Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Уӕ сывӕллӕттӕн дзурут Йегъовӕйы тыххӕй, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы

Уӕ сывӕллӕттӕн дзурут Йегъовӕйы тыххӕй, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы

«Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста?» (ИС. 40:26).

11 ЗАРӔГ Дун-дуне йе скӕнӕг Хуыцауы кадджын кӕны

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Ныййарджыты цы фӕфӕнды?

 НЫЙЙАРДЖЫТӔ, зонӕм ӕй, кӕй уӕ фӕнды уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой. Фӕлӕ Хуыцау у ӕнӕуынгӕ. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй бамбарой, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йӕм баввахс уой? (Иак. 4:8).

2. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй базоной?

2 Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕмӕ баввахс уой, уый тыххӕй хъӕуы семӕ Библи ахуыр кӕнын (2 Тим. 3:14–17). Фӕлӕ ма ноджыдӕр иу мадзалы фӕрцы сӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр фыст ис Библийы. Ӕмбисӕндты чиныджы фыд йӕ фыртӕн Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй дзуры: «Дӕ цӕстыты раз уӕнт ӕдзухдӕр». Ӕмӕ уыцы миниуджытӕ та фенӕн ис, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ (Ӕмб. 3:19–21). Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы базоной, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы.

СЫВӔЛЛӔТТӔН КУЫД ИС, ЙЕГЪОВӔ ЦАВӔР ХУЫЦАУ У, УЫЙ АМОНӔН, ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТЫ ФӔРЦЫ?

3. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн цы хъуыддаджы хъуамӕ баххуыс кӕной?

3 Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (Ром. 1:20). Ныййарджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы уӕ сывӕллӕттимӕ рӕстӕг ӕрдзы хъӕбысы ӕрвитын. Уыцы рӕстӕгӕй-иу спайда кӕнут, цӕмӕй сын баххуыс кӕнат, Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгты йӕ диссаджы миниуджытӕ куыд зынынц, уый фенынӕн. Ӕркӕсӕм, уӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын.

4. Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бамбарын кодта? (Лукайы 12:24, 27–30).

4 Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы Йесо ахсджиаг хъуыдытӕ куыд ӕмбарын кодта? Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй акастаиккой халӕттӕм ӕмӕ дидинджытӕм. (Бакӕс Лукайы 12:24, 27–30.) Йесойӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ кӕцыфӕнды цӕрӕгойы кӕнӕ зайӕгойы кой скодтаид. Фӕлӕ сын уый цӕвиттонӕн ӕрхаста, арӕх кӕй уыдтой, ахӕм маргъ ӕмӕ дидинджытӕ. Йесо уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, халӕттӕ сӕ сӕрмӕ фӕцӕйтахтысты, стӕй быдыры дидинджытӕ дидинӕг калдтой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Йесо халӕттӕм ӕмӕ дидинджытӕм къухӕй куыд амоны. Уыцы цӕвиттонтӕ куы ’рхаста, уый фӕстӕ та цы сарӕзта? Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыды: сӕ рӕдау ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Фыд кӕд халӕтты ’фсады ӕмӕ быдырон дидинджытӕ рӕсугъд сфӕлынды, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр дӕтдзӕн хӕринаг ӕмӕ сӕ ӕнӕ дарӕсӕй нӕ ныууадздзӕн.

5. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурой, уӕд сӕ бон цавӕр цӕвиттонтӕ у ӕрхӕссын?

5 Дӕ сывӕллоны ахуыр кӕнгӕйӕ дӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын? Дӕ бон ын у зӕгъын, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй ӕппӕты тынгдӕр дӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы. Чи зоны, уый у цавӕрдӕр цӕрӕгой кӕнӕ дидинӕг. Уый фӕстӕ йын бамбарын кӕн, уыцы цӕрӕгойы (кӕнӕ дидинӕджы) фӕрцы Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн. Стӕй йӕ бафӕрс, уымӕн та йӕ зӕрдӕмӕ кӕцы цӕрӕгой кӕнӕ дидинӕг цӕуы. Йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттыл йемӕ куы дзурай, уӕд-иу, Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй йын цы дзурай, уымӕ дӕр хуыздӕр байхъусдзӕн.

6. Кристоферы мадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй ныййарджытӕ цавӕрдӕр цӕрӕгой кӕнӕ зайӕгойы тыххӕй ӕрмӕг агурыныл бирӕ рӕстӕг хардз кӕной. Йесо адӕмӕн дӕрдтыл дзурын нӕ райдыдта, халӕттӕ хӕринаг кӕм ссарынц, цытӕ фӕхӕрынц кӕнӕ дидинджытӕ куыд конд сты. Кӕд дӕ сывӕллоны фӕфӕнды, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй лыстӕг хабӕрттӕ базонын, уӕддӕр хатт дыууӕ ныхасы кӕнӕ хуымӕтӕг фарста дӕр фаг вӕййынц, цӕмӕй цавӕрдӕр хъуыды бамбара. Ӕфсымӕр Кристофер йӕ сывӕллоны бонты тыххӕй мӕнӕ цы радзырдта: «Мамӕйӕн йӕ бон уыд хуымӕтӕг ныхӕстӕй, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм не ’ргом раздахын. Зӕгъӕм, хӕхты-иу куы уыдыстӕм, уӕд-иу афтӕ бакодта: „Акӕсут-ма, ацы хӕхтӕ куыд стыр ӕмӕ куыд рӕсугъд сты! Йегъовӕ куыд диссаджы Хуыцау у, нӕ?!“ Кӕнӕ-иу океаны был куы уыдыстӕм, уӕд та-иу загъта: „Ацы уылӕнты цӕй стыр тых ис! Хуыцау тынг тыхджын у!“» Кристофер ма загъта: «Уыцы хуымӕтӕг ныхӕстӕ-иу нӕ хъуыдытыл бафтыдтой».

7. Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллоны ахуыр кӕнын, цӕмӕй, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕна?

7 Дӕ сывӕллон куыд стырдӕр кӕны, афтӕ йӕ ахуыр кӕн, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй Йегъовӕйы тыххӕй базонӕн цы ис, ууыл хъуыды кӕнын. Дӕ бон ын у йе сконд хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕр цӕвиттонӕн ӕрхӕссын ӕмӕ йӕ бафӕрсын: «Уымӕй дӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын?» Гӕнӕн ис, ахӕм дзуапп дын радта, ӕмӕ хӕлиудзыхӕй баззайдзынӕ (Матф. 21:16).

СЫВӔЛЛӔТТИМӔ КӔД ИС, ХУЫЦАУ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТЫЛ НЫХАС КӔНӔН?

8. Израилаг ныййарджытӕн-иу фӕндагыл цӕугӕйӕ цавӕр фадат уыди?

8 Йегъовӕ израилаг ныййарджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттӕн йӕ фӕдзӕхстытӕ амыдтаиккой «фӕндагыл» цӕугӕйӕ (Дык. з. 11:19). Фӕндӕгтӕ Израилы кӕуылты цыдысты, уым фенӕн уыди алыхуызон цӕрӕгойтӕ, цъиутӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бинонтӕй искуыдӕм куы цыдысты, уӕд-иу ныййарджытӕн сӕ бон уыд сӕ сывӕллӕттимӕ, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ныхас кӕнын. Ныййарджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, сымахӕн дӕр вӕййы ахӕм фадӕттӕ. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, иуӕй-иутӕ уый куыд фӕаразынц, уымӕ.

9. Пунитӕ ӕмӕ Катяйӕ цӕуыл ахуыр кӕныс?

9 Хо Пунитӕ цӕры Индийы, иу стыр горӕты. Уый загъта: «Хъӕумӕ нӕ хиуӕттӕм куы ацӕуӕм, уӕд нын вӕййы хорз фадат, цӕмӕй нӕ сывӕллӕтты ӕргом раздахӕм, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдонмӕ. Адӕм ӕмызмӕлд кӕм кӕнынц ӕмӕ дуне машинӕтӕ кӕм ис, уыцы бынатӕй дард кӕй вӕййынц, уый фӕрцы сын, мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕнцондӕр вӕййы, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ фенын ӕмӕ сыл хъуыды кӕнын». Уӕ сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох кӕндзысты, уемӕ кӕмдӕр рӕсугъд бынаты цы рӕстӕг арвыстой, уый. Хо Катя цӕры Молдовӕйы. Уый йӕ сывӕллоны бонты тыххӕй зӕгъы: «Ӕппӕты тынгдӕр ӕрхъуыды кӕнын, мӕ ныййарджытимӕ-иу ӕрдзы хъӕбысмӕ куыд ацыдыстӕм, уый. Тынг бузныг сӕ дӕн. Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ ахуыр кодтой Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнын. Ӕрлӕууыдыстӕм-иу ӕмӕ-иу кастыстӕм, Хуыцау цы скодта, уыдӕттӕм. Стӕй-иу мын ӕмбарын кодтой, уыдӕттӕй Йегъовӕйы тыххӕй базонӕн цы ис, уый».

Суанг горӕты дӕр ис, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ фенӕн ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн дзурӕн, уыдӕттӕй Йегъовӕйы тыххӕй базонӕн цы ис, уый (кӕс 10 абзац)

10. Фадат уын куы нӕ уа, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттимӕ ӕрдзы хъӕбысмӕ ацӕуат, уӕд уӕ бон цы у саразын? (Кӕс рамкӕ  «Ӕххуыс ныййарджытӕн».)

10 Фӕлӕ уӕ бон ӕрдзы хъӕбысмӕ ацӕуын куы нӕ уа, уӕд та? Ӕфсымӕр Амол дӕр цӕры Индийы. Уый зӕгъы: «Кӕм цӕрын, уым ныййарджыты хъӕуы бирӕ кусын. Ӕмӕ цӕмӕй искуыдӕм улӕфынмӕ ацӕуай, уымӕн хъӕуы бирӕ ’хца. Фӕлӕ гыццыл парчы кӕнӕ балкъонӕй кӕсгӕйӕ дӕр ис Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕ фенӕн ӕмӕ йын йӕ миниуджытыл аныхас кӕнӕн». Лӕмбынӕг куы кӕсат, уӕд уӕ хӕдзары раз дӕр уӕ бон у уӕ сывӕллӕтты ӕргом бирӕ цӕмӕдӕрты раздахын (Пс. 104:24). Зӕгъӕм, уӕ бон у фенын цъиутӕ, сасчытӕ, зайӕгойтӕ, дидинджытӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Каринӕ цӕры Германийы. Уый зӕгъы: «Мӕ мад дидинджытӕ бирӕ уарзы. Гыццыл куы уыдтӕн ӕмӕ-иу иумӕ куы тезгъо кодтам, уӕд-иу мын ме ’ргом рӕсугъд дидинджытӕм раздӕхта». Нӕ организаци рауагъта бирӕ видеотӕ ӕмӕ публикацитӕ, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй. Ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ уӕ бон у уыдонӕй дӕр пайда кӕнын. Кӕмфӕнды ма цӕрат, уӕ бон у уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕной. Ныртӕккӕ та аныхас кӕндзыстӕм Йегъовӕйы миниуджытӕй цалдӕрыл. Ӕмӕ-иу уӕ бон уыдзӕн уӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын, уыцы миниуджытӕ йе сконд хъуыддӕгты куыд зынынц, ууыл.

«ЦӔСТӔЙ ФЕНӔН КӔЙ НӔЙ, ЙӔ УЫЦЫ МИНИУДЖЫТӔ... ИРДӔЙ ЗЫНЫНЦ»

11. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзондзинад уыной?

11 Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнат Йегъовӕйы уарзондзинад фенынӕн, уый тыххӕй сын уӕ бон у се ’ргом раздахын, цӕрӕгойтӕй бирӕтӕ сӕ лӕппынтыл куыд фӕцин кӕнынц ӕмӕ сӕ куыд фӕхъахъхъӕнынц, уымӕ (Матф. 23:37). Се ’ргом сын раздахут, Йегъовӕ цытӕ сфӕлдыста, уыдон куыд алыхуызон сты, уымӕ дӕр. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Каринӕ, загъта: «Мамӕимӕ-иу куы тезгъо кодтам, уӕд-иу мын загъта, цӕмӕй ӕрлӕууон ӕмӕ фенон, иу дидинӕг иннӕйы хуызӕн кӕй нӕу. Стӕй-иу мын загъта, афтӕ рӕсугъд кӕй сты, уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Уӕдӕй нырмӕ бирӕ азтӕ рацыд, фӕлӕ ныр дӕр дидинджытӕм лӕмбынӕг фӕкӕсын. Цынӕхуызон дидинджытӕ ис ӕмӕ куыд диссаджы конд сты! Уыдон мын алкӕддӕр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый».

Уӕ бон у уӕ сывӕллӕтты ӕргом раздахын, адӕймаджы буар куыд диссаджы конд у, уымӕ ӕмӕ сын афтӕмӕй бамбарын кӕнын, Хуыцау стыр зонды хицау кӕй у (кӕс 12 абзац)

12. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы зонд уыной? (Псалом 139:14). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

12 Уӕ сывӕллӕттӕн ма ӕххуыс кӕнут Хуыцауы зонд фенынӕн дӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ махӕй бирӕ зондджындӕр у (Ром. 11:33). Зӕгъӕм, сӕ хъус сын ӕрдарут, мигъты мидӕг бирӕ дон кӕй ис, фӕлӕ уӕддӕр иу бынатӕй иннӕмӕ куыд ӕнцонтӕй ленк кӕнынц, уымӕ (Иов 38:36, 37). Уӕ бон ма сын у се ’ргом раздахын, адӕймаджы буар куыд диссаджы конд у, уымӕ дӕр. (Бакӕс Псалом 139:14.) Ӕркӕсӕм, ӕфсымӕр Владимир уый йӕ лӕппуйӕн куыд бамбарын кодта. Уый загъта: «Иухатт нӕ лӕппу велосипедӕй рахауд, ӕмӕ йӕ уӕраг фӕцъӕррӕмыхст. Цалдӕр боны фӕстӕ йын байгас. Мӕ бинойнагимӕ йын бамбарын кодтам, Йегъовӕ адӕймаджы буары кълеткӕтӕ афтӕ кӕй скодта, ӕмӕ сӕ бон у сӕхи дзӕбӕх кӕнын. Загътам ма йын, адӕм цы дзауматӕ ӕрхъуыды кодтой, уыдоны ахӕм цыдӕр фенӕн кӕй нӕй. Зӕгъӕм, аварийы фӕстӕ машинӕ йӕхӕдӕг йӕхи не сцалцӕг кӕны. Уыцы хабар нӕ лӕппуйӕн баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, Йегъовӕ стыр зонды хицау кӕй у».

13. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы тых уыной? (Исай 40:26).

13 Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй нӕ цӕстытыл хӕрдмӕ схӕцӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, йе ’мбисонды тыхы фӕрцы стъалытӕ иууылдӕр сӕ бынӕтты куыд лӕууынц, ууыл. (Бакӕс Исайы 40:26.) Уӕ бон у уӕ сывӕллӕттӕн зӕгъын, цӕмӕй-иу уыдон дӕр арвмӕ скӕсой ӕмӕ дзы цы уынынц, ууыл-иу ахъуыды кӕной. Хо Тинтин цӕры Тайваны. Йӕ сывӕллоны бонты тыххӕй радзырдта: «Иухатт мӕ мадимӕ улӕфынмӕ ацыдыстӕм ӕмӕ пъалаткӕты ӕрлӕууыдыстӕм. Ӕхсӕвы стъалыджын арвмӕ кастыстӕм. Уым горӕты рухсытӕ нӕ уыд, ӕмӕ нӕм стъалытӕ хорз зындысты. Уыцы рӕстӕг мӕ мӕ къласӕгтӕ хъыгдардтой, ӕмӕ мӕт кодтон, зӕгъын, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы нӕ баззайон. Мамӕ мын загъта, зӕгъгӕ, дам-ма ахъуыды кӕн, Йегъовӕмӕ цӕй стыр тых ис, кӕд ӕппӕт уыцы стъалытӕ сфӕлдыста, уӕд. Ӕмӕ, дам, дын уыцы тыхы фӕрцы ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕразай. Уыцы балцы фӕстӕ мӕ бафӕндыд Йегъовӕйы хуыздӕр базонын, стӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын».

14. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй бамбарой, Йегъовӕ амондджын Хуыцау кӕй у?

14 Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй бӕрӕг у, амондджын Хуыцау кӕй у ӕмӕ ахудын дӕр кӕй уарзы. Ахуыргӕндтӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй цӕрӕгойтӕн сӕ фылдӕр уарзынц хъазын, суанг цъиутӕ ӕмӕ кӕсӕгтӕ дӕр (Иов 40:20). Уӕ сывӕллӕттӕ цӕрӕгойтыл нӕ фӕхудынц, куыд хъазынц, уымӕ кӕсгӕйӕ? Чи зоны, кастысты, гӕды къуыбылойимӕ куыд хъазы кӕнӕ къӕбылатӕ кӕрӕдзи куыд абырсынц, уымӕ. Иннӕ хатт куы фенат, уӕ сывӕллӕттӕ цӕрӕгойтыл куыд худынц, уӕд-иу сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, амондджын Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм (1 Тим. 1:11).

УӔ БИНОНТИМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ СКОНД ХЪУЫДДӔГТЫЛ ЦИН КӔНУТ

Уӕ сывӕллӕттимӕ искуы ӕддейӕ, зӕгъӕм, парчы, куы уат, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурын (кӕс 15 абзац)

15. Ныййарджытӕн цы баххуыс кӕндзӕн, сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕйы цы ис, уый базонынӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 20:5). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Хатт ныййарджытӕн нӕ фӕуайы сӕ сывӕллонимӕ аныхас кӕнын, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уыдоныл, уымӕн ӕмӕ сывӕллоны ницы фӕфӕнды дзурын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 20:5.) Ӕмӕ уӕ уӕд хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй уын раргом кӕна, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Иуӕй-иу ныййарджытӕ бамбӕрстой, уый ӕнцондӕр аразӕн кӕй вӕййы, сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрдзы хъӕбысы куы вӕййынц, уӕд. Цымӕ цӕмӕн? Иу уымӕн, ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр ӕмӕ ныййарджыты дӕр ницы фӕхъыгдары, цӕмӕй ӕргом аныхас кӕной. Ӕфсымӕр Масахико цӕры Тайваны. Уый та ма ноджыдӕр иу хъуыды загъта: «Нӕ сывӕллӕттимӕ хӕхтӕм куы ацӕуӕм кӕнӕ доны был куы фӕтезгъо кӕнӕм, уӕд ӕргомдзырддӕр вӕййынц. Ӕмӕ махӕн дӕр ӕнцондӕр вӕййы семӕ аныхас кӕнын ӕмӕ, цӕуыл хъуыды кӕнынц, уый базонын». Гыццыл раздӕр цы Катяйы кой кодтам, уый загъта: «Скъолайы фӕстӕ-иу мӕ мӕ мад паркмӕ акодта. Ахӕм рӕсугъд, сабыр ран мын-иу ӕнцондӕр уыд мамӕйӕн радзурын, скъолайы мыл цы ’рцыд кӕнӕ цӕуыл мӕт кодтон, уыдӕтты тыххӕй».

16. Бинонтӕн сӕ бон куыд у иумӕ сӕ рӕстӕг ӕрдзы хъӕбысы ӕрвитын?

16 Бинонтӕ иумӕ ӕрдзы хъӕбысы куы фӕулӕфынц, уӕд ма сӕ бон вӕййы уым ирхӕфсӕнтӕ дӕр ссарын ӕмӕ сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвитын. Уый фӕрцы бинонтӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййынц. Библийы фыст ис, кӕй ис «рӕстӕг худынӕн» ӕмӕ «рӕстӕг кафынӕн» (Еккл. 3:1, 4). Йегъовӕ бирӕ рӕсугъд бынӕттӕ сфӕлдыста. Бирӕ бинонтӕ уарзынц хӕхтӕм кӕнӕ доны былмӕ цӕуын. Сывӕллӕттӕ фӕуарзынц парчы ралидз-балидз кӕнын кӕнӕ хъазын, цӕрӕгойтӕм кӕсын кӕнӕ цӕугӕдоны ӕмӕ денджызы цъыллинджытӕ кӕнын. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ нын хӕссынц стыр циндзинад.

17. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной, цӕмӕй сахуыр уой, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл цин кӕнын?

17 Хуыцауы ног дунейы ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ноджы тынгдӕр цин кӕндзысты. Уӕд цӕрӕгойтӕй нал тӕрсдзыстӕм ӕмӕ уыдон дӕр махӕй нал тӕрсдзысты (Ис. 11:6–9). Ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ӕнустӕм цин кӕнын (Пс. 22:26). Фӕлӕ, зынаргъ ныййарджытӕ, ног дунемӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсут. Ныр дӕр уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сахуыр уой, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл цин кӕнын, ӕмӕ Йегъовӕйы хуыздӕр базоной. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзысты паддзах Давиды ныхӕстимӕ. Уый загъта: «О Йегъовӕ... дӕ хъуыддӕгтӕн... ӕмбал нӕй» (Пс. 86:8).

134 ЗАРӔГ Сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар

a Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, сӕ чырыстон ныййарджытимӕ-иу ӕрдзы хъӕбысы сӕ рӕстӕг куыд ӕрвыстой, уый. Рох сӕ нӕу, сӕ ныййарджытӕ-иу уыцы фадӕттӕй куыд спайда кодтой, цӕмӕй-иу сын Йегъовӕйы тыххӕй радзырдтаиккой. Кӕд дӕуӕн дӕр сывӕллӕттӕ ис, уӕд сын дӕ бон куыд у, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ базоной? Ацы статьяйы ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм.