Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Цӕмӕн хъӕуы донаргъуыд райсын?

Цӕмӕн хъӕуы донаргъуыд райсын?

«Ӕмӕ уӕ алчидӕр... донаргъуыд райсӕд» (ХЪУЫД. 2:38).

34 ЗАРӔГ Цӕрын рӕстӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Донаргъуыды рӕстӕг цы вӕййы фенӕн ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма дӕ конгрессы. Донаргъуыды рӕстӕг ӕрхӕццӕ. Донаргъуыд чи исдзӕн, уыдон сыстадысты ӕмӕ дыууӕ фарстайӕн фидарӕй дзуапп радтой. Сӕ бинонтӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн фырцинӕй сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты. Донаргъуыд чи райсы, уый донӕй куы схизы, уӕд та иууылдӕр нымдзӕгъд кӕнынц. Ног хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ цӕсгӕмттӕй хуртӕ ӕмӕ мӕйтӕ ракӕсы. Рӕстӕмбис нымадӕй, алы къуыри дӕр мингӕйттӕ скӕнынц уыцы къахдзӕф, ӕмӕ свӕййынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

2 Ды дӕр, мыййаг, донаргъуыд райсыныл хъуыды кӕныс? Кӕд о, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «Йегъовӕйы агурыс», ӕмӕ ацы фыддунейы дӕ, цӕхӕртӕ чи калы, ахӕм зынаргъ дуры хуызӕн (Пс. 14:1, 2). Ӕмӕ ацы статья дӕуӕн фыст ӕрцыд, уӕлдай нӕу, ӕрыгон дӕ ӕви ацӕргӕ. Фӕлӕ, донаргъуыд чи у, уыдоны дӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй сӕ дарддӕр дӕр фӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ афтӕ уа ӕнустӕм дӕр. Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыддагыл.

ДЫ УАРЗЫС «ӔЦӔГДЗИНАД» ӔМӔ ДӔ ФӔНДЫ, РАСТ ЦЫ У, УЫЙ АРАЗЫН

Хӕйрӕг Йегъовӕйы номыл цалдӕр мин азы дӕргъы цъыф калы (кӕс 3, 4 абзацтӕ)

3. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ «ӕцӕгдзинад» цӕмӕн уарзынц ӕмӕ сӕ цӕмӕн фӕнды, раст цы у, уый аразын? (Псалом 119:128, 163).

3 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «уарзут рӕстдзинад [кӕнӕ «ӕцӕгдзинад», фиппаинаг]» (Зах. 8:19). Йесо та йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «рӕстдзинад... агурой», ома сӕ хъуамӕ тынг фӕнда, Хуыцауы цӕсты раст ӕмӕ хорз цы у, уый аразын (Матф. 5:6). Ды, бӕгуыдӕр, «ӕцӕгдзинад» уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды, раст цы у, уый аразын. Мӕнг ныхӕстӕй ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй де сӕфт уыныс. (Бакӕс Псалом 119:128, 163.) Мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уый вӕййы ацы дунейы хицауы хуызӕн – Хӕйрӕджы хуызӕн (Иоан. 8:44; 12:31). Хӕйрӕджы нысӕнттӕй иу у Йегъовӕйы сыгъдӕг номыл цъыф калын. Ӕмӕ афтӕ кӕны, Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Едемы цӕхӕрадоны дзы цы загъта, уымӕй афтӕ уад, ӕмӕ Йегъовӕ у мӕнгард, хиуарзон хицау ӕмӕ адӕмӕй хорз цыдӕр ӕмбӕхсы (Райд. 3:1, 4, 5). Йӕ мӕнг ныхӕстӕй абоны онг дӕр адӕмы зонд зыгъуыммӕ кӕны. Ӕмӕ адӕм «ӕцӕгдзинад» куы нӕ фӕуарзынц, уӕд Хӕйрӕгӕн йӕ бон вӕййы алы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл сӕ бафтауын (Ром. 1:25–31).

4. Йегъовӕ куыд равдыста, «рӕстдзинады [кӕнӕ «ӕцӕгдзинады»] Хуыцау» кӕй у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Йегъовӕ у «рӕстдзинады [кӕнӕ «ӕцӕгдзинады», фиппаинаг] Хуыцау», ӕмӕ рӕстдзинад зӕрдиагӕй амоны, чи йӕ уарзы, уыдонӕн (Пс. 31:5). Афтӕмӕй сын баххуыс кӕны, цӕмӕй Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл мауал ӕууӕндой ӕмӕ ссӕрибар уой. Йегъовӕ ма йӕ лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕны, цӕмӕй уой ӕнӕзӕрдӕхудт, сайгӕ ма кӕной ӕмӕ, раст цы у, уый аразой. Уый фӕрцы сӕ цӕсгом вӕййы сыгъдӕг ӕмӕ сӕхицӕн дӕр тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц (Ӕмб. 13:5, 6). Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый фӕрцы, ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр Йегъовӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты ссӕрибар кодта. Ды базыдтай, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр ӕмӕ дӕуӕн дӕр пайда кӕй сты (Пс. 77:13). Ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын (Матф. 6:33). Дӕу фӕнды адӕмӕн рӕстдзинад дзурын ӕмӕ, Хӕйрӕг нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта, уый ӕргом кӕнын. Уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы саразын?

5. Дӕ бон куыд у равдисын, «ӕцӕгдзинад» кӕй уарзыс ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, раст цы у, уый аразын?

5 Дӕ цардӕй равдис, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл кӕй не ’ууӕндыс ӕмӕ «ӕцӕгдзинады» фарс кӕй дӕ. Равдис, кӕй дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ дӕ Хицау уа, стӕй дӕ кӕй фӕнды, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразын. Уый тыххӕй та дӕ хъӕуы Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын дӕхи снывонд кӕнын, стӕй донаргъуыд райсын. Адӕймаг «ӕцӕгдзинад» куы бауарзы ӕмӕ йӕ тынг куы бафӕнды, раст цы у, уый аразын, уӕд ӕй бафӕнды донаргъуыд райсын дӕр.

ДЫ УАРЗЫС ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙЫ

6. Йесо Чырыстийы цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, уый тыххӕй Псалом 45:4 стихӕй цы ис базонӕн?

6 Йесо Чырыстийы цӕмӕн уарзыс? Уарзӕн ӕй цӕмӕн ис, уый тыххӕй цыдӕр базонӕн ис Псалом 45:4 стихӕй. (Бакӕс ӕй.) Йесо уарзы ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинад. Ӕмӕ кӕд ды дӕр ӕцӕгдзинад уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды, раст цы у, уый аразын, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы дӕр уарзыс. Йесо ныфсджынӕй дзырдта ӕцӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл (Иоан. 18:37). Сӕрныллӕгдзинад куыд ахсджиаг у, уый та куыд равдыста?

7. Йесо сӕрныллӕгдзинад куыд ӕвдисы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

7 Йесо йӕхӕдӕг дӕр у сӕрныллӕг. Зӕгъӕм, уый йӕхи нӕ кадджын кӕны, фӕлӕ йӕ Фыды (Мар. 10:17, 18; Иоан. 5:19). Хуыцауы Фырт ахӕм сӕрныллӕг кӕй у, уый тыххӕй дӕр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды йӕ фӕдыл цӕуын. Цымӕ афтӕ сӕрныллӕг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ йӕ Фыд дӕр сӕрныллӕг у, ӕмӕ Йесо та йӕ Фыды тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уа (Пс. 18:35; Дзут. 1:3). Йесо алцӕмӕй дӕр фӕзмы Йегъовӕйы.

8. Нӕ Паддзах Йесойы цӕмӕн уарзӕм?

8 Йесо у нӕ Паддзах. Уый у ӕппӕты хуыздӕр Хицау, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй дӕр уарзӕм. Йегъовӕ йӕ Фырты йӕхӕдӕг ахуыр кодта ӕмӕ йӕ Паддзахӕй дӕр уый сӕвӕрдта (Ис. 50:4, 5). Уымӕй уӕлдай, Йесо равдыста удуӕлдай уарзондзинад (Иоан. 13:1). Дӕ Паддзах Йесо Чырысти уый аккаг у, цӕмӕй йӕ уарзай. Ӕцӕгдӕр ӕй чи уарзы, уыдоны схуыдта йӕ хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ загъта, сӕ уарзондзинад кӕй равдисдзысты, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын кӕй ӕххӕст кӕндзысты, уымӕй (Иоан. 14:15; 15:14, 15). Йегъовӕйы Фырты хӕлар уай, уый стыр кад куыннӕ у!

9. Чырыстийы донаргъуыд ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты донаргъуыд ӕмхуызон цӕмӕй сты?

9 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй донаргъуыд исой (Матф. 28:19, 20). Йӕхӕдӕг дӕр афтӕ бакодта. Йесойы донаргъуыд цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты донаргъуыдӕй. (Кӕс рамкӕ  «Йесойы донаргъуыд ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты донаргъуыд цӕмӕй хицӕн кӕнынц?».) Фӕлӕ цӕмӕйдӕрты та сты ӕмхуызон. Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, йӕ Фыды фӕндон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Дзут. 10:7). Ӕмӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнынц ӕмӕ донаргъуыд куы райсынц, уӕд уыдон дӕр равдисынц, ныр сын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын, сӕхи цы фӕнды, уый аразын нӕ, фӕлӕ. Афтӕмӕй бафӕзмынц сӕ Хицауы.

10. Йесойы кӕй уарзыс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

10 Дӕу бауырныдта, Йесо кӕй у Йегъовӕйы иунӕггуырд Фырт ӕмӕ нын ӕй Йегъовӕ Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта. Ды зоныс, Йесо кӕй у сӕрныллӕг ӕмӕ алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды кӕй фӕзмы. Базыдтай ма, ӕххормаг адӕмы-иу кӕй бафсӕста, ныфссаст чи уыд, уыдоны-иу ныфс кӕй бауагъта ӕмӕ рынчынты дӕр кӕй дзӕбӕх кодта (Матф. 14:14–21). Уыныс ӕй, абон йе ’мбырдӕн разамынд куыд дӕтты, уый (Матф. 23:10). Ӕмӕ йӕ зоныс, фидӕны, Хуыцауы Паддзахады Паддзах уӕвгӕйӕ, ноджы диссагдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй сараздзӕн. Дӕ бон куыд у равдисын, кӕй йӕ уарзыс, уый? Уый куыд цард, афтӕ цӕр (Иоан. 14:21). Ӕмӕ цӕмӕй Йесойы бафӕзмай, уый тыххӕй уал дӕ фыццаг хъӕуы дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын.

ДЫ УАРЗЫС ЙЕГЪОВӔЙЫ

11. Адӕймаджы сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда донаргъуыд райсын ӕмӕ уый афтӕ цӕмӕн у?

11 Адӕймаджы сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда донаргъуыд райсын? Йесойы куы бафарстой, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйраг кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Мар. 12:30). Ды дӕр Хуыцауы афтӕ уарзыс?

Дӕ царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис ӕмӕ уыдзӕн, уый у Йегъовӕйы лӕвар (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

12. Йегъовӕйы цӕмӕн уарзыс? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

12 Йегъовӕйы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ис уарзӕн. Зӕгъӕм, ды базыдтай, уымӕ кӕй ис «царды суадон» ӕмӕ, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» уый кӕй дӕтты (Пс. 36:9; Иак. 1:17). Дӕ царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый у нӕ уарзӕгой ӕмӕ рӕдау Хуыцауы лӕвар.

13. Чырыстийы нывонд зынаргъ лӕвар цӕмӕн у?

13 Чырыстийы нывонд у Йегъовӕйы зынаргъ лӕвар адӕмӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд сты, ууыл. Йесо загъта: «Мӕ Фыд мӕ... уарзы» (Иоан. 10:17). Стӕй ма загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоан. 14:31). Иумӕ уыдысты миллиардгай азтӕ ӕмӕ бонӕй-бонмӕ ӕнгомдӕр кодтой (Ӕмб. 8:22, 23, 30). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн куыд зын уыдаид, йӕ Фырт куыд хъизӕмар кӕны ӕмӕ куыд амард, уый уынгӕйӕ. Фӕлӕ адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбулы нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын. Уый уарзы дӕу дӕр, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай (Иоан. 3:16; Гал. 2:20). Ӕмӕ Хуыцауы фыццаджыдӕр уый тыххӕй уарзӕм.

14. Дӕ бон цы у аскъуыддзаг кӕнын?

14 Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтай, уӕд ӕй тынгдӕр бауарзтай. Ӕмӕ дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕнустӕм дӕр ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнай. Уый дын ӕнӕмӕнг рауайдзӕн. Йегъовӕ дын фӕлмӕнӕй дзуры, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай (Ӕмб. 23:15, 16). Ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕныс, уый ӕрмӕст дӕ ныхӕстӕй хъуамӕ ма уа бӕрӕг, фӕлӕ дӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Куыд цӕрыс, уымӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзыс (1 Иоан. 5:3). Куы аскъуыддзаг кӕнай, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ кӕй цӕрдзынӕ, уӕд уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр.

15. Дӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый?

15 Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый дӕ бон куыд у равдисын? Фыццаг уал хъуамӕ хибарӕй Йегъовӕмӕ скувай ӕмӕ йын дӕхи снывонд кӕнай (Пс. 40:8). Дӕхи иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтай, уый ӕргом равдисдзынӕ, донаргъуыд куы райсай, уӕд. Ацы статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй уый уыдзӕн дӕ царды тынг ахсджиаг хабар ӕмӕ дын ӕрхӕсдзӕн стыр циндзинад! Зӕгъӕн ис, дӕ цард ногӕй райдайдзӕн. Ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ дӕхи тыххӕй нал цӕрдзынӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй (Ром. 14:8; 1 Пет. 4:1, 2). Чи зоны, хъуыды кӕныс, ахӕм ахсджиаг уынаффӕ афтӕ тагъд нӕй рахӕссӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Фӕлӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд ӕрлӕудзынӕ ӕппӕты хуыздӕр царды фӕндагыл. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн?

16. Псалом 41:12 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ куыд схорзӕхджын кӕндзӕн, йӕ цард ын чи снывонд кӕны, уыдоны?

16 Йегъовӕйы хуызӕн рӕдау ничи у. Цыфӕнды йын ма раттай,– уый дын уымӕй бирӕ фылдӕр ратдзӕн (Мар. 10:29, 30). Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕ схайджын кӕндзӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Ныртӕккӕ дӕр, ацы фыддунейы цӕргӕйӕ, уыдзынӕ амондджын. Ӕмӕ фидӕны та ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ. Дӕ донаргъуыдӕй цы балц райдайдзӕн, уымӕн, гӕнӕн ис, кӕрон ма уа. Ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн дӕ зынаргъ Фыдӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын. Кӕрӕдзимӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстут, ӕмӕ ды дӕр цӕрдзынӕ, уый цас цӕры, уыйбӕрц – ӕнустӕм! (Бакӕс Псалом 41:12.)

17. Дӕ бон цы у Йегъовӕйӕн балӕвар кӕнын?

17 Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ Фыдӕн скӕндзынӕ зынаргъ лӕвар. Дӕ царды хорзӕй цы уыд ӕмӕ цы ис, уыдӕттӕ сты Йегъовӕйы лӕвар. Дӕуӕн та дӕ бон у Дунедарӕг Хуыцауӕн, цы йӕм нӕй, ахӕм цыдӕр балӕвар кӕнын – дӕ иузӕрдион лӕггад (Иов 1:8; 41:11; Ӕмб. 27:11). Ахӕм цард куы равзарай, уӕд ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ. Уӕдӕ адӕймаг Йегъовӕйы кӕй бауарзы, фыццаджыдӕр ӕй уый тыххӕй бафӕнды донаргъуыд райсын.

ФӔСТӔ-ФӔСТӔ НӔ КӔНЫС?

18. Дӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын?

18 Зӕгъ-ма, фӕнд кӕныс донаргъуыд райсын? Уый ӕрмӕстдӕр дӕхи бон у аскъуыддзаг кӕнын. Фӕлӕ дын цӕмӕй уый ӕнцондӕр уа саразын, уый тыххӕй ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Цӕмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсын?» (Хъуыд. 8:36). Ӕрхъуыды кӕнӕм, цы ӕртӕ хъуыддагыл аныхас кодтам, уыдон. Фыццаг: ды уарзыс «ӕцӕгдзинад» ӕмӕ дӕ фӕнды, раст цы у, уый аразын. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Фӕнды мӕ мӕхи цӕстӕй фенын, адӕм иууылдӕр, ӕцӕг цы у, уый кӕй дзурдзысты ӕмӕ, раст цы у, уый кӕй араздзысты?» Дыккаг: ды уарзыс Йесо Чырыстийы. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй Хуыцауы Фырт мӕ Паддзах уа ӕмӕ, уый куыд цард, афтӕ цӕрон?» Ӕмӕ ӕртыккаг, ӕппӕты сӕйраг: ды уарзыс Йегъовӕйы. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Фӕнды мӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын?» Кӕд ацы фарстатӕн дӕ дзуапп «о» у, уӕд дӕ цы хъыгдары донаргъуыд райсын? Мауал фӕстӕ кӕн (Хъуыд. 16:33).

19. Донаргъуыдыл фӕстӕ кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон (Иоанны 4:34).

19 Кӕд донаргъуыд райсынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс, уӕд ахъуыды кӕн, Йесо цы цӕвиттон ӕрхаста, ууыл. (Бакӕс Иоанны 4:34.) Йесо йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын абарста хӕринагимӕ. Цымӕ цӕмӕн? Хӕринаг адӕймагӕн пайда у. Ӕмӕ Йесо зыдта, Йегъовӕ нын цы аразын кӕны, уый нын алкӕддӕр пайда кӕй вӕййы. Зиан нын цы ’рхӕсдзӕн, ахӕмӕй нын никуы ницы фӕаразын кӕны. Цымӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй донаргъуыд райсай? Фӕнды! (Хъуыд. 2:38). Уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕн, донаргъуыд куы райсай, уӕд дын уый пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Дӕ разы хӕрзад хӕринаг куы уа, уӕд рахъуыды-бахъуыды нӕ кӕндзынӕ, бахӕрон дзы ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Уӕдӕ донаргъуыдыл дӕр нӕ хъӕуы рахъуыды-бахъуыды кӕнын.

20. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц: «Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ нӕма дӕн». Адӕймаг уымӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ хъуамӕ уа. Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд райсай, уый у царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ. Уыцы хъуыддаг талф-тулфӕй нӕй аразӕн. Адӕймаг донаргъуыдмӕ иу бонмӕ нӕ ацӕттӕ вӕййы. Фӕхъӕуы йӕ цавӕрдӕр къахдзӕфтӕ скӕнын. Фӕлӕ дӕ кӕд зӕрдиагӕй фӕнды донаргъуыд райсын, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕхи уымӕ бацӕттӕ кӕнай? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйы.

28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм

a Библи чи ахуыр кӕны, уый донаргъуыд куы райсы, уӕд тынг ахсджиаг къахдзӕф саразы. Цӕмӕн ӕй бафӕнды донаргъуыд райсын? Ацы статьяйы ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм. Аныхас ма кӕндзыстӕм, адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд йӕ цард куыд фӕивы, ууыл дӕр.