Кӕсджыты фарстатӕ
Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сын маннӕ ӕмӕ уӕрццытӕй уӕлдай ӕндӕр хӕринаг уыд?
Израилӕгтӕ 40 азы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд маннӕ уыди сӕ сӕйраг хӕринаг (Рац. 16:35). Йегъовӕ ма сын дыууӕ хатты радта уӕрццытӕ дӕр (Рац. 16:12, 13; Ным. 11:31). Фӕлӕ сын уыд ӕндӕр хӕринӕгтӕ дӕр.
Зӕгъӕм, Йегъовӕ-иу йӕ адӕмы иуӕй-иу хатт ӕрбакодта, сӕ бон ӕрлӕууын кӕм уыд, ахӕм бынӕттӕм (Ным. 10:33). Уым-иу уыди дон ӕмӕ, цы бахордтаиккой, уый дӕр. Иу ахӕм бынат уыд оазис Елим. Уыди дзы «дыууадӕс суадоны ӕмӕ ӕвдай пальмӕбӕласы» (Рац. 15:27). Уыдон уыдаиккой, финиктӕ кӕуыл зад, ахӕм пальмӕбӕлӕстӕ. Иу чиныджы фыст ис: «Финиктӕ кӕуыл зайы, ахӕм пальмӕбӕлас зайы бирӕ рӕтты. Ӕдзӕрӕг быдыры милуангай адӕмӕн сӕйраджыдӕр уый фӕрцы ис хӕринаг, сой ӕмӕ цӕрӕнбынӕттӕ» (Plants of the Bible).
Израилӕгтӕ ма, чи зоны, ӕрлӕууыдысты иу стыр оазисы раз дӕр. Ныртӕккӕ хуыйны Фаран. Уый ис цӕугӕдоны дӕлвӕзы, кӕнӕ вадийы a. «Ацы дӕлвӕз йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ у 130 километры. Ӕмӕ у Синайы ӕрдӕгсакъадахыл ӕппӕты даргъдӕр, ӕппӕты рӕсугъддӕр ӕмӕ ӕппӕты зындгонддӕр вадитӕй сӕ иу»,– фыст ис иу чиныджы (Discovering the World of the Bible). Ноджыдӕр ма дзы фыст ис: «Цӕугӕдон денджызы кӕм бакӕлы, уырдыгӕй иу-45 километры дарддӕр, денджызы ӕмвӕзадӕй 610 метры уӕлдӕр ис рӕсугъд оазис Фаран, дӕргъырдӕм у 5 километры бӕрц. Зайы дзы мингай пальмӕбӕлӕстӕ. Уый у Синайы Едем. Раджы замантӕй фӕстӕмӕ адӕм ардӕм цӕрынмӕ цыдысты, финиктӕ кӕуыл зайы, уыцы пальмӕбӕлӕсты тыххӕй».
Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд семӕ рахастой хыссӕ, арынгтӕ ӕмӕ, чи зоны, хор ӕмӕ сой дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ сын бирӕйы фаг не суыдаиккой. Стӕй семӕ ракодтой «сӕ фыстӕ ӕмӕ се стурты дӕр – тынг бирӕ фос» (Рац. 12:34–39). Фӕлӕ ӕдзӕрӕг быдыры карз уавӕрты тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фос фӕцагъдысты. Иуцасдӕр дзы, ӕвӕццӕгӕн, аргӕвстой, цӕмӕй сын хӕринаг уыдаид. Иннӕты та, ӕвӕццӕгӕн, нывондӕн ӕрхастой, уыимӕ мӕнг хуыцӕуттӕн дӕр (Хъуыд. 7:39–43) b. Фӕлӕ уӕддӕр израилӕгтӕм уыди фос. Уый бӕрӕг у Йегъовӕйы ныхӕстӕй. Ӕгоммӕгӕс кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын афтӕ загъта: «Уӕ фырттӕ цыппор азы ӕдзӕрӕг быдыры уыдзысты фыййӕуттӕ» (Ным. 14:33). Уымӕ гӕсгӕ сӕм уыдаид ӕхсыр дӕр ӕмӕ иуӕй-иу хатт дзидза дӕр. Фӕлӕ 3 милуан адӕймаджы бӕрц 40 азы дӕргъы ӕфсадынӕн фаг кӕцӕй уыдаиккой c.
Цымӕ сӕ фосӕн холлаг ӕмӕ дон кӕм уыди? d Уыцы заман ӕдзӕрӕг быдыры уаргӕ фылдӕр кодта, ӕмӕ дзы кӕрдӕг фылдӕр зад. Чиныджы «Понимание Писания», статьяйы «Аравия» фыст ис: «3 500 азы размӕ нӕ рӕстӕгимӕ абаргӕйӕ Аравийы дон фылдӕр уыд. Бирӕ хус вадитӕ, кӕнӕ цӕугӕдоны дӕлвӕзтӕ дзы кӕй ис, уымӕй базонӕн ис, кӕддӕр дзы цӕугӕдӕттӕ кӕй уыд. Уый у бӕлвырдгӕнӕн, раджы заман дзы къӕвдатӕ кӕй уарыд ӕмӕ-иу уыцы дӕлвӕзты гуылфгӕнгӕ дон кӕй калд». Фӕлӕ уӕддӕр ӕдзӕрӕг быдырӕн йӕ ном йӕ уӕлӕ ис – уый у, адӕймагыл тас чи ӕфтауы, ахӕм хус бӕстӕ (Дык. з. 8:14–16). Йегъовӕ израилӕгтӕн диссаджы хуызы дон куы нӕ лӕвӕрдтаид, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фос дӕр сыскъуыдаиккой (Рац. 15:22–25; 17:1–6; Ным. 20:2, 11).
Моисей израилӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, дам, уын Йегъовӕ маннӕ лӕвӕрдта, «цӕмӕй бамбӕрстаиккат: адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Дык. з. 8:3).
a Кӕс 1992 азы 1 майы «Сторожевая башня», 24, 25 фӕрстӕ.
b Библийы дыууӕ хатты фыст ис, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры Йегъовӕйӕн фосӕй нывӕндтӕ кӕй ӕрхастой. Фыццаг хатт афтӕ бакодтой, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сауджынтӕй ӕвӕрд куы цыдысты, уӕд, дыккаг хатт та – Куадзӕны рӕстӕг. Дыууӕ хабары дӕр ӕрцыдысты н. э. размӕ 1512 азы. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй рацыд 1 азы бӕрц (Лев. 8:14–9:24; Ным. 9:1–5).
c 40 азы кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд, хӕсты чи уыд, уыцы израилӕгтӕ ратардтой тынг бирӕ фос – цалдӕр сӕдӕ мины (Ным. 31:32–34). Фӕлӕ уӕддӕр, цалынмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыдысты, уӕдмӕ хордтой маннӕ (Йес. Н. 5:10–12).
d Никуы ис фыст, ӕмӕ фос хордтой маннӕ. Йегъовӕ адӕмӕн загъта, цӕмӕй-иу маннӕйӕ ӕрӕмбырд кодтаиккой, алы адӕймаг дӕр цас бахордтаид, уыйбӕрц. Ӕмӕ дзы фосы кой нӕ уыд (Рац. 16:15, 16).