33 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм
Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс
«Кӕд исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд та нын... ис ӕххуысгӕнӕг» (1 ИОАН. 2:1).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Коринфы ӕмбырды иу ӕфсымӕр уӕззау тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд хъуыддаг ӕвзӕрст куыд ӕрцыд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм.
1. Йегъовӕйы цы фӕнды?
ЙЕГЪОВӔ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм алы бон дӕр. Царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ у, адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ йӕ бинонтӕм куы ӕрбаиу вӕййы, уый. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ахӕм уынаффӕ алчидӕр рахӕсса. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕмы бирӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уой ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрой (Дык. з. 30:19, 20; Гал. 6:7, 8).
2. Йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ цы зӕгъы? (1 Иоанны 2:1).
2 Фӕлӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыххӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны. Алкӕмӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй йӕхӕдӕг ӕвзара, куыд кӕндзӕн, уый. Фӕлӕ, зӕгъӕм, донаргъуыд чырыстон уӕззау тӕригъӕд сарӕзта. Уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд хъуамӕ бакӕной? Кӕд йӕ тӕригъӕдыл нӕ фӕсмон кӕны, уӕд ӕй хъуамӕ ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕной (1 Кор. 5:13). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы тынг фӕфӕнды, цӕмӕй адӕймаг ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха. Ӕмӕ йӕ Фырты дӕр нывондӕн сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕрхаста,– цӕмӕй-иу йӕ бон ныххатыр кӕнын уа, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 2:1.) Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн нӕ уарзӕгой Хуыцау дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной (Зах. 1:3; Ром. 2:4; Иак. 4:8).
3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдмӕ ӕмӕ, тӕригъӕд чи саразы, уыдонмӕ уый цӕстӕй кӕсӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон куыд у аразын. Мах базондзыстӕм: 1) Павел Коринфы ӕмбырдӕн цы загъта, уӕззау тӕригъӕд чи арӕзта, уыцы ӕфсымӕры тыххӕй? 2) Уыцы адӕймаг куы ’рфӕсмон кодта, уӕд Павел ӕмбырдӕн цавӕр уынаффӕ радта? 3) Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уыдонмӕ?
ӔФСЫМӔР УӔЗЗАУ ТӔРИГЪӔД КУЫ САРӔЗТА, УӔД ӔМБЫРД КУЫД БАКОДТА?
4. Коринфы ӕмбырды цавӕр хабар ӕрцыд? (1 Коринфӕгтӕм 5:1, 2).
4 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 5:1, 2. Павел йе ’ртыккаг уацамындон балцы куы уыд, уӕд фехъуыста, Коринфы ӕмбырды цы ӕвирхъау хабар ӕрцыд, уый тыххӕй. Иу ӕфсымӕр хӕтыд йӕ фыды усимӕ. Ахӕм митӕ суанг «иннӕ адӕмтӕ» дӕр нӕ кодтой! Ӕмбырды уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты. Уый нӕ, фӕлӕ ма, чи зоны, сӕ сӕр бӕрзӕндты дӕр хастой. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ кӕмӕдӕрты афтӕ каст, ӕмӕ, ахӕм митӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг ӕмбырды кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмы хорз кӕй ӕмбары, уый. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ быхсы, йӕ адӕм ахӕм митӕ кӕной, уымӕн. Уыцы нӕлгоймаджы ӕнӕуаг ми ӕмбырды номыл цъыф калдта. Ӕмӕ тӕссаг уыд, йӕ зондахаст иннӕ чырыстӕттыл дӕр куы фӕзындаид, уымӕй. Уӕдӕ Павел ӕмбырдӕн цавӕр уынаффӕ радта?
5. Павел ӕмбырдӕн цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? (1 Коринфӕгтӕм 5:13). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
5 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 5:13. Павел Хуыцауы фӕндӕй йӕ фыстӕджы ныффыста, цӕмӕй, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕной. Иннӕтӕ сӕхи йемӕ куыд хъуамӕ дардтаиккой? Павел сын загъта, цӕмӕй сын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уыдаид. Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Ахӕмимӕ хъуамӕ иу фынгыл дӕр ма бадтаиккой (1 Кор. 5:11). Искӕимӕ иу фынгыл куы фӕбадӕм, уӕд цӕуылдӕрты фӕныхӕстӕ кӕнӕм. Уӕдӕ Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ чырыстӕттӕ ахӕм адӕймагимӕ хъуамӕ сӕ рӕстӕг ма ’рвыстаиккой, цӕмӕй сыл йӕ зондахаст ма фӕзындаид. Уый ӕмбырд хъахъхъӕдтаид (1 Кор. 5:5–7). Уымӕй уӕлдай ма уӕд адӕймаг, чи зоны, бамбӕрстаид, Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд тынг фӕриссын кодта, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудтаид ӕмӕ ӕрфӕсмон кодтаид.
6. Ӕмбырд Павелы фыстӕг куы райста, уӕд куыд бакодта ӕмӕ уый куыд фӕзынд, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы нӕлгоймагыл?
6 Павелы куыннӕ фӕндыд базонын, Коринфы чырыстӕттӕ йын йӕ фыстӕгмӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ куыд бакодтой, уый. Ӕмӕ йӕм Тит хорз хабар фӕхӕццӕ кодта: ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бакодтой, Павел сын куыд загъта, афтӕ (2 Кор. 7:6, 7). Уымӕй хуыздӕр хабар та уый уыд, ӕмӕ уыцы нӕлгоймаг ӕрфӕсмон кодта. Уый тӕригъӕд нал арӕзта ӕмӕ Йегъовӕйы рӕстаг закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын райдыдта (2 Кор. 7:8–11). Уый фӕстӕ та Павел ӕмбырдӕн цавӕр уынаффӕ радта?
ЧИ ӔРФӔСМОН КОДТА, УЫМӔ ӔМБЫРД ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ РАКАСТАИД?
7. Тӕригъӕд чи сарӕзта, ууыл куыд фӕзынд, ӕмбырдӕй йӕ кӕй фӕхицӕн кодтой, уый? (2 Коринфӕгтӕм 2:5–8).
7 Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 2:5–8. Павел загъта, зӕгъгӕ, «уыцы адӕймагӕн уӕ фылдӕр цы уайдзӕф бакодтой, уый йын фаг у». Ӕндӕр ныхасӕй, уыцы зондамындӕн йӕ нысан цы уыд, уый сӕххӕст – лӕг ӕрфӕсмон кодта (Дзут. 12:11).
8. Нӕлгоймаг куы ӕрфӕсмон кодта, уӕд Павел ӕмбырдӕн цавӕр уынаффӕ радта?
8 Уымӕ гӕсгӕ Павел ӕмбырдмӕ ныффыста: «Зӕрдӕйӕ [йын] ныххатыр кӕнут ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнут... ...Равдисут ын, кӕй йӕ уарзут, уый». Уӕдӕ Павелы ӕрмӕст уый нӕ фӕндыд, цӕмӕй йын ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн бар радтаиккой. Фӕлӕ цӕмӕй сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уыдаид, кӕй йын ныххатыр кодтой ӕмӕ йӕ кӕй уарзынц. Афтӕмӕй равдыстаиккой, уыцы ӕфсымӕр ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, уый сын ӕхсызгон кӕй у.
9. Кӕмӕндӕрты зын цӕмӕн уыдаид, чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы ӕфсымӕрӕн ныххатыр кӕнын?
9 Чи зоны, кӕмӕндӕрты ӕхсызгон нӕ уыди, уыцы ӕфсымӕр фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, уый. Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Чи зоны йӕм чидӕртӕ мӕсты кодтой, уымӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн зиан ӕрхаста. Кӕйдӕрты та, гӕнӕн ис, цы сарӕзта, уымӕй фӕхудинаг кодта, ӕмӕ йӕм нырма сӕ зӕрдӕйы маст хастой. Чидӕртӕ та сӕ сӕ тых сӕ бонӕй архайдтой, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард кодтаиккой. Ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, раст нӕ фӕкаст, ахӕм стыр тӕригъӕд чи арӕзта, уымӕн ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхыны бар кӕй радтой, уый. (Абар Лукайы 15:28–30.) Фӕлӕ ахсджиаг цӕмӕн уыд, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыцы ӕфсымӕрӕн равдыстаиккой, ӕцӕг уарзтӕй йӕ кӕй уарзынц?
10, 11. Йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кодта, уымӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы нӕ ныххатыр кодтаиккой, уӕд цы ’рцыдаид?
10 Ахъуыды-ма кӕнут, уыцы адӕймаг йӕхи куыд хатыдаид, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын бар куы нӕ радтаиккой, цӕмӕй та фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхтаид йе та, куы ’рбаздӕхт, уӕд ӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уарзондзинад куы нӕ равдыстаиккой. Чи зоны, йӕхимӕ бынтондӕр ныхъхъуыстаид ӕмӕ хъуыды кодтаид, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын йӕ бон кӕй никуыуал уыдзӕн. Суанг йӕ къухтӕ дӕр ӕруагътаид ӕмӕ нал архайдтаид, цӕмӕй та Хуыцаумӕ баввахс уыдаид.
11 Уымӕй фыддӕр та уый уыдаид, ӕмӕ йын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куы нӕ ныххатыр кодтаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйӕ адард уыдаиккой. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй хатыргӕнаг Хуыцауы нӕ фӕзмыдтаиккой, фӕлӕ ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ Хӕйрӕджы. Уый фӕндыд, цӕмӕй уыцы адӕймаг Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кодтаид. Ӕмӕ йын куы нӕ ныххатыр кодтаиккой, уӕд уыцы хъуыддаджы Хӕйрӕгӕн баххуыс кодтаиккой (2 Кор. 2:10, 11; Еф. 4:27).
12. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон куыд уыд Йегъовӕйы фӕзмын?
12 Цӕмӕй уыдаид бӕрӕг, Коринфы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Хӕйрӕджы нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы кӕй фӕзмынц? Йӕ тӕригъӕдыл чи ’рфӕсмон кодта, уымӕн Йегъовӕйау куы ныххатыр кодтаиккой, уымӕй. Фенӕм-ма, Библийы Йегъовӕйы тыххӕй цы фыст ис. Давид загъта: «Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Пс. 86:5). Михей та ныффыста: «Чи у дӕу хуызӕн Хуыцау? Ды хатыр кӕныс рӕдыд ӕмӕ... тӕригъӕд ницӕмӕ ӕрдарыс» (Мих. 7:18). Исай та ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн» (Ис. 55:7).
13. Йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кодта, уымӕн ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн бар кӕй радтой, уый раст цӕмӕн уыд? (Кӕс рамкӕ « Коринфы ӕмбырдӕй тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн бар кӕд радтой?».)
13 Коринфы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хъуамӕ бацин кодтаиккой, йӕ тӕригъӕдыл чи ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймагыл ӕмӕ йын равдыстаиккой, кӕй йӕ уарзынц, уый. Уымӕй бӕрӕг уыдаид, Йегъовӕйы кӕй фӕзмынц. Павел сын куыд загъта, афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд равдыстаиккой, «алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс» кӕй сты (2 Кор. 2:9). Уыцы нӕлгоймаджы ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кодтой, уымӕй цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕрфӕсмон кодта. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фӕстӕ кӕнын нал хъуыди: хъуамӕ йын ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн бар радтаиккой.
ЙЕГЪОВӔЙАУ РӔСТӔЙ АРХАЙӔМ ӔМӔ ФӔЛМӔНЗӔРДӔ УӔМ
14, 15. Коринфы цы хабар ӕрцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (2 Петры 3:9). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
14 Коринфы цы хабар ӕрцыд, уый Библийы «фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн» (Ром. 15:4). Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ фӕкӕсы, исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕны, уымӕ. Иуӕй-иутӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уый хъуамӕ ӕмбырды баззайа. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы миниуӕг афтӕ не ’вдисы. Кӕд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уӕддӕр алцӕмӕн нӕ быхсы ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр никуы фӕивы (Иуд. 4). Йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕмы-иу ӕмбырды куы ныууадзид, уӕд уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг нӕ уаид, уымӕн ӕмӕ уый иннӕтӕн зиан ӕрхӕссид (Ӕмб. 13:20; 1 Кор. 15:33).
15 Фӕлӕ, куыд зонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа. Фӕнды йӕ, фервӕзын кӕнӕн кӕйдӕриддӕр ис, уыдоны фервӕзын кӕнын. Уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы, йӕ зондахаст чи аивы, ӕмӕ та ногӕй йӕ хӕлар уа, уый кӕй фӕфӕнды, уыдонмӕ (Йез. 33:11; бакӕс 2 Петры 3:9). Уымӕ гӕсгӕ Коринфы уыцы нӕлгоймаг куы ’рфӕсмон кодта ӕмӕ тӕригъӕд куы нал арӕзта, уӕд Йегъовӕ Павелы уылты ӕмбырдӕн бамбарын кодта, кӕй йын хъуамӕ ныххатыр кӕной ӕмӕ йын ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн бар кӕй хъуамӕ раттой.
16. Коринфы чи ’рцыд, уыцы хъуыддаг куыд равзӕрстой, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
16 Коринфы чи ’рцыд, уыцы хъуыддаг куыд равзӕрстой, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг кӕй у ӕмӕ раст тӕрхон кӕй фӕкӕны (Пс. 33:5). Уыцы диссаджы миниуджыты тыххӕй нӕ ноджы тынгдӕр фӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Мах дзы тынг бузныг стӕм, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджын, ӕмӕ нын фӕхъӕуы ныххатыр кӕнын. Бузныг ма дзы стӕм, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ уыцы нывонды фӕрцы хатыр кӕны. Йегъовӕ йӕ адӕмы афтӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм, уый нын у стыр удӕнцойы хос!
17. Иннӕ статьяты дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
17 Абон исчи уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд равдисынц, Йегъовӕйау сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кӕной? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ искӕй ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕной кӕнӕ уынаффӕ куы рахӕссой, ӕмӕ кӕмӕндӕр бар раттӕн ис, цӕмӕй ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяты.
109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм