Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынӕн

Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынӕн

«Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (ЛУК. 22:19).

19 ЗАРӔГ Нӕ Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕм?

 2 000 азы размӕ Йесо адӕмы тыххӕй йӕ цард радта. Афтӕмӕй нын байгом кодта фӕндаг ӕнусон цардмӕ. Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой, цы уарзондзинад равдыста, уый. Куыд ӕй бӕрӕг кӕнын хъӕуы, уый у хуымӕтӕг ӕмӕ дзы дзул ӕмӕ сӕн йеддӕмӕ ницы вӕййы (1 Кор. 11:23–26).

2 Мах Йесойы фӕдзӕхст уымӕн ӕххӕст кӕнӕм, ӕмӕ йӕ тынг уарзӕм (Иоан. 14:15). Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕры афон арф фӕхъуыды кӕнӕм, Йесо кӕй амард, уый нын цы пайда хӕссы, ууыл. Афтӕмӕй равдисӕм, цы сарӕзта, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм. Стӕй фылдӕр рӕстӕг фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмы уыцы ахсджиаг хабар сбӕрӕг кӕнынмӕ зӕрдиагӕй фӕхонӕм. Ӕмӕ нӕ кӕд исты фӕкъуылымпы кӕны, уӕддӕр бацархайӕм, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕм.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Йегъовӕйы адӕм бирӕ цыдӕртӕ сарӕзтой ӕмӕ аразынц, цӕмӕй-иу Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕной. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыддагыл: 1) бацархайдтой, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕной, Йесо куыд бацамыдта, афтӕ; 2) иннӕты дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхонынц ӕмӕ 3) зын уавӕрты куы вӕййынц, уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынц.

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР БӔРӔГ КӔНӔМ, ЙЕСО КУЫД БАЦАМЫДТА, АФТӔ

4. Ӕрымысӕн изӕры дзуапп цавӕр фарстатӕн вӕййы базонӕн ӕмӕ, уыдӕттӕ кӕй зонӕм, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм? (Лукайы 22:19, 20).

4 Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕры байхъусӕм Библийыл арӕзт раныхасмӕ. Уыцы раныхасӕй дзуапп базонӕн вӕййы цалдӕр фарстайӕн. Зӕгъӕм, базонӕм, Йесойы цӕмӕн хъуыд адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссын ӕмӕ иу адӕймаджы мӕлӕты фӕрцы бирӕ адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй бафидӕн куыд уыди. Раныхас ма нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, дзул ӕмӕ сӕн цы нысан кӕнынц ӕмӕ дзы чи хъуамӕ сахода, уый. (Бакӕс Лукайы 22:19, 20.) Нӕ бон вӕййы ахъуыды кӕнын, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл (Ис. 35:5, 6; 65:17, 21–23). Уыдӕттӕ кӕй зонӕм, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Миллиардгай адӕм уыцы хабӕрттӕ не ’мбарынц ӕмӕ, Йесойы нывондӕн цы стыр аргъ ис, уый дӕр нӕ зонынц. Стӕй бирӕтӕ Ӕрымысӕн изӕр, Йесо куыд бацамыдта, афтӕ не сбӕрӕг кӕнынц. Цымӕ цӕуылнӕ?

5. Апостолтӕн сӕ фылдӕр куы амардысты, уӕд адӕм Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын куыд райдыдтой?

5 Йесойы апостолтӕн сӕ фылдӕр куы амардысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр ӕмбырды фӕзынд мӕнг чырыстӕттӕ (Матф. 13:24–27, 37–39). Уыдон рӕстдзинад зыгъуыммӕ кодтой, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акодтаиккой (Хъуыд. 20:29, 30). Зӕгъӕм, кӕд Библийы афтӕ фыст ис, «Чырысти... бирӕты тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи нывондӕн ӕрхаста ӕрмӕстдӕр иу хатт», зӕгъгӕ, уӕд уыдон та амыдтой, уыцы нывонд ногӕй ӕмӕ ногӕй кӕй хъӕуы хӕссын (Дзут. 9:27, 28). Абон бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм уыцы мӕнг ахуырадыл ӕууӕндынц. Уыдон алы къуыри дӕр, хатт та алы бон дӕр, фӕкӕнынц дины ӕгъдау, мессӕ, зӕгъгӕ b. Ӕндӕр чырыстон динтыл хӕст адӕм та Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысынмӕ афтӕ арӕх не ’рӕмбырд вӕййынц. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ фылдӕр не ’мбарынц, Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста, уый. Чидӕртӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Чырысти кӕй амард, уый фӕрцы мӕ тӕригъӕдтӕ ӕцӕгдӕр хатыргонд цӕуынц?» Цымӕ ууыл цӕмӕн фӕдызӕрдыг кӕнынц? Уымӕн ӕмӕ сӕ бауырныдтой кӕйдӕр ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йесойы нывонды фӕрцы тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой. Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ та адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй бамбарой, йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ йын йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын куыд хъӕуы, уый?

6. 1872 азмӕ, Библи чи иртӕста, уыцы къорд цы бамбӕрста?

6 1870 азы Чарлз Тейз Расселл ӕрӕмбырд кодта гыццыл къорд, ӕмӕ райдыдтой Библи бӕстон иртасын. Фӕндыди сӕ базонын, Йесо Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ йын йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын куыд хъӕуы, уый. 1872 азмӕ бамбӕрстой, Чырысти йӕ цард ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр кӕй радта. Цы базыдтой, уый иннӕтӕй нӕ сусӕг кодтой, фӕлӕ йӕ хъусын кодтой чингуыты, газетты ӕмӕ журналты фӕрцы. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ 1 ӕнусы чырыстӕттау уыдон дӕр Ӕрымысӕн изӕр афӕдз иу хатт бӕрӕг кӕнын райдыдтой.

7. 19 ӕнусы Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ цы раиртӕстой, уый нын цы пайда хӕссы?

7 Уыцы чырыстӕттӕ бирӕ азты размӕ цы раиртӕстой, уый абон махӕн дӕр пайда хӕссы. Йегъовӕйы фӕрцы бамбӕрстам, Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ йӕ нывонд ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый (1 Иоан. 2:1, 2). Стӕй ма Библийӕ базыдтам, кӕмӕндӕрты кӕй ис ныфс, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ кӕй уыдзысты, милуангай адӕм та кӕй цӕрдзысты зӕххыл ӕнустӕм. Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, стӕй Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ цард куыд аивта ӕмӕ нын цы ныфс фӕзынд, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ баввахсдӕр вӕййӕм (1 Пет. 3:18; 1 Иоан. 4:9). Ӕмӕ 19 ӕнусы не ’фсымӕртӕ куыд кодтой, афтӕ мах дӕр иннӕты фӕхонӕм Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ йӕ сбӕрӕг кӕнӕм, уый куыд бацамыдта, афтӕ.

ИННӔТЫ ДӔР ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРМӔ ХОНӔМ

Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры афон зиуы зӕрдиагдӕрӕй бацархайай ӕмӕ фылдӕр адӕмы фӕхонай? (кӕс 8–10 абзацтӕ) e

8. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы аразынц, цӕмӕй-иу иннӕты дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхоной? (Кӕс нывмӕ.)

8 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонынц иннӕты дӕр. 1881 азы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Америкӕйы Иугонд Штатты, Аллегейнийы (штат Пенсильвани) иу ӕфсымӕры хӕдзары ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтаиккой. Фӕстӕдӕр та алы ӕмбырд дӕр йӕхӕдӕг райдыдта Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын. 1940 азы мартъийы хъусынгӕнджытӕн загътой, сӕ бон кӕй у, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы дӕр ӕрбахонын. 1960 азы та ӕмбырдтӕ фыццаг хатт Вефилӕй райстой мыхуыргонд хуынды гӕххӕттытӕ. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ миллиардгай хуынды гӕххӕттытӕ апарахат кодтам.

9, 10. Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй фӕхонӕм ӕмӕ цӕмӕн? (Иоанны 3:16).

9 Уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ цӕмӕн хардз кӕнӕм, цӕмӕй иннӕты Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонӕм? Иу уымӕн, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, фыццаг хатт чи ’рбацӕуа, уыдон базоной, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо не ’ппӕты тыххӕй дӕр цы сарӕзтой, уый. (Бакӕс Иоанны 3:16.) Ныфс нӕ вӕййы, уым цы феной ӕмӕ цы фехъусой, уый сын сӕ зӕрдӕтӕ кӕй бацагайдзӕн ӕмӕ сӕ кӕй бафӕнддзӕн фылдӕр базонын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

10 Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма фӕхонӕм, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ рагӕй чи нӕ цӕуы, уыдоны дӕр. Афтӕмӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Хуыцау сӕ ныр дӕр кӕй уарзы. Уыдонӕй бирӕтӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сыл тынг фӕцин кӕнӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Ӕрымысӕн изӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, раздӕр Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кодтой, уӕд куыд амондджын уыдысты, уый. Ӕркӕсӕм Моникӕйы хабармӕ c. Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг ногӕй ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын райдыдта. 2021 азы Ӕрымысӕн изӕры куы уыд, уый фӕстӕ загъта: «Ацы Ӕрымысӕн изӕр никуы ферох кӕндзынӕн! 20 азы хъусын кӕнынмӕ нӕ уыдтӕн. Ӕмӕ уал азы фӕстӕ фыццаг хатт хорз хабар хъусын кодтон ӕмӕ адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуыдтон. Тынг зӕрдиагӕй архайдтон, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мӕн тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг дӕн» (Пс. 103:1–4). Кӕй фӕхонӕм, уыдон Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц ӕви нӕ, уӕддӕр адӕмы зӕрдиагӕй фӕхонӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм: Йегъовӕ аргъ кӕны, цы аразӕм, уымӕн.

11. Адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы фӕхонӕм, уӕд нын Йегъовӕ куыд раарфӕ кӕны? (Аггей 2:7).

11 Адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы фӕхонӕм, уӕд нын Йегъовӕ тынг раарфӕ кӕны. 2021 азы коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй кӕд нӕ бон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлын нӕ уыд, уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕры уыди 21 367 603 адӕймаджы. Уый у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххыл дӕр цас сты, уымӕй дыууӕ хатты ӕмӕ ’рдӕгӕй фылдӕр! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн, Ӕрымысӕн изӕрмӕ бирӕ адӕм кӕй ӕрбацӕуы, уый нӕу сӕйраг. Уый фӕцин кӕны, чи ’рбацӕуы, уыдонӕй алкӕуыл дӕр (Лук. 15:7; 1 Тим. 2:3, 4). Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй хонӕм, уый фӕрцы нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ссарынӕн. (Бакӕс Аггейы 2:7.)

ЗЫН УАВӔРТЫ ДӔР ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР СБӔРӔГ КӔНӔМ

Куы бацархайӕм, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ баххуыс кӕны (кӕс 12 абзац) f

12. Хатт нын зын цӕмӕн вӕййы Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнын? (Кӕс нывмӕ.)

12 Йесо загъта, фӕстаг бонты кӕй ӕмбӕлдзыстӕм алыхуызон зындзинӕдтыл. Зӕгъӕм, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ цӕудзысты, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафдзыстӕм, цӕудзӕн хӕстытӕ ӕмӕ-иу низтӕ сыстдзӕн (Матф. 10:36; Мар. 13:9; Лук. 21:10, 11). Ӕмӕ нын уыцы хабӕртты тыххӕй хатт зын вӕййы Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ цымӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цы саразынц, цӕмӕй-иу ахӕм зындзинӕдты сӕрты ахизой, ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны?

13. Йегъовӕ Артёмӕн куыд раарфӕ кодта, Ӕрымысӕн изӕр ахӕстоны сбӕрӕг кӕныны тыххӕй цы хъӕбатырдзинад равдыста, уый тыххӕй?

13 Ахӕстоны куы вӕййынц. Не ’фсымӕртӕй сӕ дины тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыдон, сӕ бон цы у, уый саразынц, цӕмӕй Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕной. Ӕркӕсӕм Артёмы хабармӕ. 2020 азы Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг уыди ахӕстоны. Гыццыл камерӕйы бадтысты цыппарӕй кӕнӕ фондзӕй. Кӕд ахӕстоны уыд, уӕддӕр, Ӕрымысӕн изӕрмӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ самал кодта. Стӕй фӕнд кодта йӕхицӕн раныхас радзурын. Фӕлӕ, кӕимӕ бадт, уыдон ӕдзух тамако дымдтой ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтой. Цымӕ Артём цы сарӕзта? Загъта сын, зӕгъгӕ, дам, уӕ бон нӕ уаид, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр иу сахаты бӕрц тамако ма дымат ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй ма дзурат. Ӕмӕ адон дӕр куы сразы уаиккой. Артём ма загъта: «Загътон ма сын, зӕгъын уӕ нӕ фӕндид, цӕмӕй уын Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй радзурон». Ӕмӕ сӕ кӕд уый нӕ бафӕндыд, уӕддӕр уый фӕстӕ, Артём Ӕрымысӕн изӕр куыд сбӕрӕг кодта, уый куы федтой ӕмӕ, раныхасы цы радзырдта, уый куы фехъуыстой, уӕд ӕй фарстаты бын фӕкодтой.

14. Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Ӕрымысӕн изӕр куыд сбӕрӕг кодтой?

14 Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг. Коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон нӕ уыд Ӕрымысӕн изӕр Паддзахады залты сбӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ сӕ уый нӕ бахъыгдардта уыцы ахсджиаг хабар сбӕрӕг кӕнын d. Интернет кӕм ис, уыцы рӕтты ӕмбырдтӕ уыцы фембӕлд ауагътой видеоконференцийы фӕрцы. Фӕлӕ, интернет кӕм нӕй, уыцы рӕтты цы милуангай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цӕры, уыдон та цы хъуамӕ фӕуыдаиккой? Иуӕй-иу бӕстӕты филиалтӕ бацархайдтой, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон уыдаид, Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл цы раныхас вӕййы, уымӕ телевизоры бакӕсын кӕнӕ радиойӕ байхъусын. Стӕй ма уыцы раныхасӕн скодтой записьтӕ 500 ӕвзагӕй фылдӕрыл, цӕмӕй, дард рӕтты чи цӕры, уыдон дӕр Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтаиккой. Стӕй ӕфсымӕртӕ уыцы записьтӕ фӕхӕццӕ кодтой, кӕй хъуыдысты, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм.

15. Сьюйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

15 Сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц. Иуӕй-иутӕн Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнын уӕлдай зын вӕййы, сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм, Библи чи ахуыр кодта, иу ахӕм сылгоймаджы хабармӕ. 2021 азы Ӕрымысӕн изӕры размӕ бон Сью, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы хойӕн загъта, зӕгъгӕ, дам, мӕ бон не суыдзӕн Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнын, уымӕн ӕмӕ, дам, мӕ бинонтӕ мӕ ныхмӕ цӕуынц. Уӕд ын хо бакаст Лукайы 22:44 стих. Стӕй йын бамбарын кодта, зӕгъгӕ, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ Йесойау Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм. Иннӕ бон Сью ӕрцӕттӕ кодта дзул ӕмӕ сӕн ӕмӕ сайты jw.org бакаст видеороликмӕ «Ӕрымысӕн изӕры бон райсомӕй ныхас кӕнӕм Библийыл». Изӕрӕй та йӕ къомнӕтмӕ бацыд ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ телефонӕй баиу. Уый фӕстӕ Сью уыцы хомӕ ныффыста: «Знон мӕ тынг бафидар кодтай. Мӕ бон цы уыд, уый сарӕзтон, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтаин. Ӕмӕ мын Йегъовӕ ӕцӕгдӕр баххуыс кодта. Куыд амондджын дӕн ӕмӕ дзы куыд бузныг дӕн, уый зӕгъынӕн мӕ бон ныхӕстӕ ссарын дӕр нӕу!» Ды та куыд хъуыды кӕныс, ахӕм уавӕры Йегъовӕ дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн?

16. Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнӕм? (Ромӕгтӕм 8:31, 32).

16 Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, кӕй фӕархайӕм, цӕмӕй Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнӕм. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕны. Мах дзы тынг бузныг стӕм, йӕ Фырты кӕй нӕ бавгъау кодта, уый тыххӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:31, 32.) Цӕй уӕдӕ бацархайӕм, цӕмӕй ацы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры афон Йегъовӕйӕн ноджы зӕрдиагдӕрӕй балӕггад кӕнӕм.

18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

a 2023 азы 4 апрелы, дыццӕджы, милуангай адӕм ӕгас зӕххыл дӕр ӕрӕмбырд уыдзысты Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ. Бирӕтӕ фыццаг хатт ӕрбацӕудзысты. Ӕрбацӕудзысты ма, бирӕ азты дӕргъы ӕмбырдтӕм ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи нӕ цыд, уыдонӕй чидӕртӕ. Кӕйдӕрты хъӕудзӕн стыр цӕлхдурты сӕрты ахизын, цӕмӕй уыцы фембӕлдмӕ ӕрбацӕуой. Цыфӕнды уавӕры ма уай,– куы бацархайай, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнай, уӕд уый Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон уыдзӕн.

b Уыцы адӕмы уырны, мессӕйы рӕстӕг дзул ӕмӕ сӕн кӕй фестынц Чырыстийы буар ӕмӕ туг. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, чидӕр дзул ӕмӕ сӕнӕй куы саходы, уӕд алы хатт дӕр Чырыстийы буар ӕмӕ туг нывондӕн хаст ӕрцӕуынц.

c Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

d Ноджыдӕр сайты jw.org кӕс статьятӕ «Как отпраздновали Вечерю в 2021 году».

e НЫВ. 1960-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры хуынды гӕххӕттытӕ кодтой рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр. Ныр мыхуыргонд дӕр ӕрцӕуынц ӕмӕ электронон форматы дӕр вӕййынц.

f НЫВ. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнынц, кӕд сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ цӕуы, уӕддӕр (къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ).