Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Куы рӕдийай, уӕддӕр Петрау иузӕрдион у

Куы рӕдийай, уӕддӕр Петрау иузӕрдион у

«Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн» (ЛУК. 5:8).

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йесо диссаг куы сарӕзта ӕмӕ Петр бирӕ кӕсӕгтӕ куы ’рцахста, уӕд Петр куыд фӕци?

 ӔНӔХЪӔН ӕхсӕв Петр уыд кӕсаг ахсынмӕ, фӕлӕ ницы ӕрцахста. Ӕмӕ бадис кодта, Йесо йын афтӕ куы загъта: «Арф кӕм у, уырдӕм баленк кӕн, ӕмӕ уӕ хызтӕ уым баппарут» (Лук. 5:4). Петры нӕ уырныдта, исты ӕрцахсдзысты, уый. Фӕлӕ уӕддӕр, Йесо куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕмӕ сӕ хызтӕ донмӕ куы баппӕрстой, уӕд уыйбӕрц кӕсаг ӕрцахстой, ӕмӕ йӕ уӕзӕй хызтӕ скъуыйын райдыдтой. Петр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ «дисы ныххаудысты», уымӕн ӕмӕ бамбӕрстой, Йесо сӕ тӕккӕ цӕстыты раз диссаг кӕй сарӕзта. Ӕмӕ йын Петр ныллӕгъстӕ кодта: «Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн» (Лук. 5:6–9). Ӕвӕццӕгӕн, йӕхи уый аккагыл дӕр нӕ нымадта, ӕмӕ Йесойы раз уа.

2. Петры хабӕрттӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

2 Петр раст загъта, «тӕригъӕдджын адӕймаг» уыд. Библийӕ базонӕн ис, хатт-иу кӕй загъта кӕнӕ кӕй сарӕзта, фӕстӕдӕр-иу цӕуыл фӕфӕсмон кодта, ахӕм цыдӕртӕ. Мыййаг, дӕумӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ Петры хуызӕн дӕ? Кӕд ныр цасдӕр рӕстӕг архайыс, цӕмӕй дӕ удыхъӕды цыдӕр фӕивай, кӕнӕ дӕ фӕнды цавӕрдӕр ӕвзӕр ахуыр ныууадзын, ӕмӕ дын уый ӕнцон нӕу, уӕд дӕ Петры хабар ныфс бауадздзӕн. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ Петры рӕдыдтыты ӕмӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй Библийы ма ныффыссын кодтаид, фӕлӕ сӕ ныффыссын кодта. Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕй мах уыдӕттӕй цӕуылдӕр сахуыр уӕм (2 Тим. 3:16, 17). Куы базонӕм Петры хъӕндзинӕдты тыххӕй, стӕй-иу цы ’нкъардта, уыдӕтты тыххӕй, уӕд бамбардзыстӕм, Йегъовӕ нӕ ӕххӕстдзинад кӕй нӕ домы. Уый фӕнды, цӕмӕй-иу, куы фӕрӕдийӕм, уӕддӕр нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм ӕмӕ дарддӕр архайӕм, цӕмӕй йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм.

3. Нӕ къухтӕ-иу цӕуылнӕ хъуамӕ ӕруадзӕм?

3 Исты нын куы нӕ уайа, уӕд дӕр-иу нӕ къухтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕруадзӕм? Куыд фӕзӕгъынц: «Ӕнӕ фыдӕбонӕй ницы ис». Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Фӕндырӕй цӕгъдын чи фӕахуыр кӕны, уый фӕхъӕуы цалдӕр азы ахуыр кӕнын. Ахуыр кӕнгӕйӕ мингай хӕттыты фӕрӕдийы, цыдӕртӕ раст нӕ ацӕгъды. Ӕмӕ дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг куы свӕййы, уӕд дӕр искуы иу хатт фӕрӕдийы. Фӕлӕ уый тыххӕй афтӕ нӕ фӕзӕгъы, нал цӕгъддзынӕн, зӕгъгӕ. Дарддӕр фӕархайы, цӕмӕй хуыздӕр цӕгъда. Афтӕ у нӕ хабар дӕр. Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ цавӕрдӕр хъӕндзинадӕй фервӕзтыстӕм, уӕддӕр та, гӕнӕн ис, ногӕй фӕрӕдийӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ нысан нӕ къухы бафта. Махӕй алчидӕр фӕзӕгъы кӕнӕ саразы, фӕстӕдӕр цӕуыл фӕфӕсмон кӕны, ахӕм цыдӕртӕ. Фӕлӕ нӕ къухтӕ куы не ’руадзӕм, уӕд нын Йегъовӕ ивынӕн ӕххуыс кӕндзӕн (1 Пет. 5:10). Мах ӕркӕсдзыстӕм Петры хабармӕ. Кӕд-иу фӕрӕдыд, уӕддӕр-иу ӕм Йесо фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста. Ӕмӕ-иу ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын.

ПЕТРЫ ХЪӔНДЗИНӔДТӔ ӔМӔ АРФӔДЗИНӔДТӔ

Петрыл цы хабар ӕрцыд, дӕуыл дӕр ахӕм хабар куы ’рцыдаид, уӕд куыд бакодтаис? (кӕс 4 абзац)

4. Лукайы 5:5–10 стихтӕм гӕсгӕ, Петр йӕхи куыд схуыдта, фӕлӕ дзы Йесо ныфс куыд бауагъта?

4 Петр йӕхи «тӕригъӕдджын адӕймаг» цӕмӕн схуыдта кӕнӕ цавӕр тӕригъӕдты кой кодта, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. (Бакӕс Лукайы 5:5–10.) Фӕлӕ, чи зоны, цавӕрдӕр стыр рӕдыдтытӕ ӕруагъта. Йесо бамбӕрста, Петры тас кӕй бацыд. Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн фӕтарст, ӕмӕ йӕхи уый аккагыл нӕ нымадта, цӕмӕй Йесоимӕ уыдаид. Фӕлӕ ма Йесо зыдта, иузӕрдион лӕггадгӕнӕг дзы кӕй рауайдзӕн. Ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Ма тӕрс». Йесо равдыста, кӕй йыл ӕууӕндыд. Ӕмӕ уый Петрӕн йӕ цард бынтондӕр фӕивта. Фӕстӕдӕр йе ’фсымӕр Андреимӕ сӕ кӕсаг ахсыны куыст ныууагътой ӕмӕ систы Мессийӕйы фӕдылдзӕуджытӕ. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта (Мар. 1:16–18).

5. Петр йӕхимӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕй ракаст ӕмӕ Йесойы фӕдылдзӕуӕг кӕй сси, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын?

5 Петр Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг куы сси, уӕд бирӕ диссӕгтӕ федта. Зӕгъӕм, федта, Йесо рынчынты куыд дзӕбӕх кодта, адӕмӕй дӕлимонты куыд сырдта ӕмӕ мӕрдты куыд ӕгас кодта (Матф. 8:14–17; Мар. 5:37, 41, 42) b. Петр ма цӕстылуайӕны федта, Йесойӕн, фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕн, цы стыр кад уыдзӕн, уый (Мар. 9:1–8; 2 Пет. 1:16–18). Ӕмӕ дзы уыцы хабар цӕрӕнбонтӕм дӕр нӕ ферох. Петр уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыд, ӕмӕ ахӕм диссаджы хабӕрттӕ уындзӕн. Хӕрзаг, куыд цин кодтаид, йӕхимӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕй ракаст ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай кӕй нӕ фӕци, ууыл.

6. Петр йӕ хъӕндзинӕдтӕй уайтагъд фервӕзт? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

6 Кӕд Петр йӕхи цӕстӕй уыйбӕрц диссӕгтӕ федта, уӕддӕр ӕнӕрӕдигӕ нӕ уыд. Йӕ хъӕндзинӕдтӕ-иу кӕцыдӕр уавӕрты рабӕрӕг сты. Ӕрхӕссӕм цалдӕр цӕвиттоны. Иухатт Йесо куы ’мбарын кодта, кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ кӕй амӕлдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Библийы пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уӕд ын Петр бауайдзӕф кодта, ахӕм хабар, дам, дыл ма ’рцӕуӕд (Мар. 8:31–33). Петр ӕмӕ-иу иннӕ апостолтӕ арӕх быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл (Мар. 9:33, 34). Йесойы мӕлӕты размӕ изӕр Петр йӕхиуыл нӕ фӕхӕцыд ӕмӕ хистӕр сауджыны цагъарӕн йӕ хъус ахауын кодта (Иоан. 18:10). Уыцы ’хсӕв ма афтӕ фӕтарст, ӕмӕ йе ’мбалӕй, Йесойӕ, ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Мар. 14:66–72). Ӕмӕ уый фӕстӕ тынг фӕкуыдта (Матф. 26:75).

7. Йесо куы райгас, уӕд Петрӕн цавӕр фадат радта?

7 Петр тынг ныфссаст уыд. Ӕмӕ кӕд фӕрӕдыд, уӕддӕр ыл Йесо йӕ къух нӕ ауыгъта. Куы райгас, уӕд ын фадат радта, цӕмӕй равдыстаид, кӕй йӕ уарзта, уый. Загъта йын, мӕ фысты, дам, мын хиз (Иоан. 21:15–17). Ӕмӕ Петр дӕр зӕрдиагӕй сразы. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг хатт сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты Иерусалимы Фӕндзайӕм боны, ӕмӕ Петр дӕр се ’хсӕн уыд.

8. Петр Антиохийы цавӕр стыр рӕдыд ӕруагъта?

8 Петр сӕрст чырыстон куы сси, уӕд дӕр-иу рӕдыди. Н. э. 36 азы Хуыцау Петры арвыста Корнилиймӕ. Уый дзуттаг нӕ уыд. Ӕмӕ Петр йӕхи цӕстӕй федта, Хуыцау ӕй сыгъдӕг тыхӕй куыд байсӕрста, уый. Уый уыд бӕлвырдгӕнӕн, «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны» ӕмӕ, дзуттаг чи нӕу, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у, цӕмӕй чырыстӕттӕ суой (Хъуыд. 10:34, 44, 45). Уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу ӕрбадт иу фынгыл, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонимӕ. Раздӕр афтӕ ницӕй тыххӕй бакодтаид (Гал. 2:12). Фӕлӕ, дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдонӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ дзуттӕгтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн иумӕ хӕрӕн нӕй. Ахӕм зондыл хӕст чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ Антиохимӕ куы ’рцыдысты, уӕд Петр, сӕ зӕрдӕхудтӕй тӕрсгӕйӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй йӕхи дард ласын райдыдта ӕмӕ семӕ нал хордта. Апостол Павел уый куы федта, уӕд ын йӕ цӕстмӕ миты тыххӕй иннӕты раз бауайдзӕф кодта (Гал. 2:13, 14). Фӕлӕ кӕд Петр фӕрӕдыд, уӕддӕр дарддӕр архайдта Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл. Цымӕ йын цы ’ххуыс кодта?

ПЕТРӔН ЦЫ ӔХХУЫС КОДТА, ЦӔМӔЙ-ИУ ЙӔ КЪУХТӔ МА ’РУАГЪТАИД?

9. Иоанны 6:68, 69 стихтӕй куыд зыны, Петр иузӕрдион кӕй уыд, уый?

9 Петр уыди иузӕрдион адӕймаг. Ӕмӕ йӕ ницы бакъуылымпы кодта Йесойы фӕдыл цӕуын. Иухатт Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бамбӕрстой. (Бакӕс Иоанны 6:68, 69.) Бирӕтӕ нӕ банхъӕлмӕ кастысты, кӕй сын сӕ бамбарын кӕндзӕн, уымӕ ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр нӕ бафарстой, куыд ӕмбаргӕ сты уыцы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты. Фӕлӕ йыл Петр уыд иузӕрдион. Уый загъта, ӕрмӕстдӕр Йесомӕ кӕй сты, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ».

Йесо зыдта, Петр иузӕрдион лӕггадгӕнӕг кӕй суыдзӕн. Уый дӕу ныфс куыд уадзы? (кӕс 10 абзац)

10. Йесо куыд равдыста, Петр ыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн, уый йӕ кӕй уырныдта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Йесо Петры нӕ ныууагъта. Йӕ зӕххон царды фӕстаг изӕр Петримӕ ӕмӕ иннӕ апостолтимӕ куы уыд, уӕд ӕй зыдта, уыдон ӕй иууылдӕр кӕй ныууадздзысты. Фӕлӕ ма зыдта, Петр фӕстӕмӕ кӕй сфидар уыдзӕн ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн. Ӕмӕ йын уый йӕхицӕн дӕр загъта (Лук. 22:31, 32). Йесо ӕмбӕрста, «уд... фидар [кӕй] у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ [кӕй] у» (Мар. 14:38). Ӕмӕ дзы Петр афтӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд йӕ апостолыл йӕ къух нӕ систа. Йесо куы райгас, уӕд ӕм фӕзынд, ӕвӕццӕгӕн, уый иунӕгӕй куы уыд, уӕд (Мар. 16:7; Лук. 24:34; 1 Кор. 15:5). Петр йӕхи фӕсмонӕй куыннӕ хордтаид. Ӕмӕ йӕм Йесо кӕй фӕзынд, уый йӕ куыд тынг бафидар кодтаид!

11. Йесо Петрӕн ныфс куыд бавӕрдта, Йегъовӕ йын, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй дӕтдзӕн?

11 Йесо Петрӕн ныфс бавӕрдта, Йегъовӕ йын, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй дӕтдзӕн. Куы райгас, уӕд та ногӕй диссаг сарӕзта, ӕмӕ та Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ тынг бирӕ кӕсӕгтӕ ӕрцахстой (Иоан. 21:4–6). Уыцы диссаг Петрӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппындӕр зын нӕу, цӕрынӕн ӕй ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ йын дӕттын. Чи зоны, уӕд ӕрхъуыды кодта Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ӕнӕ хӕринаг ӕмӕ ӕнӕ уӕлӕдарӕсӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад чи агуры, уыдоны (Матф. 6:33). Гъемӕ йӕ царды фыццаг бынаты йӕ кӕсаг ахсыны куыст нӕ сӕвӕрдта, фӕлӕ йӕ лӕггад. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ныфсджынӕй хъусын кодта хорз хабар, ӕмӕ йӕ мингӕйттӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой (Хъуыд. 2:14; 37–41). Уый фӕстӕ та самариӕгтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн ӕххуыс кодта Чырыстийыл баууӕндынӕн (Хъуыд. 8:14–17; 10:44–48). Бӕрӕг у, Йегъовӕ Петры уылты ӕмбырдмӕ алыхуызон адӕмы кӕй ӕрбакодта.

УЫДӔТТӔЙ МАХ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?

12. Кӕд рагӕй архайӕм цавӕрдӕр хъӕндзинадӕй фервӕзыныл, уӕд нын Петры цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

12 Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Хатт адӕймагӕн йӕ ныфс асӕтты, уӕлдайдӕр кӕд цавӕрдӕр хъӕндзинадӕй фервӕзыныл рагӕй архайы, уӕд. Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мах Петрӕй тынгдӕр рӕдийӕм. Фӕлӕ нын Йегъовӕ хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй-иу нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм (Пс. 94:17–19). Иу ӕфсымӕр, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ бирӕ азты дӕргъы уыд гомосексуалист. Фӕлӕ йӕ цард фӕивта ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ цӕрын райдыдта. Фӕлӕ-иу ӕй уӕддӕр хатт бахъуыд буары монцтимӕ тох кӕнын. Цы йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ къухтӕ ма ’руагътаид? Уый загъта, Йегъовӕ йын хъарутӕ кӕй дӕтты. Стӕй ма загъта: «Ӕз ӕй бамбӕрстон, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй ис дарддӕр дӕр раст фӕндагыл цӕуӕн... Йегъовӕ мын бар радта, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнӕг суон. Ӕмӕ кӕд ӕнӕрӕдигӕ нӕ дӕн, ис мӕм хъӕндзинӕдтӕ, уӕддӕр мын ӕдзухдӕр мӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауы».

Хорст Хеншель ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдта 1950 азы 1 январы. Куыд дӕм кӕсы, цӕрӕнбонты Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, ууыл искуы фӕфӕсмон кодта? (кӕс 13, 15 абзацтӕ) d

13. Хъуыддӕгты 4:13, 29, 31 стихты Петры тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Петр адӕмӕй кӕй тарст, уый тыххӕй ӕруагъта стыр рӕдыдтытӕ. Фӕлӕ-иу Хуыцауӕй хъӕбатырдзинад куы ракуырдта, уӕд йӕ бон уыд ныфсджынӕй архайын. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 4:13, 29, 31.) Кӕд мах дӕр цӕмӕйдӕрты тӕрсӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ ныфс бауадздзӕн. Ӕркӕсӕм иу немыцаг ӕфсымӕры хабармӕ. Хорст скъолайы ахуыр кодта нацистты рӕстӕг. Ӕмӕ цалдӕр хатты загъта, «Хайль Гитлер!», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ тарсти ахуыргӕнджытӕй ӕмӕ йӕ къласӕгтӕй. Уый тыххӕй-иу ӕм йӕ ныййарджытӕ хыл нӕ кодтой, фӕлӕ-иу йемӕ Йегъовӕмӕ куывтой ӕмӕ дзы куырдтой, цӕмӕй йын хъӕбатырдзинад радтаид. Йӕ ныййарджыты фӕрцы ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый фӕрцы дзы ныфс бацыд, ӕмӕ йӕ бон баци фидар фӕлӕууын. Фӕстӕдӕр Хорст загъта: «Йегъовӕ мӕ никуы ныууагъта» c.

14. Фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ныфссаст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын?

14 Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо никуы ныууадздзысты. Петр Чырыстийӕ афтӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уый фӕстӕ хъуыди тынг ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын: дарддӕр Йесойы фӕдыл цӕудзӕн ӕви зӕгъдзӕн, мӕнӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ? Уый размӕ Йесо Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Петрӕн йӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уыдаид. Ӕмӕ Петрӕн дӕр загъта, афтӕ кӕй куывта. Стӕй ма йын загъта, фӕстӕдӕр йӕ бон кӕй бауыдзӕн йе ’фсымӕрты бафидар кӕнын (Лук. 22:31, 32). Петр-иу уыцы ныхӕстӕ куы ’рхъуыды кодта, уӕд-иу дзы, ӕвӕццӕгӕн, ныфс бацыд. Мах дӕр куы бахъӕуа ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын, дарддӕр нын куыд кӕнгӕ у, уый фӕдыл, уӕд нӕ Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фӕрцы ныфс бауадздзӕн, ӕмӕ нӕ бон бауыдзӕн иузӕрдионӕй баззайын (Еф. 4:8, 11). Ӕфсымӕр Пол хистӕр нӕлгоймагӕй рагӕй лӕггад кӕны. Уый хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс арӕх бафтауы. Йӕ ныфс кӕмӕн асӕтты, уыдонӕн фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, дам-ма ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕ дӕ рӕстдзинадмӕ куыд ӕрбакодта. Уый фӕстӕ сын ныфс бавӕры, Йегъовӕ сӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзы ӕнувыд уарзтӕй. Пол загъта: «Ӕз бирӕ хӕттыты федтон, ныфссаст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн-иу Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йын дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой».

15. Петры ӕмӕ Хорсты хабӕрттӕ куыд ӕвдисынц, Матфейы 6:33 стихы ныхӕстӕ раст кӕй сты?

15 Йегъовӕ Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн куыд лӕвӕрдта, цӕрынӕн сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдӕттӕ, афтӕ мах дӕр уыдӕттӕй цух нӕ уадздзӕн, нӕ лӕггад нӕ царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд (Матф. 6:33). Уый размӕ кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕры, Хорсты, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ фӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ тынг мӕгуыр уыди, ӕмӕ дызӕрдыг кодта, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ бон йӕхи фӕдарын кӕй уыдзӕн, ууыл. Цымӕ уӕд куыд бакодта? Йӕхицӕн загъта, цӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы бафӕлварон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын се ’мбырд районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кодта, уӕд ӕнӕхъӕн къуыри зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта. Къуырийы кӕрон ӕм районон цӕстдарӕг радта къонверт ӕхцатимӕ. Фӕлӕ йын нӕ загъта, чи йын ӕй радта, уый. Хорст фырдиссагӕй фӕцӕйхауд. Цы ’хца дзы уыд, уыдон пионерӕн уыдысты цалдӕр мӕйы фаг! Уыцы лӕвары фӕрцы Хорст нал дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ йын Хуыцауы Паддзахад цӕрӕнбонты уыд фыццаг бынаты (Мал. 3:10).

16. Петры тыххӕй ӕмӕ, цы ныффыста, уый тыххӕй фылдӕр цӕмӕн хъӕуы базонын?

16 Петр куыннӕ цин кодтаид, Йесо йӕм кӕй нӕ байхъуыста ӕмӕ йӕ кӕй нӕ ныууагъта, ууыл! Дарддӕр дӕр ӕй ахуыр кодта, ӕмӕ сси иузӕрдион апостол ӕмӕ фӕзминаг чырыстон. Йесо Петры цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕ мах дӕр хъӕуынц. Уыдӕтты тыххӕй ныффыста, ныртӕккӕ Библийы чи ис, уыцы дыууӕ фыстӕджы. Ныффыста сӕ ӕмбырдтӕм 1 ӕнусы. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм уыцы фыстӕджытӕй цалдӕр хъуыдыйыл ӕмӕ нын абон куыд баххуыс кӕндзысты, ууыл.

126 ЗАРӔГ Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар

a Ацы статья фыст ӕрцыд, цӕмӕй, йӕ хъӕндзинӕдтӕй фервӕзыныл чи архайы, уыдоны ныфс бацӕуа ӕмӕ бамбарой, уый сын кӕй рауайдзӕн ӕмӕ сӕ бон кӕй уыдзӕн дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын.

b Ацы статьяйы бирӕ стихтӕ ист сты Марчы Евангелийӕ. Цы хабӕрттӕ дзы ныффыста, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, Петрӕй фехъуыста. Петр та сӕ йӕхи цӕстӕй федта.

c Хорст Хеншелы биографи «Меня вдохновляла верность семьи Богу» бакӕсӕн ис 1998 азы 22 февралы «Пробудитесь!»-ы.

d НЫВ. Хорст Хеншелы ныййарджытӕ йемӕ иумӕ Йегъовӕмӕ кувынц ӕмӕ дзы курынц, цӕмӕй йын хъарутӕ ратта фидар фӕлӕууынӕн.