Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уынаффӕтӕ. Куыд ис ӕрмӕг агурӕн?

Уынаффӕтӕ. Куыд ис ӕрмӕг агурӕн?

Хӕслӕвӕрдтӕ сывӕллӕттӕн

Ныййарджытыл ис стыр хӕс – сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын Йегъовӕйы базонынӕн (Еф. 6:4). Йегъовӕйы организаци ныййарджытӕн рауагъта тынг бирӕ ӕрмӕг. Дӕ бон куыд у уыцы ӕрмӕгӕй пайда кӕнын?

  • Ӕрмӕг ссар. Сайты JW.ORG ис, нӕ организаци сывӕллӕттӕн цы публикацитӕ рауагъта, уыдон иууылдӕр, уыимӕ видеороликтӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ a. Цӕмӕй сӕ ссарай, уый тыххӕй, «Ссар» фыст кӕм ис, уым ныффысс «сывӕллӕттӕ» кӕнӕ «ӕрыгӕттӕ».

  • Равзар, дӕ сывӕллонӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, уый. Хайы «Сывӕллӕттӕ» дӕ бон уыдзӕн дӕ сывӕллонӕн хорз ӕрмӕг ссарын. Кӕс «Хӕслӕвӕрдтӕ бинонты ахуырӕн».

  • Дӕ сывӕллонимӕ-иу уыцы ӕрмӕгыл аныхас кӕн. Нӕ видеороликтӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ уый тыххӕй не сты, цӕмӕй дӕ сывӕллоны ӕнӕуи ирхӕфсай, фӕлӕ йын цӕмӕй баххуыс кӕнай Йегъовӕйы бауарзынӕн.

a Приложенийы JW Library®, сывӕллӕттӕн нӕм цы видеороликтӕ ис, уыдон иууылдӕр сты, фӕлӕ дзы хӕслӕвӕрдтӕ се ’ппӕт не сты.