Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнтыстджын уай

Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнтыстджын уай

«Йегъовӕ уыди Иосифимӕ... ...Ӕмӕ цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын... арфӕ кодта» (РАЙД. 39:2, 3).

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. а) Зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

 МАХ нӕ дис кӕнӕм, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, ууыл. Библийы фыст ис: «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы» (Хъуыд. 14:22). Стӕй зонӕм, кӕцыдӕр зындзинӕдтӕй кӕй фервӕздзыстӕм, Хуыцауы ног дунейы куы цӕрӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уым нал уыдзӕн «нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Рарг. 21:4).

2 Йегъовӕ нӕ зындзинӕдтӕй ӕмӕ фӕлварӕнтӕй нӕ бахизы, фӕлӕ нын баххуыс кӕны, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Дӕ хъус-ма ӕрдар, апостол Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы загъта, уымӕ. Фыццаг ранымадта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ дӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ. Стӕй та ныффыста: «Мах ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм, чи нӕ бауарзта, уый фӕрцы» (Ром. 8:35–37). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у дӕуӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕнтыстджын уай, цалынмӕ зын уавӕрӕн кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ дӕр. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ Иосифӕн куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ махӕн дӕр йӕ бон куыд у баххуыс кӕнын.

ЦАРДЫ ЦЫДӔР ӔНӔНХЪӔЛӔДЖЫ КУЫ ФӔИВЫ

3. Иосифы цард ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕивта?

3 Иаков йӕ фырт Иосифы хъулон уарзт кодта (Райд. 37:3, 4). Уый тыххӕй йӕм йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ сын фадат куы фӕзынд, цӕмӕй дзы фервӕзтаиккой, уӕд ӕй мадиамаг сӕудӕджертӕн ауӕй кодтой. Уыцы сӕудӕджертӕ йӕ акодтой Египетмӕ, йӕ хӕдзарӕй цалдӕр сӕдӕ километры дарддӕр. Уым ӕй уыдон та ауӕй кодтой Потифарӕн, фараоны хъахъхъӕнджыты хистӕрӕн. Иосифы цард цӕстыфӕныкъуылдмӕ цӕхгӕр фӕивта: уыди йӕ фыды уарзон фырт, ныр та сси египетаджы цагъар! (Райд. 39:1).

4. Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм?

4 Библимӕ гӕсгӕ, ӕвзӕр хабӕрттӕ алкӕуыл дӕр ӕрцӕуынц (Еккл. 9:11). Хатт бахауӕм, «иннӕ адӕм дӕр» цы фӕлварӕнты бахауынц, ахӕм фӕлварӕнты (1 Кор. 10:13). Хатт та зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Нӕ дины тыххӕй ныл фӕхудынц, нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц кӕнӕ та суанг ӕфхӕрд дӕр баййафӕм (2 Тим. 3:12). Фӕлӕ цыфӕнды фӕлварӕныл ма сӕмбӕлай,– Йегъовӕ дын арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уыдзынӕ ӕнтыстджын. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Иосифӕн куыд арфӕ кодта, уымӕ.

Иосифы Потифарӕн цагъарӕй куы ауӕй кодтой, уӕд дӕр ын Йегъовӕ ӕххуыс кодта, ӕмӕ уыди ӕнтыстджын (кӕс 5 абзац)

5. Иосифмӕ кӕсгӕйӕ Потифар цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд? (Райдиан 39:2–6).

5 Бакӕс Райдиан 39:2–6. Потифар бафиппайдта, Иосиф алцӕмӕ дӕр хорз кӕй арӕхст ӕмӕ тынг кусаг кӕй уыд. Ӕмӕ ахӕм цӕмӕн уыд, уый дӕр ӕмбӕрста. Уыдта йӕ, Иосифӕн «алы хъуыддаджы дӕр... Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта» b. Фӕстӕдӕр ын йӕ бар стырдӕр хъуыддӕгтӕ бакодта, ӕмӕ йын уӕдӕй фӕстӕмӕ Иосиф ӕдзухдӕр кӕстӕриуӕг кодта. Стӕй ма йын Потифар йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон йӕ бар бакодта. Ӕмӕ Йегъовӕ арфӕ кодта Потифары хӕдзарӕн.

6. Иосиф йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кастаид?

6 Ныр та ацы уавӕрмӕ Иосифы цӕстӕй ракӕсӕм. Ӕппӕты тынгдӕр ӕй цы фӕндыдаид? Цӕмӕй дзы Потифар райгонд уыдаид ӕмӕ йӕ схорзӕхджын кодтаид? Ӕви йӕ фӕндыди, цӕмӕй ссӕрибар уыдаид ӕмӕ та йӕ фыдмӕ аздӕхтаид? Кӕд ын Потифары хӕдзары бирӕ кадджын хӕстӕ уыд, уӕддӕр уыди цагъар. Ӕмӕ уымӕй дӕр, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕм лӕджы цагъар. Йегъовӕ афтӕ нӕ бакодта, цӕмӕй Потифар Иосифы ссӕрибар кодтаид. Ӕмӕ ма йӕм ноджы стырдӕр фӕлварӕн ӕнхъӕлмӕ каст.

УАВӔР КУЫ ФӔФЫДДӔР ВӔЙЙЫ

7. Иосифы уавӕр куыд фӕфыддӕр? (Райдиан 39:14, 15).

7 Райдианы 39-ӕм сӕры фыст ис, Потифары ус Иосифыл йӕ цӕст кӕй ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ кӕй рӕдийын кодта. Фӕлӕ йын Иосиф никуы бакуымдта. Ӕппынфӕстаг уыцы сылгоймаг афтӕ смӕсты, ӕмӕ Иосифы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, мын тыхми кӕнынмӕ хъавыд. (Бакӕс Райдиан 39:14, 15.) Потифар уый куы фехъуыста, уӕд Иосифы ахӕстоны ныппӕрста, ӕмӕ уым фӕци цалдӕр азы (Райд. 39:19, 20). Уыцы ахӕстон цыхуызӕн уыд? Иосиф ахӕстоны кой кӕнгӕйӕ цы дзуттаг дзырдӕй спайда кодта, уый, гӕнӕн ис, нысан кӕны «доны дзыхъхъ» кӕнӕ «дзыхъхъ» (Райд. 40:15). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Иосиф кӕм бадт, уыцы бынат уыд талынг, рухсы цъыртт ӕм никӕцӕй калд. Ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, мӕ уавӕр никуы фӕхуыздӕр уыдзӕн. Библийӕ ма базонӕн ис, цасдӕр рӕстӕг кӕй уыд хъадаманты ӕмӕ ӕфсӕйнаг рӕхыстӕй баст (Пс. 105:17, 18). Иосифӕн йӕ уавӕр, цы уыд, уымӕй ноджы фыддӕр фӕци. Раздӕр уыди, йӕ хицау кӕуыл ӕууӕндыд, ахӕм цагъар, ныр та бадт ахӕстоны.

8. Нӕ уавӕр куы фӕфыддӕр уа, уӕд дӕр нӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна?

8 Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ Йегъовӕмӕ цӕйдӕр тыххӕй зӕрдиагӕй кувыс, фӕлӕ уавӕр фыддӕр цы фӕци, ӕндӕр ницы? Мах цӕрӕм Хӕйрӕджы дунейы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ фӕлварӕнтӕй нӕ бахизы (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ хорз зоны, цавӕр зындзинадыл ӕмбӕлыс, уый ӕмӕ дӕм йӕ хъус дары (Матф. 10:29–31; 1 Пет. 5:6, 7). Уый дын зӕрдӕ ӕвӕры: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзут. 13:5). Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, суанг дӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ дӕ уавӕры ницыуал ис саразӕн, уӕд дӕр. Фенӕм-ма, уый Иосифы хабарӕй куыд зыны.

Иосиф ахӕстоны куы уыд ӕмӕ йын ахст адӕмы се ’ппӕты дӕр йӕ бар куы бакодтой, уӕд дӕр Йегъовӕ уыди йемӕ (кӕс 9 абзац)

9. Цӕмӕй у бӕрӕг, Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд Йегъовӕ йемӕ кӕй уыд? (Райдиан 39:21–23).

9 Бакӕс Райдиан 39:21–23. Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд ын уыцы зын уавӕры дӕр Йегъовӕ арфӕ кодта. Куыд? Цасдӕры фӕстӕ ахӕстоны хицау бамбӕрста, Иосифыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Ӕмӕ йын йӕ бар ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакодта, Потифар ын йӕ хӕдзар йӕ бар куыд бакодта, афтӕ. Ахӕстоны хицау ахст адӕмы се ’ппӕты дӕр бакодта Иосифы бар. Библийы фыст ис: «Иосифы бар цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдонӕй ахӕстоны хицау йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта». Ныр Иосифӕн фӕзынд куыст, ӕмӕ йӕ бон уыд йӕ хъуыдытӕ уымӕ саразын. Уый диссаг куыннӕ уыд! Иосифы фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, фараоны фӕсдзӕуины усӕн тыхми бакӕнынмӕ хъавыд. Ӕмӕ йын уӕд йӕ бар ахӕм ахсджиаг хъуыддаг куыд бакодтой? Уымӕн ис ӕрмӕстдӕр иу дзуапп. Райдианы 39:23 стихы фыст ис: «Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта».

10. Бамбарын кӕн, Иосиф афтӕ цӕуылнӕ хъуыды кодтаид, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын у.

10 Ногӕй та уыцы уавӕрмӕ Иосифы цӕстӕй ракӕсӕм. Куыд хъуыды кӕныс, дзӕгъӕлы йӕ куы фӕаххосджын кодтой ӕмӕ йӕ ахӕстоны куы бакодтой, уӕд дӕр ӕм афтӕ каст, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын у? Ӕппӕты тынгдӕр ӕй цы фӕндыдаид? Цӕмӕй йӕм ахӕстоны хицау хорз зӕрдӕ дардтаид? Ӕви йӕ цӕмӕй аххосджыныл мауал нымадтаиккой? Йемӕ чи бадт, уыдонӕй иуы тагъд хъуамӕ рауагътаиккой, ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй фараонӕн йӕ кой скодтаид (Райд. 40:14). Фӕлӕ уыцы нӕлгоймаджы куы суӕгъд кодтой, уӕд фараонӕн ницы загъта. Ӕмӕ ма Иосиф ахӕстоны дыууӕ азы фӕци (Райд. 40:23; 41:1, 14). Фӕлӕ йын Йегъовӕ дарддӕр дӕр арфӕ кодта. Цымӕ куыд?

11. Йегъовӕ Иосифы цавӕр курдиатӕй схайджын кодта ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы фӕнд куыд сӕххӕст?

11 Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд Йегъовӕ Египеты паддзахӕн дыууӕ фыны фенын кодта. Уыцы фынтӕ фараоны мӕты бафтыдтой, ӕмӕ йӕ фӕндыд базонын, цы нысан кӕнынц, уый. Паддзах куы базыдта, Иосифӕн йӕ бон кӕй у фынтӕ халын, уӕд ӕй ӕрбакӕнын кодта. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Иосиф фынтӕ райхӕлдта, стӕй йын загъта, цы саразӕн ис, уый. Ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ фараоны зӕрдӕмӕ фӕцыдысты. Фараон бамбӕрста, Йегъовӕ Иосифимӕ кӕй ис, ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта стыр хицауӕй – ӕгас Египеты хойраг ын йӕ бар бакодта (Райд. 41:38, 41–44). Фӕстӕдӕр тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта ӕрмӕст Египеты нӕ, фӕлӕ Ханааны дӕр, Иосифы бинонтӕ кӕм цардысты, уым. Иосиф стыр бынат кӕй ахста, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд йӕ бинонты аирвӕзын кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй, Мессийӕ кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы хӕдзарвӕндаг бахъахъхъӕнын.

12. Йегъовӕ Иосифӕн цавӕр хъуыддӕгты арфӕ кодта?

12 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Иосифы царды цы ӕнахуыр хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл. Чи бакодта афтӕ, цӕмӕй Потифар Иосифмӕ, хуымӕтӕг цагъармӕ, хорз цӕстӕй ракастаид? Ахӕстоны хицауӕн Иосифы иннӕ ахст адӕмы сӕргъы чи сӕвӕрын кодта? Фараонӕн фынтӕ чи фенын кодта ӕмӕ Иосифӕн фынтӕ халыны курдиат чи радта? Науӕд фараоны ахӕм зондыл чи сарӕзта, цӕмӕй Иосифӕн ӕппӕт Египеты хойраг йӕ бар бакодтаид? (Райд. 45:5). Куыд зыны, афтӕмӕй уый уыд Йегъовӕ. Уый алы хъуыддаджы дӕр Иосифӕн арфӕ кодта. Ӕмӕ кӕд Иосифы йе ’фсымӕртӕ марынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр Йегъовӕ уавӕр афтӕ фӕивта, ӕмӕ йӕ бон уыд йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын.

ЙЕГЪОВӔ ДӔУӔН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ ӔНТЫСТДЖЫН УАЙ?

13. Цы уавӕрты бахауӕм, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр Йегъовӕ цыдӕр саразы? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

13 Иосифы хабарӕй цы ис базонӕн? Цымӕ афтӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ, цы уавӕрты бахауӕм, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр Йегъовӕ цыдӕр саразы? Раст у афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ ныл кӕд ӕвзӕр хабар ӕрцыд, уӕд уый дзӕгъӕлы нӕу? Нӕ, Библийы ахӕм хъуыды нӕй (Еккл. 8:9; 9:11). Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у: зын уавӕры куы вӕййӕм, уӕд Йегъовӕ уый тыххӕй фӕзоны ӕмӕ йӕм куы фӕдзыназӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, уӕд нӕ фехъусы (Пс. 34:15; 55:22; Ис. 59:1). Уымӕй уӕлдай ма нын Йегъовӕ баххуыс кӕны, цӕмӕй-иу зындзинӕдтӕ сфӕразӕм ӕмӕ ӕнтыстджын уӕм. Куыд нын баххуыс кӕны?

14. Йегъовӕ нын зын рӕстӕджыты куыд баххуыс кӕны?

14 Зӕгъӕм, Йегъовӕ нын ратты удӕнцой ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауы. Ӕмӕ арӕх уый вӕййы йӕ тӕккӕ афоныл (2 Кор. 1:3, 4). Уый йӕхиуыл бавзӕрста Туркменистаны иу ӕфсымӕр, Эзиз, зӕгъгӕ. Йӕ дины тыххӕй йӕ дыууӕ азмӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Эзиз радзырдта: «Тӕрхон мын цы бон кодтой, уыцы бон мын райсомӕй иу ӕфсымӕр бакаст Исай 30:15 стих. Уым фыст ис: „Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат“. Ацы стих мын алкӕддӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ уыдаид сабыр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр мӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтаин. Цалынмӕ ахст уыдтӕн, уӕдмӕ ӕдзухдӕр хъуыды кодтон ацы ныхӕстыл, ӕмӕ мын уый тынг баххуыс кодта». Дӕуӕн та Йегъовӕ куыд баххуыс кодта ӕмӕ дын дӕ ныфсыл ныфс куыд бафтыдта, уый дӕ ӕппӕты тынгдӕр куы хъуыд, уӕд?

15, 16. Торийы хабарӕй цы ис базонӕн?

15 Йегъовӕ нын зын уавӕры куыд баххуыс кодта, уый арӕх уый фӕстӕ бамбарӕм. Афтӕ уыд йӕ хабар хо Торийӕн дӕр. Йӕ лӕппу Мейсон ӕхсӕз азы дӕргъы тох кодта ракимӕ, ӕмӕ стӕй амард. Торийыл дуне баталынг. Уый загъта: «Ӕвӕццӕгӕн, мадӕн уымӕй зындӕр ницы ис». Стӕй ма загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, алы ныййарӕг дӕр мемӕ сразы уыдзӕн: дӕ сывӕллоны тухитӕм кӕсыны бӕсты фӕлтау дӕхӕдӕг тухӕн кӕн».

16 Торийӕн йӕ хъӕбулы тухӕнтӕм кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта. Фӕлӕ уӕддӕр фӕстӕдӕр ахъуыды кодта, Йегъовӕ йын уыцы зын уавӕры куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Ӕмӕ загъта: «Ныр ӕй ӕмбарын: мӕ лӕппу рынчын куы уыд, уӕд Йегъовӕ алкӕддӕр уыди мӕ фарсмӕ. Зӕгъӕм, Мейсонмӕ-иу тыхтӕ куы нӕ уыд, цӕмӕй-иу ӕм рынчынфӕрсӕг чи ’рбацыд, уыдонимӕ аныхас кодтаид, уӕддӕр-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ рынчындонмӕ ӕрбацыдысты. Уый тыххӕй-иу сӕ хъуыди машинӕйыл дыууӕ сахаты цӕуын. Ӕмӕ-иу рынчындоны алкӕддӕр чидӕр уыд ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, зӕгъгӕ, истӕмӕй фӕкӕсын куы хъӕуа. Стӕй-иу нӕм ӕхцайӕ дӕр фӕкастысты. Суанг ӕппӕты зындӕр рӕстӕг дӕр нын уыди, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ». Йегъовӕ Торийӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид. Ӕмӕ Мейсонӕн дӕр тыхтӕ лӕвӕрдта. (Кӕс рамкӕ  «Йегъовӕ нын лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд, растдӕр уыдӕттӕ».)

ДӔ АРФӔДЗИНӔДТӔ НЫМАЙ

17, 18. Цы ис саразӕн, цӕмӕй уынӕм, Йегъовӕ нын зын рӕстӕджы дӕр куыд ӕххуыс кӕны, уый? Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг кӕд уыдзыстӕм? (Псалом 40:5).

17 Бакӕс Псалом 40:5. Альпинистӕн йӕ нысан вӕййы хохы цъупмӕ ссӕуын. Фӕлӕ уырдӕм цӕугӕйӕ йӕ бон вӕййы бирӕ рӕтты ӕрлӕууын ӕмӕ, хӕхты цы рӕсугъд бынӕттӕ ис, уыдоныл афӕлгӕсын. Афтӕ-иу ды дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй-иу ӕрлӕууай ӕмӕ ахъуыды кӕнай, Йегъовӕ дын зын уавӕры куыд арфӕ кӕны, ууыл. Алы боны кӕрон дӕр-иу ахъуыды кӕн: «Абон мын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта? Кӕд мӕ фӕлварӕнӕн кӕрон нӕма ’рцыд, уӕддӕр мын Йегъовӕ фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны?» Бацархай, цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп дӕтгӕйӕ иу арфӕдзинад уӕддӕр ӕрхъуыды кӕнай.

18 Чи зоны, кувыс, цӕмӕй дӕ фӕлварӕнӕн кӕрон ӕрцӕуа. Афтӕ кувын дӕр ӕмбӕлы, уым ӕвзӕрӕй ницы ис (Фил. 4:6). Фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ арфӕдзинӕдтӕ дӕр уынӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, тыхтӕ нын кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ нын фидар фӕлӕууынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уый тыххӕй дзы алкӕддӕр бузныг у. Ӕмӕ-иу уӕд фендзынӕ, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй суанг зын уавӕры дӕр ӕнтыстджын уай, Иосифӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ (Райд. 41:51, 52).

32 ЗАРӔГ Йегъовӕйы фарс слӕуу!

a Цавӕрдӕр уӕззау фӕлварӕныл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ ма кӕса, ӕмӕ нын Йегъовӕ арфӕ кӕны ӕмӕ ӕнтыстджын стӕм. Чи зоны, хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, фӕлварӕны сӕрты куы ахизӕм, ӕрмӕстдӕр нӕ уӕд уыдзӕн схонӕн ӕнтыстджын. Фӕлӕ Иосифы царды хабӕрттӕй ахсджиаг цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм: Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна, цӕмӕй суанг зындзинӕдты рӕстӕг дӕр ӕнтыстджын уӕм. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, уый куыд фӕаразы, уый тыххӕй.

b Иосиф цагъар куы уыд, уӕд йӕ царды фыццаг цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдоны кой ис ӕрмӕст цалдӕр стихы. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, уыцы хабӕрттӕ ӕрцыдысты цалдӕр азы мидӕг.