Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

37 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Самсоны хуызӕн дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар

Самсоны хуызӕн дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар

«Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрхъуыды мӕ кӕн, ӕмӕ... мын... ратт хъарутӕ» (ТӔРХ. 16:28).

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Цӕмӕн нӕ фӕнды Самсоны хабарыл аныхас кӕнын?

 САМСОНЫ ном куы фехъусыс, уӕд дӕ цӕстытыл чи ауайы? Ӕвӕццӕгӕн, тынг тыхджын ӕмӕ хъаруджын адӕймаг. Ӕмӕ Самсон ӕцӕгӕйдӕр ахӕм уыд. Фӕлӕ иухатт ӕвзӕр уынаффӕ рахаста, ӕмӕ йӕхи фыдбылызы баппӕрста. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггад нӕ ферох кодта, ӕмӕ йын йӕ хабар Библийы ныффыссын кодта, цӕмӕй дзы мах цӕуылдӕр сахуыр уӕм.

2 Йегъовӕ Самсоны уылты диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, цӕмӕй йе ’взӕрст адӕмӕн, Израилӕн, баххуыс кодтаид. Самсоны мӕлӕтӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ апостол Павелӕн ныффыссын кодта, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, уыдоны номхыгъд, ӕмӕ се ’хсӕн ис Самсон дӕр (Дзут. 11:32–34). Уый тынг уӕззау уавӕрты дӕр йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардта. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын ныфсы хос куыд у, ууыл.

САМСОН ЙӔ ЗӔРДӔ ДАРДТА ЙЕГЪОВӔЙЫЛ

3. Хуыцау Самсонӕн цы бахӕс кодта?

3 Самсон куы райгуырд, уӕд израилӕгтӕ уыдысты филистимӕгты дӕлбар (Тӕрх. 13:1). Уыдон сӕ ссӕстой ӕмӕ сын сӕ туг цъырдтой. Гъемӕ Йегъовӕ Самсоны равзӕрста, цӕмӕй «Израил филистимӕгты къухӕй» фервӕзын кодтаид (Тӕрх. 13:5). Уый уыд тынг зын хӕслӕвӕрд. Ӕмӕ Самсоны хъуыди йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын, цӕмӕй йӕ сӕххӕст кодтаид.

Самсон йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ цӕттӕ уыд, цы хъуыд, уый фӕивынмӕ, цӕмӕй йын йӕ фӕндон, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ ӕххӕст кодтаид. Уый спайда кодта, йӕ размӕ цы фӕци, уымӕй, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид (кӕс 4, 5 абзацтӕ)

4. Йегъовӕ Самсоны филистимӕгты къухӕй куыд фервӕзын кодта? (Тӕрхонгӕнджыты 15:14–16).

4 Самсон Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта ӕмӕ-иу ын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, уый цы хабӕрттӕй ис фенӕн, уыдонӕй иумӕ ӕркӕсӕм. Иухатт филистимӕгты ӕфсад ӕрцыд Лехимӕ (уыцы бынат, ӕвӕццӕгӕн, Иудӕйы уыд). Фӕндыди сӕ Самсоны ӕрцахсын. Иудӕйы адӕм тынг фӕтарстысты ӕмӕ загътой, Самсоны сын сӕ къухмӕ раттӕм, зӕгъгӕ. Йӕхи адӕм ӕй дыууӕ ног бӕндӕнӕй сбастой ӕмӕ йӕ знӕгтӕм ӕрбакодтой (Тӕрх. 15:9–13). Фӕлӕ «Самсоныл Йегъовӕйы тых ӕрцыд», ӕмӕ йӕхи бӕндӕнтӕй суӕгъд кодта. Уый фӕстӕ «ссардта, ӕрӕджы чи амард, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр», систа йӕ ӕмӕ дзы 1 000 филистимаджы амардта! (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 15:14–16.)

5. Самсон куыд равдыста, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый?

5 Самсон филистимӕгты хӕрӕджы ӕфсӕрӕй цӕмӕн мардта? Уый хӕцӕнгарз дӕр не схондзынӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй: Самсон зыдта, йе знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕви нӕ, уый Йегъовӕйӕ кӕнгӕ кӕй у, цы хӕцӕнгарз ӕм ис, уымӕй нӕ, фӕлӕ. Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, йӕ размӕ цы фӕци, уымӕй спайда кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кодтаид. Самсон йе знӕгтыл фӕуӕлахиз, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый фӕрцы.

6. Нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Самсоны бафӕзмын?

6 Махӕн дӕр Йегъовӕ хъарутӕ ратдзӕн, тынг зын нӕм чи кӕсы, ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн дӕр. Гӕнӕн ис, афтӕ нын баххуыс кӕна, ӕмӕ нӕ дисӕн кӕрон нӕ уыдзӕн. Самсонӕн хъарутӕ чи радта, уыцы Хуыцау Йегъовӕ дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн, дӕ зӕрдӕ йыл куы дарай, уӕд. Ууыл дызӕрдыг дӕр ма кӕн (Ӕмб. 16:3).

7. Цавӕр хабарӕй у бӕрӕг, ахсджиаг кӕй у Йегъовӕйӕ разамынд курын?

7 Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн. Уыдон ӕвдисынц, сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарынц, уый. Раздӕр-иу ӕфсымӕртӕ арӕхдӕр сӕхӕдӕг скодтой проекттӕ ног Паддзахады залтӕн ӕмӕ ӕндӕр агъуыстытӕн ӕмӕ-иу сӕ аразгӕ дӕр сӕхӕдӕг кодтой. Фӕлӕ Йегъовӕйы организаци стырӕй-стырдӕр кӕны, ӕмӕ бахъуыд цыдӕртӕ фӕивын. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйӕ разамынд куырдтой ӕмӕ райдыдтой ӕндӕр мадзӕлттӕ фӕлварын, зӕгъӕм, агъуыстытӕ ӕлхӕнын ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕнын. «Афтӕ кӕнын кӕй райдыдтам, уый кӕмӕндӕрты райдианы ӕнцон нӕ уыд»,– загъта Роберт. Ацы ӕфсымӕр фӕстаг азты алы бӕстӕты бирӕ рӕтты ӕххуыс кодта нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн. Стӕй ма загъта: «Бирӕ азты дӕргъы бынтон ӕндӕрхуызон куыстам. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ цӕттӕ уыдысты ног разамындмӕ гӕсгӕ архайынмӕ. Ӕмӕ федтам, Йегъовӕ уыцы ивындзинӕдтӕн кӕй арфӕ кӕны». Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕндӕрхуызӕтты дӕр дӕтты разамынд, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной. Ӕмӕ хорз уыдзӕн, алчидӕр-иу нӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы ахъуыды кӕна ахӕм фарстайыл: «Йегъовӕйы разамынд фӕагурын ӕмӕ, цы хъӕуы, уый фӕивын, цӕмӕй йын, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ лӕггад кӕнон?»

САМСОН ПАЙДА КОДТА, ЙЕГЪОВӔ ЙЫН ЦЫ ЛӔВӔРДТА, УЫДӔТТӔЙ

8. Иухатт Самсон тынг куы сдойны, уӕд куыд бакодта?

8 Ӕвӕццӕгӕн, кастӕ, Самсон ма ноджыдӕр цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй. Зыбыты иунӕгӕй домбайы акъабӕзтӕ кодта, фӕстӕдӕр та Аскалоны 30 филистимаджы амардта (Тӕрх. 14:5, 6, 19). Йегъовӕ йын куы не ’ххуыс кодтаид, уӕд уыдӕттӕ нӕ сарӕзтаид. Ӕмӕ Самсон уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмбӕрста. Зӕгъӕм, 1 000 филистимаджы куы ныццагъта, уӕд тынг сдойны. Ӕмӕ йӕхӕдӕг нӕ райдыдта дон агурын, фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сдзынӕзта (Тӕрх. 15:18).

9. Йегъовӕ Самсоны куывдӕн дзуапп куыд радта? (Тӕрхонгӕнджыты 15:19).

9 Йегъовӕ Самсоны куывдӕн дзуапп радта – диссаг сарӕзта, ӕмӕ зӕххы бынӕй дон кӕлын райдыдта. Самсон дзы куы банызта, уӕд та дзы «тых бацыд ӕмӕ йӕм хъарутӕ фӕзынд». (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 15:19.) Бирӕ азты фӕстӕ пехуымпар Самуил Тӕрхонгӕнджыты чиныг куы фыста, уӕд дӕр уыцы суадон, ӕвӕццӕгӕн, уым уыди. Израилӕгтӕ-иу уыцы дон куы уыдтой, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, бахъуаджы сахат Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй баххуыс кӕны.

Йегъовӕ цы дон радта, Самсон уымӕй куы банызта, уӕд дзы хъарутӕ бацыд. Мах дӕр хъӕуы, Йегъовӕ нын цы дӕтты, уыдӕттӕй пайда кӕнын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа (кӕс 10 абзац)

10. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ баххуыс кӕна? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, уӕлдай нӕу, цавӕр курдиӕттӕ нӕм ис кӕнӕ нын нӕ лӕггады бирӕ бантыст ӕви нӕ. Хъуамӕ уӕм бонзонгӕ ӕмӕ ӕмбарӕм, нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзыстӕм ӕцӕг ӕнтыстджын. Йегъовӕ цы дон радта, Самсон уымӕй куы банызта, уӕд дзы хъарутӕ бацыд. Ӕмӕ Йегъовӕ махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уыдӕттӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд-иу нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтдзӕн, ӕмӕ йын дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм (Матф. 11:28).

11. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Уӕрӕсейы не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ӕййафынц карз ӕфхӕрд. Ӕркӕсӕм Алексейы хабармӕ. Цы йын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ахӕм уавӕрты фидар лӕууа? Уый радзырдта: «Ӕз архайын, цӕмӕй алы бон дӕр Библи кӕсон ӕмӕ йӕ иртасон. Алы райсом дӕр мӕ бинойнагимӕ стихыл фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ иумӕ Йегъовӕмӕ фӕкувӕм». Нӕ бон цӕмӕй у Алексейы ӕмӕ йӕ бинойнаджы бафӕзмын? Хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм, фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм. Цӕмӕй нын уый уайа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Библи иртасын, кувын, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Уӕд нын Йегъовӕ алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр лӕггад кӕнӕм. Самсонӕн хъарутӕ куыд радта, афтӕ махӕн дӕр хъарутӕ дӕтдзӕн.

САМСОН ФӔРӔДЫД, ФӔЛӔ УӔДДӔР ЙӔ НЫФС НӔ АСАСТ

12. Самсон Далидӕйы кӕй бауарзта, уый иннӕ хабӕрттӕй цӕмӕй хицӕн кодта?

12 Самсон дӕр махау ӕнӕххӕст адӕймаг уыд. Ӕмӕ-иу алы хатт раст уынаффӕ нӕ рахаста. Уӕлдайдӕр иухатт тынг фӕрӕдыд, ӕмӕ йӕхи фыдбылызы баппӕрста. «Самсон бауарзта иу сылгоймаджы, Далидӕ, зӕгъгӕ. Уый цард Сорекы дӕлвӕзы» (Тӕрх. 16:4). Уӕдмӕ Самсон цасдӕр рӕстӕг уыд тӕрхонгӕнӕг. Уый размӕ хъавыд иу филистимаг сылгоймаджы ракурынмӕ. Уый йын Йегъовӕ аразын кодта, цӕмӕй йын фадат уыдаид филистимӕгтимӕ тох кӕнынӕн. Фӕстӕдӕр та ӕрлӕууыд иу хӕтаг сылгоймаджы хӕдзары филистимаг горӕт Газӕйы. Уӕд Хуыцау Самсонӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ горӕты кулдуар рафтыдта ӕмӕ йӕ хохы цъупмӕ ахаста. Афтӕмӕй горӕт хъахъхъӕд нал уыди (Тӕрх. 14:1–4; 16:1–3). Фӕлӕ Далидӕйы хабар ӕндӕрхуызон уыд. Уый, ӕвӕццӕгӕн, израилаг уыд. Уымӕ гӕсгӕ, Самсон ӕй кӕй бауарзта ӕмӕ йемӕ кӕй ӕмбӕлд, уый йын филистимӕгтимӕ тох кӕнынӕн ницы ӕххуыс уыди. Самсон уӕд Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ нӕ архайдта.

13. Далидӕ Самсоныл гадзрахатӕй куыд рацыд?

13 Далидӕйӕн филистимӕгтӕ бафыстой бирӕ ’хца, цӕмӕй сын Самсоны ауӕй кодтаид. Ӕвӕццӕгӕн, Самсоны йӕ уарзондзинад афтӕ бакуырм кодта, ӕмӕ йӕ нӕ бамбӕрста, Далидӕ йыл хинӕй кӕй цӕуы. Нал ӕмӕ йӕ нал уагъта, дӕ тых цӕй мидӕг ис, уый мын зӕгъ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын Самсон ӕппынфӕстаг алцыдӕр радзырдта. Хъыгагӕн, йӕ рӕдыд ӕй уымӕ ӕркодта, ӕмӕ йӕ тых фесӕфта, стӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци. Ӕмӕ афтӕ уыд цасдӕр рӕстӕг (Тӕрх. 16:16–20).

14. Самсон Далидӕйыл кӕй баууӕндыд, уый тыххӕй цавӕр мӕстыты хай баци?

14 Самсон Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ Далидӕйыл кӕй баууӕндыд, уый тыххӕй бирӕ мӕстыты хай баци. Филистимӕгтӕ йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Стӕй йӕ Газӕйы ахӕстоны бакодтой. Уый размӕ уыцы горӕт ныууагъта ӕнӕ кулдуарӕй. Филистимӕгтӕ дзы скодтой цагъар ӕмӕ йын хор ссын кодтой. Иу бон ӕрӕмбырд сты бӕрӕгбонмӕ. Сӕ мӕнг хуыцау Дагонӕн ӕрхастой стыр нывонд. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сын Самсоны уый радта сӕ къухмӕ. Ӕмӕ Самсоны дӕр уырдӕм ӕрбакӕнын кодтой, цӕмӕй сӕ «аирхӕфстаид», ома дзы ахынджылӕг кодтаиккой (Тӕрх. 16:21–25).

Йегъовӕ Самсонӕн хъарутӕ радта, цӕмӕй, филистимӕгтӕн цы тӕрхон рахаста, уый сӕххӕст кодтаид (кӕс 15 абзац)

15. Самсон куыд равдыста, ногӕй та йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый? (Тӕрхонгӕнджыты 16:28–30). (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

15 Самсон стыр рӕдыд ӕруагъта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асаст. Уый дарддӕр дӕр фӕндыд, Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый аразын, ома филистимӕгтимӕ тох кӕнын. (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 16:28–30.) Ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Ратт мын уый фадат, цӕмӕй филистимӕгтӕй мӕ маст райсон». Ӕцӕг Хуыцау ын йӕ куывд фехъуыста ӕмӕ та йын радта ӕнахуыр тых. Ӕмӕ ацы хатт Самсон цас филистимӕгты амардта, уыйбӕрц уый размӕ никуы.

16. Самсон кӕй фӕрӕдыд, уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?

16 Кӕд Самсон йӕхӕдӕг йӕхи бӕллӕхы баппӕрста, уӕддӕр ӕй фӕндыд дарддӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Мах дӕр куы фӕрӕдийӕм ӕмӕ нын уый тыххӕй куы бауайдзӕф кӕной кӕнӕ цавӕрдӕр хӕстӕй ӕнӕхай куы фӕуӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Рох нӕ ма уӕд: Йегъовӕ ныл йӕ къух нӕ ауигъы (Пс. 103:8–10). Кӕд рӕдийӕм, уӕддӕр нын дӕтдзӕн тых йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн, Самсонӕн куыд лӕвӕрдта тых, афтӕ.

Ӕвӕццӕгӕн, Самсон йӕ рӕдыдыл тынг фӕсмон кодта. Фӕлӕ йӕ ныфс нӕ асаст. Ӕмӕ-иу махӕн дӕр хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта (кӕс 17, 18 абзацтӕ)

17, 18. Майклы хабар дӕ ныфс куыд бауагъта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Майкл, Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта. Уыди кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕмӕ пионер. Фӕлӕ стӕй цавӕрдӕр рӕдыд ӕруагъта, ӕмӕ йӕ бон нал уыд уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уый радзырдта: «Уӕдмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ арӕзтон, размӕ бырстон. Фӕлӕ стӕй цыма дзыхълӕуд фӕкодтон. Афтӕ мӕм каст, цыма ницыуал аразын. Афтӕ никуы хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ ныууагъта. Фӕлӕ дызӕрдыг кодтон, искуы ма ме ’ввахс Хӕлар кӕй уыдзӕн ӕмӕ та ӕмбырды, раздӕр цас арӕзтон, уыйбӕрц мӕ бон аразын кӕй уыдзӕн, ууыл».

18 Фӕлӕ Майклӕн йӕ ныфс нӕ асаст. Уый загъта: «Ӕз архайын райдыдтон, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уыдаин. Ӕдзух-иу ӕм куывтон ӕмӕ йын, мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый ӕргом кодтон, Библи иртӕстон ӕмӕ йыл арф хъуыды кодтон». Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ ногӕй сси фӕзминаг ӕфсымӕр. Ныртӕккӕ у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ пионер. Майкл ма загъта: «Иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй, уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, тынг бузныг дӕн. Кӕй мын ӕххуыс кодтой ӕмӕ мӕ ныфс кӕй уагътой, уый фӕрцы йӕ бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕ ныр дӕр кӕй уарзы. Ногӕй та мӕ бон у ӕмбырды сыгъдӕг цӕсгомимӕ лӕггад кӕнын. Ныр ӕй мӕхицӕй зонын, адӕймаг ӕцӕгдӕр куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн». Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна: куы фӕрӕдийӕм, уӕддӕр Йегъовӕ мах уылты йӕ фӕндон ӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн. Ӕрмӕст-иу хъуамӕ, цы хъӕуа, уый фӕивӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс дарӕм (Пс. 86:5; Ӕмб. 28:13).

19. Самсоны хабар дӕ куыд бафидар кодта?

19 Ацы статьяйы аныхас кодтам, Самсоны царды цы диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй цалдӕрыл. Ӕххӕст адӕймаг нӕ уыди. Фӕлӕ йӕ ныфс никуы асаст ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, зӕгъӕм, Далидӕйы хабары фӕстӕ дӕр. Ӕмӕ йыл Йегъовӕ дӕр йӕ къух нӕ ауыгъта. Ӕмӕ ма йын иу хатт ӕнахуыр стыр тых радта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон сӕххӕст кодтаид. Йегъовӕйы цӕсты уыд фидар уырнындзинады хицау. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ныффыссын кодта Дзуттӕгтӕм 11-ӕм сӕры иузӕрдион лӕггадгӕнджыты номхыгъды. Ахӕм уарзӕгой уӕларвон Фыд нын кӕй ис, уый нын стыр ныфсы хос у. Уый зӕрдиагӕй фӕфӕнды махӕн тыхтӕ раттын, уӕлдайдӕр лӕмӕгъ куы вӕййӕм, уӕд. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ Самсонау мах дӕр Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм: «Курын дӕ, ӕрхъуыды мӕ кӕн, ӕмӕ... мын... ратт хъарутӕ» (Тӕрх. 16:28).

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

a Самсоны кой бирӕтӕ фехъуыстой, суанг, Библи хорз чи нӕ зоны, уыдон дӕр. Йӕ хабары тыххӕй ныффыссынц пьесӕтӕ, зарджытӕ ӕмӕ сисынц кинотӕ. Фӕлӕ йӕ царды хабӕрттӕ аргъау не сты. Самсон уыд фидар уырнындзинады хицау. Ӕмӕ йӕ нӕ бон у бирӕ цӕмӕйдӕрты бафӕзмын.