Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?
«Дины зарджытӕ» ахуыр кӕн
«Афтӕ мӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ мӕ ницы пайда ис, уӕд мӕ Йегъовӕ бафидар кӕны JW Broadcasting-ы® зарджыты фӕрцы» (Лоррейн, АИШ).
«Дины зарджытӕ» алкӕддӕр хаудысты нӕ лӕггадмӕ (Кол. 3:16). Куы сӕ сахуыр кӕнай, уӕд-иу дӕ бафидар кӕндзысты, нӕдӕр дӕм зарджыты чиныг, нӕдӕр дӕм телефон кӕнӕ планшет куы нӕ уа, уӕд дӕр. Дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ зарджытӕ сахуыр кӕнай.
Зарӕджы ныхӕстӕ бакӕс ӕмӕ сыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Цавӕрдӕр ӕрмӕг хорз куы бамбарӕм, уӕд ӕй ӕнцондӕрӕй бахъуыды кӕнӕм. Нӕ зарджыты ныхӕстӕ, уыимӕ, JW Broadcasting-ы чи рацӕуы ӕмӕ нӕм сывӕллӕттӕн цы зарджытӕ ис, уыдоны ныхӕстӕ, ссарӕн ис сайты jw.org. Уый тыххӕй вкладкӕйы «Библиотекӕ» равзар «Музыкӕ».
Зарӕджы ныхӕстӕ къухӕй рафысс. Уӕд-иу сӕ хуыздӕр бахъуыды кӕндзынӕ (Дык. з. 17:18).
Зарӕг дӕхицӕн хъӕрӕй зар. Зарӕг-иу цалдӕр хатты азар кӕнӕ-иу ын йӕ ныхӕстӕ цалдӕр хатты бакӕс.
Афӕлвар, бахъуыды йӕ кодтай ӕви нӕ. Зарӕджы ныхӕстӕм ма кӕс, афтӕмӕй сӕ ӕрхъуыды кӕн ӕмӕ стӕй фен, раст сӕ бахъуыды кодтай ӕви нӕ.