Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

41 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Петры дыууӕ фыстӕгӕй нӕхицӕн зондӕн цы райсдзыстӕм?

Петры дыууӕ фыстӕгӕй нӕхицӕн зондӕн цы райсдзыстӕм?

«Ацы хабӕрттӕ [уын] ӕдзухдӕр уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзынӕн» (2 ПЕТ. 1:12).

127 ЗАРӔГ Цавӕр адӕймаг хъуамӕ уон?

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йегъовӕ Петрӕн йӕ мӕлӕты размӕ цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта?

 АПОСТОЛ Петр зыдта, тагъд кӕй амӕлдзӕн. Уый Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта. Йесоимӕ хъусын кодта хорз хабар. Фӕстӕдӕр та хъусын кӕнын райдыдта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмӕн. Стӕй уыди разамонӕг советы дӕр. Фӕлӕ ма йын ныр Йегъовӕ бахӕс кодта ноджыдӕр иу хъуыддаг. Н. э. 62–64 азтӕм ӕввахс ын ныффыссын кодта дыууӕ фыстӕджы. Уыдон ныр сты Библийы ӕмӕ хуыйнынц Петры фыццаг фыстӕг ӕмӕ Петры дыккаг фыстӕг. Петры ныфс уыд, йӕ фыстӕджытӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр чырыстӕттӕн стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзысты (2 Пет. 1:12–15).

2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Петры фыстӕджытӕ сӕ тӕккӕ афоныл ӕрцыдысты фыст?

2 Петр уыцы фыстӕджытӕ куы ныффыста, уӕд йӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбӕлдысты «алыхуызон фӕлварӕнтыл» (1 Пет. 1:6). Чидӕртӕ ӕмбырды парахат кодтой мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй чырыстӕттӕ хӕлд митыл бафтыдаиккой (2 Пет. 2:1, 2, 14). Уымӕй уӕлдай ма Петр ныффыста, «тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон», зӕгъгӕ (1 Пет. 4:7). Уый амыдта, ромаг ӕфсӕдтӕ Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон кӕй ныппырх кӕндзысты, уымӕ. Ӕмӕ Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ уыдаиккой къӕрцхъус. Дзырд дӕр ыл нӕй, Петры фыстӕджытӕ чырыстӕттӕн баххуыс кодтой бамбарынӕн, цы сӕ хъуыд аразын, цӕмӕй уыцы фӕлварӕнтӕ сфӕрӕзтаиккой ӕмӕ фидӕны фӕлварӕнтӕм дӕр цӕттӕ уыдаиккой b.

3. Петры фыстӕджытӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты?

3 Петр йӕ фыстӕджытӕ 1 ӕнусы чырыстӕттӕм ныффыста, фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ Ныхасмӕ хаст ӕрцыдаиккой. Ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон абон махӕн дӕр пайда хӕссынц (Ром. 15:4). Абон дӕр бирӕ адӕм сты хӕлд, ӕнӕфсарм, ӕмӕ иннӕты дӕр ахӕм зондыл аразынц. Ӕмӕ нын уый тыххӕй алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Стӕй, гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй, ромӕгтӕ ныппырх кодтой Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон. Ӕмӕ афтӕмӕй дзуттӕгтыл ӕрцыд стыр бӕллӕх. Фӕлӕ тагъд уымӕй стырдӕр бӕллӕх ӕрцӕудзӕн. Петр нын йӕ дыууӕ фыстӕджы нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны ахсджиаг хъуыдытӕ. Ӕмӕ нын уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, адӕмӕй ма тӕрсӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы тынг уарзӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн та уыцы хъуыдытӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзысты, сӕ бон куыд у се ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй фидар уой.

ЙЕГЪОВӔЙЫ БОНМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔС

4. 2 Петры 3:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ уырнындзинад, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй фӕцуда?

4 Абон бирӕтӕ Библийы пехуымпарӕдтыл не ’ууӕндынц. Иуӕй-иутӕ ныл фӕхудынц, зӕгъгӕ, дам, кӕдӕй дзурут, кӕрон тагъд кӕй уыдзӕн. Чидӕртӕ та фӕзӕгъынц, кӕрон никуы уыдзӕн, зӕгъгӕ. (Бакӕс 2 Петры 3:3, 4.) Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ не ’мкусджытӕй, нӕ бинонтӕй кӕнӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕй куы хъусӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинад фӕцуда. Петр бамбарын кодта, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй афтӕ ма рауайа.

5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн ацы дунейы кӕронмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн? (2 Петры 3:8, 9).

5 Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕ тагъд нӕ кӕны ацы фыддунейӕн кӕрон скӕнынмӕ. Фӕлӕ нын Петры ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йегъовӕ рӕстӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тынг кӕй хицӕн кӕны, мах ӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй. (Бакӕс 2 Петры 3:8, 9.) Йегъовӕйӕн мин азы сты иу боны хуызӕн. Ӕмӕ у фӕразон, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа. Фӕлӕ, цы бон снысан кодта, уыцы бон куы ’рцӕуа, уӕд ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уӕдӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ хъуамӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм.

6. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы бон алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарын? (2 Петры 3:11, 12).

6 Петр нын фӕдзӕхсы, Йегъовӕйы бон «алкӕддӕр уӕ зӕрдыл дарут», зӕгъгӕ. (Бакӕс 2 Петры 3:11, 12.) Уый нӕ бон куыд у аразын? Хъӕуы нӕ, ног дунейы нӕм цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕнын, кӕд гӕнӕн ис, уӕд алы бон дӕр. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, сыгъдӕг уӕлдӕф дӕ риуыдзаг куыд сулӕфыдтӕ, куыд хӕрыс пайда, хӕрзад хӕринӕгтӕ, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чи нал ис, уыдон куыд райгас сты ӕмӕ сыл куыд цин кӕныс, стӕй, раджы заманты чи цард, уыдонӕн куыд амоныс, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ дӕ нӕ ферох уыдзӕн, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Мах зонӕм, фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ мӕнг ахуыргӕнджытӕ ма фӕсайой, ӕмӕ «ма адзӕгъӕл» уӕм (2 Пет. 3:17).

АДӔМӔЙ МА ТӔРС

7. Адӕмӕй куы тӕрсӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн?

7 Мах зонӕм, Йегъовӕйы бон тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт уымӕ нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсӕм, адӕм нӕ цы ахъуыды кӕндзысты кӕнӕ нын исты кӕй бакӕндзысты, уымӕй. Петрыл дӕр ахӕм хабар ӕрцыд. Йесойӕн тӕрхон куы кодтой, уыцы ӕхсӕв Петр нӕ басаст, уый дӕр йӕ ахуыргӕнинаг кӕй у. Ӕмӕ ма ӕртӕ хатты афтӕ дӕр загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Матф. 26:69–75). Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ та ныффыста: «Иннӕтӕ цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй... ма тӕрсут, стӕй ма тыхсут» (1 Пет. 3:14). Бӕрӕг у, адӕмӕй кӕй нал тарсти. Йӕ ныхӕстӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй мах дӕр адӕмӕй ма тӕрсӕм.

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм? (1 Петры 3:15).

8 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм? Петр ныффыста: «Уӕ зӕрдӕты Чырыстийы нымайут Хицауыл ӕмӕ кады аккагыл». (Бакӕс 1 Петры 3:15.) Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Паддзах Йесо Чырысти цы бынат ахсы ӕмӕ йӕм цы стыр бартӕ ис, ууыл. Фадат-иу дын куы фӕзына искӕмӕн хорз хабар радзурынӕн, фӕлӕ куы тыхсай кӕнӕ куы тӕрсай, уӕд-иу нӕ Паддзахы ӕрхъуыды кӕн. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, уӕлӕрвты йӕ паддзахбадӕныл куыд бады ӕмӕ йӕ алыварс милуангай зӕдтӕ кӕй ис. Ахъуыды-иу кӕн, лӕвӕрд ын кӕй сты «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» ӕмӕ «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ... алы бон дӕр» демӕ кӕй уыдзӕн (Матф. 28:18–20). Петр нын фӕдзӕхсы, «алкӕддӕр цӕттӕ ут» уӕ уырнындзинады сӕрыл дзурынмӕ, зӕгъгӕ. Фӕндид дӕ, фадат дын куы фӕзына, уӕд искӕмӕн хорз хабар радзурын, зӕгъӕм, куысты кӕнӕ скъолайы? Уӕд рагацау ахъуыды кӕн, ахӕм фадат дын кӕм фӕзынид ӕмӕ цы зӕгъдзынӕ, ууыл. Стӕй Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад ракур. Уый дын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсай (Хъуыд. 4:29).

«КӔРӔДЗИЙЫ АФТӔ УАРЗУТ, УӔ УАРЗТ АРТАУ КУЫД СУДЗА»

Петрӕн Павелы уайдзӕф зондзонӕн фӕци. Йӕ дыууӕ фыстӕджы дӕр ныффыста, уарзондзинад хъуыддагӕй кӕй хъуамӕ ӕвдисӕм (кӕс 9 абзац)

9. Иухатт Петрӕн куыд нӕ рауад йӕ уарзондзинад хъуыддагӕй равдисын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Петр сахуыр йӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисын. Йесо йӕ разы загъта ацы ныхӕстӕ: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы» (Иоан. 13:34). Фӕлӕ фӕстӕдӕр, дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдоны зӕрдӕхудтӕй фӕтарст, ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ нал хордта. Петр цы сарӕзта, уый апостол Павел схуыдта «цӕстмӕ митӕ» ӕмӕ йын уый тыххӕй бауайдзӕф кодта (Гал. 2:11–14). Петрӕн йӕ ныхӕстӕ зондзонӕн фесты. Йӕ дыууӕ фыстӕджы дӕр ныффыста, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕрмӕст уарзгӕ кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй дӕр кӕй хъуамӕ ӕвдисӕм.

10. Цӕмӕй «ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй» уарзӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? (1 Петры 1:22).

10 Петр нын фӕдзӕхсы, «ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй» уарзут, зӕгъгӕ, ома хъуамӕ афтӕ уарзӕм нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты. (Бакӕс 1 Петры 1:22.) Цӕмӕй нӕм ахӕм уарзондзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ «рӕстдзинады коммӕ» кӕсӕм, ома хъуамӕ цӕрӕм, Библийӕ цыдӕриддӕр базыдтам, уымӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, базыдтам, «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны» (Хъуыд. 10:34, 35). Ӕмбырды иуты куы уарзӕм, иннӕты та – нӕ, уӕд афтӕмӕй Йесойы фӕдзӕхст не ’ххӕст кӕндзыстӕм. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ӕмхуызон уарздзыстӕм. Йесойӕн дӕр йе ’мбӕлттӕй чидӕртӕ ӕввахсдӕр уыдысты (Иоан. 13:23; 20:2). Фӕлӕ нын Петр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, уымӕн ӕмӕ иу бинонтӕ стӕм (1 Пет. 2:17).

11. Ацы ныхӕстӕ, «кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд», зӕгъгӕ, цӕмӕ амонынц?

11 Петр ныффыста, «кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд», зӕгъгӕ. Нӕ уарзт артау кӕй хъуамӕ судза, уый ацы ран амоны, нӕ зӕрдӕ кӕй хъуамӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнӕм, ӕмӕ нын уарзын зын кӕй у, уыдоны дӕр кӕй хъуамӕ бауарзӕм. Зӕгъӕм, хотӕй кӕнӕ ӕфсымӕртӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд нӕ, чи зоны, фыццаг фӕфӕнды уымӕй йын ӕй бафидын, уарзондзинад равдисын нӕ, фӕлӕ. Фӕлӕ Йесо Петрӕн бамбарын кодта, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы (Иоан. 18:10, 11). Ӕмӕ Петр уый фӕстӕ ныффыста: «Ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут» (1 Пет. 3:9). Уӕдӕ дӕуӕн дӕр дӕ уарзт артау судзӕд, ӕмӕ-иу дӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ӕм фӕлмӕнзӕрдӕ у.

12. а) Нӕ уарзт артау куы судза, уӕд нын уый ноджыдӕр куыд баххуыс кӕндзӕн? б) Бакӕс видеороликмӕ «Тырнӕм фарнмӕ». Дӕу та цы фӕндид бакӕнын?

12 Йӕ фыццаг фыстӕджы Петр ныффыста, нӕ уарзт артау куы судза, уӕд-иу нӕ бон кӕй уыдзӕн ӕрмӕст цалдӕр тӕригъӕды нӕ, фӕлӕ «бирӕ тӕригъӕдтӕ» ныххатыр кӕнын, кӕнӕ «бамбӕрзын» (1 Пет. 4:8, фип.). Чи зоны, Петр ӕрхъуыды кодта, Йесо йын бирӕ азты размӕ хатыр кӕныны тыххӕй цы загъта, уый. Уӕд ӕй Петр бафарста, зӕгъгӕ, дам, ме ’фсымӕрӕн йӕ рӕдыд «авд хатты» хъуамӕ ныббарон. Ӕвӕццӕгӕн ӕм афтӕ каст, ӕмӕ тынг хатыргӕнаг у. Фӕлӕ йын Йесо загъта, «ӕвдай авд хатты», дам, ома, цал хатты хъӕуы ныххатыр кӕнын, уымӕн нымӕц нӕй (Матф. 18:21, 22). Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махмӕ дӕр хауынц. Кӕд дын зын у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ кӕмӕндӕр ныххатыр кӕнын, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хатт зын вӕййы ныххатыр кӕнын. Ныртӕккӕ дӕ хъӕуы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразын, цӕмӕй де ’фсымӕрӕн ныххатыр кӕнай ӕмӕ йемӕ бафидауай c.

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ, ЙЕГЪОВӔЙЫ ФЫСТӔМ ХОРЗ КӔСУТ

13. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн иуӕй-иу хатт зын цӕмӕн вӕййы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнынӕн рӕстӕг ссарын?

13 Йесо куы райгас, уӕд Петрӕн загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм» (Иоан. 21:16). Ӕмӕ Петр уыцы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох кодта. Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд ӕй зоныс, уыцы ныхӕстӕ дӕумӕ дӕр кӕй хауынц. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы уыцы ахсджиаг хъуыддагӕн рӕстӕг ссарын. Фыццаджыдӕр сӕ фӕхъӕуы сӕ бинонтыл батыхсын, зӕгъӕм, хъӕуы сӕ дарын ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнын, стӕй сын ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй дзы алчидӕр амондджын уа. Уымӕй уӕлдай, сӕхӕдӕг дӕр сты зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ, ӕмӕ уымӕй ӕмбырдӕн сты фӕзминаг. Стӕй ма сӕ фӕхъӕуы ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм раныхӕстӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнын. Чидӕртӕ дзы лӕггад кӕнынц рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетты кӕнӕ феххуыс кӕнынц проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайадӕн. Нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн тынг бирӕ куыст ис!

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы фысты уарзынц ӕмӕ сӕм хорз кӕсынц. Уыдон сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц, кӕд сын бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы аразинаг, уӕддӕр (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

14. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы дзуг хизой? (1 Петры 5:1–4).

14 Петр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Хуыцауы дзуг... хизут». (Бакӕс 1 Петры 5:1–4.) Мах ӕй зонӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, стӕй сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы дзугӕн хорз фыййӕуттӕ уой. Фӕлӕ сын иуӕй-иу хатт ацы ахсджиаг хӕс ӕххӕст кӕнын зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ вӕййынц тынг фӕллад кӕнӕ тынг ӕнӕвдӕлон. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон цы у саразын? Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ йын радзур, цӕуыл мӕт кӕныс, уыдӕттӕ. Петр ныффыста: «Чи лӕггад кӕны, уый йӕ ныфс дарӕд, Хуыцау цы хъаруйӕ хайджын кӕны, ууыл» (1 Пет. 4:11). Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕй кӕцыдӕртӕй ӕрмӕстдӕр ног дунейы фервӕздзысты. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: дӕ бон сын цӕмӕй нӕу баххуыс кӕнын, уымӕй сын баххуыс кӕндзӕн «хистӕр фыййау» – Йесо Чырысти. Цыдӕр сараздзӕн абон, цыдӕр та – ног дунейы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм та Йегъовӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты уарзой, фидар сӕ кӕной ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой, стӕй «дзугӕн фӕзминаг» уой.

15. Иу хистӕр нӕлгоймаг цы фӕаразы, цӕмӕй Хуыцауы дзугмӕ хорз кӕса? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Уильям рагӕй лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй. Уый ӕмбары, куыд ахсджиаг у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕмӕ сӕ фидар кӕнын. Коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ баныхас кодтой, алы къуыри дӕр-иу сӕ уацамындон къордты алкӕимӕ дӕр кӕй аныхас кӕндзысты. Ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахастой, уый афтӕ бамбарын кодта: «Уыцы рӕстӕг бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хӕдзары иунӕгӕй уыдысты. Ӕмӕ, гӕнӕн уыд, сӕхимӕ дӕр ныхъхъуыстаиккой кӕнӕ сӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыдытӕ сӕ быны скодтаиккой». Зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм Уильям лӕмбынӕг байхъусы, цӕмӕй-иу бамбара, цы сӕ тыхсын кӕны ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕн куыд ис, уый. Уый фӕстӕ бацагуры, чи сын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг. Арӕх уыдон вӕййынц видеороликтӕ нӕ сайтӕй. Уильям загъта: «Ныр уӕлдай тынгдӕр хъӕуы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ныфс уадзын ӕмӕ сӕ фидар кӕнын. Кӕд иннӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ нӕ хъарутыл нӕ ауӕрдӕм, уӕд Йегъовӕйы фыстӕн хъуамӕ ма ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕной? Уыцы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ нӕхиуыл ма ауӕрдӕм».

ЙЕГЪОВӔЙЫ БАУАДЗ, ӔМӔ ДӔ КӔРОНМӔ САХУЫР КӔНА

16. Петры фыстӕджытӕй цы хъуыдытыл аныхас кодтам, уыдон нын цавӕр хъуыддӕгты баххуыс кӕндзысты?

16 Петры дыууӕ фыстӕгӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕр хъуыдыйыл аныхас кодтам. Чи зоны, федтай, цыдӕр дӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы. Чи зоны дӕ бафӕндыд, ног дунейы цы диссаджы цард уыдзӕн, ууыл арӕхдӕр хъуыды кӕнын. Кӕнӕ дӕ разы сӕвӕрдтай нысан, фадат дын куы фӕзына, уӕд искӕмӕн хорз хабар кӕй радзурдзынӕ, зӕгъӕм, куысты кӕнӕ скъолайы. Науӕд, гӕнӕн ис, ахъуыды кодтай, ноджыдӕр ма дӕ бон куыд у равдисын, дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты тынг кӕй уарзыс, уый. Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр бафӕндыд Хуыцауы дзуг ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй хизын. Дӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсай, уӕд, гӕнӕн ис, бамбарай, цыдӕртӕ дын кӕй нӕ уайы. Фӕлӕ-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд! «Нӕ Хицау хӕларзӕрдӕ... у», ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы хъӕуы, уый фӕхуыздӕр кӕнай (1 Пет. 2:3). Петр нын ныфс ӕвӕры: «Хуыцау... [уӕ] кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 Пет. 5:10).

17. Нӕ къухтӕ куы не ’руадзӕм ӕмӕ Йегъовӕйы куы бауадзӕм, цӕмӕй нӕ ахуыр кӕна, уӕд цавӕр хӕрзиуӕг райсдзыстӕм?

17 Кӕддӕр Петр йӕхи уый аккагыл нӕ нымадта, цӕмӕй Хуыцауы Фырты раз уыдаид (Лук. 5:8). Фӕлӕ йын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕххуыс кодтой, ӕмӕ Петр йӕ къухтӕ не ’руагъта. Уый дарддӕр дӕр цыди Чырыстийы фӕдыл. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй бацыдаид «нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахадмӕ» (2 Пет. 1:11). Ды дӕр-иу Петрау дӕ къухтӕ куы не ’руадзай ӕмӕ Йегъовӕйы куы бауадзай, цӕмӕй дӕ ахуыр кӕна, уӕд дӕуӕн дӕр балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард. Дӕ уырнындзинад дӕ ӕркӕндзӕн ирвӕзындзинадмӕ! (1 Пет. 1:9).

109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм

a Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Петры фыстӕджыты цы хъуыдытӕ ис, уыдон нын куыд баххуыс кӕндзысты зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фендзысты, сӕ бон куыд у Хуыцауы фыстӕн ӕххуыс кӕнын.

b Палестинӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, Петры фыстӕджытӕ райстой н. э. 66 азы размӕ, ромӕгтӕ Иерусалимыл фыццаг хатт куы ’ртыхстысты, уымӕй раздӕр.

c Сайты jw.org кӕс видеороликмӕ «Тырнӕм фарнмӕ».