Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?

Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?

Арӕхстджынӕй пайда кӕн, «Сайты ногӕй цы ис?» чи хуыйны, уыцы хайӕ

Приложенийы JW Library® ис хай «Новое», сайты jw.org та – «Сайты ногӕй цы ис?». Уыцы хайы фенӕн вӕййы, фӕстагмӕ цы ӕрмӕг рацыд, уый. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй, ногӕй цы рацӕуы, уый зонай?

JW Library

  • Цавӕрдӕр рубрикӕйы ног статья куы рацӕуы, уӕд рубрикӕ ӕнӕхъӕнӕй сног вӕййы. Ӕмӕ уыцы рубрикӕ, «Новое» чи хуыйны, уыцы хайы куы фӕзына, уӕд ӕй уыдзӕн ногӕй рафыссӕн. Рубрикӕ куы бакӕнай, уӕд хъӕудзӕн дзырд «Датӕ»-йыл ныххӕцын. Ӕмӕ ног статья уыдзӕн ӕппӕты фыццаг.

  • Стырдӕр публикаци, зӕгъӕм, журнал, куы кӕсай, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, иу хаттӕн ма бакӕсай. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй уый фӕстӕ бирӕ агурын ма хъӕуа, уый тыххӕй йӕ дӕ бон у, «Избранное» чи хуыйны, уыцы хаймӕ бахӕссын. Кӕронмӕ йӕ куы бакӕсай, уӕд ӕй дӕ бон уыдзӕн уырдыгӕй айсын.

JW.ORG

Кӕцыдӕр ӕрмӕг, зӕгъӕм, ног хабӕрттӕ ӕмӕ хъусинӕгтӕ, фӕзыны ӕрмӕстдӕр сайты jw.org, приложенийы JW Library нӕ вӕййы. Цӕмӕй-иу, фӕстагмӕ чи рацыд, уыцы статьятӕ фенай, уый тыххӕй-иу арӕх бацу, «Сайты ногӕй цы ис?» чи хуыйны, уыцы фарсмӕ.