Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уай?

Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уай?

«Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» (ХЪУЫД. 8:36).

50 ЗАРӔГ Мӕхи дӕуӕн нывонд кӕнын

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

Ӕгас зӕххыл дӕр ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр Йегъовӕмӕ баввахс вӕййынц ӕмӕ донаргъуыд райсынц (кӕс 1, 2 абзацтӕ)

1, 2. Кӕд донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ нӕма дӕ, уӕд дӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

 КӔД ДӔ донаргъуыд райсын фӕнды, уӕд дӕ разы сӕвӕрдтай тынг хорз нысан. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уымӕ цӕттӕ дӕ, стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр разы сты, уӕд-иу фӕстӕ мауал кӕн. Куыддӕр дын уымӕн фадат фӕзына, афтӕ-иу донаргъуыд райс. Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд уыдзынӕ амондджын ӕмӕ дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн.

2 Фӕлӕ дын куы зӕгъой, цыдӕр ма дӕ кӕй хъӕуы фӕивын, цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕд та? Кӕнӕ та, чи зоны, дӕхӕдӕг дӕр афтӕ хъуыды кӕныс. Уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕрыгон дӕ ӕви ацӕргӕ, уӕддӕр дын бантысдзӕн уыцы ахсджиаг къахдзӕф саразын.

«ЦЫ МӔ ХЪЫГДАРЫ?»

3. Ефиопаг хицау Филиппы цӕмӕй бафарста ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста ӕвзӕры? (Хъуыддӕгтӕ 8:36, 38).

3 Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 8:36, 38. Ефиопаг хицау хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппы бафарста: «Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» Ефиопаг хицауы бафӕндыд донаргъуыд райсын. Фӕлӕ цымӕ уыцы ахсджиаг къахдзӕф саразынмӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ уыд?

Ефиопаг хицауы фӕндыд Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын (кӕс 4 абзац)

4. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, ефиопаг хицауы фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уый?

4 Уыцы ефиопаг лӕг «ӕрцыд Иерусалиммӕ Хуыцауӕн кувынмӕ» (Хъуыд. 8:27). Уыди прозелит, ома райста дзуттаг дин. Йегъовӕйы тыххӕй базыдтаид Дзуттаг Фыстытӕй. Фӕлӕ йӕ фӕндыд ноджы фылдӕр базонын. Филипп ыл фӕндагыл куы фембӕлд, уӕд цы куыста? Пехуымпар Исайы чиныг касти (Хъуыд. 8:28). Уый уыд хъӕбӕр хӕринаг. Ефиопаг хицау Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ кӕй зыдта, уый фагыл нӕ нымадта. Уый фӕндыд фылдӕр базонын.

5. Ефиопаг хицау, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ куыд архайдта?

5 Уыцы нӕлгоймаг уыд стыр хицау. Йӕ бар уыдысты «Ефиопийы ус-паддзахы хӕзнатӕ иууылдӕр» (Хъуыд. 8:27). Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуыди бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ-иу уӕддӕр Йегъовӕйӕн кувынӕн рӕстӕг ссардта. Уый базыдта рӕстдзинад, фӕлӕ ууыл не ’рлӕууыд. Цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодта. Уый Ефиопийӕ Иерусалиммӕ ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кувӕндоны бакуывтаид. Уыцы дард фӕндагыл ӕй хъуыди бирӕ цӕуын, стӕй цавӕрдӕр хӕрдзтӕ скӕнын дӕр. Фӕлӕ йӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын, ӕмӕ уымӕн ницы ӕвгъау кодта.

6, 7. Ефиопаг хицау Йегъовӕйы тынгдӕр цӕй фӕрцы бауарзта ӕмӕ йӕ цы бафӕндыд саразын?

6 Ефиопаг хицау Филиппӕй базыдта ахсджиаг хъуыдытӕ, зӕгъӕм, Мессийӕ чи у, уый (Хъуыд. 8:34, 35). Йесо йын цы хорздзинад сарӕзта, уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайдта. Ӕмӕ куыд бакодта? Йӕ бон уыд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдаид прозелит. Ӕвӕццӕгӕн, дзуттӕгты цӕсты кадджын уыд. Фӕлӕ, Филиппӕй цы базыдта, уый фӕрцы Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Фырты тынгдӕр бауарзта. Ӕмӕ рахаста, йӕ цард ын чи аивта, ахӕм уынаффӕ – донаргъуыд кӕй райсдзӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй суыдзӕн. Филипп бамбӕрста, ефиопаг хицау донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕй у, ӕмӕ йын донаргъуыд радта.

7 Ефиопаг хицауы куы бафӕзмай, уӕд дӕуӕй дӕр зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ. Ӕмӕ ды дӕр фидарӕй зӕгъдзынӕ: «Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» Уыцы адӕймаг донаргъуыд райсыны размӕ цавӕр къахдзӕфтӕ сарӕзта? Уый фылдӕр базыдта, стӕй, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайдта ӕмӕ, цы хъуыд, уый сарӕзта, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзтаид. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у уыцы къахдзӕфтӕ аразын.

ДАРДДӔР ДӔР АРХАЙ ФЫЛДӔР БАЗОНЫНЫЛ

8. Иоанны 17:3 стихмӕ гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы аразын?

8 Бакӕс Иоанны 17:3 ӕмӕ фиппаинаг. Бирӕты Библи ахуыр кӕнын бафӕндыд, ацы ныхӕстӕ куы бакастысты, уый фӕстӕ. Чи зоны, ды дӕр афтӕ райдыдтай Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ ма ацы ныхӕстӕ амонынц, дарддӕр дӕр кӕй хъуамӕ архайӕм фылдӕр базоныныл. Алкӕддӕр нӕ бон уыдзӕн «иунӕг ӕцӕг Хуыцауы» тыххӕй фылдӕр базонын (Еккл. 3:11). Афтӕ уыдзӕн ӕнустӕм дӕр. Ӕмӕ-иу Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр базонӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Пс. 73:28).

9. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы базонӕм, уӕд нӕ уый фӕстӕ цы фӕхъӕуы аразын?

9 Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕ райдайынц Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй. Апостол Павел йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм уыцы ахуырӕдтӕ схуыдта «Хуыцауы ныхӕсты „абетӕ“». Уымӕй йӕ афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ «сӕйраг ахуырӕдтӕ» афтӕ ахсджиаг не сты. Уый сӕ абарста, ноггуырд сывӕллоны чи фӕхъӕуы, ахӕм ӕхсыримӕ (Дзут. 5:12; 6:1). Фӕлӕ ма чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы сӕйраг ахуырӕдтыл ма ӕрлӕууыдаиккой, фӕлӕ архайдтаиккой, Хуыцауы Ныхасы цы арфдӕр хъуыдытӕ ис, уыдон базоныныл. Дӕу дӕр фӕфӕнды, Библийы арфдӕр ӕмбӕхст чи у, уыцы хъуыдытӕ ссарын? Дӕ зӕрдӕ сӕ фӕагуры? Фӕфӕнды дӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй фылдӕр базонын?

10. Кӕмӕндӕрты кӕсын ӕмӕ иртасын зын цӕмӕн у?

10 Махӕй бирӕтӕн кӕсын ӕмӕ иртасын зын у. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Скъолайы куы ахуыр кодтай, уӕд хорз кӕсын ӕмӕ иртасын сахуыр дӕ? Ахуыр кӕнын уарзтай? Фӕндыди-иу дӕ ног цыдӕртӕ базонын? Ӕви ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдтӕ, зӕгъгӕ мын зын у чингуытӕ кӕсын. Кӕд афтӕ у, уӕд ма тыхс, ӕрмӕст ды нӕ хъуыды кӕныс афтӕ. Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн. Уый у алцӕмӕй ӕххӕст, стӕй уымӕй хуыздӕр Ахуыргӕнӕг нӕй.

11. Йегъовӕ «Кадджын Зондамонӕг» кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

11 Йегъовӕ йӕхи хоны «дӕ Кадджын Зондамонӕг» (Ис. 30:20, 21). Уый у фӕразон, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ Ахуыргӕнӕг. Уый кӕсы, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хорзӕй цы ис, уымӕ (Пс. 130:3). Стӕй, нӕ бон цы нӕу, уымӕй фылдӕр нӕ никуы фӕдомы. Рох дӕ ма уӕд: адӕймаджы сӕрымагъз уый скодта, ӕмӕ диссаджы конд у (Пс. 139:14). Мах афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕфӕнды ахуыр кӕнын, ног цыдӕртӕ базонын. Не Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм дӕр ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ нын уый циндзинад хӕсса. Уымӕ гӕсгӕ ныр хъӕуы бацархайын, цӕмӕй нӕ «зӕрдӕ агура», Хуыцауы ныхасы чи ис, уыцы рӕстдзинад (1 Пет. 2:2). Дӕ разы сӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Библи алы бон дӕр кӕс ӕмӕ йӕ иртас (Йес. Н. 1:8). Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ бауарздзынӕ кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Ӕмӕ-иу дӕ фӕнддзӕн Йегъовӕйы тыххӕй ноджы фылдӕр базонын.

12. Йесо куыд цард ӕмӕ куыд лӕггад кодта, ууыл цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын?

12 Арӕх-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн, Йесо куыд цард ӕмӕ куыд лӕггад кодта, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Цӕмӕй ацы зын рӕстӕджыты Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесойы къахвӕдтыл цӕуӕм (1 Пет. 2:21). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕргом дзырдта, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты (Лук. 14:27, 28). Фӕлӕ нӕ дызӕрдыг кодта, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзысты, йӕхӕдӕг ыл куыд баззад иузӕрдионӕй, афтӕ (Иоан. 16:33). Йесойы царды хабӕрттӕ иртас ӕмӕ дӕ разы нысан сӕвӕр, алы бон дӕр ӕй кӕй фӕзмдзынӕ.

13. Йегъовӕйӕ цы хъуамӕ курай ӕмӕ цӕмӕн?

13 Фӕлӕ дӕм зонындзинӕдтӕ уа, уый фаг нӕу. Зонындзинӕдтӕ фыццаджыдӕр уый тыххӕй хъӕуынц, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонай, бауарзай йӕ ӕмӕ йыл баууӕндай (1 Кор. 8:1–3). Йегъовӕмӕ-иу кув ӕмӕ дзы кур, цӕмӕй-иу дын дӕ уырнындзинадыл бафтауа (Лук. 17:5). Уый ахӕм куывдтытӕн зӕрдиагӕй дзуапп ратты. Ӕцӕг уырнындзинадӕн йӕ бындур сты бӕлвырд зонындзинӕдтӕ Хуыцауы тыххӕй. Ӕмӕ дын ахӕм уырнындзинад баххуыс кӕндзӕн, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн (Иак. 2:26).

ЦЫ БАЗОНЫС, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ

Доны хъаймӕты размӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ архайдтой, цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ (кӕс 14 абзац)

14. Апостол Петры ныхӕстӕй куыд у бӕрӕг, ахсджиаг кӕй у, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Апостол Петр загъта, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕй хъуамӕ кӕной. Уый ракодта Нойы кой. Йегъовӕ Нойӕн загъта, Доны хъаймӕт кӕй рауадздзӕн ӕмӕ фыдгӕнӕг адӕмы кӕй фесафдзӕн. Ной Доны хъаймӕты тыххӕй кӕй зыдта, уый фаг нӕ уыд, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр аирвӕзтаиккой. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Петр уыцы рӕстӕджы тыххӕй цы загъта. Уый загъта, зӕгъгӕ, дам, Хуыцау фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, «цалынмӕ нау арӕзт ӕрцыдаид, уӕдмӕ» (1 Пет. 3:20). Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, Хуыцауӕй цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодтой – арӕзтой стыр нау (Дзут. 11:7). Ной нау кӕй сарӕзта, уый Петр абарста донаргъуыдимӕ. Уый ныффыста: «Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны» (1 Пет. 3:21). Уӕдӕ дӕхи донаргъуыдмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ цы аразыс, уый абарӕн ис, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ бирӕ азты дӕргъы нау кӕй арӕзтой, уыимӕ. Цы дӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уай?

15. Нӕ бон куыд у равдисын, зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтам?

15 Цӕмӕй донаргъуыд райсай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнай (Хъуыд. 2:37, 38). Адӕймаг зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уый фӕстӕ ӕцӕгдӕр аивы. Ды та, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууагътай, зӕгъӕм, тамако дымын, ӕнӕгъдау цард кӕнын кӕнӕ ӕвзӕр дзыхӕй дзурын? (1 Кор. 6:9, 10; 2 Кор. 7:1; Еф. 4:29). Кӕд дын нӕма рауади, уӕд дарддӕр архай, цӕмӕй, цы хъӕуы, уый фӕивай. Дӕ бон у, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыимӕ аныхас кӕнын кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ӕмӕ уынаффӕ ракурын. Кӕд ӕрыгон дӕ ӕмӕ дӕ ныййарджытимӕ цӕрыс, уӕд сын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕной, донаргъуыд райсын дӕ чи хъыгдары, уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн.

16. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй равдисдзыстӕм?

16 Ахсджиаг ма у ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты архайын. Уымӕ хауы ӕмбырдтӕм цӕуын, дзуапп дзы дӕттын, хӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнын (Дзут. 10:24, 25). Кӕд ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд уацамынды арӕх цу. Цас фылдӕр хъусын кӕнай, уыйас уыцы хъуыддаг дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕудзӕн (2 Тим. 4:5). Кӕд ӕрыгон дӕ ӕмӕ дӕ ныййарджытимӕ цӕрыс, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ ныййарджыты дзурын мын фӕхъӕуы, цӕмӕй ӕмбырдтӕм кӕнӕ уацамынды ацӕуон? Ӕви уый мӕхи фӕфӕнды?» Дӕхи куы фӕнда уыцы хъуыддӕгтӕ аразын, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, уырнындзинад дӕм кӕй ис, Йегъовӕйы кӕй уарзыс ӕмӕ дзы йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй дӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыдзӕн, «Хуыцауыл... иузӕрдион» кӕй дӕ. Уыдон уыдзысты дӕ лӕвар Йегъовӕйӕн (2 Пет. 3:11; Дзут. 13:15). Нӕ лӕвӕрттӕ зӕрдӕйӕ куы вӕййынц, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы. (Абар 2 Коринфӕгтӕм 9:7.) Мах ахӕм хъуыддӕгтӕ уымӕн фӕаразӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый дӕттын. Уый нын хӕссы циндзинад!

ЙЕГЪОВӔЙЫ ТЫНГДӔР БАУАРЗ

17, 18. Цавӕр миниуӕг дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уай, ӕмӕ дын куыд баххуыс кӕндзӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 3:3–6).

17 Дӕхи донаргъуыд райсынмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлдзынӕ. Гӕнӕн ис, чидӕртӕ дыл дӕ ног дины тыххӕй худой кӕнӕ дӕ ныхмӕ дӕр цӕуой (2 Тим. 3:12). Цавӕрдӕр ӕвзӕр ахуыр ныууадзыныл куы архайай, уӕд-иу, гӕнӕн ис, уӕддӕр хатт фӕрӕдийай. Кӕнӕ та дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы никуы бафтдзӕн, ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныфс асӕтты. Ахӕм уавӕрты дын цы баххуыс кӕндзӕн? Иу ахсджиаг миниуӕг – Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый.

18 Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый дӕ миниуджытӕй у ӕппӕты рӕсугъддӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:3–6.) Уыцы уарзондзинад дын ӕххуыс кӕндзӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ома сӕ алкӕддӕр уарздзӕн, никуы сӕ ныууадздзӕн ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ никуы сивдзӕн (Пс. 100:5). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у Хуыцауы бафӕзмын, уымӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ конд дӕ (Райд. 1:26). Дӕ бон куыд у ахӕм уарзондзинад ӕвдисын?

Дӕ бон у алы бон дӕр Йегъовӕйӕн цӕйдӕр тыххӕй бузныг дзурын (кӕс 19 абзац) b

19. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕ тынгдӕр бузныг уай, хорзӕй дын цы сарӕзта ӕмӕ цы аразы, уый тыххӕй? (Галатӕгтӕм 2:20).

19 Йегъовӕйӕ алцӕй тыххӕй дӕр бузныг у – уымӕй уал райдай (1 Фес. 5:18). Алы бон дӕр-иу ахъуыды кӕн: «Йегъовӕ абон куыд равдыста, кӕй мӕ уарзы, уый?» Ӕмӕ йӕм куы кувай, уӕд-иу ын бузныг зӕгъ, хорзӕй дын цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. Хъуамӕ ӕмбарай, Йегъовӕ дӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы, апостол Павел уый куыд ӕмбӕрста, афтӕ. (Бакӕс Галатӕгтӕм 2:20.) Ахъуыды-иу кӕн: «Мӕн та фӕнды, Йегъовӕйы кӕй уарзын, уый равдисын?» Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕвзӕр ахуыртимӕ тох кӕнай ӕмӕ-иу зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ фидар фӕлӕууай. Уый ма дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕдзухдӕр Хуыцауы хъуыддӕгты архайай. Афтӕмӕй алы бон дӕр ӕвдисдзынӕ, дӕ Фыды кӕй уарзыс, уый.

20. Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куыд снывонд кӕны ӕмӕ уыцы къахдзӕф ахсджиаг цӕмӕн у?

20 Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уымӕ гӕсгӕ йын ӕппынфӕстаг дӕхи снывонд кӕндзынӕ. Зӕрдӕбынӕй йӕм скувдзынӕ ӕмӕ йын дзырд ратдзынӕ, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзынӕ. Ахъуыды-ма кӕн, цы стыр хорзӕхӕй схайджын уыдзынӕ – гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнустӕм дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг уай! Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд ын дзырд ратты, хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ йын зын рӕстӕджыты дӕр кӕй лӕггад кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ногӕй нӕ фӕхъӕуы Йегъовӕйӕн дзырд дӕттын, мӕхи дын нывонд кӕнын, зӕгъгӕ. Уый тынг ахсджиаг къахдзӕф у, ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Фӕлӕ ма иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕн. Царды дӕ бирӕ хъуыддӕгты фӕдыл хъӕудзӕн уынаффӕ рахӕссын. Ӕмӕ дӕ уынаффӕтӕй иуӕй-иутӕ тынг хорз уыдзысты. Фӕлӕ дӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ (Пс. 50:14). Хӕйрӕг архайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ сивай. Уый афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзынӕ. Фӕлӕ йӕ ма бауадз, цӕмӕй фӕуӕлахиз уа! (Иов 27:5). Йегъовӕйы тынг куы уарзай, уӕд дын уыцы уарзондзинад ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цӕрай, цы дзырд ын радтай, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнай.

21. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ донаргъуыд дӕ фӕндаджы кӕрон нӕу, фӕлӕ йӕ райдиан?

21 Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд-иу уый фӕстӕ де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъ, донаргъуыд райсын дӕ кӕй фӕнды. Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: донаргъуыд дӕ фӕндагӕн йӕ кӕрон нӕу, фӕлӕ йӕ райдиан. Ды райдайдзынӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ уымӕн кӕрон никуы уыдзӕн. Уӕдӕ ныр архай, цӕмӕй дӕ уӕларвон Фыды тынгӕй-тынгдӕр уарзай. Дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ уарзондзинад бонӕй-бонмӕ тыхджындӕр кӕна. Йегъовӕйы тынг куы уарзай, уӕд дӕ ӕнӕмӕнг бафӕнддзӕн донаргъуыд райсын. Уый уыдзӕн стыр цины бон! Фӕлӕ уый у ӕрмӕстдӕр райдиан. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты ӕнустӕм дӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзай!

135 ЗАРӔГ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»

a Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ уырнындзинад рӕза ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райса, уый тыххӕй хъуамӕ уарза Йегъовӕйы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ рӕстдзинад. Стӕй ма йӕ хъӕуы, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ефиопаг хицауы цӕвиттонмӕ. Ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, Библи чи ахуыр кӕны, уыцы адӕймаджы цавӕр къахдзӕфтӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уа.

b НЫВ. Ӕрыгон хо Йегъовӕмӕ кувы ӕмӕ йын йӕ лӕвӕртты тыххӕй бузныг дзуры.