Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

«Уый дӕр зонӕм, ӕмӕ дзы цы курӕм, уый кӕй райсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы куырдтам» (1 ИОАН. 5:15).

41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Нӕ куывдтыты тыххӕй нӕм хатт цавӕр фарстатӕ фӕзыны?

 ИСКУЫ хъуыды кодтай, цымӕ мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕн дзуапп дӕтты, зӕгъгӕ? Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕм фӕзыны ахӕм фарста, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд. Зын уавӕрты нын, гӕнӕн ис, зындӕр уа фенын, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, уый.

2 Ӕркӕсӕм, цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп кӕй ратты, ууыл (1 Иоан. 5:15). Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм ацы фарстатыл: «Хатт нӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ дӕтты? Абон нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?»

ГӔНӔН ИС, ЙЕГЪОВӔ НЫН, ЦЫ ДЗУАПМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСӔМ, АХӔМ ДЗУАПП МА РАТТА

3. Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм?

3 Библийы фыст ис, Йегъовӕ нӕ тынг бирӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын зынаргъ кӕй стӕм (Аг. 2:7; 1 Иоан. 4:10). Ӕмӕ нын уый тыххӕй дзуры, цӕмӕй йӕм кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм (1 Пет. 5:6, 7). Уый фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕм алкӕддӕр ӕввахс уӕм ӕмӕ, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн фӕразӕм.

Йегъовӕ дзуапп радта Давиды куывдтытӕн – йе знӕгтӕй йӕ фервӕзын кодта (кӕс 4 абзац)

4. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп кӕй ратты? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп кӕй радта. Дӕ зӕрдыл исчи ӕрбалӕууыд? Чи зоны, ахъуыды кодтай паддзах Давидыл. Давидӕн уыди бирӕ знӕгтӕ, ӕмӕ-иу арӕх уыди тӕссаг уавӕрты. Ӕмӕ-иу уыцы уавӕрты Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта. Иухатт ын лӕгъстӕ кодта: «О Йегъовӕ, фехъус мын мӕ куывд, дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм. Дзуапп мын ратт дӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Пс. 143:1). Йегъовӕ Давиды куывдтытӕн дзуапп радта ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕй фервӕзын кодта (1 Сам. 19:10, 18–20; 2 Сам. 5:17–25). Давидӕн йӕ бон уыд фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ». Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм (Пс. 145:18).

Йегъовӕ дзуапп радта Павелы куывдтытӕн – радта йын тыхтӕ, цӕмӕй зындзинӕдтӕ сфӕрӕзтаид (кӕс 5 абзац)

5. Раджы заманты-иу Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн, уыдон цы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, алы хатт ахӕм дзуапп радта? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ дӕр.)

5 Йегъовӕ-иу нын нӕ куывдтытӕн, мах цы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, алы хатт ахӕм дзуапп нӕ ратдзӕн. Зӕгъӕм, апостол Павел Хуыцауӕй ӕртӕ хатты куырдта, цӕмӕй йӕ фервӕзын кодтаид, йӕ буары цы «сындз» уыд, уымӕй. Цымӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕн дзуапп радта? О, фӕлӕ, Павел куыд ӕнхъӕл уыд, афтӕ нӕ. Йегъовӕ йӕ уыцы «сындзӕй» нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ йын радта тыхтӕ, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтаид (2 Кор. 12:7–10).

6. Хатт нӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ дӕтты?

6 Махӕн дӕр Йегъовӕ, гӕнӕн ис, цы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ахӕм дзуапп ма ратта. Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕйӕ хуыздӕр ӕй ничи зоны, куыд нын хъӕуы баххуыс кӕнын. Уымӕн йӕ бон у, «цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын» (Еф. 3:20). Уымӕ гӕсгӕ нын нӕ куывдтытӕн, гӕнӕн ис, дзуапп ратта, ӕнхъӕл кӕд нӕ вӕййӕм, уӕд ӕмӕ, ӕнхъӕл куыд нӕ вӕййӕм, афтӕ.

7. Иуӕй-иу хатт нӕ цӕмӕн бахъӕуы ӕндӕрхуызон кувын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый хуыздӕр куы бамбарӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, бахъӕуа ӕндӕрхуызон кувын. Ӕркӕсӕм Мартин Пётцингеры хабармӕ. Бинонтӕ куы ’рхаста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ нацисттӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ концлагермӕ арвыстой. Фыццаг Йегъовӕйӕ куырдта, зӕгъгӕ мӕ концлагерӕй ссӕрибар кӕн, цӕмӕй мӕ бинойнаг иунӕг ма уа, стӕй мӕ бон уа ногӕй хъусын кӕнын. Рацыд дыууӕ къуырийы, фӕлӕ ницы ивта. Афтӕ зынд, цыма йӕ Йегъовӕ нӕ хъавыд сӕрибар кӕнынмӕ. Уӕд райдыдта кувын: «Йегъовӕ, курын дӕ, равдис мын, цы у дӕ фӕндон. Цы хъуамӕ аразон?» Ӕмӕ уый фӕстӕ райдыдта хъуыды кӕнын, концлагеры ма чи уыд, уыцы ӕфсымӕртыл. Бирӕтӕ сӕ тынг мӕт кодтой сӕ бинойнӕгтыл ӕмӕ сӕ сывӕллӕттыл. Уӕд ӕфсымӕр Пётцингер скуывта: «Йегъовӕ, бузныг дын мӕ ног хӕслӕвӕрды тыххӕй. Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа ӕфсымӕрты фидар кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын». Ӕмӕ 9 азы концлагерты афтӕ кодта!

8. Куы фӕкувӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

8 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕмӕ ис бӕлвырд фӕнд, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уӕд. Йегъовӕ фӕнд кӕны, абон кӕй тыххӕй хъизӕмар кӕнӕм, уыцы зындзинӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕнустӕм кӕрон скӕнын. Зӕгъӕм, нал уыдзӕн ӕрдзон бӕллӕхтӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт. Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы (Дан. 2:44; Рарг. 21:3, 4). Уӕдмӕ та Хӕйрӕгӕн бар дӕтты, цӕмӕй ацы дунейы хицау уа (Иоан. 12:31; Рарг. 12:9) b. Йегъовӕ адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ныр куы скӕнид, уӕд афтӕ зынид, цыма Хӕйрӕг хорз хицау у. Фӕлӕ уал нӕ кӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын ныр не ’ххуыс кӕны. Аныхас кӕнӕм, куыд нын баххуыс кӕны, ууыл.

ЙЕГЪОВӔ НЫН АБОН НӔ КУЫВДТЫТӔН ДЗУАПП КУЫД РАТТЫ?

9. Уынаффӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Ратты нын зонд. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын дӕтдзӕн зонд, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссӕм. Хуыцауы зонд адӕймаджы уӕлдайдӕр фӕхъӕуы, йӕ цард ын чи фӕивдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ куы фӕхӕссы, уӕд, зӕгъӕм, куы йӕ фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, ус ракура кӕнӕ мой скӕна ӕви нӕ (Иак. 1:5). Ӕркӕсӕм иу ӕнӕцыд хойы, Марийӕйы, хабармӕ c. Уый лӕггад кодта пионерӕй, ӕмӕ йӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ ради. Стӕй базонгӕ иу ӕфсымӕримӕ. Марийӕ загъта: «Мах систӕм хорз ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ дӕр цӕуын райдыдтам. Ӕмбӕрстон ӕй, уынаффӕ рахӕссын мӕ кӕй хъӕуы. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ уый тыххӕй тынг бирӕ куывтон. Хъуыди мӕ йӕ разамынд. Фӕлӕ ма уый дӕр ӕмбӕрстон, ӕмӕ Йегъовӕ мӕ бӕсты уынаффӕ нӕ рахӕсдзӕн». Куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ фехъуыста, ӕмӕ йын зонд радта. Цымӕ куыд? Марийӕ бацагуырдта ӕрмӕг нӕ публикациты ӕмӕ ссардта хорз статьятӕ. Уыцы статьятӕ йын баххуыс кодтой йӕ фарстатӕн дзуаппытӕ ссарынӕн. Стӕй ма йын йӕ мад дӕр радта хорз уынаффӕ (йӕ мад дӕр нӕ хо у). Уыцы уынаффӕ Марийӕйӕн баххуыс кодта йе ’нкъарӕнтыл ахъуыды кӕнынӕн. Гъемӕ йӕ бон баци раст уынаффӕ рахӕссын.

Йегъовӕ нын тыхтӕ куыд ратты, цӕмӕй зындзинӕдты фидар фӕлӕууӕм? (кӕс 10 абзац)

10. Филиппӕгтӕм 4:13 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд баххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Ратты нын тыхтӕ, цӕмӕй-иу зындзинӕдты фидар фӕлӕууӕм. Йегъовӕ апостол Павелӕн тыхтӕ куыд лӕвӕрдта, афтӕ махӕн дӕр дӕтдзӕн тыхтӕ, цӕмӕй-иу зындзинӕдтӕ сфӕразӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:13.) Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ ӕфсымӕр Бенджаминӕн зын уавӕрты куыд баххуыс кодта. Йе ’рыгон бонтӕн сӕ фылдӕр Бенджамин арвыста Африкӕйы ӕрлидзджыты лагерты. Цардысты дзы ӕнӕхъӕн бинонтӕй. Бенджамин зӕгъы: «Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух куывтон. Дзырдтон ын, зӕгъын мын тыхтӕ ратт, цӕмӕй, дӕ цӕсты раст цы у, уый аразон. Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕн дзуапп радта – лӕвӕрдта мын фарн, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ сабыр уыдаид, хъӕбатырдзинад, цӕмӕй хъусын кодтаин, ӕмӕ публикацитӕ, цӕмӕй йӕм алкӕддӕр ӕввахс уыдаин». Бенджамин ма загъта: «Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хабӕрттӕ-иу куы кастӕн ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта, уый-иу куы базыдтон, уӕд-иу мӕ ноджы тынгдӕр бафӕндыд, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззадаин».

Йегъовӕ дын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты куыд баххуыс кодта? (кӕс 11, 12 абзацтӕ) d

11, 12. Йегъовӕ нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Баххуыс нын кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывта. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауы фауӕгыл банымадтаиккой, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ уымӕй фервӕзын кодтаид. Фӕлӕ уый Йесойӕн ӕндӕрхуызон баххуыс кодта. Рарвыста зӕды, Йесойы ’фсымӕртӕй иуы, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид (Лук. 22:42, 43). Хатт Йегъовӕ махӕн дӕр баххуыс кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Гӕнӕн ис, исчи нӕм дзы телефонӕй ӕрбадзура кӕнӕ нӕ абӕрӕг кӕна. Ӕмӕ хорз уыдзӕн, не ’ппӕт дӕр фадӕттӕ куы агурӕм, цӕмӕй-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн исты «хорз ныхас» зӕгъӕм (Ӕмб. 12:25).

12 Ӕркӕсӕм хо Мириамы хабармӕ. Йӕ сӕрыхицау куы амард, уымӕй цалдӕр къуырийы фӕстӕ Мириам хӕдзары уыди иунӕгӕй. Тынг ныфссаст уыд, дарддӕр куыд цӕра, уый нӕ зыдта. Мириам куыдта ӕмӕ куыдта, ӕмӕ йӕ фӕндыд искӕимӕ аныхас кӕнын. Уый загъта: «Тыхы мур мӕм нал баззад. Искӕмӕ бадзырдтаин, уый дӕр мӕ бон нӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕмӕ куывтон. Цӕссыгкалгӕйӕ куыд куывтон, афтӕ мӕм чидӕр телефонӕй ӕрбадзырдта. Уый уыд хистӕр нӕлгоймаг, не ’мбал». Уыцы хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ бинойнаг Мириамы ныфс бауагътой. Мириам нӕ дызӕрдыг кӕны, уыцы ӕфсымӕры йӕм Йегъовӕ кӕй ӕрбадзурын кодта.

Йегъовӕйы бон куыд у, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыдоны уылты нын баххуыс кӕнын? (кӕс 13, 14 абзацтӕ)

13. Ӕрхӕсс цӕвиттон, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыдоны уылты.

13 Баххуыс нын кӕны, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмы уылты (Ӕмб. 21:1). Хатт Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп ратты ӕнӕуырнджыты уылты. Зӕгъӕм, паддзах Артаксерксы ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй Неемийы Иерусалиммӕ ауагътаид, уымӕн ӕмӕ горӕт хъуыди ногӕй саразын (Неем. 2:3–6). Абон дӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон у, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ахӕм зондыл саразын, цӕмӕй нын бахъуаджы сахат баххуыс кӕной.

14. Су Цины хабар дӕ куыд бафидар кодта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Хо Су Цин радзырдта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кодта дохтыры уылты. Йӕ лӕппу рынчын у психикӕимӕ баст низтӕй. Иухатт ыл стыр бӕллӕх ӕрцыд, ӕмӕ уый тыххӕй Су Цины ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы бахъуыд сӕ куыст ныууадзын, уымӕн ӕмӕ йӕм кӕсын хъуыди. Уый тыххӕй ӕхцайӕ фӕтыхстысты. Су Цинӕн ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразын тынг зын уыд, загъта, мӕ бон, дам, нал уыд. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн фӕдзырдта, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ, ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдта. Кӕмӕ цыдысты, уыцы дохтыры бафӕндыд истӕмӕй сын баххуыс кӕнын. Йӕ руаджы хицауадӕй ӕххуыс райстой, стӕй сын фӕзынд, сӕ бон фидын кӕмӕн уыд, ахӕм цӕрӕнбынат. Уый фӕстӕ Су Цин загъта: «Мах федтам, Йегъовӕ нын куыд баххуыс кодта, уый. Уый ӕцӕгдӕр у, „куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау“» (Пс. 65:2).

ХЪӔУЫ УЫРНЫНДЗИНАД, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ДЗУАПП ФЕНӔМ ӔМӔ ЙЫЛ СРАЗЫ УӔМ

15. Иу хойӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтты?

15 Арӕхдӕр нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп цавӕрдӕр диссаджы хуызы нӕ ратты. Фӕлӕ нын йӕ алы дзуапп дӕр баххуыс кӕны, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Уӕдӕ-иу дӕ хъус дар, дӕ куывдтытӕн дын дзуапп куыд дӕтты, уымӕ. Хо Йокомӕ афтӕ каст, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ дӕтты. Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕхимӕ райдыдта фыссын, Йегъовӕйӕ цы куырдта, уыдӕттӕ. Цасдӕры фӕстӕ йӕ фыстытӕм куы ’ркаст, уӕд бамбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕн сӕ фылдӕрӕн дзуапп кӕй радта, суанг, йӕхӕдӕг кӕй нӕ хъуыды кодта, уыцы куывдтытӕй кӕцыдӕртӕн дӕр. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ мах дӕр фӕхъӕуы ӕрлӕууын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, ууыл (Пс. 66:19, 20).

16. Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ бон куыд вӕййы уырнындзинад равдисын? (Дзуттӕгтӕм 11:6).

16 Уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый, Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, ӕрмӕст уымӕй нӕ равдисӕм. Уый ма равдисӕм, цы дзуапп нын ратты, ууыл кӕй сразы вӕййӕм, уымӕй дӕр, цыфӕнды дзуапп ма уа, уӕддӕр. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:6.) Ӕркӕсӕм Майк ӕмӕ йӕ бинойнаг Криссийы хабармӕ. Уыдоны фӕндыд Вефилы лӕггад кӕнын. Майк зӕгъы: «Бирӕ азты дӕргъы фыстам Вефилмӕ. Ӕмӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ куывтам, цӕмӕй нӕ нысан нӕ къухы бафтыдаид. Фӕлӕ нӕ Вефилмӕ нӕ фӕхуыдтой». Майк ӕмӕ Крисси нӕ дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕйӕ хуыздӕр кӕй ничи зоны, кӕм хъуамӕ лӕггад кӕной, уый. Уыдон дарддӕр дӕр, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой: ӕххуыс кӕм хъуыд, уым лӕггад кодтой пионертӕй ӕмӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кодтой. Ныртӕккӕ Майк у районон цӕстдарӕг, ӕмӕ иумӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнынц. Майк загъта: «Йегъовӕ-иу нын нӕ куывдтытӕн, мах цы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, алкӕд ахӕм дзуапп нӕ радта. Фӕлӕ-иу нын алы хатт дӕр дзуапп радта. Ӕмӕ-иу уыцы дзуапп уыд бирӕ хуыздӕр».

17, 18. Псалом 86:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ, цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм?

17 Бакӕс Псалом 86:6, 7. Псаломзарӕггӕнӕг Давид нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сын дзуапп кӕй дӕтты. Ӕмӕ-иу ды дӕр ууыл ма дызӕрдыг кӕн. Ацы статьяйы цы цӕвиттонтыл аныхас кодтам, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй ратты зонд, стӕй сын кӕй ратты тыхтӕ, цӕмӕй-иу зындзинӕдты фидар фӕлӕууой. Хатт та сын баххуыс кӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты кӕнӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, суанг уыдоны уылты дӕр.

18 Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтдзӕн, кӕд-иу нын алы хатт дзуапп, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, афтӕ нӕ ратдзӕн, уӕддӕр. Уый нын дӕтдзӕн, цы нӕ хъӕуы, растдӕр уый ӕмӕ нӕ кӕд хъӕуы, растдӕр гъеуӕд. Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн, кӕй дӕ хъусы ӕмӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ ног дунейы та «алкӕмӕн дӕр» ратдзӕн, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16).

46 ЗАРӔГ Стыр бузныг дын, Йегъовӕ

a Йегъовӕ нын дзуры, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй дӕтдзӕн, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы уой, уӕд. Зындзинӕдтӕ куы ӕвзарӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, ууыл.

b Йегъовӕ Хӕйрӕджы цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй ацы дунейы хицау уа, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Йегъовӕйы хицаудзинады фарста дӕ зӕрдыл дар», 2017 азы июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».

c Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

d НЫВ. Мады йӕ чызгимӕ бахъуыд ӕндӕр бӕстӕмӕ алидзын. Уым хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ размӕ рацыдысты ӕмӕ сыл цин кӕнынц, стӕй сын ӕххуыс кӕнынц.