39 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Дӕ тых уыдзӕн дӕ фӕлмӕн удыхъӕды мидӕг
«Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн» (2 ТИМ. 2:24).
120 ЗАРӔГ Чырыстийау фӕлмӕн удыхъӕды хицау ут
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Иуӕй-иу хатт нӕ куысты кӕнӕ скъолайы цӕмӕй фӕфӕрсынц?
ДЕ ’МКУСӔГ кӕнӕ дӕ дӕ къласаг, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй куы бафӕрсы, уӕд нӕ ратыхсыс? Бирӕтӕ нӕ ахӕм уавӕры фӕтыхсынц. Фӕлӕ нӕм адӕймаг ахӕм фарста куы ратты, уӕд нӕ бон вӕййы бамбарын, цы хъуыды кӕны кӕнӕ та цӕуыл ӕууӕнды, уый. Ӕмӕ нын фӕзыны фадат, цӕмӕй йын хорз хабар радзурӕм. Хатт та нӕм адӕймаг ахӕм фарста уымӕн ратты, ӕмӕ немӕ разы нӕ вӕййы, ӕмӕ стӕй быцӕу кӕнын райдайы. Уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕй фехъусынц, уый тыххӕй фӕкӕнынц тыхныхас (Хъуыд. 28:22). Уымӕй уӕлдай, мах цӕрӕм «фӕстаг бонты», ӕмӕ бирӕтӕ сты «зындзырд» ӕмӕ «ӕгъатыр», кӕнӕ «знӕт» (2 Тим. 3:1, 3, фип.).
2. Фӕлмӕн удыхъӕд хъӕугӕ миниуӕг цӕмӕн у?
2 Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Исчи мемӕ куы быцӕу кӕна, уӕд мын цы баххуыс кӕндзӕн йемӕ сабырӕй ныхас кӕнынӕн?» Цыбырдзырдӕй, фӕлмӕн удыхъӕд. Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагӕн исчи ӕфхӕрӕн кӕнӕ къахӕн ныхӕстӕ куы фӕкӕны, уӕд уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы ӕмӕ йӕ бон вӕййы йӕхиуыл хӕцын (Ӕмб. 16:32). Стӕй куы нӕ фӕзоны, цавӕр дзуапп ратта, уӕд нӕ ратыхсы. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, йӕ зӕгъын ӕнцон у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕм уыцы миниуӕг фӕзына? Цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй демӕ исчи куы быцӕу кӕна, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнынӕн? Ӕмӕ ныййарджытӕн та сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинады сӕрыл фӕлмӕнӕй дзурой? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатыл аныхас кӕнӕм.
ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НЫН ФӔЛМӔН УДЫХЪӔД УА?
3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый лӕмӕгъ нӕ, фӕлӕ фидар ӕмӕ тыхджын адӕймаг у? (2 Тимофеймӕ 2:24, 25).
3 Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый лӕмӕгъ адӕймаг нӕу. Уый у фидар ӕмӕ тыхджын адӕймаг. Цӕмӕй зын уавӕры ма стыхсай ӕмӕ дӕ бон уа дӕхиуыл хӕцын, уымӕн тых хъӕуы. Фӕлмӕн удыхъӕд у, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕй сӕ иу (Гал. 5:22, 23). Дзырдбаст «фӕлмӕн удыхъӕд»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕй-иу хатт пайда кодтой, ӕрмахуыр-иу кӕй скодтой, ахӕм хъӕддаг бӕхы кой кӕнгӕйӕ. Кӕд бӕх ӕрмахуыр свӕййы, уӕддӕр йӕ хъару нӕ асӕтты. Махӕн дӕр фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд уыдзыстӕм тыхджын, фидар адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст нӕхӕдӕг куы архайӕм, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ суӕм, уӕд уый фаг нӕ уыдзӕн. Хъӕуы нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс. Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй уыцы рӕсугъд миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уый бантыст. Ӕмӕ сын исчи ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы фӕкӕны кӕнӕ семӕ куы фӕбыцӕу кӕны, уӕд уыдон та йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнынц. Уый фӕрцы ма иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хорз цӕстӕй ракӕсынц. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:24, 25.) Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын фӕлмӕн удыхъӕд уа?
4. Исахъӕн фӕлмӕн удыхъӕд кӕй уыд, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг ӕмӕ дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
4 Фӕлмӕн удыхъӕд ахсджиаг миниуӕг кӕй у, уый Библийӕ бирӕ хабӕрттӕй у бӕрӕг. Ӕркӕсӕм Исахъы цӕвиттонмӕ. Филистимаг горӕт Герары куы ’рцард, уӕд ӕм йӕ сыхӕгтӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ кӕддӕр йӕ фыды лӕггадгӕнджытӕ цы цъайтӕ скъахтой, уыдон сыджытӕй байдзаг кодтой. Исахъ семӕ уыцы цъайтыл тох кӕнын нӕ райдыдта, мӕн сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ бинонтимӕ уырдыгӕй сыстад ӕмӕ ӕндӕр ран ӕрцард, ӕмӕ уым ӕндӕр цъайтӕ скъахта (Райд. 26:12–18). Фӕлӕ та йын филистимӕгтӕ загътой, ацы дон дӕр, дам, мах у. Ӕмӕ та сын ацы хатт дӕр ницы загъта (Райд. 26:19–25). Цы йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй фӕлмӕн ӕмӕ сабыр уыдаид, кӕд-иу иннӕтӕ хыл ракъахынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр? Ӕвӕццӕгӕн ын йӕ ныййарджытӕ уыдысты фӕзминаг. Авраам уыд фарнуарзаг адӕймаг. Саррӕ та уыд «сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды» хицау (1 Пет. 3:4–6; Райд. 21:22–34).
5. Чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнын, фӕлмӕн удыхъӕд ахсджиаг миниуӕг кӕй у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
5 Чырыстон ныййарджытӕ, сымахӕн дӕр уӕ бон уыдзӕн уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнын, фӕлмӕн удыхъӕд куыд ахсджиаг миниуӕг у, уый. Ӕркӕсӕм-ма Максенсы хабармӕ. Ацы лӕппуйыл цӕуы 17 азы. Скъолайы кӕнӕ-иу уацамынды иуӕй-иутӕ йемӕ мӕстыйӕ ныхас кодтой. Йӕ ныййарджытӕ йын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй суыдаид фӕлмӕн адӕймаг. Ӕмӕ йын рауад уыцы миниуӕг йӕ удыхъӕды сфидар кӕнын. Йӕ ныййарджытӕ загътой: «Максенс бамбӕрста: исчи дын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд цӕмӕй дӕхиуыл фӕхӕцай, уымӕн лӕгдзинад хъӕуы. Мӕстӕй йӕм рафыцай кӕнӕ йӕ ныццӕвай, уымӕн та бирӕ зонд нӕ хъӕуы».
6. Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ уӕм?
6 Исчи немӕ тыхныхас куы кӕна, зӕгъӕм, Хуыцауы тыххӕй ӕвзӕр истытӕ куы дзура кӕнӕ, Библийы цы фыст ис, ууыл куы худа, уӕд цы ис саразӕн? Хъуамӕ-иу Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ зонд ракурӕм, цӕмӕй йын нӕ бон суа фӕлмӕнӕй дзуапп раттын. Фӕлӕ нын, чи зоны, уый нӕ рауад, ӕмӕ фӕсмон кӕнӕм, афтӕ дзурын мӕ нӕ хъуыд, зӕгъгӕ. Уӕд нӕ бон у ногӕй Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, иннӕ хатт ахӕм уавӕры нӕ бон куыд уаид бакӕнын. Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг йӕ сыгъдӕг тыхӕй ратдзӕн, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхиуыл хӕцын ӕмӕ фӕлмӕнӕй дзуапп дӕттын.
7. Библийы стихтӕ-иу куы сахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн кӕцыдӕр уавӕрты нӕхиуыл фӕхӕцынӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 15:1, 18).
7 Хатт нын зын вӕййы не ’взаджы рохтыл хӕцын. Ӕмӕ нын ахӕм уавӕрты Библийӕ бирӕ стихтӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын сӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн (Иоан. 14:26). Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты чиныджы цы хъуыдытӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:1, 18.) Ацы чиныгӕй ма базонӕн ис, хорз цӕмӕн вӕййы кӕцыдӕр уавӕрты хиуыл хӕцын (Ӕмб. 10:19; 17:27; 21:23; 25:15).
ӔМБАРГӔДЗИНАД НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НЫН ФӔЛМӔН УДЫХЪӔД УА
8. Цӕмӕн фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, адӕймаг нӕ цӕмӕйдӕр цӕмӕн фӕрсы, ууыл?
8 Баххуыс ма нын кӕндзӕн ӕмбаргӕдзинад дӕр (Ӕмб. 19:11). Ӕмбаргӕ, арфуынӕг адӕймаг йӕхиуыл фӕхӕцы, исчи йӕ, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй хынцфарст куы фӕкӕны, уӕд. Иуӕй-иу фарстатӕ вӕййынц айсбергы хуызӕн. Айсбергӕн йӕ фылдӕр хай доны бын вӕййы ӕмӕ нӕ фӕзыны. Раст афтӕ, исчи нӕ истӕмӕй куы фӕфӕрсы, уӕд ӕй арӕх нӕ фӕзонӕм, афтӕ нӕ цӕмӕн фӕрсы. Ӕмӕ хорз уыдзӕн, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, цалынмӕ йын дзуапп раттӕм, уӕдмӕ (Ӕмб. 16:23).
9. Гедеон ефремӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд куыд равдыста, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг кӕй уыд?
9 Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Гедеон ефремӕгтӕн цавӕр дзуапп радта, уый. Уыдон ӕм смӕсты сты, раздӕр, дам, нӕм цӕуылнӕ фӕдзырдтай, Израилы знӕгтимӕ хӕцынмӕ куы цыдтӕ, уӕд. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгӕй та цӕмӕн смӕсты сты? Чи зоны сӕм хъыг фӕкаст, Гедеон сӕм уайтагъд кӕй нӕ фӕдзырдта, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, Гедеон равдыста ӕмбаргӕдзинад – се ’нкъарӕнтыл сын ахъуыды кодта ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй дзуапп радта. Ӕмӕ уыдонӕн дӕр «сӕ маст ссыди» (Тӕрх. 8:1–3).
10. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый раст кӕмӕ нӕ кӕсы, уыдонимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм? (1 Петры 3:15).
10 Гӕнӕн ис, не ’мкусӕг кӕнӕ нӕ нӕ къласаг бафӕрса, Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕмӕн цӕрӕм, уымӕй. Уӕд ын ӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бамбарын кӕндзыстӕм. Фӕлӕ йын йӕхи хъуыдыйӕн дӕр аргъ кӕндзыстӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:15.) Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нӕ барӕй къахы. Фӕлтау-иу ахъуыды кӕн, уыцы фарстайы фӕрцы дӕ бон цы у уыцы адӕймаджы тыххӕй базонын. Уӕлдай нӕу, цӕмӕн нӕ фӕрсы – хъуамӕ йын дзуапп раттӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй. Цы йын зӕгъӕм, уый йӕ, гӕнӕн ис, хъуыдытыл бафтауа, ӕмӕ, чи зоны, йӕ хъуыды дӕр аивдзӕн. Кӕд немӕ схуыст ныхас кӕны кӕнӕ ныл худы, уӕддӕр нӕ нысан хъуамӕ уа фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын (Ром. 12:17).
11, 12. а) Зын фарстайӕн дзуапп раттыны размӕ цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.) б) Исчи нӕм фарста куы ратты, уӕд уый фӕрцы ныхас куыд бацайдагъ вӕййы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
11 Зӕгъӕм, де ’мкусӕг дӕ куы бафӕрса, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гуырӕнбонтӕ цӕуылнӕ кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цымӕ мӕ цӕмӕн фӕрсы? Мыййаг, афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ нын бар нӕй нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитынӕн?» Кӕнӕ та, чи зоны, де ’мкусджытӕ тынг лымӕн сты, ӕмӕ, ды семӕ кӕй нӕ вӕййыс, уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Дӕ бон дзы у раппӕлын, йе ’мкусджытыл афтӕ ӕнувыд кӕй у, уый тыххӕй. Стӕй йын дӕ бон у зӕгъын, дӕу дӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй куысты иууылдӕр хӕларӕй цӕрой. Уый фӕрцы уын, гӕнӕн ис, рауайа сабырӕй аныхас кӕнын, Библийы гуырӕнбонты тыххӕй цы фыст ис, ууыл.
12 Ӕндӕр ахӕм фарстатӕ нӕм куы дӕттой, уӕд дӕр-иу нӕ бон уыдзӕн ахъуыды кӕнын, уыдӕттӕй нӕ цӕмӕн фӕрсынц, ууыл. Гӕнӕн ис, дӕ къласаг дын зӕгъа, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты гомосексуализмы тыххӕй сӕ хъуыды фӕивын кӕй хъӕуы. Афтӕ дын цӕмӕн зӕгъы? Кӕд, мыййаг, кӕронмӕ не ’мбары, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гомосексуализммӕ ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц. Кӕнӕ та кӕд йе ’мбӕлттӕй кӕнӕ йӕ хӕстӕджытӕй исчи гомосексуалист у. Мыййаг, афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ, гомосексуалист чи у, уыцы адӕмӕй не сӕфт уынӕм? Чи зоны йын хъӕудзӕн бамбарын кӕнын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзынц ӕмӕ кӕй ӕмбарынц, алы адӕймагӕн дӕр бар кӕй ис, цӕмӕй йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна, куыд бакӕндзӕн, уый (1 Пет. 2:17) b. Ӕмӕ йын уӕд дӕ бон уыдзӕн радзурын, Библийы хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ нын уый куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй амондджын уӕм.
13. Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй ныл чи худы, ахӕм адӕймагимӕ куыд ис аныхас кӕнӕн?
13 Исчи немӕ цӕйдӕр тыххӕй разы куы нӕ уа ӕмӕ йӕхи хъуыдыйыл куы ныллӕууа, уӕд-иу хъуамӕ уайтагъд афтӕ ма ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, бамбӕрстон ӕй, цӕуыл ӕууӕнды (Тит. 3:2). Зӕгъӕм, дӕ къласаг дын зӕгъы, гъеныр Хуыцауыл куыд хъуамӕ ӕууӕндай, зӕгъгӕ. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ эволюцийыл ӕууӕнды ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зоны? Ӕнӕмӕнг афтӕ нӕу. Чи зоны, иннӕтӕй цы фехъуыста, уый дзуры. Йемӕ-иу наукӕйы тыххӕй быцӕу кӕнын ма райдай. Фӕлтау ын бакӕсынӕн исты ратт кӕнӕ йӕм ратт, хъуыдытыл ӕй чи бафтаудзӕн, ахӕм фарста. Дӕ бон ын у равдисын, цард куыд фӕзынд, уый тыххӕй сайты jw.org цы ӕрмӕг ис, уый. Гӕнӕн ис, фӕстӕдӕр уыцы ӕрмӕгмӕ ӕркӕса ӕмӕ йӕ бафӕнда кӕцыдӕр статьяйыл кӕнӕ видеороликыл аныхас кӕнын. Йемӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнай, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, бафӕнда, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй фылдӕр базонын.
14. Нӕ сайты фӕрцы Нилл йӕ къласагӕн куыд баххуыс кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй йӕ хъуыды аивынӕн?
14 Иу ӕрыгон лӕппу, Нилл, нӕ сайты фӕрцы йӕ къласагӕн бамбарын кодта, бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый раст кӕй нӕу. Йӕ къласаг ын арӕх дзырдта, наукӕйыл нӕ, фӕлӕ, дам, цыдӕр аргъӕутты чиныгыл ӕууӕндыс. Фӕлӕ йын йӕхицӕн та дзырды бар нӕ лӕвӕрдта. Ӕмӕ йын уӕд Нилл сайты jw.org равдыста хай «Наукӕ ӕмӕ Библи». Фӕстӕдӕр Нилл бамбӕрста, йӕ къласаг нӕ сайты цыдӕртӕ кӕй бакаст, уымӕн ӕмӕ-иу ӕй фӕндыд, цард куыд фӕзынд, ууыл аныхас кӕнын. Ды дӕр Ниллы куы бафӕзмай, уӕд, чи зоны, искӕмӕн баххуыс кӕндзынӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонынӕн.
УӔХИ ӔНӔХЪӔН БИНОНТӔЙ ЦӔТТӔ КӔНУТ
15. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ къласӕгтӕн фӕлмӕнӕй дзуапп дӕттой?
15 Скъолайы сывӕллӕтты фӕхъӕуы сӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын. Ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын фӕлмӕнӕй дзуапп дӕттын (Иак. 3:13). Иуӕй-иутӕ бинонты ахуыры рӕстӕг фӕныхас кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕтты скъолайы цӕмӕй фӕфӕрсынц, уыдӕттыл. Иумӕ ахъуыды кӕнынц, цавӕр дзуапп уаид раттӕн, ӕмӕ йӕ фӕлваргӕ дӕр акӕнынц. Стӕй сын фӕамонынц, сӕ бон куыд у иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ зӕрдӕхӕларӕй ныхас кӕнын. (Кӕс рамкӕ « Бинонты ахуыры рӕстӕг-иу дӕ дзуапп афӕлвар».)
16, 17. Ӕрыгӕттӕ-иу рагацау куы афӕлварой, цавӕр дзуапп ратдзысты, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
16 Бинонтӕ-иу сӕхи рагацау куы бацӕттӕ кӕной, уӕд сын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ма дызӕрдыг кӕной, Библийы цы фыст ис, ууыл ӕмӕ йӕ сӕ бон уа иннӕтӕн дӕр ӕмбарын кӕнын. Сайты jw.org хайы «Подростки» ис «Рабочие схемы». Уыдон сын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ уырнындзинад бафидар кӕной, стӕй сӕ исчи куы фӕрса, уӕд дзуапп сӕхи ныхӕстӕй дӕттой. Уыцы хайы цы статьятӕ ӕмӕ цы кусӕн схемӕтӕ ис, уыдон бинонтӕ иумӕ куы иртасой, уӕд се ’ппӕт дӕр сахуыр уыдзысты сӕ уырнындзинады сӕрыл фӕлмӕнӕй ӕмӕ зӕрдӕхӕларӕй дзурын.
17 Иу ӕрыгон лӕппу, Мэтью, радзырдта, куыд ын баххуыс кодта, йӕ къласӕгтӕн цавӕр дзуапп ратдзӕн, уый йӕ ныййарджытимӕ кӕй афӕлварынц, уый. Арӕх бинонты ахуыры рӕстӕг ахъуыды кӕнынц, йӕ къласӕгтӕм цы фарстатӕ фӕзындзӕн, ууыл, ӕмӕ сӕ раиртасынц. Мэтью загъта: «Уый фӕстӕ та, скъолайы цы зӕгъдзынӕн, уый афӕлварӕм. Куы йӕ фембарын, цӕуылдӕр цӕмӕн ӕууӕндын, уӕд нӕ фӕтыхсын, ӕмӕ мын иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын ӕнцондӕр вӕййы».
18. Колоссӕгтӕм 4:6 стихмӕ гӕсгӕ, ахсджиаг цы у?
18 Фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ-иу куы ’рхӕссӕм, уӕд дӕр-иу алчи немӕ не сразы уыдзӕн. Фӕлӕ семӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд сын, гӕнӕн ис, сӕ зӕрдӕтӕ бацагайӕм. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:6.) Нӕ хъуыдытӕ куыд дзурӕм, уый абарӕн ис, кӕмӕдӕр пурти куыд ӕппарай, уыимӕ. Ис ӕй сабыргай баппарӕн, ис та йӕ ныззыввытт кӕнӕн. Сабыргай йӕ куы баппарай, уӕд ӕй адӕймаг ӕрцахсдзӕн ӕмӕ дарддӕр хъаздзӕн. Раст афтӕ, нӕ хъуыдытӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй куы дзурӕм, уӕд-иу нӕм адӕймаг зӕрдиагдӕрӕй байхъусдзӕн ӕмӕ йӕ фӕнддзӕн немӕ дарддӕр ныхас кӕнын. Фӕлӕ йӕ кӕд немӕ быцӕу кӕнын фӕнды кӕнӕ нӕ хынджылӕг кӕны, уӕд хӕсджын не стӕм, цӕмӕй йын дарддӕр цыдӕртӕ ӕмбарын кӕнӕм (Ӕмб. 26:4). Фӕлӕ афтӕ искуы иу хатт вӕййы. Адӕмимӕ фӕлмӕнӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕм уӕддӕр бирӕтӕ байхъусынц.
19. Цӕмӕн нӕ хъуамӕ фӕнда адӕмимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын?
19 Уӕдӕ йӕ федтам, фӕлмӕн удыхъӕд стыр хӕзна кӕй у. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй-иу дӕ бон уа фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын, исчи дӕм зын фарстатӕ куы дӕтта кӕнӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕ фаутӕ куы хӕсса, уӕд. Кӕимӕ ныхас кӕныс, уый ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст куы уа, фӕлӕ йын ды фӕлмӕнӕй дзуапп куы дӕттай, уӕд-иу уӕ ныхас быцӕумӕ нӕ асайдзӕн. Стӕй, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй йӕ хъуыды фӕива. Уӕдӕ алкӕддӕр цӕттӕ у, дӕ уырнындзинады тыххӕй дӕ «чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ», ӕмӕ сын дзуапп дӕтт «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Дӕ тых уӕд дӕ фӕлмӕн удыхъӕды мидӕг!
88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ
a Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фӕлмӕнӕй дзуапп дӕттӕм, немӕ разы чи нӕ вӕййы кӕнӕ немӕ чи фӕбыцӕу кӕны, уыдонӕн.
b Ацы фарстайы тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис статьяйы «Что в Библии говорится о гомосексуализме?», 2016 азы «Пробудитесь!», № 4.
c Хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис сайты jw.org хайы «Статьятӕ алыхуызон темӕтыл», рубрикӕты «Фӕсивӕды фарстатӕ» ӕмӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ».