Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

31 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

12 ЗАРӔГ Стыр Хуыцау Йегъовӕ

Йегъовӕ цы сарӕзта тӕригъӕдджын адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй?

Йегъовӕ цы сарӕзта тӕригъӕдджын адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй?

«Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты» (ИОАН. 3:16).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕ нын тӕригъӕдимӕ тох кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ цы сарӕзта, цӕмӕй тӕригъӕдӕй ссӕрибар уӕм ӕмӕ ӕнустӕм цӕрӕм.

1, 2. а) Цы у тӕригъӕд ӕмӕ йыл цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм? (Кӕс фиппаинаг «Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды цы у».) б) Ацы ӕмӕ иннӕ статьяты цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм? (Кӕс рамкӕ дӕр «Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ».)

 ЙЕГЪОВӔ Хуыцау дӕ куыд тынг уарзы, уый базонын дӕ фӕнды? Кӕд о, уӕд раиртас, Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй дӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна. Тӕригъӕд у ӕгъатыр знаг, ӕмӕ йыл йӕхи хъаруйӕ ничи фӕуӕлахиз уыдзӕн a. Не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджын ӕмӕ алы бон дӕр рӕдийӕм. Ӕмӕ мӕлгӕ дӕр, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй кӕнӕм (Ром. 5:12). Фӕлӕ ис иу хорз хабар: Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн!

2 Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уымӕй рацыд 6 000 азы бӕрц. Ӕмӕ сын ӕппӕт уыцы рӕстӕг ӕххуыс кӕны тӕригъӕдимӕ тох кӕнынӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ уарзы. Уый адӕмы уарзы, куы сӕ сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ. Ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта, цӕмӕй сӕ бон уа тӕригъӕдимӕ тох кӕнын. Йегъовӕ зоны, тӕригъӕд мӕлӕтмӕ кӕй кӕны. Фӕлӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мӕлӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм (Ром. 6:23). Ӕмӕ дӕуӕн дӕр йӕ зӕрдӕ уый зӕгъы. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ фарстайыл: 1) Йегъовӕйы фӕрцы тӕригъӕдджын адӕмӕн цавӕр ныфс фӕзынд? 2) Раджы заманты адӕмӕн сӕ бон куыд уыд Йегъовӕйы хорзӕх ссарын? 3) Йесо цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔРЦЫ ТӔРИГЪӔДДЖЫН АДӔМӔН ЦАВӔР НЫФС ФӔЗЫНД?

3. Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд?

3 Йегъовӕ фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй амондджын уыдаиккой. Ӕрцӕрын сӕ кодта рӕсугъд ран. Скодта сын диссаджы лӕвар – бинонты цард. Ӕмӕ сын радта, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй рад, ахӕм куыст. Адам ӕмӕ Евӕ хъуамӕ цот уагътаиккой ӕмӕ зӕхх байдзаг кодтаиккой, ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дзӕнӕт скодтаиккой. Хуыцау сӕ ӕрмӕст иу цӕмӕйдӕр бафӕдзӕхста. Ӕмӕ сын загъта, йӕ ныхасы сӕрты куы ахизой, уӕд кӕй амӕлдзысты. Мах ӕй зонӕм, цы ’рцыд, уый. Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр чи нӕ уарзта, иу ахӕм фыдгӕнӕг зӕд Адам ӕмӕ Евӕйы фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Кӕд сӕ сӕ Фыд уарзта ӕмӕ сын бирӕ хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр йӕ ныхасы сӕрты ахызтысты, ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕдджын систы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдтой зӕронд кӕнын, рынчын кӕнын ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты. Йегъовӕ цы загъта, уый сыл ӕрцыд (Райд. 1:28, 29; 2:8, 9, 16–18; 3:1–6, 17–19, 24; 5:5).

4. Йегъовӕ тӕригъӕдӕй йе сӕфт цӕмӕн уыны ӕмӕ нын йемӕ тох кӕнынӕн цӕмӕн ӕххуыс кӕны? (Ромӕгтӕм 8:20, 21).

4 Йегъовӕ ацы хабар кӕй ныффыссын кодта, уый фӕрцы ӕмбарӕм, тӕригъӕдӕй йе сӕфт цӕмӕн уыны. Тӕригъӕд адӕмы фӕхицӕн кодта сӕ уӕларвон Фыдӕй ӕмӕ сӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ (Ис. 59:2). Хӕйрӕг та Йегъовӕйӕ ӕмӕ адӕмӕй йе сӕфт уыны. Ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр уый тыххӕй фӕрӕдийын кодта ӕмӕ абон адӕмы дӕр уый тыххӕй рӕдийын кӕны. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд Хӕйрӕг, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнд фехӕлдта. Фӕлӕ уый не ’мбӕрста, Йегъовӕ адӕмы куыд тынг уарзы. Хуыцаумӕ Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгты тыххӕй цы фӕнд уыд, уый нӕ фӕивта. Уый адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ сын уайтагъд ныфс радта. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:20, 21.) Йегъовӕ зыдта, чи йӕ уарздзӕн ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсдзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ сын фадат радта, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕной ӕмӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой. Йегъовӕ уый тыххӕй цы сарӕзта?

5. Тӕригъӕдджын адӕмӕн ныфс кӕд фӕзынд? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн (Райдиан 3:15).

5 Бакӕс Райдиан 3:15. Адӕмӕн ныфс фӕзынд, Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн тӕрхон куы рахаста, уӕд. Хуыцау загъта, адӕмы чи фервӕзын кӕндзӕн, ахӕм «байзӕддаг» кӕй фӕзындзӕн. Уый Хӕйрӕгӕн йӕ сӕр «ныцъцъӕл кӕндзӕн», стӕй кӕрон скӕндзӕн, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд, уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдонӕн (1 Иоан. 3:8). Фӕлӕ уал Хӕйрӕг хъуамӕ уыцы байзӕддагӕн йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцыдаид, ома йӕ амарын кодтаид. Йегъовӕ зыдта, уымӕй стырдӕр маст кӕй никуы бавзардзӕн. Фӕлӕ цӕмӕй адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзтаиккой, уый тыххӕй ахӕм рыст бавзарынмӕ цӕттӕ уыд.

РАДЖЫ ЗАМАНТЫ ТӔРИГЪӔДДЖЫН АДӔМӔН СӔ БОН КУЫД УЫД ЙЕГЪОВӔЙЫ ХОРЗӔХ ССАРЫН?

6. Авел, Ной ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цы арӕзтой, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кодтаиккой?

6 Йегъовӕ сабыргай ӕргом кодта, тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕной. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй фыццаг уыд Авел, Адам ӕмӕ Евӕйы дыккаг фырт. Уый Йегъовӕйы уарзта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кодтаид. Уый тыххӕй йын нывонд ӕрхаста. Авел уыд фыййау, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхаста цалдӕр уӕрыччы. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс Авелӕй, ӕмӕ йын йӕ кувинаг айста» (Райд. 4:4). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдысты йӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нывӕндтӕ дӕр, зӕгъӕм, Нойы нывӕндтӕ (Райд. 8:20, 21). Йегъовӕ-иу ахӕм нывӕндтӕ кӕй айста, уымӕй бӕрӕг уыд, тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон кӕй у йӕ хорзӕх ссарын ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнын b.

7. Авраам йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый фӕрцы нӕ бон цы у бамбарын?

7 Авраамӕн уыд фидар уырнындзинад. Иухатт ын Йегъовӕ тынг зын хъуыддаг аразын кодта. Загъта йын, цӕмӕй йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид. Авраамӕн уыцы хъуыддаг саразын куыд зын уыд, афтӕ иу дӕр нӕ. Фӕлӕ уӕддӕр цӕттӕ уыд, Йегъовӕ йын цы загъта, уый бакӕнынмӕ. Фӕлӕ йӕ фырты куыддӕр амарынмӕ хъавыд, афтӕ йӕ Йегъовӕ баурӕдта. Ацы хабар амоны, фидӕны Йегъовӕ цы хъуамӕ сарӕзтаид, уымӕ – хъуамӕ йӕ уарзон Фырты нывондӕн ӕрхастаид. Гъе афтӕ тынг уарзы адӕмы (Райд. 22:1–18).

8. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ хӕссын хъуыди, уыдон цӕмӕ амыдтой? (Левит 4:27–29; 17:11).

8 Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн радта Закъон. Уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ, Хуыцауы адӕм хъуамӕ нывӕндтӕ хастаиккой, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдаиккой. (Бакӕс Левит 4:27–29; 17:11.) Уыцы нывӕндтӕ амыдтой стырдӕр нывондмӕ. Уыцы нывонд хъуамӕ адӕмы тӕригъӕдӕй бынтондӕр фервӕзын кодтаид. Хуыцауы пехуымпартӕ фыстой, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уый уыд Хуыцауы Фырт. Уый хъуамӕ уӕрыккау нывондӕн ӕрхастаиккой (Ис. 53:1–12). Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕ йӕ уарзон Фырты хъуамӕ нывондӕн ӕрхастаид, цӕмӕй адӕмы, уыимӕ дӕу дӕр, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид!

ЙЕСО ЦЫ САРӔЗТА, ЦӔМӔЙ АДӔМЫ ТӔРИГЪӔДӔЙ ФЕРВӔЗЫН КОДТАИД?

9. Аргъауӕг Иоанн Йесойы тыххӕй цы загъта? (Дзуттӕгтӕм 9:22; 10:1–4, 12).

9 Н. э. 29 азы Аргъауӕг Иоанн Йесойы куы федта, уӕд загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн!» (Иоан. 1:29). Уыцы ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Йесо кӕй у зӕрдӕвӕрд байзӕддаг. Уый хъуамӕ йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. Кӕдӕй-уӕдӕй фӕзынд, адӕмы тӕригъӕдӕй чи хъуамӕ фервӕзын кодтаид, уыцы байзӕддаг! (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 9:22; 10:1–4, 12.)

10. Йесо куыд равдыста, тӕригъӕдджынты ӕрхонынмӕ кӕй ӕрцыд?

10 Йесо зыдта, адӕм зындзинӕдтӕ тӕригъӕды аххосӕй кӕй ӕвзарынц. Ӕмӕ йӕ уӕлдай тынгдӕр фӕндыд, йӕ тӕригъӕдтӕ ӕнцой кӕмӕн нӕ лӕвӕрдтой, уыцы нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ сылгоймӕгтӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ-иу сын загъта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой. Йесо иухатт загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Матф. 9:12, 13). Йесо дзургӕ куыд кодта, кӕнгӕ дӕр афтӕ кодта. Йӕ къӕхтӕ йын йӕ цӕссыгтӕй чи ныхсадта, уыцы сылгоймагимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта (Лук. 7:37–50). Самариаг сылгоймагӕн та ахсджиаг хабӕрттӕ бамбарын кодта, кӕд ӕй зыдта, ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕны, уӕддӕр (Иоан. 4:7, 17–19, 25, 26). Адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты, мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕ Йесойӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ йӕ бон уыд мӕрдты ӕгас кӕнын дӕр. Йесо ӕгас кодта нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты (Матф. 11:5).

11. Тӕригъӕдджын адӕмӕн Йесоимӕ ӕнцон цӕмӕн уыд?

11 Зын бамбарӕн нӕу, тӕригъӕдджын адӕмӕн Йесоимӕ ӕнцон цӕмӕн уыд. Уый сын тӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта. Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр сӕхи хӕстӕг ластой (Лук. 15:1, 2). Чи йыл ӕууӕндыд, уыдонӕй-иу раппӕлыд ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ уыд (Лук. 19:1–10). Йесо уыд йӕ Фыды хуызӕн фӕлмӕнзӕрдӕ (Иоан. 14:9). Йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдыста, йӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд адӕмы куыд тынг уарзы ӕмӕ йӕ куыд тынг фӕнды алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй тӕригъӕдыл фӕуӕлахиз уа. Йесо тӕригъӕдджын адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу сӕ бафӕндыдаид сӕ цард аивын ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуын (Лук. 5:27, 28).

12. Йесо йӕ мӕлӕты тыххӕй цы дзырдта?

12 Йесо зыдта, разӕй йӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта, кӕй йӕ ауӕй кӕндзысты ӕмӕ йӕ хъӕдыл кӕй байтындздзысты (Матф. 17:22; 20:18, 19). Зыдта йӕ, йӕ мӕлӕты фӕрцы адӕмы тӕригъӕдӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн, Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ пехуымпартӕ куыд дзырдтой, афтӕ. Йесо ма дзырдта, йӕ цард кӕй ратдзӕн, уый фӕрцы йӕхимӕ кӕй «ӕркӕндзӕн алыхуызон адӕмы» (Иоан. 12:32). Тӕригъӕдджын адӕм Йесойыл куы баууӕндыдаиккой ӕмӕ йӕ фӕдыл куы цыдаиккой, уӕд сӕ бон уыдаид Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уый фӕрцы тӕригъӕдӕй ссӕрибар уыдаиккой (Ром. 6:14, 18, 22; Иоан. 8:32). Ӕмӕ уый тыххӕй Йесо цӕттӕ уыд хъизӕмайраг мӕлӕт бавзарынмӕ (Иоан. 10:17, 18).

13. Йесо куыд амард ӕмӕ, кӕй амард, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Йесойы йе ’ввахс хӕлӕрттӕй иу ауӕй кодта. Уый фӕстӕ йӕ йе знӕгтӕ ӕрцахстой, фӕхынджылӕг дзы кодтой, фӕаххосджын ӕй кодтой, кӕй нӕ сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгты, стӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастой ӕмӕ йын фыдмитӕ фӕкодтой. Ӕфсӕддонтӕ йӕ акодтой, кӕм ӕй хъуамӕ амардтаиккой, уыцы бынатмӕ ӕмӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ зӕгӕлтӕй хъӕдмӕ ныххуыдтой. Йесо стыр рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста. Фӕлӕ Йегъовӕ ноджы стырдӕр рыст бавзӕрста йӕ Фырты хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ. Йегъовӕ йӕ Фырты тынг бирӕ уарзта, ӕмӕ йын йӕ бон уыд йе ’гӕрон тыхы фӕрцы баххуыс кӕнын, фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Цӕуылнӕ? Адӕмы кӕй уарзы, уый тыххӕй. Йесо загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16).

Адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй Йегъовӕ йӕ Фырты амарын бауагъта. Уӕд цы стыр рыст бавзӕрста, уымӕн ныхӕстӕй зӕгъӕн дӕр нӕй (кӕс 13 абзац)


14. Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый дын цӕуыл дзурӕг у?

14 Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй хуыздӕр ницы ӕвдисы, Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгты куыд бирӕ уарзы, уый. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ дӕ тынг кӕй уарзы. Йегъовӕ йӕ уарзон Фырты нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ стыр рыст бавзӕрста, цӕмӕй дӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна (1 Иоан. 4:9, 10). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы фӕнды махӕй алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй тӕригъӕдимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ фӕуӕлахиз уӕм!

15. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Йесойы нывонд пайда ӕрхӕсса?

15 Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у стыр лӕвар. Уый фӕрцы нын фадат фӕзынд, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой. Фӕлӕ нӕ уый тыххӕй хъӕуы цыдӕр аразын. Цымӕ цы? Аргъауӕг Иоанн, фӕстӕдӕр та Йесо Чырысти йӕхӕдӕг дӕр ахӕм ныхӕстӕ загътой: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг» (Матф. 3:1, 2; 4:17). Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнын ӕнӕмӕнг у, кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уӕм, уӕд. Фӕлӕ цы нысан кӕны ӕрфӕсмон кӕнын, ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, кӕд тӕригъӕдджынтӕ стӕм, уӕддӕр? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

a АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Библийы дзырд «тӕригъӕд» фӕамоны, раст чи не сты, ахӕм хъуыддӕгтӕм, ома, Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ куы нӕ фӕархайӕм, уымӕ. Фӕлӕ ма дзырд «тӕригъӕд» фӕамоны, Адамӕй нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы ӕнӕххӕстдзинадмӕ, ома, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ. Ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнӕм.

b Йегъовӕ уыцы иузӕрдион адӕмы нывӕндтӕ иста, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, фидӕны Йесо Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы адӕм ӕнустӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй фервӕздзысты (Ром. 3:25).