Кӕсджыты фарстатӕ
Вооз кӕй кой кодта, уыцы хӕстӕг афтӕ цӕмӕн загъта, ӕмӕ, Руфы куы ракура, уӕд йӕхи бынтӕй «ӕнӕхай фӕуыдзӕн»? (Руф 4:1, 6).
Раджы заман-иу усджын нӕлгоймаг куы амард, сывӕллон ын нӕ уыд, афтӕмӕй, уӕд-иу фӕзынд цалдӕр фарстайы, зӕгъӕм: йӕ зӕхх цы бауыдзӕн? Йӕ ном ӕнустӕм фесӕфдзӕн? Уыцы фарстатӕн дзуапп ссарӕн уыд Моисейы закъоны руаджы.
Адӕймаг-иу куы амард кӕнӕ-иу куы смӕгуыр ӕмӕ-иу йӕ зӕхх куы ауӕй кодта, уӕд-иу уый фӕстӕ уыцы зӕхх цы баци? Йе ’фсымӕрӕн кӕнӕ йе ’ввахс хӕстӕгӕн ӕй йӕ бон уыд фӕстӕмӕ балхӕнын. Афтӕмӕй-иу зӕхх бинонтӕн баззад (Лев. 25:23–28; Ным. 27:8–11).
Цы-иу хъуыд саразын, цӕмӕй-иу, чи амард, уыцы нӕлгоймаджы ном йӕ мыггаджы ’хсӕнӕй ма фесӕфтаид? Йе ’фсымӕр ын хъуамӕ ракуырдтаид йӕ идӕдз усы. Ӕмӕ сын цы сывӕллон райгуырдаид, уый хъуамӕ хастаид, чи амард, уый ном, стӕй йӕ бынтӕ дӕр хъуамӕ уымӕн баззадаиккой. Уыцы закъон ма хъахъхъӕдта, чи амард, уымӕн йӕ идӕдз усы дӕр (Дык. з. 25:5–7; Матф. 22:23–28).
Ӕркӕсӕм Ноемины хабармӕ. Йӕ сӕрыхицау Елимелех ӕмӕ сӕ дыууӕ фырты куы амардысты, уӕд Ноемин ӕнӕ дарӕгӕй баззад (Руф 1:1–5). Фӕстӕмӕ Иудӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ чындзӕн, Руфӕн, загъта, Воозмӕ, дам, ацу ӕмӕ йын зӕгъ, цӕмӕй нын нӕ зӕхх балхӕна (Руф 2:1, 19, 20; 3:1–4). Вооз уыд Елимелехы ӕввахс хӕстӕг. Фӕлӕ Вооз зыдта, ӕввахсдӕр хӕстӕг ма сын кӕй ис. Ӕмӕ фыццаг уымӕн уыд бар, цӕмӕй сӕ балхӕдтаид (Руф 3:9, 12, 13).
Фыццаг уыцы хӕстӕг сразы (Руф 4:1–4). Кӕд ӕй цавӕрдӕр хӕрдзтӕ скӕнын хъуыдаид, уӕддӕр зыдта, ацӕргӕ Ноеминӕн сывӕллон кӕй нал райгуырдзӕн ӕмӕ, Елимелехы зӕхх кӕмӕн баззайа, уый кӕй нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы зӕхх куы балхӕдтаид, уӕд уый дӕр йӕхи бауыдаид, ӕмӕ йӕ бынтӕ фӕфылдӕр уыдаиккой.
Фӕлӕ уыцы хӕстӕг куы базыдта, Руфы дӕр кӕй хъуамӕ ракура, уӕд загъта: «Нӕ, уӕд ӕй мӕ бон нӕу балхӕнын. Афтӕмӕй мӕхи бынтӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзынӕн!» (Руф 4:5, 6). Цымӕ йӕ хъуыды цӕмӕн фӕивта?
Уыцы нӕлгоймаг (кӕнӕ ӕндӕр исчи) Руфы куы ракуырдтаид ӕмӕ сын лӕппу куы райгуырдаид, уӕд уыцы сывӕллон Елимелехы зӕхх бынӕн райстаид. Цымӕ уый тыххӕй уыцы хӕстӕг йӕхи «бынтӕй дӕр ӕнӕхай» куыд хъуамӕ фӕуыдаид? Библи уый не ’мбарын кӕны. Фӕлӕ афтӕ цӕмӕн загъта, уымӕн уыдаид цалдӕр ӕфсоны.
Фыццаг: чи зоны, ахъуыды кодта, ме ’хца мын дон хиды бынты аласдзӕн, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Елимелехы зӕхх ӕппынфӕстаг Руфы фырты бауыдаид.
Дыккаг: хъуыдаид ӕй Ноемины дӕр ӕмӕ Руфы дӕр дарын.
Ӕртыккаг: Руфимӕ ма сын ноджыдӕр сывӕллӕттӕ куы райгуырдаид, уӕд йӕ бынтӕ, йӕхицӕн цы сывӕллӕттӕ уыди, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ баззадаиккой, фӕлӕ ма уыцы сывӕллӕттӕн дӕр.
Цыппӕрӕм: уыцы хӕстӕгӕн йӕхицӕн сывӕллӕттӕ куы нӕ уыдаид, уӕд, Руфимӕ сын цы фырт райгуырдаид, уымӕн уыдаид бар, цӕмӕй бынӕн райса Елимелехы зӕхх дӕр ӕмӕ йӕ зӕхх дӕр. Ӕмӕ уыцы нӕлгоймаджы зӕхх йӕ мӕлӕты фӕстӕ баззадаид, йӕ ном нӕ, фӕлӕ Елимелехы ном чи хастаид, уыцы сывӕллонӕн. Йӕ бынтӕн кӕй тарст, уый тыххӕй йӕ нӕ бафӕндыд Ноеминӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ Воозӕн загъта, цӕмӕй уыцы хӕс йӕхимӕ райса. Йӕ фӕстӕ уымӕн уыд уыцы зӕхх балхӕныны бар. Воозы фӕндыд, цӕмӕй, «чи амард, уымӕн йӕ бынтӕ йӕхи номыл баззайой» (Руф 4:10). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Елимелехы зӕхх балхӕдта.
Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы нӕлгоймаджы фыццаджыдӕр уый мӕт уыд, цӕмӕй йӕ ном ма фесӕфтаид ӕмӕ йӕ бынтӕй ӕнӕхай ма фӕуыдаид. Уый фылдӕр йӕхиуыл хъуыды кодта. Ӕмӕ дзы цы рамбылдта? Йӕ номӕн тарст, фӕлӕ йын ныр йӕ ном зонгӕ дӕр ничи кӕны. Стӕй ӕнӕхай фӕци стыр кадӕй. Уыцы кад ӕрхауд Воозмӕ – йӕ ном ис Мессийӕйы, Йесо Чырыстийы, хӕдзарвӕндаджы номхыгъды. Уыцы нӕлгоймаджы нӕ бафӕндыд ӕххуысхъуаг адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ йӕ уынӕм, уый цӕмӕ ӕркодта (Матф. 1:5; Лук. 3:23, 32).