Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?
Куыд ис, цавӕрдӕр ахуырад кӕнӕ фарста ныр куыд ӕмбарын кӕнӕм, уый базонӕн?
Мах цӕрӕм диссаджы рӕстӕджы. Йегъовӕ нын абон куыд ӕргом кӕны рӕстдзинад, афтӕ никуы, ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ хуыздӕр ӕмбарын райдайӕм (Дан. 12:4). Фӕлӕ нын, чи зоны, зын вӕййы, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цавӕрдӕр ахуырад кӕнӕ фарста ныр куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ нӕ хъус дарын. Нӕ бон кӕм у уыцы ивындзинӕдтӕ ссарын?
• Публикацийы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» ис уыцы ивындзинӕдты цыбыр номхыгъд темӕтӕм гӕсгӕ. Равзар «Темӕтӕ», стӕй «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ», стӕй «Нӕ ахуырӕдтӕ ӕмӕ нӕ цӕстӕнгас алы фарстатӕм», уый фӕстӕ «Ахуырӕдтӕ хуыздӕр ӕмбарӕм». Кӕнӕ та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы онлайн-библиотекӕйы», цы агурыс, уый кӕм хъӕуы ныффыссын, уым дыкъӕдзыгты ныффысс «ахуырӕдтӕ хуыздӕр ӕмбарӕм».
Иннӕ хатт Библи куы иртасай, уӕд-иу афтӕ афӕлвар: равзар, ӕрӕджы ӕндӕрхуызон ӕмбарын кӕй райдыдтам, уыцы ахуырӕдтӕй иу ӕмӕ лӕмбынӕг раиртас, ныр ӕй куыд ӕмбарын кӕнӕм, уый, стӕй йӕ афтӕ цӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, уымӕн Библийы цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон.