20 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Нӕ бон куыд у нӕ куывдтытӕ фӕхъӕздыгдӕр кӕнын?
«Ӕргом ын кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ» (ПС. 62:8).
45 ЗАРӔГ Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы дзуры? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
ЦАВӔРДӔР уавӕры нӕ бон кӕмӕй вӕййы ӕххуыс ӕмӕ разамынд ракурын? Ацы фарстайӕн дзуапп зонӕм. Нӕ бон вӕййы Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ дзы ӕххуыс ракурын. Ӕмӕ нын йӕхӕдӕг дӕр дзуры, цӕмӕй-иу афтӕ бакӕнӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕм арӕх кувӕм. Дзуры нын, «ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ (1 Фес. 5:17). Нӕ бон ӕм вӕййы кӕдфӕндыдӕр скувын ӕмӕ дзы алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр разамынд ракурын (Ӕмб. 3:5, 6). Йегъовӕ у рӕдау Хуыцау, ӕмӕ афтӕ нӕ загъта, ӕрмӕстдӕр мӕм уал ӕмӕ уал хатты кувут, зӕгъгӕ.
2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
2 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уый тыххӕй. Фӕлӕ нын бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй нын хатт зын вӕййы Хуыцаумӕ скувынӕн рӕстӕг ссарын. Уымӕй уӕлдай ма, чи зоны, ӕмбарӕм, нӕ куывдтытӕ нӕ фӕхъӕздыгдӕр кӕнын кӕй хъӕуы. Уыцы хъуыддӕгты нын Библи баххуыс кӕндзӕн. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Йесойы цӕвиттонмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, нӕ бон куыд у кувынӕн рӕстӕг ссарын. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у нӕ куывдтытӕ фӕхъӕздыгдӕр кӕнын. Аныхас кӕндзыстӕм фондз ахсджиаг хъуыддагыл.
ЙЕСО-ИУ КУВЫНӔН РӔСТӔГ РАХИЦӔН КОДТА
3. Йесо цы зыдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй?
3 Йесо зыдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн тынг кӕй аргъ кӕны. Цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уыди йӕ Фыды фарсмӕ. Ӕмӕ уыдта, иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты зӕрдиаг куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, уый, зӕгъӕм, Аннӕйы, Давиды, Илийайы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн (1 Сам. 1:10, 11, 20; 1 Пад. 19:4–6; Пс. 32:5). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй Хуыцаумӕ арӕх кувой ӕмӕ йӕм кувой уӕндонӕй (Матф. 7:7–11).
4. Йесо кувын ахсджиагыл кӕй нымадта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?
4 Йесо Йегъовӕмӕ куыд куывта, уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн у фӕзминаг. Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ Хуыцаумӕ тынг арӕх куывта. Арӕх-иу ӕй ӕппындӕр ницӕмӕуал ӕвдӕлди, стӕй-иу йӕ разы уыди тынг бирӕ адӕм. Ӕмӕ-иу ӕй кувынӕн хъуыди рӕстӕг рахицӕн кӕнын (Мар. 6:31, 45, 46). Райсомӕй-иу раджы сыстад, цӕмӕй-иу хибарӕй Йегъовӕмӕ скуывтаид (Мар. 1:35). Ӕппынкъаддӕр иу хатт та ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкуывта ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ (Лук. 6:12, 13). Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв та цалдӕр хатты куывта, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, йӕ зӕххон лӕггады ӕппӕты зындӕр саразын цы уыд, уый (Матф. 26:39, 42, 44).
5. Нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын?
5 Мах дӕр фӕнды Йесойы бафӕзмын. Цыфӕнды ӕнӕвдӕлон куы уӕм, уӕддӕр-иу нӕ хъӕудзӕн кувынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Чи зоны-иу нӕ бахъӕудзӕн кӕнӕ райсомӕй раджы сыстын, кӕнӕ та изӕрӕй гыццыл фӕстӕдӕр схуыссын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу Йегъовӕ фендзӕн, уыцы диссаджы лӕварӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм. Хо Линн хъуыды кӕны, йӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый куы базыдта, уӕд ын куыд ӕхсызгон уыд. Линн радзырдта: «Куы базыдтон, мӕ бон кӕй у Йегъовӕимӕ кӕдфӕндыдӕр ныхас кӕнын, уӕд мын уый баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ ме ’ввахс Хӕларыл банымадтаин. Стӕй мӕ бафӕндыд мӕ куывдтытӕ дӕр фӕхъӕздыгдӕр кӕнын». Ӕвӕццӕгӕн, махӕй дӕр бирӕты уый фӕндид. Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, нӕ куывдтыты нӕ бон цы вӕййы Йегъовӕйӕн дзурын, ууыл. Ӕркӕсдзыстӕм фондз хъуыддагмӕ.
НӔ КУЫВДТЫТЫ ДЗУРӔМ ФОНДЗ АХСДЖИАГ ХЪУЫДДАДЖЫ ТЫХХӔЙ
6. Раргомад 4:10, 11 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕмӕ цы ӕмбӕлы?
6 Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. Апостол Иоанн диссаджы цӕстылуайӕны федта, 24 хистӕр лӕджы уӕлӕрвты Йегъовӕйӕн куыд кувынц, уый. Уыдон Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, «ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау». (Бакӕс Раргомад 4:10, 11.) Иузӕрдион зӕдтӕ дӕр Йегъовӕйы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй кадджын кӕнынц. Уыдон сты йемӕ уӕлӕрвты, ӕмӕ йӕ тынг хорз зонынц. Уыдон уынынц, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ куыд архайы, уый. Ӕмӕ сӕ бафӕнды Йегъовӕйы скадджын кӕнын (Иов 38:4–7).
7. Нӕ бон цӕй тыххӕй у Йегъовӕйы кадджын кӕнын?
7 Мах дӕр фӕнды нӕ куывдтыты Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Нӕ бон ын у дзурын, цӕй тыххӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын цӕй тыххӕй аргъ кӕнӕм, уый. Библи куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы иртасай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй фенай, Йегъовӕйы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц, уыдон (Иов 37:23; Ром. 11:33). Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Йегъовӕйӕн зӕгъ, уыцы миниуджытӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуынц. Нӕ бон ма у Йегъовӕйы кадджын кӕнын, махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕгас зӕххыл дӕр ӕдзух кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй (1 Сам. 1:27; 2:1, 2).
8. Нӕ бон цӕй тыххӕй у Йегъовӕйӕн бузныг дзурын? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:18).
8 Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм. Куы йӕм фӕкувӕм, уӕд ын нӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй вӕййы бузныг зӕгъын. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:18.) Нӕ бон ын у бузныг дзурын, нӕ царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ алы хорз лӕвар дӕр уымӕй у (Иак. 1:17). Зӕгъӕм, ис ын бузныг зӕгъӕн нӕ рӕсугъд зӕххы тыххӕй ӕмӕ ма ноджыдӕр цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй. Нӕ бон ма йын у бузныг дзурын царды, нӕ бинонты ӕмӕ не ’мбӕлтты тыххӕй, стӕй нын цы ныфс ис, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн бузныг дзурын, ахӕм фадат нын кӕй радта, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суыдаиккам.
9. Цӕмӕн нӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй Йегъовӕйӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй алкӕддӕр бузныг уӕм?
9 Алчидӕр нӕ Йегъовӕйӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ уа бузныг, ууыл хъуыды кӕнын тынг ахсджиаг у. Хатт ууыл тынгдӕр фӕхъӕуы бацархайын. Ныртӕккӕ бирӕтӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц ӕмӕ бузныг дӕр никӕмӕй вӕййынц. Сӕ мӕт фылдӕр вӕййы, цы сӕ хъӕуы, уый сӕ къухы куыд бафта, ууыл. Цы сӕм ис, уый тыххӕй бузныг уой, уый та сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Мах дӕр сӕ зондахастӕй куы фӕхъӕстӕ уӕм, уӕд нӕ куывдтыты ӕрмӕстдӕр дзурдзыстӕм, «ратт мын», «уый мӕ хъӕуы», «баххуыс мын кӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн ӕмӕ йын бузныг дзурӕм (Лук. 6:45).
10. Иу хо Йегъовӕйӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй уыд, уый йын уӕззау уавӕры куыд ӕххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
10 Нӕ царды хорзӕй цы ис, уый тыххӕй бузныг куы уӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Ӕркӕсӕм хо Кёнсукы хабармӕ. Ацы хойы тыххӕй фыст уыд 2015 азы 15 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Йӕ рӕуджыты йын ссардтой рак. Кёнсук загъта: «Мӕ низы тыххӕй куы базыдтон, уӕд арвы цӕфау фӕдӕн. Афтӕ мӕм каст, цыма ӕнӕ ницӕмӕй аззадтӕн, стӕй тӕрсгӕ дӕр тынг кодтон». Цымӕ йын ахӕм уӕззау фӕлварӕны цы ӕххуыс кодта? Кёнсук радзырдта, алы изӕр дӕр-иу, цалынмӕ-иу не схуыссыд, уӕдмӕ, сӕ хӕдзары сӕрмӕ кӕй ссыд ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ хъӕрӕй кӕй фӕкуывта. Загъта-иу ын, уыцы бон дзы цы фондз хъуыддаджы тыххӕй уыд бузныг. Уый фӕрцы-иу ын фенцондӕр, ныфс-иу дзы бацыд ӕмӕ-иу ӕй бафӕндыд Йегъовӕйӕн зӕгъын, куыд тынг ӕй уарзы, уый. Кёнсук йӕхиуыл бавзӕрста, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн уӕззау фӕлварӕнты куыд баххуыс кӕны. Стӕй бамбӕрста, нӕ арфӕдзинӕдтӕ нӕ зындзинӕдтӕй бирӕ фылдӕр кӕй сты. Мах дӕр хъуамӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй уӕм Йегъовӕйӕ бузныг, суанг зын уавӕрты дӕр. Ӕмӕ-иу ын бузныг куы зӕгъӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ ныфс ма асӕтта.
11. Йесо уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыд?
11 Йегъовӕйӕ курӕм хъӕбатырдзинад, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм. Йесо фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта сӕ хӕслӕвӕрд. Уыдон ын хъуамӕ уыдаиккой ӕвдисӕнтӕ «Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8; Лук. 24:46–48). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дзуттаг дины разамонджытӕ апостол Петры ӕмӕ апостол Иоанны ӕрцахстой ӕмӕ сӕ Сӕйраг тӕрхондонмӕ ӕрбакодтой. Ӕмӕ сын бардзырд радтой, мауал хъусын кӕнут, зӕгъгӕ, суанг ма сӕм бартхъирӕн кодтой (Хъуыд. 4:18, 21). Цымӕ уӕд Петр ӕмӕ Иоанн куыд бакодтой?
12. Хъуыддӕгтӕ 4:29, 31 стихтӕм гӕсгӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ куыд бакодтой?
12 Дзуттаг дины разамонджытӕ Петрмӕ ӕмӕ Иоаннмӕ куы бартхъирӕн кодтой, уӕд сын уыдон загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? Мах уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:19, 20). Куы сӕ рауагътой, уӕд ацыдысты иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Ӕмӕ иууылдӕр иумӕ Йегъовӕмӕ скуывтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Сӕ куывды загътой ахӕм ныхӕстӕ: «Дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой». Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ зӕрдиаг куывдӕн дзуапп радта. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 4:29, 31.)
13. Нӕ бон цӕмӕй у Джин Хёкы бафӕзмын?
13 Махӕн дӕр нӕ бон у уыцы ахуыргӕнинӕгты бафӕзмын. Хицауад нӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадза, уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм. Ӕркӕсӕм Джин Хёкы хабармӕ. Ацы ӕфсымӕры ахӕстоны сбадын кодтой, ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацыд, уый тыххӕй. Уым йӕ хӕс уыд, камерӕйы иунӕгӕй чи бадт, уыдонӕн хӕринаг хӕссын. Фӕлӕ, йӕ куыстмӕ цы хауд, уымӕй уӕлдай йӕ бон нӕ уыд семӕ ӕндӕр цӕуылдӕрты ныхас кӕнын, уыимӕ Библийыл дӕр. Гъемӕ Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй ын радтаид хъӕбатырдзинад ӕмӕ-иу алы фадатӕй дӕр спайда кодтаид, цӕмӕй-иу сын рӕстдзинады тыххӕй радзырдтаид (Хъуыд. 5:29). Джин Хёк радзырдта: «Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕн дзуапп радта. Радта мын хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, ӕмӕ бирӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Камерӕйы дуары раз-иу фӕндзгай минуттӕ ахуыр уагътон. Стӕй-иу сӕм изӕрӕй писмотӕ ныффыстон ӕмӕ-иу сын сӕ иннӕ бон радтон». Йегъовӕ махӕн дӕр ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнынӕн. Нӕ бон у Джин Хёкы бафӕзмын ӕмӕ Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад, зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад курын.
14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн? (Псалом 37:3, 5).
14 Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Махӕй бирӕтӕ цавӕрдӕр низимӕ тох кӕнынц, чидӕртӕ сты ныфссаст, кӕмӕндӕрты, зынаргъ сын чи уыд, уыцы адӕймаг амард, кӕмӕндӕрты сӕ бинонтӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, чидӕртӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Ӕмӕ ма ӕмбӕлӕм бирӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр. Ӕмӕ пандемийӕтӕ ӕмӕ хӕстыты тыххӕй ноджы зындӕр вӕййы уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразын. Уымӕ гӕсгӕ-иу Йегъовӕйӕн дӕ зӕрдӕ раргом кӕн. Дӕ уавӕры тыххӕй-иу ын алцыдӕр радзур, дӕ хорз ӕмбалӕн куыд радзурис, афтӕ. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ «йӕхӕдӕг архайдзӕн», цӕмӕй дын баххуыс кӕна. (Бакӕс Псалом 37:3, 5.)
15. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд баххуыс кӕны «зындзинӕдты фидар лӕууынӕн»? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
15 Хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кувӕм, цӕмӕй «зындзинӕдты фидар лӕууӕм» (Ром. 12:12). Йегъовӕ зоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цытӕ ӕвзарынц, уый. Библийы фыст ис, «сӕ дзыназын» сын кӕй хъусы (Пс. 145:18, 19). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый йӕхицӕй зоны хо Кристи. Цӕуы йыл 29 азы ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Ӕнӕнхъӕлӕджы йе ’нӕниздзинад тынг фӕцудыдта, ӕмӕ йын уый тыххӕй депресси райдыдта. Фӕстӕдӕр та йӕ мад мӕлӕтдзаг рынчын фӕци. Кристи загъта: «Алы бон дӕр-иу Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтон, цӕмӕй мын хъарутӕ лӕвӕрдтаид. Архайдтон, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цыдаин ӕмӕ Библи иртӕстаин». Ноджыдӕр ма загъта: «Йегъовӕмӕ кӕй куывтон, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы зындзинӕдты рӕстӕг мӕ къухтӕ ма ’руагътаин. Зыдтон ӕй, Йегъовӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ кӕй ис, ӕмӕ мын уый уыд стыр удӕнцойы хос. Уайтагъд нӕ адзӕбӕх дӕн. Фӕлӕ мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕн дзуапп лӕвӕрдта: радта-иу мын фарн, ӕмӕ-иу афтӕ тынг нал тыхстӕн». Уӕдӕ нӕ рох макуы уӕд: «Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» (2 Пет. 2:9).
16. Исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс цӕмӕн хъӕудзӕн?
16 Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ ӕдзухдӕр хъӕуы ӕвзӕр хъуыдытимӕ ӕмӕ фӕндтимӕ тох кӕнын. Ӕмӕ Хӕйрӕг дӕр йӕ тых, йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй нын тох кӕнын зындӕр уа. Зӕгъӕм, пайда кӕны ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕй, цӕмӕй нӕ хӕлд зондыл бафтауа. Ахӕм ирхӕфсӕнты тыххӕй нӕ зонд байдзаг уыдзӕн чъизи хъуыдытӕй. Ахӕм хъуыдытӕ та уымӕ ӕркӕндзысты, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг нал уыдзыстӕм. Стӕй ма нӕ, гӕнӕн ис, уӕззау тӕригъӕдмӕ дӕр ӕркӕной (Мар. 7:21–23; Иак. 1:14, 15).
17. Исты нӕ куы рӕдийын кӕна ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курӕм, уӕд-иу нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ куыд хъуамӕ архайӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
17 Исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс ӕнӕмӕнг хъӕудзӕн. Ӕнӕ уымӕй нӕ бон фидар фӕлӕууын нӕ бауыдзӕн. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы амыдта, кувын куыд хъӕуы, уый, уӕд ахӕм курдиат загъта: «Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн» (Матф. 6:13). Йегъовӕйы фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын, фӕлӕ-иу дзы ӕххуыс нӕхӕдӕг хъуамӕ ракурӕм, ӕмӕ-иу стӕй хъуамӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайӕм. Хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй ныл къаддӕр ӕндавой, Хӕйрӕджы дунейы цы зондыл ӕмӕ цы хъуыдытыл хӕст сты, уыдон (Пс. 97:10). Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы иртасӕм, уӕд нӕ зонд дзаг кӕндзыстӕм хорз хъуыдытӕй. Стӕй, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый дӕр нын ӕххуыс кӕны нӕ зондахаст хъахъхъӕнынӕн. Ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй никуы бауадздзӕн, цӕмӕй бахауӕм, нӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны (1 Кор. 10:12, 13).
18. Алкӕй дӕр нӕ цы хъӕуы аразын?
18 Мах цӕрӕм ацы дунейы фӕстаг бонты. Ӕмӕ цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджы Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй нӕ алкӕй дӕр хъӕуы Йегъовӕмӕ ноджы фылдӕр кувын. Алы бон дӕр-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй йӕм зӕрдиагӕй скувай. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын нӕ зӕрдӕтӕ ӕргом кӕнӕм (Пс. 62:8). Йегъовӕйы кадджын кӕн ӕмӕ, цы аразы, уыдӕтты тыххӕй йын бузныг дзур. Кур дзы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнай. Зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлай ӕмӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд дзы кур ӕххуыс. Мачи ӕмӕ дӕ мацы бахъыгдарӕд Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кувынӕн. Фӕлӕ нын цымӕ Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты? Ацы ахсджиаг фарстайыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
42 ЗАРӔГ Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы куывд
a Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ куывдтытӕ уой, де ’ввахс ӕмбалмӕ кӕй ныффыссай, ахӕм писмоты хуызӕн. Фӕлӕ алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы Хуыцаумӕ скувынӕн рӕстӕг ссарын. Стӕй иуӕй-иу хатт нӕ фӕзонӕм, цӕй тыххӕй скувӕм, уый. Ӕмӕ ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн ацы ахсджиаг фарстатыл.