23 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Йагъы пиллон арт» ахуыссын ма бауадзут!
«Уарзты цӕхӕртӕ сты арты цӕхӕртӕ, Йагъы пиллон арт» (СОЛ. З. 8:6).
131 ЗАРӔГ «Хуыцау цы баиу кодта, уый»
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Библийы ӕцӕг уарзондзинады тыххӕй цы фыст ис?
«УАРЗТЫ цӕхӕртӕ сты арты цӕхӕртӕ, Йагъы пиллон арт. Уарзты зынг бирӕ дӕттӕ дӕр нӕ ахуыссын кӕндзысты, цӕугӕдӕттӕ дӕр ӕй нӕ аласдзысты» (Сол. з. 8:6, 7) b. Диссаджы рӕсугъд ныхӕстӕ! Ахӕм у ӕцӕг уарзондзинад. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзой.
2. Лӕг ӕмӕ ус цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ уарзты зынг ма ӕрмынӕг уа?
2 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы цӕрӕнбонтӕм уарздзысты ӕви нӕ, уый сӕхицӕй кӕнгӕ у. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Арт, гӕнӕн ис, ӕмӕ макуы ахуысса. Фӕлӕ дзы уый тыххӕй хъӕуы сугтӕ ӕппарын. Артмӕ йӕ хъус куы ничи дара, уӕд сабыргай ахуысдзӕн. Раст афтӕ лӕг ӕмӕ усӕн дӕр сӕ уарзты зынг, гӕнӕн ис, макуы ахуысса. Фӕлӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы цыдӕртӕ аразын. Хатт лӕг ӕмӕ ус фембарынц, сӕ уарзты зынг кӕй мынӕг кӕны, уӕлдайдӕр та ӕхцаимӕ, ӕнӕниздзинадимӕ кӕнӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынимӕ баст зындзинӕдты тыххӕй. Цы уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ уарзондзинад – «Йагъы пиллон арт» – дарддӕр дӕр судза? Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзат ӕмӕ амондджын уат c.
ДАРДДӔР ДӔР ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КӔНУТ
3. Лӕг ӕмӕ усӕн Йегъовӕ се ’ввахс Хӕлар куы уа, уӕд сын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ уарзты зынг алкӕддӕр судза? (Екклесиаст 4:12). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
3 Цӕмӕй «Йагъы пиллон арт» ма ахуысса ӕмӕ алкӕддӕр судза, уый тыххӕй хъуамӕ лӕгӕн дӕр ӕмӕ усӕн дӕр Йегъовӕ уа йе ’ввахс Хӕлар. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Лӕг ӕмӕ ус, сӕ уӕларвон Фыдимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уымӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд ын йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ зӕрдиагӕй фӕархайынц. Афтӕмӕй сӕ бон вӕййы, сӕ уарзты зынг кӕй тыххӕй ӕрмынӕг уыдзӕн, уыцы зындзинӕдтӕй кӕнӕ сӕхи бахизын, кӕнӕ сӕ сӕрты ахизын. (Бакӕс Екклесиаст 4:12.) Йегъовӕ йӕ Хӕлар кӕмӕн у, уыдон ма фӕархайынц, цӕмӕй йӕ фӕзмой ӕмӕ уой уый хуызӕн хӕларзӕрдӕ, фӕразон ӕмӕ хатыргӕнаг (Еф. 4:32–5:1). Лӕг ӕмӕ усмӕ ахӕм миниуджытӕ куы вӕййы, уӕд сын ӕнцондӕр вӕййы кӕрӕдзийы уарзын. Хо Ленӕ моймӕдзыд у 25 азӕй фылдӕр. Уый загъта: «Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕймаджы уарзын ӕмӕ нымайын ӕнцон у».
4. Йегъовӕ Мессийӕйӕн ныййарджытӕ куы ’взӕрста, уӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕйы цӕмӕн равзӕрста?
4 Ӕркӕсӕм Библийӕ иу цӕвиттонмӕ. Йегъовӕ Мессийӕйӕн ныййарджытӕ куы ’взӕрста, уӕд Давиды бирӕ байзӕддӕгтӕй равзӕрста Иосиф ӕмӕ Марийӕйы. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр Йегъовӕ уыд се ’ввахс Хӕлар. Ӕмӕ йӕ зыдта, сӕ цард куы баиу кӕной, уӕд дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн. Лӕг ӕмӕ ус Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?
5. Лӕгӕн йӕ бон куыд у Иосифы бафӕзмын?
5 Иосиф алкӕддӕр цӕттӕ уыд Йегъовӕйы разамындмӕ байхъусынмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы уыд хорз сӕрыхицау. Йегъовӕ йын ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты радта разамынд йӕ бинонты тыххӕй. Ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр уайтагъд разамындмӕ байхъуыста, стыр ивындзинӕдтӕ йӕ скӕнын куы хъуыд, уӕд дӕр (Матф. 1:20, 24; 2:13–15, 19–21). Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы йӕ бон уыд Марийӕйы хъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ цӕрынӕн цы хъуыд, уыдӕттӕ амал кӕнын. Уый тыххӕй йӕ Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр уарзта ӕмӕ нымадта. Лӕгӕн йӕ бон у Иосифы фӕзмын ӕмӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын d. Афтӕ куы кӕнай – уый тыххӕй-иу дӕ исты фӕивын куы хъӕуа, уӕд дӕр – уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕ бинойнаджы кӕй уарзыс. Стӕй уый фӕрцы ӕнгомдӕр кӕндзыстут. Вануатуйӕ иу хо (моймӕдзыд у 20 азӕй фылдӕр) загъта: «Мӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы разамынд куы фӕагуры ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд ӕй тынгдӕр нымайын райдайын. Раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл нӕ фӕдызӕрдыг кӕнын ӕмӕ ницӕуыл фӕмӕт кӕнын».
6. Усӕн йӕ бон куыд у Марийӕйы бафӕзмын?
6 Марийӕйӕн дӕр Йегъовӕ уыд йӕ Хӕлар. Йӕ уырнындзинад Иосифӕй кӕнгӕ нӕ уыд. Марийӕ Фыстад хорз зыдта e. Стӕй-иу рӕстӕг рахицӕн кодта, цы базыдта, уыдӕттыл арф хъуыды кӕнынӕн (Лук. 2:19, 51). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ йӕ Хӕлар кӕй уыд, уый фӕрцы уыд тынг хорз бинойнаг. Абон бирӕ бинойнӕгтӕ сты Марийӕйы хуызӕн. Зӕгъӕм, хо Эмико загъта: «Иунӕг куы уыдтӕн, уӕд-иу кувгӕ дӕр мӕхӕдӕг кодтон, Библи дӕр мӕхӕдӕг иртӕстон. Фӕлӕ куы смой кодтон, уӕд хабар фӕивта. Ныр Йегъовӕмӕ нӕ дыууӕйы номӕй мӕ сӕрыхицау фӕкувы, бинонты ахуыр дӕр уый фӕуадзы. Цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстон, мӕ уырнындзинад, уый цы аразы, ууыл баст кӕй у. Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон, мӕхи „хӕссинаг“ мӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ хӕссон, ома мӕхӕдӕг дӕр цыдӕр кӕй хъуамӕ аразон, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс уон. Ныр рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй мӕ Хуыцауимӕ рӕстӕг арвитон: скувон ӕм, Библи бакӕсон ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыдытыл арф ахъуыды кӕнон» (Гал. 6:5). Ус куы архайа, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕна, уӕд ӕй йӕ лӕг тынгдӕр уарздзӕн ӕмӕ йын кад кӕндзӕн (Ӕмб. 31:30).
7. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у Иосиф ӕмӕ Марийӕйау Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иумӕ аразын?
7 Иосиф ӕмӕ Марийӕ иумӕ дӕр архайдтой, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хӕлар уыдаид. Ӕмбӕрстой йӕ, ахсджиаг кӕй у Йегъовӕйӕн, куыд бинонтӕ, афтӕ лӕггад кӕнын (Лук. 2:22–24, 41; 4:16). Уый сын алкӕд ӕнцон нӕ уыдаид, уӕлдайдӕр сын сывӕллӕттӕ куы фӕзынд, уӕд. Фӕлӕ сын уӕддӕр ӕнтыст Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иумӕ аразын. Сымахӕн дӕр уӕ бон у Иосиф ӕмӕ Марийӕйы бафӕзмын. Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд уын, чи зоны, ӕнцон нӕ вӕййы ӕмбырдтӕм цӕуын кӕнӕ бинонты ахуырӕн рӕстӕг ссарын. Чи зоны уын ноджы зындӕр та вӕййы рӕстӕг ссарын, цӕмӕй уӕ дыууӕ иумӕ Библи раиртасат ӕмӕ Хуыцаумӕ скуват. Фӕлӕ уӕ зӕрдыл дарут: Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иумӕ куы аразат, уӕд уымӕ дӕр ӕмӕ уӕ кӕрӕдзимӕ дӕр ӕввахсдӕр кӕндзыстут. Уӕдӕ уын Йегъовӕ алкӕддӕр фыццаг бынаты уӕд!
8. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ куы адард уой, уӕд сын цавӕр уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн бинонты ахуыр уадзынӕн?
8 Кӕд уӕ кӕрӕдзийӕ адард стут, уӕд та? Чи зоны уӕ нӕ фӕфӕнды иумӕ бинонты ахуыр уадзын. Ахӕм уавӕры уӕ бон цы у саразын? Райдайут уал цыбыр ӕмӕ, уӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ дӕр чи цӕуы, ахӕм ӕрмӕгӕй. Уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр суыдзыстут ӕмӕ уӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иумӕ аразын.
ИУМӔ РӔСТӔГ ӔРВИТУТ
9. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ рӕстӕг цӕмӕн хъуамӕ ӕрвитой?
9 Цӕмӕй уӕ уарзты зынг ма ахуысса, уый тыххӕй ма уӕ хъӕуы иумӕ рӕстӕг ӕрвитын дӕр. Уый фӕрцы-иу зондзыстут, уӕ цардӕмбал цӕуыл хъуыды кӕны ӕмӕ цы ӕнкъары, уый (Райд. 2:24). Руслан ӕмӕ Лилийӕ сӕ цард куы баиу кодтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр иу цыдӕр бамбӕрстой. Уый уыд иу-15 азы размӕ. Лилийӕ загъта: «Мах бамбӕрстам, цас нӕ фӕндыд, уыйбӕрц рӕстӕг нын кӕй нӕ уайдзӕн иумӕ ӕрвитын. Хъуыди нӕ кусын ӕмӕ хӕдзары куыстытӕ кӕнын. Фӕстӕдӕр та нын фӕзынд сывӕллӕттӕ дӕр. Ӕмӕ ахъуыды кодтам, иумӕ рӕстӕг куы не ’рвитӕм, уӕд кӕрӕдзийӕ кӕй адард уыдзыстӕм».
10. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у Ефесӕгтӕм 5:15, 16 стихты фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын?
10 Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй иумӕ рӕстӕг ӕрвитат? Уӕ хъуыддӕгтӕ пълан кӕнгӕйӕ-иу уӕ кӕрӕдзийӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнут. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.) Ӕфсымӕр Узонду цӕры Нигерийы. Уый загъта: «Мӕ хъуыддӕгтӕ куы фӕпълан кӕнын, уӕд спълан кӕнын, мӕ бинойнагимӕ иумӕ рӕстӕг кӕй арвитдзыстӕм, уый дӕр. Уый мын тынг ахсджиаг вӕййы» (Фил. 1:10). Анастасийӕ у районон цӕстдарӕджы бинойнаг. Уыдон лӕггад кӕнынц Молдовӕйы. Анастасийӕ архайы, цӕмӕй йӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕна. Уый загъта: «Мӕ сӕрыхицау, йӕ хӕстӕм цы хауы, уыдӕттӕй цыдӕртӕ куы фӕаразы, уӕд ӕз та мӕхи хъуыддӕгтӕ фӕаразын. Уый фӕрцы фӕстӕдӕр нӕ бон вӕййы иумӕ рӕстӕг арвитын». Фӕлӕ кӕд афтӕ ӕнӕвдӕлон стут, ӕмӕ уын зын вӕййы кӕрӕдзийӕн рӕстӕг ссарын, уӕд та уӕ бон цы у саразын?
11. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ иумӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой?
11 Уӕ бон у бафӕзмын Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы. Уыдон цардысты 1 ӕнусы. Чырыстӕттӕй сын бирӕтӕ тынг аргъ кодтой (Ром. 16:3, 4). Библийы сӕ бинонты царды тыххӕй бирӕ нӕй фыст. Фӕлӕ дзы базонӕн ис, кусгӕ дӕр, хъусын дӕр иумӕ кӕй кодтой ӕмӕ иннӕтӕн дӕр иумӕ кӕй ӕххуыс кодтой (Хъуыд. 18:2, 3, 24–26). Библийы Акилӕйы кой кӕм вӕййы, уым вӕййы Прискиллӕйы кой дӕр, Прискиллӕйы кой кӕм вӕййы, уым та вӕййы Акилӕйы кой дӕр.
12. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иумӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитой? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
12 Уӕ бон куыд уаид Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы бафӕзмын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕ дыууӕйы дӕр бирӕ хъуыддӕгтӕ фӕхъӕуы аразын. Ӕмӕ уӕ бон нӕ уаид уыцы хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕртӕ хицӕнтӕй нӕ, фӕлӕ иумӕ аразын? Зӕгъӕм, Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ иумӕ хъусын кодтой. Сымах дӕр арӕх спълан кӕнут, цӕмӕй иумӕ хъусын кӕнат? Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ ма кусгӕ дӕр иумӕ кодтой. Чи зоны, сымах иумӕ нӕ кусут, фӕлӕ уӕ бон нӕ уаид хӕдзары куыстытӕ иумӕ аразын? (Еккл. 4:9). Кӕрӕдзийӕн-иу исты аразынӕн куы ӕххуыс кӕнат, уӕд уыдзыстут иу командӕйы хуызӕн, стӕй-иу уын фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн аныхас кӕнынӕн. Роберт ӕмӕ Линдӕ сӕ цард куы баиу кодтой, уымӕй рацыд 50 азӕй фылдӕр. Роберт загъта: «Ӕргом куы зӕгъон, уӕд нын бирӕ рӕстӕг нӕ вӕййы иумӕ баулӕфынӕн. Фӕлӕ тӕбӕгътӕ куы фехсын, мӕ бинойнаг та сӕ куы фӕсӕрфы, кӕнӕ цӕхӕрадоны куы фӕкусын, уый та мӕ разы исты куы фӕархайы, уӕд тынг амондджын вӕййын. Уыдӕтты фӕрцы ӕнгомдӕр свӕййӕм. Ӕмӕ нӕ уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны».
13. Лӕг ӕмӕ усы цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕцӕгдӕр ӕнгом бинонтӕ уой?
13 Фӕлӕ иу цыдӕр хъӕуы зӕрдыл дарын. Лӕг ӕмӕ ус ӕнӕуи иумӕ уой, уый фаг нӕу, цӕмӕй ӕцӕгдӕр уой ӕнгом бинонтӕ. Бразилийӕ иу хо загъта: «Абон адӕймаг афтӕ ӕнӕвдӕлон свӕййы, ӕмӕ, гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын райдайа, зӕгъгӕ, кӕд иу хӕдзары цӕрӕм, уӕд нӕ рӕстӕг дӕр иумӕ ӕрвитӕм. Ӕз бамбӕрстон, хӕдзары ӕнӕуи иумӕ кӕй вӕййӕм, уый фаг кӕй нӕу. Хъуамӕ ма-иу дӕ цардӕмбалӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнай, йемӕ-иу аныхӕстӕ кӕнай». Бруно ӕмӕ йӕ бинойнаг Таисӕн уый хорз уайы. Бруно загъта: «Мах нӕ телефонтӕ иуварс айсӕм ӕмӕ фӕныхӕстӕ кӕнӕм. Иумӕ нын хорз вӕййы».
14. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ рӕстӕг ӕрвитын куы нӕ уарзой, уӕд сӕ бон цы у саразын?
14 Фӕлӕ, чи зоны, нӕ уарзут рӕстӕг иумӕ ӕрвитын. Гӕнӕн ис, уӕ иу цы уарзы аразын, уый иннӕ нӕ уарзы аразын кӕнӕ кӕрӕдзимӕ цӕйдӕрты тыххӕй рамӕсты вӕййут. Кӕд афтӕ у, уӕд цы ис саразӕн? Арты кой та ракӕнӕм. Арт куы скӕнай, уӕд уайтагъд пиллонӕй судзын нӕ райдайы. Фыццаг дзы фӕхъӕуы къӕцӕлтӕ баппарын, стӕй та – стырдӕр сугтӕ. Сымах дӕр уал гыццыл цӕмӕйдӕр райдайут. Зӕгъӕм, афтӕ бакӕнут, цӕмӕй уын алы бон дӕр иу гыццыл уӕддӕр уайа рӕстӕг иумӕ ӕрвитын. Уӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ дӕр цы цӕуы, уый-иу аразут, хыл цӕй тыххӕй фӕуат, уый нӕ, фӕлӕ (Иак. 3:18). Гыццыл цӕмӕйдӕр куы райдайат, уӕд та уӕ уарзты зынг ссудздзӕн.
КӔРӔДЗИЙЫ НЫМАЙУТ
15. Цӕмӕй лӕг ӕмӕ усӕн сӕ уарзты зынг ма ахуысса, уый тыххӕй ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй кӕрӕдзийы нымайой?
15 Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы нымайой. Уыцы миниуӕг абарӕн ис туаггуыримӕ. Ӕнӕ туаггуырӕй арт тагъд ахуысдзӕн. Раст афтӕ, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ нымайой, уӕд сӕ уарзты зынг тагъд ӕрмынӕг уыдзӕн. Иу иннӕйы куы нымайа, уӕд та нӕ бауадздзысты, цӕмӕй сӕ уарзты зынг ахуысса. Ӕрмӕст-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Ды хъуыды кӕныс афтӕ, ӕмӕ дӕ цардӕмбалы нымайыс, ӕви уый дӕр афтӕ хъуыды кӕны?» Арет ӕмӕ Пенни сӕ цард куы баиу кодтой, уымӕй рацыд 25 азӕй фылдӕр. Пенни загъта: «Кӕрӕдзи кӕй нымайӕм, уый фӕрцы нӕ хӕдзар у хъарм къонайы хуызӕн. Мӕнӕн дӕр ӕмӕ Аретӕн дӕр ӕнцон вӕййы, цы хъуыды кӕнӕм, уый зӕгъын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, кӕрӕдзийы хъуыдыйӕн кӕй аргъ кӕнӕм». Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ цардӕмбал ӕмбара, кӕй йӕ нымайыс, уый? Ӕркӕсӕм Авраам ӕмӕ Саррӕйы хабармӕ.
16. Лӕгӕн йӕ бон куыд у Авраамы бафӕзмын? (1 Петры 3:7). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
16 Авраам Саррӕйӕн кад кодта ӕмӕ йӕ нымадта. Уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? Аргъ ын кодта йӕ хъуыдыйӕн ӕмӕ йын йе ’нкъарӕнтыл хъуыды кодта. Иухатт Саррӕ цӕуылдӕр тынг маст кодта, ӕмӕ йӕ пырх Авраамыл акалдта. Суанг ма уый фӕаххосджын кодта, ацы маст, дам, дӕу тыххӕй бавзӕрстон. Фӕлӕ йӕм Авраам тызмӕгӕй не сдзырдта. Уый зыдта, Саррӕ хорз, коммӕгӕс бинойнаг кӕй у. Гъемӕ йӕм байхъуыста ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй уыцы хъуыддаг аскъуыддзаг кодтаид (Райд. 16:5, 6). Лӕгӕн йӕ бон куыд у Авраамы бафӕзмын? Уӕ бинонтӕм чи хауы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссыны бар дӕуӕн ис (1 Кор. 11:3). Фӕлӕ-иу уӕддӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ дӕ бинойнаджы дӕр йӕ хъуыдыйӕ куы бафӕрсай,– уӕлдайдӕр кӕд уыцы уынаффӕ ууыл дӕр фӕзындзӕн,– уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, кӕй йӕ уарзыс (1 Кор. 13:4, 5). Кӕнӕ та, чи зоны, дӕ бинойнаг истӕуыл мӕт кӕны, ӕмӕ йӕ фӕнды, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дын радзурын. Лӕмбынӕг ӕм куы байхъусай, уӕд равдисдзынӕ, кӕй йӕ нымайыс ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, цы ’нкъары, уый бамбарын. (Бакӕс 1 Петры 3:7.) Анжелӕ ӕмӕ Дмитрий сӕ цард баиу кодтой иу-30 азы размӕ. Анжелӕ загъта, йӕ лӕг ӕй кӕй нымайы, уый цӕмӕй у бӕрӕг: «Истӕуыл мӕсты куы вӕййын кӕнӕ мӕ ӕнӕуи аныхас кӕнын куы фӕфӕнды, уӕд мӕм Дмитрий алкӕддӕр байхъусы. Мӕ бон сабырӕй дзурын куы нӕ вӕййы, суанг уӕд дӕр мемӕ фӕразон вӕййы».
17. Усӕн йӕ бон куыд у Саррӕйы бафӕзмын? (1 Петры 3:5, 6).
17 Саррӕ дӕр Авраамы нымадта, ӕмӕ-иу цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдоныл-иу сразы (Райд. 12:5). Иухатт сӕм ӕнӕнхъӕлӕджы уазджытӕ ӕрбацыд. Ӕмӕ Авраам Саррӕйӕн загъта, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ фӕуагътаид ӕмӕ дзултӕ скодтаид. Хъуыди йӕ бирӕ дзултӕ скӕнын (Райд. 18:6). Ӕмӕ Саррӕ дӕр уайтагъд, Авраам ын куыд загъта, афтӕ бакодта. Усӕн йӕ бон куыд у Саррӕйы бафӕзмын? Дӕ сӕрыхицау цы уынаффӕ рахӕсса, ууыл-иу сразы у. Афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстут. (Бакӕс 1 Петры 3:5, 6.) Мӕнӕ цы загъта Дмитрий, йӕ бинойнаг ӕй кӕй нымайы, уый бӕрӕг цӕмӕй вӕййы, уый тыххӕй: «Анжелӕ бацархайы, цӕмӕй-иу мӕ уынаффӕтимӕ сразы уа, кӕд хатт йӕхӕдӕг ӕндӕрхуызон фӕхъуыды кӕны, уӕддӕр. Цыдӕр куы нӕ фӕрӕстмӕ вӕййы, уӕддӕр мын ӕй мӕ цӕстмӕ нӕ бадары». Уынӕм ӕй, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы нымайой. Адӕймаг дӕ куы нымайа, уӕд ӕй уарзын дӕр ӕнцон у.
18. Лӕг ӕмӕ ус куы архайой, цӕмӕй сӕ уарзты зынг судза, уӕд уый сӕ бинонты цардыл куыд фӕзындзӕн?
18 Хӕйрӕджы фӕнды чырыстон бинонтӕн сӕ уарзты зынг ахуыссын кӕнын. Зоны йӕ, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы куы нал уарзой, уӕд Йегъовӕйӕ дӕр дард кӕнын кӕй райдайдзысты. Фӕлӕ ӕцӕг уарзты зынг ахуыссын кӕнӕн нӕй! Уӕдӕ кӕрӕдзийы уарзут, Соломоны зарӕджы кӕй кой ис, ахӕм уарзтӕй. Уӕ бинонты царды Йегъовӕ алкӕддӕр уӕд фыццаг бынаты, кӕрӕдзийӕн-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнут, стӕй кӕрӕдзийы нымайут ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕнут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ бинонты цард кадджын кӕндзӕн, ӕцӕг уарзондзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы – Йегъовӕйы. Ӕмӕ уӕ уарзты зынг цӕрӕнбонтӕм пиллон артау судздзӕн!
132 ЗАРӔГ Ныр дыууӕйӕ стӕм иу
a Йегъовӕ адӕмӕн скодта диссаджы лӕвар – бинонты цард. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи цы уарзтӕй фӕуарзынц, ахӕм уарзт ӕрмӕст се ’хсӕн вӕййы. Фӕлӕ хатт сӕ уарзты зынг ӕрмынӕг вӕййы. Ацы статья лӕг ӕмӕ усӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзой ӕмӕ амондджын уой.
b Ӕцӕг уарзондзинадӕн кӕрон нӕй ӕмӕ у ӕнӕивгӕ. Ахӕм уарзондзинад хуыйны «Йагъы пиллон арт», уымӕн ӕмӕ уарзондзинад у Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг.
c Кӕд дӕ цардӕмбал Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, уӕддӕр дын ацы уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты (1 Кор. 7:12–14; 1 Пет. 3:1, 2).
d Хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис рубрикӕйы «Ӕххуыс бинонтӕн». Кӕс сайты jw.org ӕмӕ приложенийы JW Library®.
e Кӕс чиныг «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», 17 сӕр, 15 абзац.