Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрыгӕттӕ, уӕхицӕн цавӕр цард равзардзыстут?

Ӕрыгӕттӕ, уӕхицӕн цавӕр цард равзардзыстут?

«Арфуынындзинад уыдзӕн дӕ хъахъхъӕнӕг» (ӔМБ. 2:11).

135 ЗАРӔГ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йегъовӕ Иоасӕн, Озийӕн ӕмӕ Иосийӕн сӕ бӕрны цавӕр хъуыддаг бакодта?

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: сывӕллонӕй кӕнӕ хӕрз ӕрыгонӕй сдӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ паддзах. Дӕ бартӕй куыд пайда кӕнис? Библийӕ базонӕн ис, Иудӕйы паддзӕхтӕй цалдӕр паддзӕхтӕ кӕй систы хӕрз ӕрыгонӕй. Зӕгъӕм, Иоасыл 7 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, Озийыл цыд 16 азы, Иосийыл та – 8 азы. Цӕй стыр бӕрндзинад ӕруӕз кодта се уӕхсчытыл! Фӕлӕ сын Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕты фӕрцы бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ бантыст саразын, стӕй-иу зындзинӕдты фидар фӕлӕууыдысты.

2. Иоасы, Озийы ӕмӕ Иосийы цӕвиттонтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты?

2 Мах паддзӕхтӕ не стӕм. Фӕлӕ уыцы ӕртӕ паддзахы хабарӕй алчидӕр йӕхицӕн зондӕн цыдӕр райсдзӕн. Хатт-иу раст уынаффӕтӕ рахастой, хатт та – нӕ. Сӕ хабӕрттӕй сын базондзыстӕм, цӕмӕн хъуамӕ ӕвзарӕм хорз ӕмбӕлттӕ, алкӕддӕр сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы цӕмӕн хъуамӕ агурӕм.

ХОРЗ ӔМБӔЛТТӔ ӔВЗАР

Хорз ӕмбӕлтты уынаффӕтӕм куы хъусай, уӕд бафӕзмдзынӕ Иоасы (кӕс 3, 7 абзацтӕ) c

3. Иодай паддзах Иоасӕн зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн куыд ӕххуыс кодта?

3 Иоас нын фӕзминаг цӕмӕй у? Иоас гыццылӕй ӕнӕ фыдӕй баззад. Ӕмӕ йӕ хистӕр сауджын Иодай йӕхи фыртау хъомыл кодта ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы фӕндагыл ӕвӕрдта. Иоас арӕзта, раст цы у, уый, уымӕн ӕмӕ хъуыста, Иодай йын цы амыдта, уымӕ. Иодаймӕ гӕсгӕ Иоас аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕной. Стӕй ма Йегъовӕйы кувӕндон дӕр сцалцӕг кӕнын кодта (2 Аз. 24:1, 2, 4, 13, 14).

4. Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 2:1, 10–12).

4 Кӕд дӕу дӕр дӕ мад, дӕ фыд кӕнӕ ӕндӕр исчи ахуыр кӕны Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын, уӕд уый нымай зынаргъ лӕварыл. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:1, 10–12.) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн алыхуызӕтты фӕамонынц цыдӕртӕ. Ӕркӕсӕм, хо Катяйӕн йӕ фыд раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн куыд ӕххуыс кодта. Скъоламӕ-иу ӕй куы кодта, уӕд-иу алы бон дӕр йемӕ ныхас кодта ӕрвылбоны стихыл. Катя зӕгъы: «Уый фӕрцы-иу мын ӕнцондӕр уыд, раст цы у, уый аразын, скъолайы-иу зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлдтӕн, уӕд». Фӕлӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын дӕ ныййарджытӕ Библимӕ гӕсгӕ цы амонынц, уыдӕттӕ дын дӕ къухтӕ ӕмӕ дӕ къӕхтӕ бӕттынц. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕм хъусай? Хо Анастасийӕ радзырдта, йӕ ныййарджытӕ-иу ын кӕй бамбарын кодтой, сӕ хӕдзары цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ цӕмӕн ӕрфидар кодтой, уый. Анастасийӕ загъта: «Уый фӕрцы афтӕ нӕ хъуыды кодтон, ницы мын уадзынц аразын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕмбӕрстон, кӕй сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мыл ӕвзӕрӕй исты ӕрцӕуа».

5. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ ныййарджыты ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай? (Ӕмбисӕндтӕ 22:6; 23:15, 24, 25).

5 Дӕ ныййарджытӕ уыдзысты амондджын, Библийӕ дын цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ ӕмӕ дын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый ноджы фидардӕр суыдзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:6; 23:15, 24, 25.) Уӕдӕ ӕрыгон Иоасы куы фӕзмӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн.

6. Иоас кӕмӕ райдыдта хъусын ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ ӕркодта? (2 Азфыстыты 24:17, 18).

6 Иоасы хабар нын зондзонӕн куыд у? Иодай куы амард, уый фӕстӕ Иоасӕн фӕзынд ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ. (Бакӕс 2 Азфыстыты 24:17, 18.) Уый хъусын райдыдта Иудӕйы кънйӕзты зондмӕ, уыдон та Йегъовӕйы нӕ уарзтой. Иоас хъуамӕ уыцы змӕнтджытӕй йӕхи дард ластаид (Ӕмб. 1:10). Мӕлӕты ӕмбӕлттӕ! Фӕлӕ уыдонмӕ хъуыста, ӕмӕ йын уыдон та хорзӕй ницы амыдтой. Ӕмӕ йын йӕ фыды хойы лӕппу Захари йӕ рӕдыдтытӕм куы бацамыдта, уӕд ӕй Иоас амарын кодта (2 Аз. 24:20, 21; Матф. 23:35). Цӕй ӕвирхъау ӕмӕ ӕнӕзонд ми бакодта! Райдианы Иоас бӕргӕ арӕзта, раст цы у, уый. Фӕлӕ стӕй Йегъовӕйы ныууагъта ӕмӕ сси лӕгмар. Ӕппынфӕстаг ын йӕхи дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕ амардтой (2 Аз. 24:22–25). Иоас алкӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕмӕ, Йегъовӕйы чи уарзта, уыдонмӕ куы хъуыстаид, уӕд йӕ цард бынтон ӕндӕрхуызон рауадаид. Йӕ хабар дын зондзонӕн куыд у?

7. Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ хъуамӕ ӕвзарай? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Хъуамӕ нӕхицӕн ӕвзарӕм, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл чи архайы, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, раст цы у, уый аразӕм. Дӕхицӕн-иу ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст де ’мгӕртты ’хсӕн ма агур. Рох дӕ ма уӕд: Иоас йе ’мбал Иодайӕ бирӕ кӕстӕр уыд. Цӕмӕй бамбарай, хорз ӕмбӕлттӕ дын ис ӕви нӕ, уый тыххӕй ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ме ’мбӕлттӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна? Йегъовӕмӕ хъусынц ӕмӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрон? Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй ныхас кӕнын уарзынц? Исты раст куы нӕ фӕаразын, уӕд сӕм ахӕм ныфс разыны, цӕмӕй мын ӕй ӕргом зӕгъой? Ӕви мын, мӕ хъустӕн ӕхсызгон цы у, ӕрмӕстдӕр уый фӕдзурынц?» (Ӕмб. 27:5, 6, 17). Кӕд де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы нӕ уарзынц, уӕд дӕ ахӕм ӕмбӕлттӕ ницӕмӕн хъӕуынц. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы уарзынц, уӕд сыл дӕхи бӕтт. Ахӕм ӕмбӕлттӕн аргъ нӕй! (Ӕмб. 13:20).

8. Кӕд социалон сетьтӕй пайда кӕнӕм, уӕд цавӕр фарстатыл ис ахъуыды кӕнӕн?

8 Социалон сетьты фӕрцы нӕ бон вӕййы нӕ бинонтимӕ кӕнӕ не ’мбӕлттимӕ ныхас кӕнын кӕнӕ сӕм истытӕ фыссын. Фӕлӕ бирӕтӕ социалон сетьтӕй фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй иннӕты дисы бафтауой. Зӕгъӕм, интернеты сӕвӕрынц, цы балхӕнынц кӕнӕ цы фӕаразынц, уыдӕтты къамтӕ ӕмӕ видеотӕ. Кӕд ды дӕр социалон сетьтӕй пайда кӕныс, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Къамтӕ ӕмӕ видеотӕ интернеты цӕмӕн сӕвӕрын? Цӕмӕй мӕхицӕй раппӕлон ӕви цӕмӕй иннӕты бафидар кӕнон? Социалон сетьты иннӕтӕ цы сӕвӕрынц ӕмӕ цы фӕфыссынц, уыдӕттӕ мын мӕ хъуыдытыл, мӕ ныхӕстыл ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтыл ӕвзӕрырдӕм нӕ фӕзынынц?» Ӕфсымӕр Нейтан Норр лӕггад кодта Разамонӕг советы. Уый загъта: «Адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл ма архайут. Уый уымӕ ӕркӕндзӕн, ӕмӕ никӕй зӕрдӕ балхӕндзыстут. Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнут, ӕмӕ уӕд балхӕндзыстут, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕ дӕр».

АЛКӔДДӔР СӔРНЫЛЛӔГ У

9. Йегъовӕйы фӕрцы Озийӕн цы бантыст? (2 Азфыстыты 26:1–5).

9 Ози нын фӕзминаг цӕмӕй у? Паддзах Ози ӕрыгон куы уыд, уӕд уыди сӕрныллӕг. Уый сахуыр «ӕцӕг Хуыцауӕй тӕрсын». Ози фӕцард 68 азы, ӕмӕ йын йӕ царды фылдӕр хай Йегъовӕ арфӕ кодта. (Бакӕс 2 Азфыстыты 26:1–5.) Ози фӕуӕлахиз бирӕ знӕгтыл ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй Иерусалим хорз хъахъхъӕд уыдаид (2 Аз. 26:6–15). Хуыцауы фӕрцы йын бирӕ цыдӕртӕ бантыст, ӕмӕ йын уый циндзинад куыннӕ хастаид (Еккл. 3:12, 13).

10. Озийӕн йӕ хабар куыд рауад?

10 Озийы хабар нын зондзонӕн куыд у? Паддзах Ози ахуыр уыд, иннӕтӕ йын йӕ ныхасмӕ кӕй хъуыстой, ууыл. Ӕмӕ, чи зоны, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ йын алцы кӕныны бар дӕр ис. Ози йӕхиуыл фервӕссыд, ӕмӕ сарӕзта, паддзӕхтӕн бар кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг. Уый бацыд Йегъовӕйы кувӕндонмӕ, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл буд ссыгътаид (2 Аз. 26:16–18). Хистӕр сауджын Азари йын дзырдта, цӕмӕй афтӕ ма бакодтаид, фӕлӕ Ози мӕстӕй рафыхт. Хъыгагӕн, Ози иузӕрдионӕй нӕ баззад, ӕмӕ йыл Йегъовӕ хъотыр бафтыдта (2 Аз. 26:19–21). Алкӕддӕр сӕрныллӕг куы уыдаид, уӕд йӕ цард бынтон ӕндӕрхуызон рауадаид.

Исты нын куы бантысы, уӕд-иу хъуамӕ нӕхицӕй ма ’ппӕлӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, нӕ бон аразын цы у, уый тыххӕй (кӕс 11 абзац) d

11. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Ози хъомысджын куы сси, уӕд ӕй ферох, цыдӕриддӕр ын бантыст, уый йын Йегъовӕйы фӕрцы кӕй бантыст. Йӕ хабар нын зондзонӕн куыд у? Мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады хорзӕй цы ис, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕ кӕй сты. Исты нын куы бантысы, уӕд-иу хъуамӕ нӕхицӕй ма ӕппӕлӕм, фӕлӕ-иу уый тыххӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнӕм (1 Кор. 4:7) b. Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбарӕм, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ нӕ зондамынд кӕй хъӕуы. 60 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр ныффыста: «Ӕз сахуыр дӕн мӕхимӕ хуымӕтӕг цӕстӕй кӕсын. Куы фӕрӕдийын, уӕд мӕхи нӕ фӕхӕрын ӕмӕ мӕхимӕ нӕ ныхъхъусын. Сывӕллонау ӕнӕзонд митӕ куы акӕнын ӕмӕ мын куы бауайдзӕф кӕнынц, уӕд, цы хъӕуы, уый фӕивын ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй фӕлӕггад кӕнын». Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ алкӕддӕр сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын (Ӕмб. 22:4).

ДАРДДӔР ДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫ АГУР

12. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, ӕрыгон Иоси Йегъовӕйы кӕй агуырдта? (2 Азфыстыты 34:1–3).

12 Иоси нын фӕзминаг цӕмӕй у? Иосийыл 16 азы куы цыд, уӕд райдыдта Йегъовӕйы агурын. Уый фӕндыд Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ ӕрыгон паддзахы цард афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн. Уымӕ гӕсгӕ Иосийы хъуыди хъӕбатырӕй архайын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр стыр хъӕбатырдзинад равдыста! 20 азы дӕр ыл нӕма цыд, афтӕ райдыдта Иудӕйы бӕстӕ мӕнг хуыцӕуттӕй сыгъдӕг кӕнын. (Бакӕс 2 Азфыстыты 34:1–3.)

13. Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

13 Кӕд ды дӕр бынтон ӕрыгон дӕ, уӕддӕр дӕ бон у Иосийы фӕзмын. Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базон. Ӕмӕ дӕ уӕд бафӕнддзӕн дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн? Лука донаргъуыд райста 14-аздзыдӕй. Йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодта, уӕд йӕхицӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ мын царды фыццаг бынаты уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йын алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнон» (Мар. 12:30). Ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан куы сӕвӕрай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ!

14. Иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ паддзах Иосийы куыд фӕзмынц?

14 Ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц? Йохан донаргъуыд райста 12-аздзыдӕй. Уый радзырдта, йӕ къласӕгтӕ йын кӕй фӕдзурынц, цӕмӕй электронон тамако бадыма. Цӕмӕй уыцы фӕлварӕны фидар фӕлӕууа, уый тыххӕй йӕхицӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, тамако куы дыма, уӕд уый йе ’нӕниздзинадӕн зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн, стӕй Йегъовӕйӕ дӕр кӕй адард уыдзӕн. Рейчел та донаргъуыд райста 14-аздзыдӕй. Уый радзырдта, цы йын ӕххуыс кӕны скъолайы зындзинӕдты сӕрты хизынӕн: «Ӕз архайын, цӕмӕй, скъолайы цы фехъусын кӕнӕ цы фенын, уый Библиимӕ сбӕттон. Зӕгъӕм, историйы урочы мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы Библийӕ цавӕрдӕр хабар кӕнӕ пехуымпарад. Искӕимӕ истӕуыл куы фӕныхас кӕнын, уӕд та ахъуыды кӕнын, мӕ бон ын цавӕр стих у бакӕсын, ууыл». Паддзах Иоси цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, чи зоны, ды ахӕм зындзинӕдтыл не ’мбӕлыс. Фӕлӕ дӕ бон у Иосийы хуызӕн, раст цы у, уый аразын ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Ныр куы сахуыр уай зындзинӕдты сӕрты хизын, уӕд дын уый фӕстӕ, куы сыстыр уай, уӕд, ӕнцондӕр уыдзӕн.

15. Иосийӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтаид? (2 Азфыстыты 34:14, 18–21).

15 Паддзах Иосийыл 26 азы куы цыд, уӕд райдыдта кувӕндон цалцӕг кӕнын. Ӕмӕ дзы ссардтой «Йегъовӕйы закъоны чиныг, Моисейы уылты кӕй радта, уыцы чиныг». Паддзахӕн ӕй кӕсын куы райдыдтой, уӕд ӕй бафӕндыд, цы фыст дзы уыд, уымӕ гӕсгӕ архайын. (Бакӕс 2 Азфыстыты 34:14, 18–21.) Ды та Библи фӕкӕсыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй йӕ алы бон дӕр кӕсай? Уайы дын? Уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Царды дын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы стихтӕ дӕхицӕн искуы афыссыс? Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр Лука йӕхимӕ ныффыссы, цы цымыдисаг хъуыдытӕ ссары, уыдон. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ афӕлварын. Уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн Библийы стихтӕ ӕмӕ, дӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыд, уыцы хъуыдытӕ бахъуыды кӕнын. Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр куы базонай ӕмӕ йӕ куы бауарзай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Паддзах Иосийӕн Хуыцауы Ныхас баххуыс кодта, раст цы у, уый аразынӕн. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр афтӕ баххуыс кӕндзӕн.

16. Иоси стыр рӕдыд цӕмӕн ӕруагъта ӕмӕ нын уый зондзонӕн куыд у?

16 Иосийы хабар нын зондзонӕн куыд у? Иосийыл иу-39 азы куы цыд, уӕд стыр рӕдыд ӕруагъта, ӕмӕ йӕхи бабын кодта. Разамынд Йегъовӕйӕ нӕ ракуырдта, фӕлӕ йӕхицӕй уыд ныфсджын (2 Аз. 35:20–25). Йӕ хабар нын у зондзонӕн. Ӕрыгон стӕм ӕви ацӕргӕ, Библи рагӕй ахуыр кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы агурӕм, ома йӕм хъуамӕ ӕдзух кувӕм ӕмӕ дзы разамынд курӕм, йӕ Ныхас ын иртасӕм ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй уынаффӕ курӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу ныл стыр рӕдыдтытӕ афтӕ арӕх не ’рцӕудзӕн ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Иак. 1:25).

ӔРЫГӔТТӔ, АМОНДДЖЫН ЦАРД РАВЗАРУТ

17. Иудӕйы ӕртӕ паддзахы хабӕрттӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?

17 Ӕрыгӕттӕн сӕ бон цас цыдӕртӕ у аразын! Иоас, Ози ӕмӕ Иосийы хабӕрттӕй бӕрӕг у, ӕрыгӕттӕн сӕ бон кӕй у раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ сӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уыцы ӕртӕ паддзахы цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ ӕруагътой. Ӕмӕ сӕ уый бӕллӕхтӕм ӕркодта. Фӕлӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы фӕзмӕм ӕмӕ нын сӕ рӕдыдтытӕ зондзонӕн куы уой, уӕд уыдзыстӕм амондджын.

Ӕрыгон Давидӕн Йегъовӕ сси йе ’ввахс Хӕлар. Хуыцау дзы уыд райгонд, ӕмӕ Давид уыд амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын (кӕс 18 абзац)

18. Библийӕ кӕй цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уай? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

18 Библийӕ ма базонӕн ис ӕндӕр ӕрыгон лӕггадгӕнджыты тыххӕй дӕр. Уыдонӕн Йегъовӕ уыд се ’ввахс Хӕлар, ӕмӕ сӕ цардӕй уыдысты райгонд. Сӕ иу уыд Давид. Уый ӕрыгонӕй аскъуыддзаг кодта, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн. Фӕстӕдӕр та сси иузӕрдион паддзах. Давид-иу рӕдыдтытӕ дӕр ӕруагъта. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нымадта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕгыл (1 Пад. 3:6; 9:4, 5; 14:8). Давиды царды хабӕрттӕ хуыздӕр куы раиртасай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Йе та дӕ бон у фылдӕр базонын Марчы кӕнӕ Тимофейы тыххӕй. Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой хӕрз ӕрыгонӕй, ӕмӕ йыл цӕрӕнбонты уыдысты иузӕрдион. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ райгонд уыд. Уыдон равзӕрстой ӕппӕты хуыздӕр царды фӕндаг!

19. Дӕхицӕн цавӕр цард равзардзынӕ?

19 Ӕрыгӕттӕ, уӕхицӕн цавӕр цард равзардзыстут, уый кӕнгӕ у, абон цы уынаффӕтӕ рахӕссут, уымӕй дӕр. Уӕ ныфс уӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл куы дарат, уӕд уын ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн (Ӕмб. 20:24). Ӕмӕ уыдзыстут ӕцӕг амондджын. Рох уӕ ма уӕд: Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы аразут, уымӕн тынг аргъ кӕны. Царды нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис!

144 ЗАРӔГ Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

a Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕ зоны, хатт уын зын кӕй вӕййы, раст цы у, уый аразын ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Цы уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссат ӕмӕ уӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнат? Ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ лӕппуйы хабармӕ. Уыдон систы Иудӕйы паддзӕхтӕ. Базондзыстӕм, цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдонӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын.

b Сайты jw.org статьяйы «Цымӕ ахсджиаг у, цӕмӕй дын социалон сетьты бирӕ ӕмбӕлттӕ уа?» кӕс рамкӕ «Сӕрныллӕгхуызӕй дӕхицӕй ма ӕппӕл».

c НЫВ. Фӕлтӕрдджын хо ӕрыгон хойӕн хорз уынаффӕ дӕтты.

d НЫВ. Хо конгрессы интервью дӕтты. Бӕрӕг у, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дары. Ӕмӕ йын цы бантыст, уый тыххӕй бузныг у Йегъовӕйӕ.