Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты»

«Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты»

«Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (ИОАН. 13:35).

106 ЗАРӔГ Уарзондзинад рӕзын кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕй бирӕтыл куыд бандавы, Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый? (кӕс 1 абзац)

1. Ӕмбырдмӕ фыццаг хатт чи ’рбацӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ цы бафиппайынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: лӕг ӕмӕ ус фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбацыдысты. Дисы сӕ бафтыдта, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сыл куыд бацин кодтой ӕмӕ се ’хсӕн цы уарзондзинад федтой, уый. Ӕмбырды фӕстӕ хӕдзармӕ куы цыдысты, уӕд ус йӕ лӕгӕн загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕндӕрхуызон сты. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты».

2. Кӕмӕндӕрты цӕлхдур цы свӕййы?

2 Чырыстон ӕмбырды цы уарзондзинад ис, уый диссаг цыдӕр у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст адӕм не сты (1 Иоан. 1:8). Ӕмӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр куы базонӕм, уӕд сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр фенӕм (Ром. 3:23). Хъыгагӕн, уый кӕмӕндӕрты цӕлхдур сси, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕнынц.

3. Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй ис базонӕн? (Иоанны 13:34, 35).

3 Иу хатт ма ӕркӕсӕм ацы статьяйы сӕйраг стихмӕ. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.) Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй ис базонӕн? Уарзондзинадӕй, ӕххӕстдзинадӕй нӕ, фӕлӕ. Стӕй Чырысти афтӕ нӕ загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый сымах уымӕй базондзыстут». Уый загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты». Йесо уымӕй бамбарын кодта, иннӕ адӕм дӕр-иу ын йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты кӕй базондзысты, се ’хсӕн цы удуӕлдай уарзондзинад ис, уымӕй.

4. Иуӕй-иуты ӕцӕг чырыстӕтты тыххӕй цы фӕфӕнды базонын?

4 Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уый, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕна: «Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, ӕмӕ йын йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты уарзондзинадӕй уыдзӕн базонӕн? Йесо куыд равдыста, йӕ апостолты кӕй уарзта, уый? Ӕмӕ йӕ куыд ис абон бафӕзмӕн?» Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр хъӕуы ацы фарстатыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы ноджы тынгдӕр уарзӕм, уӕлдайдӕр та кӕрӕдзийы рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ уынгӕйӕ (Еф. 5:2).

УАРЗОНДЗИНАДӔЙ ӔРМӔСТДӔР ЙЕСОЙЫ ӔЦӔГ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТЫ ЦӔМӔН ИС БАЗОНӔН?

5. Иоанны 15:12, 13 стихты фыст ныхӕстӕ бамбарын кӕн.

5 Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕрӕдзи тынг кӕй уарздзысты ӕмӕ уыцы уарзондзинадӕй иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕндзысты. (Бакӕс Иоанны 15:12, 13.) Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо сын кӕй бафӕдзӕхста: «Ӕз уӕ куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзут». Йесо цавӕр уарзондзинады кой кодта? Дарддӕр бамбарын кодта, кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзой. Йӕ чырыстон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ахӕм уарзтӕй чи фӕуарзы, ахӕм чырыстон цӕттӕ вӕййы уыдоны тыххӕй, куы бахъӕуа, уӕд йӕ цард раттынмӕ дӕр b.

6. Библийӕ куыд у бӕрӕг, уарзондзинад тынг ахсджиаг кӕй у?

6 Хуыцауы Ныхасӕй бӕрӕг у, уарзондзинад тынг ахсджиаг кӕй у. Бирӕтӕ уарзынц Библийӕ мӕнӕ ацы стихтӕ: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8); «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матф. 22:39); «уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны» (1 Пет. 4:8); «уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 Кор. 13:8). Ацы стихтӕй ӕмӕ ма ӕндӕртӕй дӕр бӕрӕг у, ӕнӕмӕнг кӕй у, цӕмӕй нӕм ацы рӕсугъд миниуӕг уа.

7. Хӕйрӕгӕн йӕ бон цӕуылнӕ у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ иу бинонтау ӕнгом уой?

7 Бирӕтӕм фӕзыны ахӕм фарста: «Куыд ис базонӕн, кӕцы дин у раст? Алыхуызон динтыл хӕст адӕммӕ куы байхъусай, уӕд фӕзӕгъынц, Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад амонӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ алы дин дӕр Хуыцауы тыххӕй ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр цыдӕр фӕдзуры». Хӕйрӕг ӕрхъуыды кодта бирӕ мӕнг динтӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй адӕмӕн зын у бамбарын, кӕцы дин у раст. Фӕлӕ йӕ бон никуы бауыдзӕн адӕмы алы бӕстӕтӕй иу бинонтау баиу кӕнын ӕмӕ афтӕ бакӕнын, цӕмӕй иууылдӕр кӕрӕдзи уарзой. Уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон у. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕцӕг уарзондзинад Йегъовӕйӕ цӕуы. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй хайджын кӕны ӕмӕ кӕмӕн арфӕ кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдоны ’хсӕн ис ахӕм уарзондзинад (1 Иоан. 4:7). Ӕмӕ Йесо дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты удуӕлдай уарзондзинадӕй кӕй уыдзӕн базонӕн.

8, 9. Бирӕтыл куыд бандӕвта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн цы уарзондзинад федтой, уый?

8 Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ йын бирӕтӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты базонынц, се ’хсӕн ӕцӕг уарзондзинад кӕй ис, уымӕй. Ӕфсымӕр Иан радзырдта, фыццаг хатт конгресмӕ куыд ацыд, уый тыххӕй. Конгресс уыди стадионы, йӕ хӕдзармӕ хӕстӕг. Уымӕй цалдӕр мӕйы раздӕр Иан уыцы стадионы футболы уыд. Уый загъта: «Уӕд дзы цы уыд ӕмӕ дзы ныр цы федтон, уый кӕрӕдзиимӕ абарӕн дӕр нӕ уыд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи тынг уӕздан дардтой, сӕ дарӕс уыд аив, сӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыдысты хӕрзӕгъдау». Стӕй ма загъта: «Уымӕй уӕлдай бӕрӕг уыд, сӕ цардӕй райгонд кӕй сты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы кӕй ис фарн – ӕз цӕмӕ бӕллыдтӕн, уый. Уыцы бон конгрессы цы дзырдтой, уыдӕттӕй ӕппындӕр ницы бахъуыды кодтон, фӕлӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи куыд дардтой, уый абон дӕр хъуыды кӕнын» c. Уымӕн гӕнӕн ис, кӕрӕдзийы ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый фӕрцы. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый тыххӕй сӕм стӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сӕ нымайӕм.

9 Ӕфсымӕр Джон ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдта, уӕд дзы уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Уый загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, иууылдӕр зӕрдӕхӕлар... кӕй уыдысты, уый. Афтӕ мӕм каст, цыма иууылдӕр зӕдтӕ сты. Се ’хсӕн ӕнӕхин уарзондзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ бамбӕрстон, раст дин кӕй ссардтон» d. Ахӕм цӕвиттонтӕ бирӕ ис ӕрхӕссӕн. Ӕмӕ уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы адӕм ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты.

10. Уӕлдайдӕр нын кӕд вӕййы хорз фадат ӕцӕг уарзондзинад равдисынӕн? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

10 Статьяйы райдианы загътам, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иу дӕр ӕххӕст кӕй нӕу. Уымӕ гӕсгӕ-иу нӕ хатт сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ сӕ хъуыддӕгтӕй фӕхъыг кӕндзысты (Иак. 3:2) e. Ӕмӕ-иу нын уӕлдайдӕр уӕд уыдзӕн хорз фадат ӕцӕг уарзондзинад равдисынӕн, ахӕм уавӕры сын цы зӕгъдзыстӕм кӕнӕ цы сараздзыстӕм, уымӕй. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ (Иоан. 13:15).

ЙЕСО КУЫД ӔВДЫСТА, ЙӔ АПОСТОЛТЫ КӔЙ УАРЗТА, УЫЙ?

Йесо йӕ апостолты уарзта, кӕд арӕх рӕдыдысты, уӕддӕр (кӕс 11–13 абзацтӕ)

11. Иаков ӕмӕ Иоанн цавӕр ӕвзӕр миниуджытӕ равдыстой? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй ӕххӕстдзинад нӕ домдта. Уый сын ӕххуыс кодта се ’взӕр миниуджытӕй фервӕзынӕн ӕмӕ сӕ удыхъӕд ивынӕн, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ райгонд уыдаид. Иухатт апостолтӕй дыууӕйӕ, Иаков ӕмӕ Иоанн, сӕ мадӕн загътой, зӕгъгӕ, дам, Йесойӕн зӕгъ, ӕмӕ нын йӕ Паддзахады кадджын бынӕттӕ радта (Матф. 20:20, 21). Уымӕй равдыстой сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ, кадмӕ кӕй бӕллыдысты, уый (Ӕмб. 16:18).

12. Ӕрмӕстдӕр Иаковмӕ ӕмӕ Иоанмӕ уыд ӕвзӕр миниуджытӕ? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

12 Фӕлӕ уӕд ӕрмӕст Иаков ӕмӕ Иоанн нӕ равдыстой се ’взӕр миниуджытӕ. Библийы кӕсӕм: «Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд дыууӕ ӕфсымӕрмӕ смӕсты сты» (Матф. 20:24). Хӕрзаг, Иаков, Иоанн ӕмӕ иннӕ апостолтӕ кӕрӕдзийӕн зӕрдӕриссӕн ныхӕстӕ фӕкодтой. Чи зоны, иннӕтӕ Иаков ӕмӕ Иоаннӕн загътой: «Уӕхицӕй цы ӕнхъӕл стут? Паддзахады кадджын бынӕттыл сымах цӕмӕн хъуамӕ ’рбадат? Сымах йеддӕмӕ Йесоимӕ ничи фыдӕбон кодта? Мах дӕр уыцы кады аккаг стӕм!» Цыфӕнды ма хъуыды кодтаиккой ӕмӕ ма дзырдтаиккой,– уыцы уавӕры сӕ айрох, кӕрӕдзийы алкӕддӕр кӕй хъуамӕ уарзой ӕмӕ алкӕддӕр хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уой.

13. Йесо йӕ апостолты рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй каст? (Матфейы 20:25–28).

13 Уыцы уавӕры Йесо куыд бакодта? Йӕ апостолтӕм не смӕсты. Афтӕ сын нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕхицӕн хуыздӕр апостолты ссардзынӕн, сымахӕй сӕрныллӕгдӕр чи уа ӕмӕ алкӕддӕр кӕрӕдзийы чи уарза, ахӕмты. Йесо семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, кӕй сӕ фӕнды, раст цы у, уый аразын. (Бакӕс Матфейы 20:25–28.) Йесо сӕ дарддӕр дӕр уарзта ӕмӕ сӕм уыд хӕларзӕрдӕ, кӕд, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл фыццаг хатт нӕ фӕбыцӕу сты, уӕддӕр. Ӕмӕ ма-иу уый фӕстӕ дӕр се ’хсӕн уый тыххӕй быцӕу рауад (Мар. 9:34; Лук. 22:24).

14. Йесойы апостолтыл цы бандӕвта?

14 Йесойӕ рох нӕ уыд, апостолтӕ кӕм ӕмӕ цавӕр адӕмы ’хсӕн схъомыл сты, уый (Иоан. 2:24, 25). Дзуттаг дины разамонджытӕн ахсджиаг уыд, цӕмӕй адӕймаг кадджын бынат ахстаид (Матф. 23:6; абар статьяимӕ «Чырысти ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмбырдгӕнӕнты», 2010 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»). Уымӕй уӕлдай, дзуттаг дины разамонджытӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымадтой (Лук. 18:9–12) f. Ӕмӕ Йесо ӕмбӕрста, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй иуӕй-иу хатт апостолтӕ сӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр раст цӕстӕй кӕй нӕ кастысты (Ӕмб. 19:11). Ӕппындӕр макуы рӕдийой, уый сӕ нӕ домдта. Ӕмӕ-иу куы фӕрӕдыдысты, уӕд-иу сӕм мӕстӕй нӕ рафыхт. Зыдта йӕ, хорз зӕрдӕтӕ сын кӕй ис. Ӕмӕ сын фӕразонӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕрбӕрзонддзинадӕй фервӕзтаиккой ӕмӕ кадмӕ ма бӕллыдаиккой, фӕлӕ иннӕты уарзтаиккой.

НӔ БОН КУЫД У ЙЕСОЙЫ ФӔЗМЫН?

15. Иаков ӕмӕ Иоанны хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15 Иаков ӕмӕ Иоанны хабарӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Хуыцауы Паддзахады сӕхицӕн кадджын бынӕттӕ кӕй куырдтой, уый раст нӕ уыд. Фӕлӕ иннӕ апостолтӕ дӕр рӕдыдысты, уымӕн ӕмӕ уыцы уавӕры Иаков ӕмӕ Иоанны ныхмӕ фесты, ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад нал уыд. Фӕлӕ Йесо апостолтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ дардта ӕмӕ семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Исчи куы фӕрӕдийы, уӕд-иу фыццаджыдӕр хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, йӕ рӕдыдмӕ йын цы цӕстӕй ракӕсӕм, уымӕ. Хомӕ кӕнӕ ’фсымӕрмӕ истӕй тыххӕй куы рамӕсты уӕм кӕнӕ нӕм исты хъыг куы фӕкӕса, уӕд хорз уаид ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Цы сарӕзта, уый мӕм хъыг цӕмӕн фӕкаст? Мыййаг, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мӕм цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕг ис ӕмӕ мӕхи хъӕуы цыдӕр фӕивын? Уӕдта ма уыцы адӕймаг цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы. Кӕд афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ ӕнӕхъуаджы не смӕсты дӕн, уӕддӕр мӕ бон нӕ уаид удуӕлдай уарзондзинад равдисын ӕмӕ йын ӕнӕуи ныббарын?» Куы архайӕм, цӕмӕй алы уавӕры дӕр уарзондзинад ӕвдисӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм.

16. Йесойы цӕвиттонӕй ма ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Йесойы цӕвиттонӕй ма цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй, хо кӕнӕ ’фсымӕр цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый бамбарӕм (Ӕмб. 20:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн Йесойы хуызӕн нӕ бон нӕу зӕрдӕтӕ уынын. Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ фӕразон уӕм, не ’мчырыстӕттӕ-иу нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕд, ӕмӕ сын барӕм (Еф. 4:1, 2; 1 Пет. 3:8). Уый нын ӕнцондӕр уыдзӕн, хуыздӕр-иу сӕ куы базонӕм, уӕд. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ.

17. Иу районон цӕстдарӕгӕн куыд баххуыс кодта, иу ӕфсымӕры хуыздӕр кӕй базыдта, уый?

17 Иу районон цӕстдарӕг лӕггад кодта Скӕсӕн Африкӕйы. Иу ӕмбырды уыди, зындзард ӕм чи каст, ахӕм ӕфсымӕр. Фӕлӕ уыцы районон цӕстдарӕг афтӕ нӕ ахъуыды кодта, мӕхи дзы хиздзынӕн, зӕгъгӕ. Уый йӕхицӕн загъта, хъуамӕ, дам, ӕй хуыздӕр базонон. Ӕмӕ бамбӕрста, уыцы ’фсымӕр куыд хъомыл кодта, уый йӕ удыхъӕдыл кӕй фӕзынд. Уыцы районон цӕстдарӕг загъта: «Куы йыл ахъуыды кодтон, йӕ удыхъӕд аивыныл куыд тынг архайы ӕмӕ йын куыд бирӕ бантыст, уӕд мӕ цӕсты тынг скадджын ис. Мах систӕм хорз хӕлӕрттӕ». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты бамбарыныл куы фӕархайӕм, уӕд нын ӕнцондӕр вӕййы, цӕмӕй сӕ уарзӕм.

18. Хо кӕнӕ нӕ ’фсымӕр куы фӕхъыг кӕны, уӕд цавӕр фарстатыл вӕййы ахъуыды кӕнӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 26:20).

18 Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ хъӕуы аныхас кӕнын, чи нӕ фӕхъыг кодта, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕримӕ. Фӕлӕ уал фыццаг хорз уыдзӕн ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Ацы уавӕры тыххӕй алцыдӕр зонын? (Ӕмб. 18:13). Барӕй уыди, ӕви йын ӕнӕбары рауад афтӕ? (Еккл. 7:20). Мӕхӕдӕг афтӕ никуы фӕрӕдыдтӕн? (Еккл. 7:21, 22). Йемӕ куы аныхас кӕнон, уӕд уавӕр ноджы фыддӕр нӕ фӕуыдзӕн?» (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 26:20.) Ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд, чи зоны, нӕхицӕн зӕгъӕм, мӕ хойы (кӕнӕ ме ’фсымӕры) кӕй уарзын, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ рӕдыд ныббардзынӕн ӕмӕ йӕ ферох кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.

19. Цавӕр нысан дӕ фӕнды дӕ разы сӕвӕрын?

19 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уымӕй бӕрӕг у, Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты. Фӕлӕ махӕй алкӕй дӕр фӕхъӕуы равдисын, Йесойы ахуыргӕнинаг кӕй у. Ӕмӕ уый та бӕрӕг уыдзӕн, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты удуӕлдай уарзтӕй куы уарзӕм, уымӕй, кӕд фӕрӕдийынц ӕмӕ сӕм цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр. Уӕд-иу, гӕнӕн ис, иннӕтӕ дӕр бамбарой, раст дин кӕцы у, уый, ӕмӕ уыдон дӕр нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ӕвдисӕм, ӕцӕг чырыстӕтты кӕмӕй ис базонӕн, ахӕм уарзондзинад!

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

a Бирӕты Йегъовӕйы ӕмӕ Библийы тыххӕй фылдӕр базонын бафӕнды, не ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый куы фенынц, уӕд. Фӕлӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын хатт зын вӕййы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уарзондзинад ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ иннӕты рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ уынгӕйӕ нӕ бон куыд вӕййы Йесойы фӕзмын.

c Кӕс статья «Ныр зонын, цӕмӕн цӕрын, уый» 2012 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 13, 14 фӕрстӕ.

d Кӕс статья «Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ къухы алцыдӕр бафтыд» 2012 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 18, 19 фӕрстӕ.

e Ацы статьяйы дзырд нӕ цӕуы уӕззау тӕригъӕдтыл, зӕгъӕм, 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10 стихты кӕй кой ис, ахӕмтыл. Ахӕм уӕззау тӕригъӕд чи сараза, уымӕн йӕ хъуыддаг хъуамӕ ӕвзарой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

f Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй бирӕ фӕстӕдӕр иу раввин загъта: «Авраамы хуызӕн рӕстгӕнджытӕ зӕххыл ӕппынкъаддӕр 30 уыдзӕн. Кӕд 30 сты, уӕд уыдонӕй дыууӕ стӕм ӕз ӕмӕ мӕ фырт. Кӕд 10 сты, уӕд уыдонӕй дыууӕ стӕм ӕз ӕмӕ мӕ фырт. Кӕд 5 сты, уӕд уыдонӕй дыууӕ стӕм ӕз ӕмӕ мӕ фырт. Кӕд 2 сты, уӕд уыдон стӕм ӕз ӕмӕ мӕ фырт. Кӕд ӕрмӕстдӕр иу рӕстгӕнӕг ис, уӕд та уый ӕз дӕн».