Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

32 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

44 ЗАРӔГ Ныфссаст адӕймаджы куывд

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕрфӕсмон кӕной

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕрфӕсмон кӕной

«Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 ПЕТ. 3:9).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цы нысан кӕны ӕрфӕсмон кӕнын, уый ӕнӕмӕнг цӕмӕн у ӕмӕ Йегъовӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынӕн.

1. Цы нысан кӕны ӕрфӕсмон кӕнын?

 АДӔЙМАГ ӕвзӕрӕй исты куы саразы, уӕд ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕна. Библийӕ бӕрӕг у, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд йе сӕфт кӕй фены, цы сарӕзта, уымӕй ӕмӕ аскъуыддзаг кӕны, афтӕ кӕй никуыуал бакӕндзӕн (Матф. 3:8; Хъуыд. 3:19; 2 Пет. 3:9).

2. Ӕрфӕсмон кӕнын цы нысан кӕны, уый не ’ппӕт дӕр цӕмӕн хъуамӕ зонӕм? (Нееми 8:9–11).

2 Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ зона, ӕрфӕсмон кӕнын цы нысан кӕны, уый. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр алы бон дӕр рӕдийӕм. Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Ром. 3:23; 5:12). Ӕмӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы тӕригъӕдимӕ тох кӕнын. Суанг ма апостол Павелы хуызӕн иузӕрдион адӕймӕгтӕ дӕр тох кодтой, сӕ мидӕг цы тӕригъӕд уыд, уыимӕ (Ром. 7:21–24). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй хъуамӕ нӕхимӕ ныхъхъусӕм? Нӕ. Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Ӕркӕсӕм-ма дзуттӕгты хабармӕ Неемийы заманы. (Бакӕс Неемийы 8:9–11.) Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй маст кодтаиккой. Уый фӕндыд, цӕмӕй йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаиккой. Йегъовӕ зоны, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд амондджындӕр кӕй свӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нын ӕмбарын кӕны, ӕрфӕсмон кӕнын цы нысан кӕны, уый. Ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕнӕмӕнгӕй ныххатыр кӕндзӕн.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Уӕдӕ бӕстондӕр аныхас кӕнӕм ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн ӕртӕ хъуыддагыл: 1) Йегъовӕ израилӕгтӕн тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй цы дзырдта? 2) Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн куыд ӕххуыс кодта? 3) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй цы дзырдта?

ЙЕГЪОВӔ ИЗРАИЛӔГТӔН ТӔРИГЪӔДТЫЛ ӔРФӔСМОН КӔНЫНЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗЫРДТА?

4. Йегъовӕ израилӕгтӕн тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй цы дзырдта?

4 Йегъовӕ израилӕгты йӕ адӕм куы схуыдта, уӕд семӕ скодта бадзырд. Ӕмӕ сын цы закъӕттӕ радта, уыдон куы ӕххӕст кодтаиккой, уӕд сӕ хъахъхъӕдтаид ӕмӕ сын арфӕ кодтаид. Йегъовӕ сын загъта: «Абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхст уын зынӕххӕстгӕнӕн нӕу, стӕй уӕ дард дӕр нӕу» (Дык. з. 30:11, 16). Фӕлӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдаиккой, зӕгъӕм, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтаиккой, уӕд сӕ нал хъахъхъӕдтаид, ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстаиккой. Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сыл Йегъовӕ йӕ къух систаид? Нӕ. Сӕ бон уыдаид сӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ раздӕхын ӕмӕ йӕм хъусын (Дык. з. 30:1–3, 17–20). Ӕндӕр ныхасӕй, сӕ бон уыдаид ӕрфӕсмон кӕнын. Уӕд та сӕм Йегъовӕ баввахс уыдаид ӕмӕ сын арфӕ кодтаид.

5. Йегъовӕ-иу йӕ адӕмыл йӕ къух кӕй нӕ систа, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? (2 Паддзӕхты 17:13, 14).

5 Йегъовӕйӕн йе ’взӕрст адӕм йӕ ныхмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рацыдысты. Мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй уӕлдай ма кодтой бирӕ ӕлгъаг митӕ. Ӕмӕ-иу сӕ уый бӕллӕхтӕм ӕркодта. Фӕлӕ-иу Йегъовӕ йӕ хивӕнд адӕмыл йӕ къух нӕ систа. Ногӕй ӕмӕ та-иу сӕм ногӕй йӕ пехуымпарты арвыста. Уыдон-иу сын дзырдтой, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ сӕ Хуыцаумӕ раздӕхтаиккой. (Бакӕс 2 Паддзӕхты 17:13, 14.)

6. Ӕрфӕсмон кӕнын ахсджиаг кӕй у, уый Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты куыд ӕмбарын кодта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Йегъовӕ-иу йӕ адӕммӕ йе пехуымпарты арвыста, цӕмӕй-иу сӕ бафӕдзӕхстаиккой ӕмӕ-иу сын сӕ зондахаст сраст кӕнынӕн баххуыс кодтаиккой. Зӕгъӕм, пехуымпар Йеремийы уылты Хуыцау загъта: «Раздӕх, мӕнгард Израил... мӕстыйӕ уӕм нӕ кӕсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз иузӕрдион дӕн... Ӕз ӕнустӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕн. Ӕрмӕст уӕ тӕригъӕдмӕ ӕркӕсут, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз аразут тӕригъӕд» (Йер. 3:12, 13). Иоилы уылты та загъта: «Ӕппӕт зӕрдӕйӕ [мӕм] раздӕхут» (Иоил 2:12, 13). Исайы уылты Йегъовӕ фехъусын кодта: «Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут. Мӕ цӕстыты разӕй уӕ фыдхъуыддӕгтӕ айсут, уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут» (Ис. 1:16–19). Йезекилӕн та арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Ау, мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон у? Ӕви мын уый у ӕхсызгон, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра?... Мӕнӕн никӕй мӕлӕт у ӕхсызгон... Уӕдӕ раздӕхут ӕмӕ цӕрут!» (Йез. 18:23, 32). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, адӕм куы ’рфӕсмон кӕнынц, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. Уымӕ гӕсгӕ сын цӕмӕй ӕххуыс кӕнын райдайа, уый тыххӕй нӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, кӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты, уымӕ. Ӕркӕсӕм ма цалдӕр цӕвиттонмӕ.

Йегъовӕ-иу арӕх йӕ пехуымпарты йӕ хивӕнд адӕммӕ арвыста, цӕмӕй-иу сын ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кодтаиккой (кӕс 6, 7 абзацтӕ)


7. Пехуымпар Оси ӕмӕ йӕ усы хабары фӕрцы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы бамбарын кодта?

7 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн пехуымпар Оси ӕмӕ йӕ ус Гомеры хабары фӕрцы цы бамбарын кодта? Гомер Осийыл гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕндӕр лӕгты тыххӕй ныууагъта. Фӕлӕ цымӕ Гомерӕн баххуыс кӕнӕн нал уыд? Йегъовӕ кӕсы, зӕрдӕйы цы ис, уымӕ, ӕмӕ Осийӕн загъта: «Ногӕй та ацу ӕмӕ, ӕндӕр лӕг кӕй уарзы ӕмӕ хӕтгӕ чи кӕны, уыцы сылгоймаджы бауарз, Йегъовӕ Израилы фыртты куыд уарзы ӕмӕ уыдон та ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куыд цӕуынц... афтӕ» (Оси 3:1; Ӕмб. 16:2). Уыцы рӕстӕг Гомер нырма уӕззау тӕригъӕд арӕзта. Фӕлӕ Йегъовӕ Осийӕн загъта, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕрбакодтаид a. Афтӕ-иу Йегъовӕ дӕр йӕ хивӕнд адӕмыл йӕ къух нӕ систа. Кӕд-иу тӕригъӕдты бын фесты, уӕддӕр сӕ уарзта ӕмӕ-иу сӕм йе ’ххуысы къух бадардта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ сӕ цардыуаг аивтаиккой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау кӕсы зӕрдӕтӕм ӕмӕ, нырма уӕззау тӕригъӕд чи аразы, ахӕм адӕймагӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн феххуыс кӕны (Ӕмб. 17:3). Ууыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

ЙЕГЪОВӔ ТӔРИГЪӔДТЫЛ ӔРФӔСМОН КӔНЫНӔН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ?

8. Йегъовӕ Каинӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаид? (Райдиан 4:3–7). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Каин уыд Адам ӕмӕ Евӕйы фыццаг фырт, ӕмӕ ӕвзӕрдзинад аразын йӕ туджы рахаста. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Каинӕн йӕ «хъуыддӕгтӕ уыдысты хӕрам» (1 Иоан. 3:12). Йегъовӕйӕн Каинӕй йӕ зӕрдӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй нӕ барухс. Уымӕ гӕсгӕ йын «йӕ кувинаг нӕ айста». Каин ницы сарӕзта, цӕмӕй аивтаид, фӕлӕ «тынг смӕсты ӕмӕ йӕхи ныттар кодта». Цымӕ уӕд Йегъовӕ куыд бакодта? Каинимӕ аныхас кодта. (Бакӕс Райдиан 4:3–7.) Фӕлмӕнӕй йын бамбарын кодта, хорздзинад куы араза, уӕд ын кӕй раарфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ йын загъта, афтӕ куы нӕ кӕна, уӕд ын тӕригъӕд саразынӕй тӕссаг кӕй у. Каин ӕм, хъыгагӕн, нӕ байхъуыста. Нӕ йӕ бауагъта, цӕмӕй йын ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кодтаид. Каин афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй цымӕ Йегъовӕ иннӕтӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн нал ӕххуыс кодта? Уый афтӕ нӕу.

Йегъовӕ Каинӕн фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, хорздзинад куы араза, уӕд ын кӕй раарфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ йын загъта, афтӕ куы нӕ кӕна, уӕд ын тӕригъӕд саразынӕй тӕссаг кӕй у (кӕс 8 абзац)


9. Йегъовӕ Давидӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаид?

9 Йегъовӕ паддзах Давиды бирӕ уарзта. Суанг ма йӕ йӕ «зӕрдӕйӕн адджын» адӕймаг дӕр схуыдта (Хъуыд. 13:22). Фӕлӕ Давид цалдӕр уӕззау тӕригъӕды сарӕзта. Зӕгъӕм, кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ лӕджы амарын кодта. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ йӕ уый тыххӕй амарын хъуыди (Лев. 20:10; Ным. 35:31). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд Давидӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кӕнын b. Ӕмӕ кӕд йӕ тӕригъӕдыл нӕма басаст, уӕддӕр ӕм пехуымпар Нафаны арвыста. Уый йын иу хабар радзырдта, цӕмӕй бамбӕрстаид, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Уӕд Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта (2 Сам. 12:1–14). Давид ныффыста зӕрдӕмӕхъаргӕ псалом. Уыцы псаломӕй бӕрӕг у, цы сарӕзта, ууыл тынг кӕй фӕсмон кодта (Пс. 51; разныхас). Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕй бирӕтӕн уыцы псалом удӕнцойы хос фӕци ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой. Ӕхсызгон дын нӕу, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды афтӕ тынг кӕй уарзта ӕмӕ йын ӕрфӕсмон кӕнынӕн кӕй баххуыс кодта?

10. Йегъовӕ фӕразон кӕй у ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

10 Йегъовӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны, цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр (Пс. 5:4, 5). Фӕлӕ йӕ зоны, не ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын кӕй стӕм. Ӕмӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нын тӕригъӕдимӕ тох кӕнынӕн ӕххуыс кӕны. Амӕй-ай фыддӕр тӕригъӕдтӕ чи саразы, суанг ӕй уыдонӕн дӕр фӕфӕнды баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ йӕм баввахс уой. Уый нын удӕнцой нӕ хӕссы? Йегъовӕ куыд фӕразон ӕмӕ куыд хатыргӕнаг у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм ӕмӕ, куы фӕрӕдийӕм, уӕд-иу уайтагъд ӕрфӕсмон кӕнӕм. Ныр та базонӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй цы дзырдта, уый.

ЙЕСО ЙӔ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТӔН ТӔРИГЪӔДТЫЛ ӔРФӔСМОН КӔНЫНЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗЫРДТА?

11, 12. Йесо цавӕр цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, йӕ Фыд хатыргӕнаг кӕй у, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Н. э. 1 ӕнусы хъуамӕ фӕзындаид Мессийӕ. Айразмӕйы статьяйы куыд фыст уыд, афтӕ Йегъовӕ Аргъауӕг Иоанны ӕмӕ Йесо Чырыстийы уылты дзырдта, ӕрфӕсмон кӕнын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй (Матф. 3:1, 2; 4:17).

12 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд адӕмӕн дзырдта, йӕ Фыд куыд хатыргӕнаг у, уый тыххӕй. Ӕмӕ цӕмӕй уый хуыздӕр бамбӕрстаиккой, уый тыххӕй сын радзырдта фӕсномыг ныхас, хӕдзарӕй чи ацыд, уыцы фырты тыххӕй. Уыцы лӕппу хӕдзарӕй куы ацыд, уӕд ӕвзӕр митыл бафтыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ рӕдыд бамбӕрста ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт. Цымӕ йӕм йӕ фыд цы цӕстӕй ракаст? Йесо загъта: «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕмӕ йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта». Фырт ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ йын йӕ фыд ныххатыр кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ йын загъта, цӕмӕй йӕ йӕхимӕ ӕххуырстӕй айстаид. Фӕлӕ йӕ фыд схуыдта йӕ фырт ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ бинонты ’хсӕнмӕ бауагъта. Уый загъта: «Ацы фырт [мын]... уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд» (Лук. 15:11–32). Йесо уӕлӕрвты куы цард, уӕд бирӕ хӕттыты федта, чи-иу ӕрфӕсмон кодта, уыдонӕн-иу йӕ Фыд кӕй фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу сын кӕй ныххатыр кодта. Йесо цы хабар радзырдта, уый нын у ныфсы хос, ӕмӕ ӕвдисы, Йегъовӕ кӕй у фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд.

Сӕфт фырты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй фыд йӕ хивӕнд фырты размӕ азгъордта, цӕмӕй йын ныхъхъӕбыс кӕна (кӕс 11, 12 абзацтӕ)


13, 14. Ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй Петр цы базыдта ӕмӕ иннӕтӕн уый тыххӕй цы дзырдта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Апостол Петр хорз зыдта, Йегъовӕ куыд хатыргӕнаг у, уый. Кӕд-иу арӕх фӕрӕдыд, уӕддӕр-иу ын Йесо алы хатт дӕр зӕрдиагӕй ныххатыр кодта. Зӕгъӕм, ӕртӕ хатты дзы куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд стӕй йӕхи хордта (Матф. 26:34, 35, 69–75). Фӕлӕ Йесо куы райгас, уӕд Петрмӕ фӕзынд, ӕвӕццӕгӕн, иунӕгӕй куы уыди, уӕд (Лук. 24:33, 34; 1 Кор. 15:3–5). Йесо зыдта, Петр кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый ӕмӕ йын бамбарын кодта, кӕй йын ныххатыр кодта.

14 Уӕдӕ Петр йӕхицӕй зыдта, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ йын куы ныххатыр кӕнынц, уӕд цы фенкъары, уый. Ӕмӕ ныр йӕ бон уыд иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Фӕндзайӕм боны фӕстӕ Петр дзуттӕгтӕн бамбарын кодта, Мессийӕйы уыдон кӕй амардтой, фӕлӕ сын фӕлмӕнӕй загъта: «Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ цард аивут, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат ӕмӕ уӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг ног хъарутӕ бауадза» (Хъуыд. 3:14, 15, 17, 19). Афтӕмӕй Петр бамбарын кодта, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд кӕй аивы, ома йӕ зондахаст аивы, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзы ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын райдайы. Петр ма загъта, Йегъовӕ ахӕм адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг кӕны, цыма йын сӕ сӕрфгӕ ныккӕны, кӕнӕ сӕ халгӕ скӕны, уыйау. Бирӕ азты фӕстӕ чырыстӕттӕм ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ... уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Уӕдӕ-иу нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд-иу нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн, суанг уӕззау тӕригъӕдтӕ куы уой, уӕд дӕр. Уый нын удӕнцой куыннӕ хӕссы!

Йесо зыдта, Петр кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый ӕмӕ йын бамбарын кодта, кӕй йын ныххатыр кодта (кӕс 13, 14 абзацтӕ)


15, 16. а) Павел цӕй фӕрцы базыдта, хатыр кӕнын цы у, уый? (1 Тимофеймӕ 1:12–15). б) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

15 Павел цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Уый Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ фӕдыл зылди ӕмӕ сӕ карзӕй ӕфхӕрдта. Чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ никуы аивдзӕн. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта. Йесо дӕр ӕмӕ йӕ Фыд дӕр уыдтой Павелы хорз миниуджытӕ. Йесо дзы загъта: «Уый у ме ’взӕрст лӕг» (Хъуыд. 9:15). Суанг ма диссаг дӕр сарӕзта, цӕмӕй Павелӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кодтаид (Хъуыд. 7:58–8:3; 9:1–9, 17–20). Павел чырыстон куы сси, уӕд-иу арӕх дзырдта, Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ сӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй тынг бузныг кӕй у. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:12–15.) Ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр загъта: «Хуыцау йӕ хӕларзӕрдӕйӕ ууыл... архайы, цӕмӕй... ӕрфӕсмон кӕнат» (Ром. 2:4).

16 Иухатт Павел фехъуыста, Коринфы ӕмбырдӕй чидӕр кӕй хӕтыд. Куыд хъуамӕ бакодтаиккой, уый тыххӕй сӕм цы ныффыста? Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ уарзӕгой Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн зонд фӕлмӕнӕй кӕй фӕамоны ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын ахсджиаг кӕй у. Уыцы хабарыл бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

33 ЗАРӔГ Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

a Ӕндӕр ахӕм хабары тыххӕй Библийы никуы ис фыст. Йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уымӕй Йегъовӕ нӕ домы, цӕмӕй дарддӕр йемӕ цӕра. Йегъовӕ Йесойы уылты бамбарын кодта, ахӕм адӕймагӕн бар кӕй ис, ӕмӕ йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уа (Матф. 5:32; 19:9).

b Кӕс статья «Йегъовӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у, уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?» 2012 азы 15 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 21–23 фӕрстӕ, 3–10 абзацтӕ.