕ куыд фескъӕфы, уыимӕ. Дымгӕ куы дыма, уӕд денджыздзау, кӕдӕм ӕй хъӕуы, уырдӕм бахӕццӕ уыдзӕн. Дымгӕ тынг куы дыма, уӕд та йӕ нысаныл тагъддӕр сӕмбӕлдзӕн. Раст афтӕ мах дӕр тынг куы фӕнда нӕ нысаныл сӕмбӕлын, уӕд ӕм тынгдӕр тырндзыстӕм, ӕмӕ нӕ къухы бафтдзӕн. Сальвадорӕй иу ӕфсымӕр, Давид, загъта: «Тынг дӕ куы фӕнда, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта, уӕд архайгӕ дӕр тынгдӕр кӕндзынӕ. Ӕмӕ дӕ ницы бауромдзӕн». Уӕдӕ дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ нысанмӕ тынгдӕр тырнай?

4. Нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын? (Филиппӕгтӕм 2:13). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Хуыцауӕй ӕххуыс кур. Йегъовӕ дын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ратдзӕн, ӕмӕ дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:13.) Хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ нӕ разы нысан сӕвӕрӕм, уымӕн ӕмӕ фӕзонӕм, уый ахсджиаг хъуыддаг кӕй у, фӕлӕ нӕ фӕндгӕ та афтӕ тынг нӕ фӕкӕны. Ӕмӕ уый дӕр хорз у. Афтӕ уыд йӕ хабар хо Норинӕйӕн. Уый цӕры Угандӕйы. Йӕ разы сӕвӕрдта нысан – искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ йӕ нысанмӕ афтӕ тынг нӕ тырныдта, уымӕн ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз нӕ арӕхсы. Цы йын баххуыс кодта? Уый зӕгъы: «Алы бон дӕр Йегъовӕмӕ кувын райдыдтон, цӕмӕй мӕ тынгдӕр бафӕндыдаид искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ мӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодтон. Мӕхиуыл куыстон, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхстаин. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ бамбӕрстон, тынг мӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнон. Ӕмӕ мын уыцы аз дыууӕ Библийы ахуыры фӕзынд».

5. Нӕ бон цӕуыл у хъуыды кӕнын, цӕмӕй нӕ нысанмӕ тынгдӕр тырнӕм?

5 Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта, ууыл хъуыды кӕн (Пс. 143:5). Апостол Павел дӕр-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ йын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, ууыл. Ӕмӕ-иу ӕй тынгдӕр бафӕндыд Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ аразын (1 Кор. 15:9, 10; 1 Тим. 1:12–14). Ды дӕр, Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта, ӕмӕ йӕм тынгдӕр тырндзынӕ (Пс. 116:12). Гондурасы иу хо йӕ разы сӕвӕрдта нысан, пионерӕй кӕй лӕггад кӕндзӕн. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафтыдаид? Уый загъта: «Хъуыды-иу кодтон, Йегъовӕ мӕ цас уарзы, ууыл. Уый мӕ йӕ адӕмы ’хсӕнмӕ ӕрбакодта, хъахъхъӕны мӕ ӕмӕ мын ӕххуыс кӕны. Уыдӕттыл кӕй хъуыды кодтон, уый фӕрцы Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарзтон ӕмӕ мӕ тынгдӕр бафӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын».

6. Ноджыдӕр ма нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ нысанмӕ тынгдӕр тырнӕм?

6 Хъуыды кӕн, дӕ нысан дӕ къухы куы бафта, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Райдианы кӕй кой уыд, уыцы хойӕн, Эрикӕйӕн, цы баххуыс кодта, цӕмӕй уацамындон фембӕлдтӕм афоныл цӕуын райдыдтаид? Уый зӕгъы: «Бамбӕрстон ӕй, кӕй байрӕджы кӕнын, уый тыххӕй мӕхи цас цӕмӕйдӕрты фӕкӕнын ӕнӕхай. Рагацау-иу куы ’рбацыдаин, уӕд-иу мӕ бон уыдаид хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн салам раттын, семӕ гыццыл аныхӕстӕ кӕнын. Стӕй ма-иу фехъуыстаин, уацамынды мын чи баххуыс кодтаид, ахӕм хорз уынаффӕтӕ. Ӕмӕ мын уӕд мӕ лӕггад дӕр фылдӕр циндзинад хастаид». Эрикӕ хъуыды кӕнын райдыдта, йӕ нысан йӕ къухы куы бафта, уӕд ын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Ӕмӕ йын уый баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафтыдаид. Дӕуӕн та цы пайда ӕрхӕсдзӕн, дӕ нысан дӕ къухы кӕй бафтдзӕн, уый? Кӕд дӕ нысан Библи кӕсынимӕ кӕнӕ дӕ куывдтытимӕ баст у, уӕд ахъуыды кӕн, уыцы хъуыддӕгты фӕрцы Йегъовӕмӕ кӕй баввахсдӕр уыдзынӕ, ууыл (Пс. 145:18, 19). Кӕд дӕ нысан у цавӕрдӕр чырыстон миниуӕгыл бакусын, уӕд ахъуыды кӕн, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн (Кол. 3:14). Дӕ бон у дӕхимӕ бӕстон ныффыссын, цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ фыстытӕм ӕркӕс. Райдианы кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕр, Томаш, загъта: «Куы ’мбарай, дӕ нысанмӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй кӕй хъуамӕ тырнай, уӕд ӕрдӕгфӕндагыл не ’рлӕудзынӕ».

7. Хулио ӕмӕ йӕ бинойнагӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафтыдаид?

7 Дӕ рӕстӕг ӕрвит, дӕ нысанмӕ тырнынӕн дын чи ӕххуыс кӕндзӕн, уыдонимӕ (Ӕмб. 13:20). Хулиойы ӕмӕ йӕ бинойнаджы фӕндыд фылдӕр лӕггад кӕнын. Хулио загъта: «Не ’мбӕлттӕ уыдысты, нӕ нысанмӕ тырнынӕн нын чи ӕххуыс кодта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Ӕмӕ-иу семӕ нӕ нысаныл ныхас кодтам. Уыдонӕй бирӕтӕн ахӕм нысӕнттӕ сӕ къухы бафтыдысты. Уымӕ гӕсгӕ нын-иу хорз уынаффӕтӕ радтой. Не ’мбӕлттӕ ма-иу нӕ афарстой, цы нын бантыст, уымӕй. Ӕмӕ-иу куы хъуыд, уӕд-иу нын нӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой».

КУЫ НӔ НӔ ФӔНДА ЦЫДӔР АРАЗЫН, УӔДДӔР ХЪУАМӔ НӔ НЫСАНМӔ ТЫРНӔМ?

Дӕ нысанмӕ дарддӕр тырн (кӕс 8 абзац)

8. Цыдӕр нӕ аразын куы фӕфӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд хъуамӕ тырнӕм нӕ нысанмӕ? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн. (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд нӕ алкӕмӕн дӕр хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ нӕ ницы фӕфӕнды аразын. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕд нӕ нысанмӕ хъуамӕ мауал тырнӕм? Нӕ. Зӕгъӕм, дымгӕ куы фӕдымы, уӕд лодкӕ размӕ тагъд фӕцӕуы. Фӕлӕ дымгӕ иу бон тынгдӕр фӕдымы, иннӕ бон – къаддӕр, кӕцыдӕр бонты та ӕппындӕр нӕ фӕдымы. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ денджыздзауӕн йӕ бон размӕ цӕуын нал у? Уый афтӕ нӕу. Иуӕй-иу лодкӕтыл вӕййы мотор, иннӕтыл та – наувыййӕгтӕ. Ӕмӕ уыдоны фӕрцы денджыздзауӕн йӕ бон вӕййы йӕ фӕндаг адарддӕр кӕнын. Нӕ нысанмӕ кӕй фӕтырнӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕфӕнды, цӕмӕй нӕ къухы бафта, уый абарӕн ис дымгӕимӕ. Кӕцыдӕр бонты нӕ тынгдӕр фӕфӕнды, кӕцыдӕр бонты – къаддӕр, кӕцыдӕр бонты та ӕппындӕр нӕ фӕтырнӕм нӕ нысанмӕ. Фӕлӕ нӕ нысанмӕ, фӕндгӕ нӕ куы кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд куы тырнӕм, уӕд нӕ къухы никуы бафтдзӕн. Денджыздзау ӕндӕр мадзӕлтты фӕрцы дарддӕр размӕ куыд фӕтындзы, афтӕ мах дӕр фӕхъӕуы ӕндӕр мадзӕлттӕ ссарын, цӕмӕй дарддӕр нӕ нысанмӕ тырнӕм, уый тыххӕй-иу нӕ куы ницы фӕнда аразын, суанг уӕд дӕр. Уый ӕнцон нӕ уыдзӕн, фӕлӕ уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Гыццыл фӕстӕдӕр аныхас кӕндзыстӕм, ахӕм уавӕрты нӕ бон цы у аразын, ууыл. Ныр та уал ӕркӕсдзыстӕм иу фарстамӕ.

9. Раст уыдзӕн, куы нӕ нӕ фӕнда, уӕддӕр нӕ нысанмӕ куы тырнӕм? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

9 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм (Пс. 100:2; 2 Кор. 9:7). Ӕмӕ уӕд раст уыдзӕн, куы нӕ нӕ фӕнда, уӕддӕр нӕ нысанмӕ куы тырнӕм? Ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Уый загъта: «Мӕ буар хъизӕмарӕй марын ӕмӕ дзы цагъар аразын» (1 Кор. 9:25–27). Павел-иу йӕхицӕн фидарӕй загъта, нӕ, хъуамӕ, раст куыд у, афтӕ бакӕнон, зӕгъгӕ, кӕд-иу ӕй ӕндӕрхуызон бакӕнын фӕндыд, уӕддӕр. Цымӕ уӕд Йегъовӕ Павелы лӕггадӕй райгонд уыди? Бӕгуыдӕр! Ӕмӕ йӕ йӕ фыдӕбоны тыххӕй схорзӕхджын кодта (2 Тим. 4:7, 8).

10. Куы ницы нӕ фӕнда аразын, фӕлӕ уӕддӕр нӕ нысанмӕ куы тырнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

10 Йегъовӕ махӕй дӕр райгонд уыдзӕн, куы нӕ нӕ фӕнда, фӕлӕ уӕддӕр нӕ нысанмӕ куы тырнӕм, уӕд. Уый зоны: иуӕй-иу хатт цавӕрдӕр хъуыддаг фӕаразӕм, уыцы хъуыддаг нӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ йын уый ӕхсызгон вӕййы. Йегъовӕ Павелӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ махӕн дӕр раарфӕ кӕндзӕн нӕ фыдӕбоны тыххӕй (Пс. 126:5). Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕ куы фенӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕйы зынг ссудза, ӕмӕ нӕ нысанмӕ тырнын райдайӕм. Хо Люцинӕ цӕры Польшӕйы. Уый загъта: «Хатт мӕ нӕ фӕфӕнды уацамынды ацӕуын, уӕлдайдӕр фӕллад куы вӕййын, уӕд. Фӕлӕ куы ацӕуын, уӕд мын уый стыр циндзинад ӕрхӕссы». Ныр та аныхас кӕнӕм, нӕ нысанмӕ афтӕ тынг куы нӕ тырнӕм, уӕд нӕ бон цы вӕййы саразын, ууыл.

11. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ нысӕнттӕм тырнӕм?

11 Йегъовӕйӕ кур йӕ сыгъдӕг тых. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм фӕзындзӕн, нӕ нысанмӕ тырнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм миниуджытӕ, уӕлдайдӕр кӕд ӕнцон нысан нӕу кӕнӕ йӕм афтӕ тынг нӕ тырнӕм, уӕд. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕна, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ дӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23). Райдианы кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕр, Давид, радзырдта, Хуыцаумӕ кӕй куывта, уый йын куыд баххуыс кодта. Уый фӕндыд, цӕмӕй йын Библи иртасын ӕдзух уадаид. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых куырдта, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ нысанмӕ тырныдтаид. Уый загъта: «Йегъовӕйы фӕрцы мӕ нысан мӕ къухы бафтыд ӕмӕ ныр райгонд дӕн, Библи куыд фӕиртасын, уымӕй».

12. Екклесиасты 11:4 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый нӕ нысӕнттӕм куыд хауы?

12 Уавӕртӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ кӕй уыдзысты, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ацы дунейы, гӕнӕн ис, ӕмӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ макуы рауайа. Дӕ уавӕртӕ кӕд амондзысты, уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕд дӕ нысан дӕ къухы никуы бафтдзӕн. (Бакӕс Екклесиаст 11:4.) Ӕфсымӕр Дэниел загъта: «Цӕттӕ уавӕртӕ сӕхӕдӕг нӕ фӕзынынц. Фӕхъӕуы цӕмӕйдӕр райдайын. Ӕмӕ уӕд уавӕр йӕхӕдӕг йӕхи амондзӕн». Ӕфсымӕр Пол цӕры Угандӕйы. Фӕстӕ-фӕстӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм, уый тыххӕй Пол та афтӕ загъта: «Зын уавӕрты дӕр куы райдайӕм цыдӕртӕ аразын, уӕд Йегъовӕйӕн раттӕм фадат, цӕмӕй нын раарфӕ кӕна» (Мал. 3:10).

13. Хорз цӕмӕн у гыццыл нысӕнттӕй райдайын?

13 Гыццыл истӕмӕй уал райдай. Иуӕй-иу хатт та нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ нысан нӕ къухы зынтӕй бафтдзӕн. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, афтӕ тынг ма тырнӕм. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон у дӕ нысан гыццылдӕр нысӕнттыл ныддихтӕ кӕнын. Зӕгъӕм, кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕм цавӕрдӕр миниуӕг фӕзына, уӕд уал бацархай, цӕмӕй йӕ гыццыл хъуыддӕгты равдисай. Кӕд дӕ фӕнды Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын, уӕд уал ӕй гыццыл скъуыддзӕгтӕй кӕсын райдай. Райдианы кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕры, Томашы, фӕндыд Библи афӕдзмӕ бакӕсын. Фӕлӕ йӕ нысан йӕ къухы не ’фтыд. Уый загъта: «Бамбӕрстон ӕй, зын мын кӕй у Библи афтӕ кӕсын. Тагъд-тагъд ӕй хъуыди кӕсын. Гъемӕ йӕ ногӕй кӕсын райдыдтон, фӕлӕ ацы хатт ӕндӕрхуызон. Бон-иу цалдӕр абзацы йеддӕмӕ нӕ бакастӕн ӕмӕ-иу сыл стӕй хъуыды кодтон. Уый фӕрцы Библи кӕсын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта». Ӕмӕ уӕд Томашы бафӕндыд Библи кӕсынӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын. Гъемӕ йӕ кӕрӕй-кӕронмӕ бакаст b.

ЦЫДӔР ДЫН КУЫ НӔ РАУАЙА, УӔД-ИУ ДӔ НЫФС МА АСӔТТӔД

14. Хатт нӕ цы бахъыгдары нӕ нысанмӕ тырнын?

14 Нӕ нысанмӕ тынг куы тырнӕм кӕнӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд дӕр нын, гӕнӕн ис, цыдӕр ма рауайа. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр хабар ӕрцӕуа, ӕмӕ нын уый тыххӕй нӕ нысанмӕ тырнынӕн рӕстӕг мауал уа (Еккл. 9:11). Кӕнӕ та, чи зоны, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстӕм, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс асаст ӕмӕ нӕм тыхтӕ нал ис (Ӕмб. 24:10). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ ӕруадзӕм, ӕмӕ нӕ уый дӕр бахъыгдардзӕн, цӕмӕй нӕ нысан нӕ къухы бафта (Ром. 7:23). Кӕнӕ та, чи зоны, тынг бафӕлладыстӕм (Матф. 26:43). Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн?

15. Исты нын куы нӕ рауайы, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ нӕ нысан нӕ къухы нӕ бафтдзӕн? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн (Псалом 145:14).

15 Дӕ зӕрдыл дар: цыдӕр дын куы нӕ рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Библийы фыст ис, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм. Фӕлӕ ма дзы фыст ис, куы «ахауӕм», уӕд нӕ бон кӕй уыдзӕн сыстын, уӕлдайдӕр Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы. (Бакӕс Псалом 145:14.) Райдианы кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕр, Филипп, загъта: «Ӕнтыстджын дӕн ӕви нӕ, уый, цал хатты ахаудтӕн, уымӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ, мӕ къахыл цал хатты слӕууыдтӕн, уымӕй». Давид та загъта: «Исты мын куы нӕ рауайы, уӕд ӕй цӕлхдурыл нӕ фӕнымайын, фӕлӕ, Йегъовӕйы куыд тынг уарзын, уый равдисыны фадатыл». Цыдӕр дын куы нӕ рауайа, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ куы тырнай, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисдзынӕ, йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын дӕ кӕй фӕнды. Йегъовӕ куы фӕуыны, дарддӕр дӕр дӕ нысанмӕ кӕй тырныс, уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы!

16. Исты дын куы нӕ рауайа, уӕд дын уый дӕр куыд фӕпайда уыдзӕн?

16 Цы дын нӕ рауад, уымӕй-иу истӕуыл сахуыр у. Ахъуыды-иу кӕн: «Цы мӕ бахъыгдардта? Мӕ бон цы у фӕивын, цӕмӕй иннӕ хатт афтӕ мауал рауайа?» (Ӕмб. 27:12). Фӕлӕ хатт ахӕм уавӕрты рабӕрӕг вӕййы, ахӕм нысан дӕ кӕй нӕ хъуыди дӕ разы ӕвӕрын, уымӕн ӕмӕ уӕвгӕ дӕ къухы нӕ бафтыдаид. Уӕд-иу дӕ нысаныл ногӕй ахъуыды кӕн, цӕмӕй бамбарай, уыцы нысанмӕ ма дӕ тырнын хъӕуы ӕви нӕ c. Ахӕм нысан дӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, уый тыххӕй дыл Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ фӕхуддзӕн (2 Кор. 8:12).

17. Нырмӕ нын цы бантыст, уый нӕ рох цӕуылнӕ хъуамӕ уа?

17 Нырмӕ дын цы бантыст, уый ма рох кӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон» (Дзут. 6:10). Ӕмӕ ды дӕр дӕ фыдӕбон ма рох кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, нырмӕ дӕр дын цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, Йегъовӕ сси дӕ Хӕлар, Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзурыс кӕнӕ донаргъуыд райстай. Кӕд раздӕр дӕр дӕ нысӕнттӕм тырныдтай, ӕмӕ дӕ къухы бафтыдысты, уӕд ныр дӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ тырн, ӕмӕ дӕ къухы бафтдзӕн (Фил. 3:16).

Дӕ балц дын циндзинад хӕссӕд (кӕс 18 абзац)

18. Нӕ нысанмӕ тырнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

18 Денджыздзау, кӕдӕм цӕуы, уырдӕм куы бахӕццӕ вӕййы, уӕд фӕцин кӕны. Дӕуӕн дӕр Йегъовӕйы фӕрцы дӕ нысан дӕ къухы бафтдзӕн, ӕмӕ цин кӕндзынӕ. Фӕлӕ бирӕ денджыздзаутӕн балц йӕхӕдӕг дӕр фӕхӕссы циндзинад. Ды дӕр-иу дӕ нысанмӕ тырнгӕйӕ дӕ хъус дар, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ, ӕмӕ дын уӕд дӕ балц циндзинад хӕсдзӕн (2 Кор. 4:7). Дӕ ныфс куы нӕ асӕтта ӕмӕ ӕрдӕгфӕндагыл куы не ’рлӕууай, уӕд ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! (Гал. 6:9).

126 ЗАРӔГ Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар

a Арӕх фехъусӕм, Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ кӕй хъуамӕ ӕвӕрӕм. Чи зоны, ды дӕр дӕ разы цавӕрдӕр нысан сӕвӕрдтай, фӕлӕ дӕ къухы не ’фты. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм цалдӕр уынаффӕйыл. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ нысӕнттӕ нӕ къухы бафтой.

c Фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Ӕмбаргӕйӕ архай ӕмӕ дӕ циндзинад ма саф», 2008 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».